12 ноября 2024

Æ НАМУСИ НАДБÆЛ ÆНÆРЛÆУГÆЙ ЦÆУЙ «ÆНÆМÆЛГÆ ПОЛК»

20.04.2024 | 22:57

Цитгингæнæн акци «Посмотри на их лица»-йи архайуни фæдбæл курдиæдтæ есун райдæдтонцæ Дзæуæгигъæуи.

Устур Фидибæстон тугъди архайгути къартæ 9 майи агъоммæ фæззиндзæнæнцæ сахари рекламон аллихузон уæлцъæрттæбæл. Аци мадзали архайуйнаг ка ’й, уонæн ес равгæ 22 апърелæй 26 апърелмæ 14 сахаттемæй 17 сахаттей уæнгæ Дзæуæгигъæуи цæрæг адæмæн ес мæнæ ауæхæн адресмæ гæсгæ: Ватутини гъæунгæ, 17, косæнуат 311 – курдиадæ барветуни барæ. Еугур фарстати фæдбæл ес бадзорæн мæнæ ауæхæн телефонæй: 8(8672)53-59-77.

Ветеранти портреттæ æвæруни фæткæмæ аци анз хаст æрцудæй æййивддзийнæдтæ. Акций архайун ке фæндуй, еци адæми нимæдзæ рекламон фæзти дæттуни фæдбæл сахари фадуæттæй фулдæр ке æй, уой нимайгæй, еу баннербæл æрæвæрдзинан ветеранти тæккæ минкъийдæр дууæ портрети. Дзæуæгигъæуи администрацимæ æ курдиадæ ка бадæтта, акций еци архайгутæн тугъди ветеранти портреттæ лæвар исараздзæнæнцæ æма сæ реклами электрон фæрæзнити исæвæрдзæнæнцæ, – финст ес нæ республики сæйраг сахари администраций игъосункæнуйнаги.

 

Дзæуæгигъæуи администраций пресс-службæ