06 декабря 2024

Æ РОХС НОМ НÆ ЗÆРДИТИ ÆНОСТÆМÆ ЦÆРДЗÆНÆЙ…

29.09.2020 | 20:19

Дууинсæй бони рацудæй, кæдæй æ цардæй рахецæн æй Хамихъоти Мусай фурт Васили – æ уарзон дзиллæн берæ хуæрзти ка бацудæй, еци хъийамæтгин, растзæрдæ, хуæрзуод æма не ’нккæтемæн уарзон, хæлар,  адæймаг.

Хамихъоти Васили райгурдæй 1935 анзи Сурх-Дигори гъæуи. Райдзаст цардмæ куд нæ бæлдтæй, фал æ ирисхъæ æгæр æгъатир разиндтæй – фидæрдиги хуæрзæригонæй фæсседзæр æй… Æма æригон биццеуи усхъитæбæл æрæнцадæнцæ еунæг æхе царди хабæрттæ нæ, фал ма æ кæстæр æнсувæр Александр æма æ хуæрæ Алетæбæл сагъæс кæнуни уæзæ дæр, æ ниййерæг мадæ Гæтæгти Гæмæти кизгæ Даряйæн агъаз кæнуни мæтæ.  Æ дууæ кæстæр æммадтæлони ахургонд ку фæцæнцæ, айдагъдæр  уæд, аст æма инсæйанздзудæй ин фæцæй Дагестани гъæууонхæдзарадон институти исахур кæнуни фадуат.

Аци уæлдæр ахургæнæндонæ 1968 анзи каст фæууни фæсте, фонси дохтирæй куста Хъалмухъи республики, Стъараполи крайи, Астрæхæни облæсти æма нæхе республики хæдзарæдти. Цийфæнди рауæни дæр кусти медæгæ дæсни специалист, фæллойнæуарзагæ, хæларзæрдæ æма хъæппæресгин ке адтæй, уой туххæй ин алкæмидæр адтæй устур кадæ – е ’мкосгути, хеуæнтти æма æмбæлтти ’хсæн. Берæ хæттити хуарзæнхæгонд æрцудæй Кади гæгъæдитæй. Уæдмæ уотæ рауадæй, æма 1977 анзи æ цæрæнбунат раййивта Дзæуæгигъæумæ. Куста цæрæнуатон-коммуналон æма арæзтади къабæзти. Адтæй уарзон, ци дзилли ’хсæн ин архайгæ рауадæй, уонæн дæр, уæдта  æ муггаг, синхбæстæн æма хеуæнттæн еугуремæн дæр.

Æвæдзи, царди бонтæ адæймагæн æхецæй дæтгæ нæ ’нцæ, фал дæ фæсте ци фæд гъæуама ниууадзай, е алкæмæн дæр æхецæй кæнгæ ’й. Æ царди фæстаг бæнтти уæнгæ дæр æ мæтæ, æ сагъæс адтæнцæ, æ цæргæ-цæрæнбæнтти нифсдæттæг æма разæнгардгæнæг, æнцойнæ æма æнхæстæй бафæнзуйнаг  кæмæн адтæй, æ еци бийнонтæбæл. Зин баууæндæн æй, не ’хсæнæй уæхæн хуæрзæгъдау æма парахатзæрдæ адæймаг фæгъгъудæй, уобæл.

Мах зæрдибунæй  арфæ кæнæн, æ сæйги рæстæги æ  сæргъи кадæриддæр балæудтæй æма ин æ уæззау нез фæррæуæгдæр кæнунбæл кадæриддæр архайдта, еци дохтиртæн, хеуæнттæн, зонгитæн.

Е ’носон дуйнемæ нæхстæр кæнуни бониккон бони хъоцгæнæг адæм рæстуодæй загътонцæ,  Хамихъоти Мусай фурт Василий рохс ном æностæмæ байзайдзæнæй, ка ’й зудта æма фæсмардта, уони зæрдити, зæгъгæ, æма æнæмæнгæ уотæ ке уодзæнæй, е ни æруагæс кæнуй. Æ рохс ном ба æносон уодзæнæй, мах, æ байзæдтæгтæ æ зæрдæдарæни аккаг ку уæн, уой хузæн рæстуодæй æма кæдзосзæрдæй нæ царди хабæрттæ ку кæнæн, адæми размæ нæ ихæстæ федауцæдæр хузи ку æнхæст кæнæн, уæд. Е ба махæн нæхецæй аразгæй ’й, æма нæмæ уой туххæй гъæугæ зундирахаст æма хъаурæ куд разинна, уобæл ба æновудæй архайдзинан…

ХАМИХЪОТИ Мусай фурт Василийи рохс ном имисгæй, æ уарзон бийнонтæ.