Æ РОХС УОДИ ФАРНÆ НÆ ЕВГЪУЙУЙ…
Цӕголти Василий алӕмӕти харакет адӕймаг адтӕй. Рӕстуодӕй арӕхстӕй адӕми хӕццӕ рахастдзийнӕдтӕ аразунмӕ: хестӕрти хӕццӕ рӕсугъдӕй ӕвдиста ӕмгарӕдзийнадӕ, кӕстӕртӕн, уӕлдайдӕр ба си исфӕлдистадон куст ка кодта, уонӕн ба адтӕй цӕстуарзон хуӕрзауодӕг. Зӕгъун ӕнгъезуй, фӕлтӕрти ’хсӕн адтӕй зӕрдхӕлареугӕнӕг минӕвар. Ӕма си кӕстӕртӕ дӕр боз куд нӕ адтайуонцӕ, ӕ фӕдзӕхстон дзурд син исуидӕ нифсдӕттӕг ӕма разӕнгардгӕнӕг. Уомӕн бӕлвурд ӕвдесӕн – Василийи туххӕй ӕ кӕстӕр ӕрдхуард, зундгонд журналист ӕма финсӕг Ӕгъузарти Саукуй (1943-2013) кӕддӕр ке бацӕттӕ кодта, ӕма ин абони ке мухур кӕнӕн, еци имисуйнӕгтӕй дӕр.
Алцӕмӕйдӕр фулдӕр уарзта цард. А дуйнемӕ кастӕй рохс цӕстӕй, идзаг зӕрдӕй, медбилти ходгӕй. Е ’нкъарди дӕр арӕхстӕй адӕймаги байгъӕлдзӕг кӕнун, ести ходӕг радзорун ӕма ин ӕ дзубандимӕ ӕнӕ байдзулгӕ нӕ фӕцайсӕ. Некӕд си фегъустайсӕ, ести ми ресуй, кенӕ ба нӕфӕразгӕ дӕн, зӕгъгӕ. Ӕ хуӕздӕр арфӕ уидӕ: «Игъӕлдзӕг, ӕнӕмаст бонтӕ дӕбӕл кӕнӕд!..»
Ӕз ӕй рагӕй зудтон – уогӕ ’й Иристони ка ба нӕ зудта, игъустгонд журналист ӕма финсӕг Цӕголти Василийи. Фал лӕгӕй-лӕгмӕ ба ӕ хӕццӕ зонгӕ нӕ адтӕн. Уогӕ мин Хуцау еци хуарз ракодта – ӕма еу ку адтӕй, уӕд базонгӕ ан. Нӕ фиццаг фембӕлди мӕ устур деси бафтудта, цума мӕ цӕрӕнбонти дӕр зудта, уотӕ равдиста ӕхе. Ходгӕ цӕститӕй мин мӕ усхъӕ ӕрхуаста ӕма уотӕ:
– Ӕз Цӕголти Василий дӕн, Македони фурт Василий. Дӕ кой мин Цӕгӕрати Максим кодта, исуйнаг ӕй, зӕрдӕ дарӕн ибӕл ес, зӕгъгӕ. Дӕ очерктӕй дӕр дин цидӕртӕ бакастӕн. Дӕ маддӕлон ӕвзагбӕл ке финсис, уомӕй хъӕбӕр раст дӕ…
Уотӕ зӕгъгӕй, куддӕр нийнӕфтӕй ӕма ма ӕ дзубандибӕл бафтудта:
– Ӕз ба уруссагау финсун…
Раздӕр ин ку зӕгъун, ӕ кой куд нӕ игъустон, куд ин нӕ кастӕн ӕ фиццаг игъӕлдзӕг радзурдти ӕмбурдгонд «Мӕ лимӕн Бибо»-й дӕр.
Киунугӕ адӕми зӕрдӕмӕ фӕццудӕй. Еуемӕй уомӕ гӕсгӕ, ӕма си ци уадзимистӕ «бамбурд» ӕй, етӕ дессаги зӕрдӕмӕдзӕугӕ финст адтӕнцӕ, иннемӕй ба Бибо айдагъ киунуги автори лимӕн нӕ адтӕй, фал рагӕйдӕр иссӕй адӕмӕн сӕ хуарз зонгӕ. Цӕветтонгӕ, ӕ рӕстӕги, Василий газет «Социалистон Иристон»-и ку куста, уӕд фӕндон бахаста, цӕмӕй газетӕн исуа ӕхе, адӕми зӕрдитӕмӕ ке циргъзунд дзурд цӕуа, уӕхӕн сатирикон хъайтар «Бибо». Василийи фӕндонбӕл куд нӕ исарази адтайуонцӕ, ӕма тагъд рӕстӕги газети фӕрстӕбӕл «исдзурдта» уӕхӕн хъайтар, Цӕголи-фурт ин ӕхуӕдӕг ӕргъуди кодта ном дӕр – Бибо. Редакций хузӕгӕнӕг Анатолий Петров Василийи хузӕ дӕр ма искодта.
Бибо ӕнауӕрдонӕй тох кодта, уӕди рӕстӕгути адӕмӕн сӕ цард ка къулумпи кӕнуй, уӕхӕн нӕгъӕугӕдзийнӕдти ӕма нӕхъӕртондзийнӕдти, ӕгъдауихалгути, расуггӕнгути, лӕвархуарти ӕма ӕндӕр ӕведауцӕ миутӕмӕ тулаваст адӕймӕгути нихмӕ. Газеткӕсгутӕ ӕ фӕззиндмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Бибой хузи хӕццӕ ӕрмӕгутӕ ци номери фӕззинниуонцӕ, уой зудӕй кастӕнцӕ, кӕрӕдземӕ хуӕрзӕнгорӕггаг фӕууиуонцӕ, цъухӕй-цъухмӕ ‘й дзурдтонцӕ, Бибо ци хабӕртти туххӕй ниффинсидӕ, уони.
Газет «Рӕстдзинад»-и редакций косун ку райдӕдтон, уӕд еу бон цуппӕрӕймаг уӕладзуги (Дзӕуӕгигъӕуи мухури нуриккон Хӕдзарӕ арӕзт ку нӕма ӕрцудӕй, уӕд республикон газеттӕ ӕма журналтӕ адтӕнцӕ Ленини фӕзи рӕбун цуппаруӕладзугон хӕдзари, «Социалистон Иристон» ӕма «Рӕстдзинад»-и редакцитӕ цуппӕрӕймаг уӕладзуги, уотемӕй – Ред.). Къӕридори лӕууӕн цалдӕремӕй ӕма цӕбӕлдӕр ӕхсицгӕ дзубанди кодтан. Уалинмӕ кӕсӕн ӕма къӕпхӕнтӕбӕл еу лӕг исхезуй. Ке хӕццӕ лӕудтӕн, етӕ сӕ дзурд ӕрдӕгбӕл фӕууагътонцӕ ӕма си кадӕр уотӕ бакодта:
– Еуварс ралӕууетӕ, дӕлӕ Бибо иссӕуй!..
Е адтӕй Цӕголти Василий. Ӕ цӕсгон нийдзулдӕй, уотемӕй нин салам равардта, ӕ кӕсӕнцӕстити буни ӕ устур цӕститӕ ферттивтонцӕ ӕма зӕгъуй:
– Сумах ӕмдзӕвгитӕ финсетӕ ӕма уӕмӕ хицӕй мӕлгӕ кӕнун. Ӕз ба прози хӕццӕ архайун ӕма уой ба кӕмӕн бакӕсдзӕнӕ, ка дӕмӕ фӕггӕдзӕ кӕндзӕнӕй уойбӕрцӕ? Фал ӕз дӕр тугъди ку адтӕн, уӕд ниффинстон еу ӕмдзӕвгӕ дигоронау. Бакӕсон уин ӕй?
– Бакӕсӕ, бакӕсӕ! – исдзурдтонцӕ кадӕртӕ.
Василий поэти лӕуд ӕркодта, ӕ къох уӕлдӕфи рателидӕ, уотемӕй артисти хузӕн дзорун райдӕдта:
– Тог калдӕй дууердӕмӕ,
Еуӕрдӕмӕ, уӕдта иннердӕмӕ…
Мах нийгъустан ӕма Цӕголи-фурт ку нецибал дзурдта, уӕд ӕй кадӕр басхуста:
– Идарддӕр дзорӕ!
– Уобӕл фӕцӕй ӕмдзӕвгӕ. Хуарз нӕ бавдистон тугъди будур? Гъома, тог дууердӕмӕ куд калдӕй, уомӕй ба еуӕрдӕмӕ, уӕдта иннердӕмӕ, уой? – бафарста нӕ Василий еци ӕцӕгхузӕй…
Махӕй неке неци дзоруй – уогӕ ци загътайанӕ. Фал уалдӕнгӕ е ӕхуӕдӕг ӕ медбилтихудт нӕбал бауорӕдта, ӕ къохтӕ кӕрӕдзебӕл ӕрцавта ӕма ӕ зӕлланг худт къӕридори райзӕлдӕй. Иннетӕ дӕр ӕй бафӕнзтонцӕ ӕма цийни усми ранигъулдан еугурӕйдӕр.
Республики уӕди дууӕ сӕйраг газети «Рӕстдзинад»-ӕн дӕр ӕма «Социалистон Иристон» -ӕн дӕр сӕ редакцитӕ еу рауӕн адтӕнцӕ ӕма барӕ-ӕнӕбари дӕр ахид ӕмбалдан кӕрӕдзей хӕццӕ. Цӕголти Василий адтӕй ӕмбалуарзагӕ, кӕстӕрбӕл ауодагӕ, игъӕлдзӕг ӕма ӕргомдзурд. Ӕ табедзӕ алкӕмӕ дӕр хъӕрдтӕй. Фӕстӕдӕр ӕ романтӕ еу инней фӕдбӕл хецӕн киунугутӕй ку фӕззиндтӕнцӕ, ӕ ном бустӕги ку райгъустӕй, уӕддӕр Цӕголти Василий уӕлдай нӕ фӕцӕй, ӕ сӕр нӕ разилдӕй ӕ литературон ӕнтӕстдзийнӕдтӕй, фал еци игъӕлдзӕг зӕрдӕй кастӕй дуйнемӕ, ӕхсӕнадӕмӕ, адӕммӕ. Абони зин зӕгъӕн ӕй, ка ин лӕвардта уойбӕрцӕ тухӕ, уойбӕрцӕ ӕнӕмаст цард, е. Незӕй ӕнӕнез нӕ адтӕй, ахид сӕйгитӕ кӕнидӕ, берӕ гъуддӕгути сагъӕсӕйдзаг, мӕти буни уидӕ, фал уӕддӕр ӕндӕмӕ ба ӕвдиста айдагъдӕр игъӕлдзӕг зӕрдихатт, ӕ идзулд цӕститӕ, ӕ ходгӕ цӕсгон.
Нӕ еу фембӕлди Василийӕн раппӕлдтӕн ӕ фурт Олеги финстӕй:
– Газети ин ӕ очерк «Зӕнхӕ» бакас-тӕн ӕма мӕ деси бафтудта ӕ философон гъуди, ӕ къохдзӕф…
– Уотӕ ӕнгъӕлис ӕма ин ӕз фӕййагъаз кодтон? Ӕгириддӕр нӕ!.. Олегмӕ ес ацъагъуӕ, ес ин ӕхе ӕрмдзӕф, фал е дӕр мӕнау уруссагау ке финсуй, е мин зингомау ӕй. Маддӕлон ӕвзагӕн си ӕмбал нӕййес, мах ба си дууемӕй дӕр нӕхе ӕнӕ хай фӕккодтан…
Ӕ гузавӕ мӕмӕ багъардта, мӕ хӕццӕ дигоронау ке дзоридӕ, уомӕй дӕр ӕ зӕрдӕбӕл цидӕр ӕнцондзийнадӕ ке ’мбалдӕй, уой лӕдӕрдтӕн.
Ӕнӕуой ба хумӕтӕги сӕрбӕрзонд нӕ адтӕй Уруймӕгти Езетхани «Навстречу жизни»-ӕй, Гатути Дзахой «Зелимхан»-ӕй, Мугути Хаджиморати «К берегам Тигра»-ӕй.
Фиццагидӕр, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ, ӕма дигорон уогӕй, етӕ сӕ уадзимистӕ уруссаг ӕвзагбӕл финсгӕй зингӕ фӕгъгъӕздугдӕр кодтонцӕ ирон ӕма уӕрӕсейаг литературӕ, иссӕнцӕ ӕцӕг классиктӕ. Ӕз ба ма мӕхецӕй бафтауинӕ: Цӕголти Василийи уадзимистӕ дӕр – уой романтӕ «Послы гор», «За Дунаем», «И мертвые вставали» ӕма ӕ иннӕ уадзимистӕ дӕр ахсгиаг бунат байахӕстонцӕ айдагъ мах нӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ советон литератури дӕр. Уогӕ нуртӕкки рӕстӕгути советон литератури кой некебал кӕнуй, фал ӕндӕр хузи куд гъӕуама зӕгъӕн, кӕд ӕма Василий ӕхуӕдӕг сӕрустур кӕмӕй адтӕй, етӕ, уӕдта ӕхуӕдӕг дӕр ӕ исфӕлдистадон хъиамӕт еци, советон доги адтӕй!.. Уӕдта, нури, уӕрӕсейаг литературӕ ке хонӕн, е дӕр уони уадзимисти хъӕбӕр исфедауидӕ, уомӕн ӕма ӕцӕг литературӕн ӕ ахедундзийнадӕ цийфӕнди ӕмӕнтъери ӕма ихӕлддзаг рӕстӕгути дӕр цӕруй ӕма цӕрдзӕнӕй!..
… Нур ба ма еу хабар мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕй. Уӕд Цӕгат Иристони паддзахадон телеуинунадӕ ӕма радиой сӕрдари хуӕдӕййевӕгӕй кустон, бадгӕ ба кодтон Максим Горькийи номбӕл гъӕунги радиой Хӕдзари. Ӕма мӕмӕ еу сӕумӕ дуар кадӕр ӕрбахуаста.
– Медӕмӕ, – загътон. Уинун ӕма ӕрбакастӕй Цӕголти Василий. Рагӕй ӕй нӕбал фӕууидтон ӕма кӕрӕдзебӕл ниццийнӕ ан. Уӕззау операци ин искодтонцӕ Мӕскуй, уой зудтон ӕма ’й бафарстон:
– Де ’нӕнездзийнадӕ куд ӕй?
Мӕ фарстӕн мин ходгӕй дзуапп равардта:
– Лӕгъуз ку уайдӕ, уӕд дӕумӕ ӕрбацудайнӕ, кенӕ ба нӕуӕг роман финсинӕ?..
Ӕ пъартфел байгон кодта, машинкӕбӕл мухургондӕй къохфинст исиста ӕма уотӕ:
– Дӕуӕн кӕсунмӕ ’й ӕрбахастон, фал дин ӕ кӕсуни размӕ ба еу ходӕг хабар радзорунмӕ гъавун. Нӕ ’й радзоринӕ, фал де ’рвади туххӕй ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба дин ӕй гъӕуама ӕз радзорон…
Цӕветтонгӕ, еу рӕстӕги Василий куста нӕхемӕ партий обкоми. Фӕллад-уадзӕн бӕнтти обкоми азгъунсти бӕрнон косгутӕ кезугай радгӕстӕ уиуонцӕ. Ӕма Василий Хъӕбӕлоти Билари косӕнуати радгӕсӕй ку байзадӕй, уӕд ӕ зӕрди ӕрӕфтудӕй радио ӕма телеуинунади Комитети уӕди сӕрдар Ӕгъузарти Ӕхсарбеги рамӕстӕй марун. Билари гъӕлӕсиуагӕй Комитетмӕ бадзурдта, тагъд мӕ къӕбинетмӕ фӕззиннӕ, зӕгъгӕ… Цалдӕр минуттей фӕсте Ӕхсарбег обкоми ӕрбалӕудтӕй ӕма дуар ӕрбахуайуни фӕсте, гъавгӕ ӕрбахизтӕй уатмӕ.
Василий ба бадуй Билари къӕлӕтгини, арф ниллӕстӕй, газетӕй ӕ цӕсгон ниййаууон кодта, ӕхе кӕсӕг искодта. Ӕхсарбег, ка ‘й зонуй, дессаг дӕр имӕ куд нӕ фӕккастайдӕ, гъома, байагурдта мӕ, уотемӕй ба мӕмӕ кӕсгӕ дӕр ку нӕ кӕнуй, зӕгъгӕ.
Салам равардта, фал имӕ къӕлӕтгини бадӕг е ’ргом нӕ раздахта… Исхуфтӕй, ӕ еу къах инней раййивта… Уӕдмӕ ба Василий газетӕй ӕхе ратудта, ӕ сӕр ра-зиндтӕй ӕма бафарста:
– Ци дӕ гъӕуй, Ӕхсарбег Татарканович?
Ӕхсарбег гъуддаг уайтӕккӕдӕр балӕдӕрдтӕй, ӕ фӕлорс цӕсгонбӕл сурхитӕ фӕззиндтӕй, ӕ амонӕн ӕнгулдзитӕй еци мӕстгунӕй бавзиста:
– Македони фурт, дӕ гириз кӕд ниууадздзӕнӕ?.. Ӕви дин обком гъазуйнаг фӕцӕй?.. Гъазун гъазун ӕй, фал сӕри цӕф ба гъазун нӕбал ӕй ӕма дин уой базонун афонӕ нӕма ӕй?.. Тоги ӕртӕх ми ку нӕбал байзадӕй…
Фӕстагмӕ дууемӕй дӕр ходунмӕ фӕцӕнцӕ.
Еци хабар цалинмӕ кодта, уӕдмӕ дӕр мӕ уатмӕ еу кенӕ иннӕ гъуддаги фӕдбӕл ӕрбакӕсиуонцӕ радиой косгутӕ ӕма Василий ӕ дзубандийӕй фенцайидӕ. Ӕ къохфинст кӕсун ку райдӕдта, уӕдта бустӕги исахид ӕнцӕ ӕрбацӕугутӕ ӕма уӕд Цӕголи-фурт загъта:
– Радиой Хӕдзарӕ нӕ, фал а Смольный ку ӕй, ӕз ба ’й ку нӕ зудтон. Цӕй, ӕндӕр хатт дин ӕй бакӕсдзӕнӕн.
Фестадӕй, ӕ гъар къох мӕмӕ ӕрбалӕвардта, ӕ медбилти бахудтӕй ӕма уоййадӕбӕл мӕ уатӕй рандӕй.
Уой фӕсте ӕй некӕдбал фӕууидтон. Цӕргӕ дӕр берӕ нӕбал фӕккодта. Ӕнӕкӕрон берӕ ци цард уарзта, е ин хуӕрзбон загъта, ӕ содзгӕ уарзӕгой зӕрдӕ ин не ’хсӕнӕй истудта ӕма ’й сау дуйнемӕ ӕ хӕццӕ фӕххаста.
РЕДАКЦИЙӔЙ: Ӕ имисуйнӕгтӕн Ӕгъузарти Саукуй уотӕ фӕккӕрон кодта: «Ӕ рохс уоди фарнӕ уӕлӕбӕл дуйней ниууагъта, ӕ уадзимистӕ ба ин уодӕгас, ӕностӕмӕ федауцӕ циртдзӕвӕнӕй лӕуунцӕ адӕми зӕрдити…»
Гъулӕггагӕн, Ӕгъузарти Саукуй дӕр абони не ’хсӕн нӕбал ӕй, цалдӕр анзей размӕ уой дӕр адзал ӕ уарзон дзиллити ӕхсӕнӕй истудта ӕма ’й барвиста е ‘цӕг дуйнемӕ… Ка ’й зонуй, нур уоми ӕ хестӕр лимӕн Цӕголти Василийи хӕццӕ хебӕрагӕй кӕнунцӕ, уӕлӕбӕл син ци зӕгъуйнӕгтӕбӕл фӕдздзорун нӕ бантӕстӕй, уони. Сӕ уарзӕгой рохс уодтӕй еци дуйней талингитӕ дӕр ниррохс унцӕ…
Ӕнӕмӕнгӕ уотӕ ке ӕй, е ба ни федарӕй ӕруагӕс кӕнуй, уомӕн ӕма сӕ дууӕ дӕр адӕми дӕр ӕма цард дӕр зӕрдӕрохсӕй уарзгӕй, фӕццардӕнцӕ ӕма кӕдзосзӕрдӕй банӕхстӕр ӕнцӕ се ’носон дуйнемӕ.