12 ноября 2024

Æ РОХСÆЙ ИРИСТОН НИРРОХС ÆЙ

22.10.2022 | 15:25

Пагæти Хъазбег (1939-2018), æхсæнадон архайæг

Гизæлдони ГЭС арæзт æрцудæй 1934 анзи, адтæй Цæгат Иристони нæ, фал Советон Цæдеси уæди рæстæги фиццаг уникалон æма историон арæзтæдтæй еу, кæци æрхаста рохс нæ сахартæ æма гъæутæмæ, электрон тухæ лæвардта заводтæ æма фабриктæн, уой фæрци æнтæстгиндæр кодта сæ фæллойнадон архайд, сæ размæцуд фæййагъазиаудæр æй республики промышленности еугур къабæзтæн дæр, æхебæл исхуæстæй айдагъ Цæгат Иристони нæ, фал æнæгъæнæ Цæгат Кавкази адæмон хæдзарадæ дæр. Уой фæрци фæззиндтæй берæ нæуæг кустуæттæ æма косæн бунæттæ. Хуæздæр кодтонцæ адæми царди уавæртæ.

Æригон Советон Уæрæсей кæд æма Цæгат Иристонæй берæ устурдæр облæсттæ æма крайтæ, сæдæгай сахартæ адтæй, уони рази нæ минкъий Иристон бæрæг дæр нæ адтæй, уомæ гæсгæ ба уæхæн ГЭС мах республики исаразуни фæндæ хаст ке æрцудæй, е Иристонæн адтæй кади гъуддаг.

Гизæли гъæусовети уæди сæрдар Пагæти Хасанбег куд радзурдта, уотемæй нæ номдзуд лæгтæй еу, Цæгат Иристони индустриализаций фæдбæл хъæбæр ка бахъиамæт кодта, еци Баймæтати Циппу дони электростанцæ исаразуни туххæй æ курдиади хæццæ гъæусоветмæ ку ’рцудæй, уæд ин гъæусовет æма партион организаци зæрдæ байвардтонцæ фæййагъаз кæнунæй æма сæ дзурд æнхæст кодтонцæ.

Гизæли гъæуæй еци устур арæзтадæмæ, уæлдайдæр ба нæдти арæзтадæмæ æрвист æрцудæй берæ бæхуæрдунгинтæ, сæ фурразæнгардæй ма æргъуди кодтонцæ, сæ уæрдунти идзаг гуффитæ æнцонтæй раревæдгæнæн ке фæрци адтайдæ, уæхæн фæрæзнитæ.

Цæмæй арæзтади куститæ æнтæстгинæй цудайуонцæ, уой туххæй имæ фиццагидæр исаразун гъудæй бацæуæнтæ, нæдтæ. Гъæуама си косгутæн цæрунæн æма косунæн цæттæгонд æрцудайдæ гъæугæ фадуæттæ æма мадзæлттæ.

Арæзтади генералон пълан æма проектмæ гæсгæ нæдтæ æма электролинитæ исаразуни фарста баст адтæй электростанций арæзтади хæццæ. Æма фиццагидæр бавналдтонцæ нæдтæ аразуни гъуддагмæ. Арæзтади проекти амунд куд адтæй, уотемæй сæ аразун гъудæй Дзæуæгигъæуæй Гизæлмæ, Гизæлæй Хъобанмæ, уæдта Садони æрзæткъахæнтæмæ.

Гъæдгæройнаг Чехти Габола мин куд радзурдта, уотемæй нæдтæ аразуни гъуддаг байхæс кодтонцæ Уæллаг æма Дæллаг Санибай, Майрæмадаг, Дзиуаригъæу, Къодахгин, Хæтæлдон, Суадаг, Берæгъзæнгæ, Салигæрдæн (Алагир), Тæмиск æма иннæ гъæутæн.

Сæйрагдæр адтæй Дзæуæгигъæуæй Хъобани уæнгæ над, куд гæнæн æма амал адтæй, уотæ тагъддæр исаразун, æма уобæл хъазауатон куст кодтонцæ надаразгутæ. Еци кустити дусвæлдæхтæй фæллойнæ кодтонцæ гизæйлæгтæй цалдæр бригади Цæгæрати Гацири разамундæй. Гизæли гъæусовети æма партион организаций унаффæмæ гæсгæ, арæзтадæмæ адæм æрветуни гъуддæгутæ барæгонд адтæнцæ Дойати Дзахцийæн, æма хъæбæр хуарз арæхстæй æ бæрнон ихæстæ æнхæст кæнунмæ. Надаразгути еу бригадæн арæхстгин разамунд лæвардта Цæллагкати Бицой фурт Никъала.

Хъæбæр ихæлд æма зинцæуæн адтæнцæ нæдтæ Дзæуæгигъæуæй Гизæлмæ, уæлдайдæр ба уарунбони. Сауæнгæ ма зар дæр адтæй еци нæдти æдзæллаг уавæрбæл, уæрдунгинтæ си куд гъезæмарæ кодтонцæ, уой туххæй. Уомæ гæсгæ надаразгути багъудæй уæлдай хъазауатонæй байархайун, цæмæй Дзæуæгигъæуæй Хъобанмæ нæдтæ куд тагъддæр арæзт æрцудайуонцæ – уæд арæзтадон æрмæг, æфсæйнаг æма æндон конструкцитæ, сæрмагонд хæйттæ пъланмæ гæсгæ афойнадæбæл бунатмæ ласт цудайуонцæ. Надаразгути иннæ бригадæн разамунд лæвардта Танхълати Никъала. Е дæр хуарз арæхстæй æ ихæстæ æнхæст кæнунмæ.

Над арæзт цудæй сæрмагондæй ставд æма листæг хурæй, еуæй-еу рауæнти ба фæлгонцгонд цудæй сæрмагонд дорæй. Гизæлгоми Елхъани æрдози арæзтадæн радех кодтонцæ сæрмагонд гъæди хай (делянкæ) æма уордигæй æфтауцæгонд цудæй гъæдæрмæг рæстæгмæ хæдзæрттæ аразунæн. Уæхæн гъæди фæзуат хецæнгонд ку ’рцудæй, уæд арæзтади алли къабазæмæ дæр афойнадæбæл хъæртунгонд цудæй гъæугæ гъæдæрмæг.

Уæдмæ еци устур арæзтади фæззиндтæнцæ, косгутæн цæрæн хæдзæрттæ ка аразта, уæхæн æрмдæснитæ. Аразтонцæ син хæдзæрттæ радио æма рохси хæццæ. Аразгутæн гъудæй хуæрæндонæ æма си уой дæр байгон кодтонцæ. Дзол æма æндæр хуæлцадон продукттæ имæ ласта Хадихъати Хадзибатæр æма уой разамундæй, Гизæли гъæуи «комбедæн» (Комитет бедноты – мæгурти Комитет) ци дзолфицæн адтæй, уордигæй Хъобани арæзтадæмæ афойнадæбæл хъæрттæй хуæрзадæ дзол. ГЭС-и арæзтади косгутæн байгон æй тукан дæр.

Гизæли игъустгонддæр лæгтæй еу, Танхълати Жоркæ (фæццардæй дууадæс æма цуппаринсæй анзи) куд дзурдта, уотемæй ин еу бон æ уæрдуни цемент исæвардтонцæ 1050 кили, æма домбай бæх Хъобанмæ ку бахъæрттæй, уæд æ хед ракалдæй. Уой хигъдхæссæг Гæлуати Бадджери ку рауидта, уæд Жоркæмæ уайдзæфи хузи исдзурдта:

– Циуавæр хабар æй, бæхи цæмæ марис, кæд фæууидтай бæхуæрдуни уойбæрцæ уаргъ æвæргæ?..

Изæри хæдзарæмæ цæугæй Жоркæ гъæдæй согтæ æ хæццæ раласта æма бабæй ибæл æгæр берæ цурхт рауадæй, æма æ фидæ Темурболат бæхи еци цъифæйдзагæй ку рауидта, уæд ин мæстгунæй загъта:

– Сæумæ еунæг бæх дæр мабал исефтиндзæ!..

Æма дуккаг бон кустмæ нæбал рацудæй. Зæронд лæг уотæ бангъалдта, æма æригон биццеу бæхбæл æгæр берæ сог ке ниццурхта, уой туххæй е уотæ исхед æй. Цемент ибæл æгæр берæ ке æрцурхтонцæ, уой ба Жоркæ гъæр дæр не ’скодта…

Хъæбæр берæ куст адтæй арæзтади æма си мингай адæймæгутæ фæллойнæ кодтонцæ. Еци арæзтадæ райдайуни размæ цæттæгæнæн куститæ, уæдта арæзтадон архайд æнхæстгонд цудæнцæ партий Цæгат Иристони обкоми разамундæй, уæлдайдæр ба обкоми уæди фиццаг секретарь Борухъуати Хъаурбеги фурт Хъазбеги устур хъæппæресадон архайди, е ’хседгæ зæрди хъаури фæрци.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Гизæлдони ГЭС-и арæзтадæн берæ знæгтæ адтæй, аллихузи гадзирахат миутæй æ нихмæ ка архайдта, уæхæнттæ дæр. Цæгат Иристони арæзт ке цæуй, æвæдзи, уомæ гæсгæ имæ хъæбæр уазал цæстингас дардтонцæ Ростови Крайэнергой æма Мæскуй электропълани разамонгутæ, аллихузи рæуæнттæй æ нихмæ къулумпигæнæн архайд кодтонцæ. Уой фæдбæл æрхæсдзæнæн уæхæн дæнцæн. Цæветтонгæ, ГЭС-и проекттæ æма техникон смети гæгъæдитæ фиццаг исаразтонцæ Борухъуати Хъазбеги разамундæй бунæттон инженерти къуар, дуккаг хатт ба – Ростови Крайэнергой специалисттæ, уæдта Мæскуй инженерон къамис, гъома, лæмбунæгдæр сæбæл рагъуди кæнун гъæуй, цума хуæздæр гъæуагæ æнцæ æма сæмæ лæмбунæгдæр æркæсун гъæуй, зæгъгæ, уой рæуонæй, æма гъе уотемæй рæстæг ивазтонцæ, цæлхдортæ æвардтонцæ арæзтади нихмæ. Сæйрагдæр цæлхдор ба адтæй е, æма Грознай хецауадæ фиццаг исарази æй, уæдта бабæй сæ нæбал фæндадтæй Гизæлдони ГЭС еумæйаг хъауритæй исаразун. Иннердæмæ ниццавтонцæ, уомæн æма 35% финансон фæрæзнитæ гъæуама бахастайуонцæ бунæттон хецауадæ, 65% ба – центрон хецауадæ – Уæрæсе, рæуонæ кодтонцæ, нæхуæдтæ теплоэлектростанцæ аразунмæ гъавæн æма нин е фагæ уодзæнæй, нефти хауæццæгтæй ин артаг цæйбæрцæ гъæуй, уойбæрцæ уодзæнæй, æма нин асландæрбæл ниллæудзæнæй, зæгъгæ, уой хузи.

Баймæтати Циппу

Уæхæн миути фудæй арæзтадæмæ, куд гъæуй, уотæ æвнæлд нæ цудæй. Фал еци гадзирахат миутæн хъаурæгин нихкъуæрд лæвардта Борухъуати Хъазбег, е Мæскуй Цæгат Иристони минæвайради хæццæ æвæллайгæй архайдта Гизæлдони ГЭС-и арæзтади фарста ралух кæнунбæл, цæмæй 1927 анзи бæсти устур арæзтæдти паддзахадон пъланмæ хаст æма арæзтадæн финансон
фæрæзнитæ дехгонд æрцудайдæ, уобæл. Æнцад нæ бадтæй дæргъæвсаг рауон-циуон лæг, дессаги искурдиади хецау Баймæтати Циппу дæр. Е 1926 анзи сæрди астæу рабалци кодта Мæскумæ æма æ дессаги курдиади хæццæ исмедæг æй Кремли, уоми фембалдæй ССР Цæдеси Еугурцæдесон Центрон Æнхæстгæнæг Комитети иуонг, Цæгат Иристони æнхæстбаргин минæвар Калоти Заурбеги хæццæ.

Фæууидта И.В. Сталини дæр æма уой унаффæмæ гæсгæ æ къохи бафтудæй М.И. Калинини агъазæй арæзтади гъуддаг исирæзун кæнун. Фал ма ибæл архайун гъудæй, æма Иристони номдзуд лæгтæ гъуддаг æрдæгбæл нæ ниууагътонцæ. Уой фæрци 1927 анзи майи ССР Цæдеси Фæллойни æма Гъæуайкæнуйнади Совет унаффæ рахаста Гизæлдони райони гидроэлектростанцæ исаразуни туххæй.

Æма 1927 анзи июни еци арæзтади тогдадзинттæ æмхузонæй искустонцæ, сæ еугур къабæзти дæр ерисæй куст байеудагъ æй. Никки ба ма Борухъуати Хъазбегæн æ къохи бафтудæй дессаги хуарз гъуддаг – байархайдта, цæмæй æй исхононцæ Еугурцæдесон хъазауатон арæзтадæ. Æма партий циргъзунд унаффи фæрци адæм, фæсевæд нæ бæсти алли къумтæй цудæнцæ Гизæлдони ГЭС-и арæзтадæмæ косунмæ – ка фæскомцæдесон путевки хæццæ, ка барвæндонæй, ка ба партион-фæскомцæдесон оргæнти фæдзæхстæй.

Гъе уотæ исирæзтæй, нæ ниххустæй Гизæлдони арæзтади цæхæр.

Уомæн æма ин æ арæзтадон зинг рахуссун нæ бауагътонцæ, æ тæккæ зиндæр æма ахсгиагдæр гъуддæгути архайдтонцæ историон адæймæгутæ – нæ бæсти разамонгутæ Иосиф Сталин, Вячеслав Молотов, Валериан Куйбышев, Калоти Заурбег, Борухъуати Хъазбег, Еугурцæдесон Центрон Æнхæстгæнæг Комитет, ССР Цæдеси адæмон комиссарти Совети уæлдæр разамонгутæ, ССР Цæдеси адæмон хæдзаради Совет.

Арæзтадæ æ тæмæни ку бацудæй, уæд Гизæли гъæусовети разамундæй Дойати Дзæхцеу фондзинсæй косæги рарвиста арæзтадæмæ, уæдта, дугай бæхтæ кæмæ адтæй, уæхæн бричкæгунти.

Берæ гъæдæрмæг фадуни куститæ, бон-æхсæвæ не ’ртасгæй æнхæст кодта Пагæти Майрæм. Гъæдæрмæг цæттæгæнæн кустити, уæдта скълади хецауæй си арæхстгин куст кодта Хъассохати Уасил. Арæзтадон æрмæгутæ, косæнгæрзтæ ефтонггæнæг адтæй Бæройти Валоди æма æ дæлбарæ косгути хæццæ сæ æнæкъулумпийæй ласта Дзæуæгигъæуæй.

Устур ахедундзийнадæ адтæй Барахъти Бимболати кустæн арæзтади. Механикон æрмадзи хецау уогæй, еугур мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй арæзтади техникон хæйттæ æма косæнгæрзтæ фагæ уа, æма уони фудæй куст къулумпи ма кæна. Цалхæй, брички гуффæй, сауæнгæ бæхи цæфхади уæнгæ арæзт æма цалцæггонд цудæнцæ Барахъти Бимболати разамундæй. Хонх къæрт кæнуни кустити хъазауатон фæллойнæ фæккодтонцæ Хъотайти Вано. Кæд еци кустити æ къох фæссахъат æй, уæддæр е хуарз фæд ниууагъта арæзтади.

Ке зæгъун æй гъæуй, арæзтади берæ кизгæ фæсевæд куста Иристони алли гъæутæй. Æма уони æхсæн уæлдай хъæппæресгиндæрæй æхе равдиста Цæллагкати-Колити Лимæ Ивани кизгæ. Е куста электрон тухдæттæн æма бетонæзмæнтæн агрегатбæл, æ еугур хъауритæй дæр архайдта, цæмæй арæзтади еугур къабæзтæмæ дæр электрон тухæ æнæкъулумпийæй цудайдæ, уæдта аразгутæ гъæуагæ ма æййафтайуонцæ бетонæй.

Арæхстгин политикон, гъомбæладон æма æхсæнадон куст фæккодта арæзтади косгути хæццæ Хъодзати Заурбег, куд Цæгат Иристони хецауади æрвист бæрнон лæг, уотæ. Е федаргонд æрцудæй ГЭС-и арæзтади постройкоми сæрдарæй. Дзæвгарæ адтæнцæ æ ихæстæ æма уони гъæугæ хузи æнхæст кæнуни фæдбæл агъазиау берæвæрсуг куст фæккодта. ГЭС аразгутæн, куд сæ кусти æма фæллад уадзуни рæстæг, уотæ сæ царди еугур хабæрттæмæ дæр æ цæстæ лæмбунæг дардта аци профцæдесон разамонæг. Мадта арæзтади еугур къабæзти дæр социалистон ерис парахат кæнун æма мæ берæ æндæр фарстатæ лух кæнун дæр ихæсгонд адтæнцæ Хъодзай-фуртæн æма сæ, куд æнгъезуй, уотæ æнхæстæй аразта.

Ахсгиаг адтæнцæ тъунел аразуни куститæ. Уой туххæй ци хуæнхон куститæ банхæст кæнун гъудæй, уонæн сæ еугуремæн дæр разамунд лæвардта Дзуццати Арсен, Хонсар Иристонæй. Дууæ бригадей косгутæй беретæ раздæр фæллойнæ кодтонцæ нæдти арæзтади. Тъунели кусти ма архайдтонцæ Гæджити Миха – Сунжæй; Коккуати Гæхæрман, Коккуати Адулгери, Мисиккати Джамбот – Дæллаг Санибайæй; Туати Микадæ – Хумæллæгæй; Дзгойти Асо, Кокойти Мæхæмæт, Царахати Хъайтухъо – Хъæнийæй; Туати Резо – Хонсар Иристонæй; Багати Уасо, Багати Гоцъийæ, Багати Виктор, Багати Самсон, Тибилти Никъала – Ногирæй; Цорæти Никъала – Заманхъулæй; Тæбæхсæути Валоди, Лекъти Александр – Æрæдонæй; Æлдаттати Мисост – Брутæй; Хъабанти Габола, Мамукъати Габоци, Хæбæлати Тæтæрхъан, Кочинати Роман – Ольгинскæй. 1930 анзи 26 июни тъунел къæрт кæнуни куститæ фæцæнцæ æма хуæнхаг гъæути цæргутæ цудæнцæ æ уинунмæ. Дессаг сæмæ кастæй, дууердигæй æй ке къахтонцæ Къæхтисæри æма Хъобани ’рдигæй æма сæ къохи куд бафтудæй еци æмæррæстæ искъахун. Нæдæр хæрдмæ, нæдæр фæрсæрдæмæ æгириддæр куд нæ фæррæдудæнцæ, е. Уомæй минкъий фæстæдæр, 1931 анзи ба фæцæнцæ дони мал аразуни куститæ дæр.

Къæхтисæри брензберги арæзтади кустити архайдтонцæ æмбесонди хъаури хецау Джиоти Микела, Торчинти Алигка, Дзбойти Абисал, Хъиргъати Урусби, Æхполæтти Савели, Æхполæтти Шамил, Андиати Петя, Абайти Гио, Гæбæрати Антъон, Гæбæрати Семен, Хугати Граф, Хугати Микела, Джелити Гришæ, уæдта Цорæти Ахполат. Къæхтисæри дони мал аразуни хъазауатон куст кодтонцæ Дегойти Алихан, Солтанти Уасил, Пурати Сослæнбег, Зассети Иналдихъо, Хугати Иван, Мкертумян Эдвин, Хъазити Дзантемур æма æндæртæ.

Электролинитæ арæзтади ерисон куст кодтонцæ Хадихъати Хазби (уæдта ма куста электрикæй сæйраг уæладзуги), Кундухати Гурица, Хъодзати Гайиши фурттæ Харитон æма Мишæ, Торчинти Урусби, Æлдаттати Тæтæрхъан, Кудзиати Петр (уой фæсте куста ханхæхузæгæнæгæй техникон хайади), Голити Мурат, Махъоти Ханджери, Созæти Заурбег, Николай Шуваев, Гудиати Мурат. Сæ прораб ба адтæй Иван Бескоровойный, уой фæсте син прораб адтæй Торчинти Урусби. Сæйраг уæладзуги электрон косæнгæрзтæмæ зелуни рохс æма æндæр электрон куститæ арæхстгинæй æнхæст кодтонцæ хестæр электрик Коцойти Алихан, Огъуати Петя, Торчинти Хæмæтхъан, Хъодзати Урусби, Апати Сослан, Фидарати Михал, Гæджити Мæцихъо æма берæ æндæртæ.

ГЭС-и арæзтади алли къабæзти ма зæрдиаг куст фæккодтонцæ Дзуццати Аслæнихъо, Худиати Никъала, Цæруати Теболка, Цæруати Бабола, Цæруати Габола, Цæруати Нинæ, Джелити Мурад, Плити Хамурзæ, Цæбити Семен, Цæбити Къоста, Æмбалти Хаджумар, Дзебойти Созурухъо, Кодзурти Никъала, Уазити Увзихъо, Кодзурти Софья æма берæ æндæртæ.

Арæзтади косгути ’хсæн хъæбæр нимад адтæй сæ разамонæг Габолати Василийи фурт Давид, кодтонцæ ин устур аргъ. Е адтæй фиццаг инженер-энергетик Цæгат Иристони, каст фæцæй Мæскуй Баумани номбæл уæлдæр техникон училище.

Арæзтади 1930 анзи фæззиндтæй инсæй хуæдтолги æма еу трактор ХТЗ æма уой фæрци куститæ зингæ фæттагъддæр æнцæ. Арæзтади шофертæй косун райдæдтонцæ Джелити Костя, Джелити Гришæ, Чисиати Бобик, Æлдаттати Мисост, Хæбæлати Виктор, Хæбæлати Тæтæрхъан, Хæдзарæгати Тох, Мамукъати Габо, Дзампати Бимболат, Зугъутати Костя æма берæ æндæртæ.

Ардæмæ фæскомцæдесон путевкити хæццæ ка æрбацудæй, еци æригон биццеутæ æма кизгуттæй 350-400 адтæнцæ социалистон ериси хъазауатонтæ. ФЕЛКЦ-и Мæздæги райкоми путевки хæццæ аци устур арæзтади куста Юрий Андропов, зонетæ ’й, уой фæсте иссæй номдзуд паддзахадон архайæг, сауæнгæ СЦКП-ий Центрон Комитети Генералон секретарь дæр адтæй.

Мадта ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма, аци арæзтади ци фæсевæд куста, уонæй беретæ иссæнцæ айдагъ Иристони нæ, фал æнæгъæнæ Советон Цæдеси номдзуддæр æма игъустгонддæр лæгтæ. Уони хæццæ æнцæ ССР Цæдеси адæмон артист Тæбæхсæути Бало, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети раздæри ректор, профессор Цибирти Христофор, Советон Цæдеси Бæгъатæртæ Остати Алексей æма Карсанти Хъазбег æма ма берæ æндæртæ.

Арæзтади куститæ æнтæстгинæй цудæнцæ, уомæн æма си байгон æй скъола, æ директор иссæй Томайти Инал. Уоми фæсевæди ахур кодтонцæ косæги дæсниæдтæбæл, æма уотемæй цæттæгонд цудæнцæ амайгутæ, фæрстæисæрдгутæ, маляртæ, пълотниктæ, электромонтертæ æма æндæр специалисттæ.

Еу инней фæсте ГЭС-и арæзтади сæйраг хæйттæ арæзт æма паддзахадон къамисмæ лæвæрд цудæнцæ: еугурей разæй – брензберг, уой фæсте, 1930 анзи 26 июни, тъунел, уæдта, 1931 анзи – дони бассейн, 1934 анзи ба – ГЭС-и сæйраг уæладзуг. Еци анз 30 июни эксплуатацимæ раттуни туххæй фæлварæни хузи искосун кодтонцæ Гизæлдони гидроэлектростанцæ.

Цæгат Иристони автономибæл 1934 анзи дæс анзи æнхæст кодта, æма уой кадæн Гизæлдони ГЭС эксплуатацимæ раттуни фæдбæл арæзт бæрæгбони мадзæлтти архайунмæ Иристонмæ иссудæй ССР Цæдесон Центрон Æнхæстгæнæг Комитети сæрдар, Еугурцæдесон старостæ Михаил Ивани фурт Калинин. Хъобани уæд ци кадгин æмбурд арæзт æрцудæй, уордæмæ Иристони гъæутæй берæ адæм æрæмбурд æй, алкедæр фæндадтæй М.И. Калинини хæстæгмæ фæууинун.

Кадгин æмбурди радзубанди кæнгæй, М.И. Калинин устур арфæ ракодта ГЭС аразгутæн сæ хъазауатон кусти æма республики юбилеймæ устур лæвар ке бацæттæ кодтонцæ, уой туххæй.

Æмбурди фæсте электростанцæ искосун кодтонцæ æма Иристони хуæнхти æма кæмтти амонди рохс цирæгътæ иссугъдæнцæ.

Гизæлдони ГЭС адтæй ССР Цæдеси уæди рæстæги тæккæ уникалондæр техникон арæзтадæ, Советон Цæдеси адæмон хæдзаради фиццаг фондзанзон пълани арæзтадæ, уæдта ГОЭЛРО-йи паддзахадон пъланмæ гæсгæ дæс-финддæс анземæ дæс æма инсæй районемæн ци электростанцитæ исаразунмæ гъавтонцæ, уонæй фиццаг дони электростанцæ.

Гизæлдони ГЭС промышленнон эксплуатацимæ лæвæрд æрцудæй æма промышленнон уавæри косун райдæдта 1934 анзи 25 сентябри.

Баймæтати Циппуй бæлдæ тæмæнтæ искалдта хуæнхти гъæбеси æма нур фондз æма цуппаринсæй анзей дæргъи адæмæн хæссуй амонди рохс.