Æ ТОХ ÆНÆГЪÆНÆЙДÆР АДТÆЙ РÆСТАДИ СÆРБÆЛТАУ…
… Еци къамисмæ гъæугæ косгутæ æмбурд кæнуни рæстæг рауадæй мæнæ ауæхæн дзубанди дæр.
– Æма мадта сæрæн лæхъуæн æй, зæгъис?
– Лæги бундзæфхад.
– Нифсгун, бæгъатæр, æргъудигин? Цубурдзурдæй, исуйнаг тугъдон разамонæг, нæ?
– Рауайдзæнæй си!.. Æнæмæнгæ!..
Хецау радзубанди кæнунмæ кæмæ фæдздзурдта, уомæ æдзинæг бакастæй, тамако æрхотæгдони кæрони æрцагъта. Цæбæлдæр расагъæсхуз æй, уæдта исдзурдта:
– Зæгъай, дæ хуарзæнхæй, уæд фиййисмотæнтæй ба куд æй?
Лæг ин æ еци æнахур фарста уайсахат нæ балæдæрдтæй, куддæр рацæй, фæрсæги каст имæ бакодта.
– Гъо, е ’смотæнтæ, зæгъун, куд косунцæ? – хецау зинна-нæзинна æ медбилти бахудтæй, уотемæй фæббæлвурддæр кодта æ фарста. – Сосæг знаги хеуонæй рартасдзæнæй?
– А-а… – балæдæрдтæй æй е дæр, бахудтæй, æ усхъитæ батилдта. – Гъе уой ба, раст зæгъгæй, уоййасæбæл бæлвурд нæ зонун. Æргом знаг ин æнæуинон æй æма ибæл нæ ауæрдуй. Æхе фæстæмæ некæд раласта тугъди будурæй. Фал уоми ба куд уодзæнæй… Ци дин зæгъон?..
– Мæнмæ гæсгæ, мах ка гъæуй, уæхæн адæймаг æй. Мах дæр Шерлок Холмстæй нæ рантæстан нæ мадтæлти губунтæй.
Гъе уотемæй ралух æй Семен Штыби идарддæри карнæ. Иссæй ЧК-й косæг. Нæ, нæ фæррæдудæнцæ, еци кустмæ ’й ка байагурдта, етæ.
НИФСГУН АДТÆНЦÆ УОМÆЙ, ÆМА РÆСТДЗИЙНАДÆБÆЛ КЕ ТОХ КОДТОНЦÆ…
1918 анз. Адмирал Колчак агъазиау æфсад æрæмбурд кодта æма Сибири ’рдигæй æмпурсун байдæдта бæсти астæумæ. Гъавта æригон Советон республики хорхбæл бахуæцунмæ.
… Минкъий сахар Уральск бахаудтæй хъапхани. Аллирдигæй ибæл æртухстæнцæ знæгтæ, сæ уодæй арт цæгъдунцæ, сæ тухæ, сæ бонæй архайунцæ æ байахæссунбæл. Фал сурхгвардионтæ сахарæй æцæг тугъдон федар исаразтонцæ. Бæрцæй берæ нæ адтæнцæ, фал нифс, æхсарæй – хайгин. Зудтонцæ, рæстдзийнадæбæл ке тох кæнунцæ, сæ лæги ном багъæуай кæнунбæл. Базудтонцæ сæребари адæ, æма си æгадæ, æнæнимад, цæрæнбонти дæллаг галæй цæун некебал фæндадтæй. Уæхæн дзамани ба адæймагæн æ тухтæбæл тухтæ æфтуйуй, æ хъауритæ дувæр, æртивæр кæнунцæ.
Цалдæр мæйи нæ ниууагъта знаг æ фæлварæнтæ аци сахар байахæссунбæл: ахсгиаг риндзæ ин иссайдæ æ идарддæри æмпурстæн æма æ байсунмæ, уомæ гæсгæ уотæ карзæй бæлдтæй. Æцæг æ хъазауат æмпурститæй неци рауадæй, æма, уæд исфæндæ кодта: бауадзæн сæ, кумæ нин ледздзæнæнцæ, ци фæууодзæнæнцæ сахар гъæуайгæнгутæ? Сæ хуаллаги æвæрæнтæ ку фæууонцæ, æнæ хуæрдæ, æнæ дон ку райзайуонцæ, уæд барæ-æнæбари дæр сæхе дæтдзæнæнцæ…
«ТУГЪДИ ТÆССАГ ГЪУДДÆГУТÆН ÆНÆ УÆН НÆЙЙЕС!..»
Æма еци рæстæг, æцæгæйдæр, ралæудтæй. Сахар гъæуайгæнгутæн фæцæнцæ сæ хуæлци бунтæ… Сæ рæбунæй ци райстайуонцæ, е нæбал адтæй адæмæн. Бахаудтæнцæ устур зин уавæри. Гъудæй цидæр амал æргъуди кæнун.
Еу бон ку адтæй, уæд сахари революцион Совети хецаумæ фæззиндтæй бунæттон ЧК-й хайади сæргълæууæг Семен Штыб.
– Мæнмæ ес еу фæндæ, – загъта е. – Раттетæ мин адæм æма æз исамал кæндзæнæн хуæруйнаг сахар гъæуайгæнгутæн.
Штыб бæлвурдæй радзурдта, æ фæндæ кудæй исæнхæст кæнунмæ гъавта, уой.
Революцион тугъдон Совети иуонгтæ æрдзубанди кодтонцæ ЧК-й бунæттон хайади сæргълæууæги пъланбæл, фал ибæл нæ исарази æнцæ. Еугурæйдæр æмцъухæй загътонцæ, æгæр тæссаг пълан, дан, æй, сахар гъæуайгæнгутæ æнæуой дæр берæ нæбал æнцæ, знаг ба ку æрбампурса, уæд ма æ нихмæ ка тох кæндзæнæй, зæгъгæ. Фал Семен Штыб, æригон чекист, ци исфæндæ кæна, уой æнцонтæй ка раййивдтайдæ, уонæй нæ адтæй. Æма федарæй загъта:
– Тугъди тæссаг гъуддæгутæн æнæ уæн нæййес!.. Æма нæ уомæ гæсгæ ба, гъуддаг цийфæнди тæссаг кæд зиннуй, уæддæр нæ гъæуама ма бауорама. Адæмæй нæ фагæ кæнæн, зæгъгæ, ке зæгъетæ, е æцæгæйдæр раст æй. Уогæ уомæн дæр ес гæнæн. Еубонæ уацари райстан берæ уорсгвардионтæ, хъазахъæй. Уонæй еу эскадрон исаразетæ æма мин æй раттетæ…
Тугъдон революцион Совети иуонгтæ имæ сахæй кæсгæй байзадæнцæ.
– Уацайраг хъазахъæгтæй эскадрон? Æма дæ надбæл листæг кæрститæ ку никкæнонцæ се ’хсаргæрдтæй, уæдта?
– Уомæй ба зæрдæ некæмæн æвæрун, – æ медбилти бахудтæй Штыб.
– Е гириз нæй. Æууæндис сæбæл?
– Æууæндун… Æз дæр гириз нæ кæнун, – федарæй загъта Штыб.
Æнæбундор дзубанди нæ кодта Семен. Уой размæ бон æхе «расæрфта» уацайрæгтæбæл, ракъæхтитæ сæ кодта, æма балæдæрдтæй, сæ еугурдæр сæхе фæндæй ке нæ тох кодтонцæ Уорс æфсади рæнгъити. Уомæ гæсгæ имæ æ зæрдæ исдзурдта, ци æргъуди кодта, еци зин гъуддаги син ке ес бафæлварæн. Штыб равзурста æригондæрти, сæрæндæрти, æ бакастмæ гæсгæ фулдæр æууæнкæ кæбæл адтæй, адæмон хецауади нихмæ æнæбари ка тох кодта, зæгъгæ, уони.
Цубур æмгъудмæ исаразта баргунти эскадрон. Радзубанди кодта сæ хæццæ лæгæй-лæгмæ, æргомзæрдæй. Уацайрæгтæ десгæнгæ кастæнцæ хуæрзæригон, хуæрзконд, фæтæн тæрних, бæрзондгомау сурх командирмæ, сæ хæццæ куд æууæнкгинæй, куд лимæнæй дзубанди кодта уомæ, æма хъæбæрдæр цудæй сæ зæрдæмæ. Сæ фулдæр адтæнцæ бунæттон цæргутæ, синхаг гъæутæ æма цæрæн рауæнтæй. Бавзурстонцæ паддзахи дзамани фудцæрдтитæ, фал талингæ адæм цæнæбæрæг зин расайуйнаг адтæнцæ æма сæ уорс афицертæ кæми æвзедгæй, кæми фæливд дзубандитæй Колчаки æфсадмæ бакодтонцæ.
Нур си берети аци дзурдарæхст, дзуапгин лæхъуæн æ цæститæй ракæсун кодта, æма исарази ’нцæ æ хæццæ знаги фæскъилдунмæ ралæгæрдунмæ, сахар гъæуайгæнгутæн хуæлцæ исамал кæнунбæл. Е син хуарз гæнæн адтæй адæмон хецауади размæ сæхе æназум искæнунæн, сæ раздæри рахаститæ бамбæрзунæн.
Семен багъавта мæйдар æхсæвæмæ. Арв мегътæ æрбахгæдтонцæ. Еуæй-еу хатт рартæхтæ кæнидæ, фал дзæбæх рауарун æ бон нæ адтæй. Семен ба æ меднимæри уомæ бæлдтæй: уæхæн дзамани æнцондæр рагъузун фæууй знаги гъæуайгæнгути еувæрсти, æ федæртти ’хсæнти.
ÆУУÆНКГУН ЛÆГБÆЛ МÆНГАРДÆЙ РАЦÆУН ТÆРЕГЪÆД ÆЙ…
Сахари кæронæй ку рахизтæнцæ, уæд Штыб æ эскадрон еу æрхæгонди фæууорæдта æма адæмæн лæмбунæгдæр балæдæрун кодта, се ’стæри сæр ци ’й, уой. Сæ бæхти къæхти сæфтæгутæ истухтонцæ бæмпæггин хæцъелæй æма ранигъулдæнцæ æхсæви тари. Радумдта. Арв фегон æй. Мегъти скъудтæй ракастæй мæйæ æма æдзæрæгхуз будурбæл байзæрста æ мæрдон рохс.
Штыб æ устур сурх бæхбæл цудæй разæй. Ка ’й зонуй, циуавæр сагъæстæ зилдæнцæ еци сахат æ сæри? Æндаг бакастæй зиндтæй хъæбæр æвæлмаст. Æхе уотæ дардта, цума æ фæсте æзини уорсгвардионти æнæгъæнæ эскадрон нæ адтæй, фал æхе сурхæфсæддонти худта тохунмæ. Ке зæгъун æй гъæуй, лæдæрдтæй æй, уацайраг хъазахъæгти зæрди дузæрдуг, фудуаг сагъæстæ дæр, ка ’й зонуй, кæд тæлфтæнцæ, уой дæр. Ци ин гъудæй? Æхсаргардæй еу рæуигъд æма лæг нæбал æй. Кенæ ба сæ алкæмæн æ гъæу æ фарсмæ, бæх фездахæ æма дæ хæдзарæ байагорæ. Фал цидæр дессаги тухæ, цидæр æнахур фарнæ адтæй мæйи дудзи рохсмæ, уотæ æдæрсгæ ци тар æндæрг ранкъусæ-ранкъусæ кодта сæ разæй, уомæ. Уæдта фæстæмæ еу каст куд нæ фæккæнуй? Куд исеса лæг уæхæн æууæнкгун адæймагмæ æ къох? Уомæй дæр хуæрзæригон, зæрдхæлар, æнæмаст лæгмæ? Куд дзуапгин, гъуддаггинæй дзубанди кодта сæ хæццæ. Цитæ дзурдта, етæ мæлæти расти хузæн зиннунцæ! Кæд æцæгæйдæр уотæ ’й, æндæра сайæгой лæг уæртæ уотæ нифсгун бадт куд кæндзæнæй бæхбæл? Сайдæн æнæ тæппод хуасæ нæййес, е рагæй уотæ рахаста.
Нæ, уæхæн æууæнкгун лæгбæл мæнгардæй рацæун устур тæрегъæд гъуддаг уайдæ.
Æнæнгъæлти мæйи рохсмæ, еу-фондзинсæй ампъези уоддæр, цума зæнхи бунæй февзурстæнцæ, уотæ сæ разæй фæззиндтæй цалдæр сау аууони. Гæрзефтонг бæхгинтæ. Знаги æхсæвгæстæ. Ке зæгъун æй гъæуй, етæ дæр сæ куд не ’рæстæфтайуонцæ. Фæстеуат гæнæн нæбал адтæй, кенæдта сæ фæндитæ бустæги фехалдайуонцæ. Семен сагъæс дæр нæбал ракодта, уотемæй æхсаргард фелваста æма размæ фескъардта. Æ сæри ма фегурдæй еу гъуди: «Гъæйтт, сæр дæ багъудæй! Дууæ зингей астæумæ дæхе багæлстай барвæндонæй. Нуртæккæ рабæрæг уодзæнæй – ци дæ, цæйбæрцæбæл амондгун дæ. Еу зинг, нæхердигæй – сæрсодзæн, иннæ фæстегæй – кенæ мæлæт, кенæ ба зар. Зар еугур сахар гъæуайгæнгутæн дæр. Ке халæ исхаудзæнæй?..
ЦÆТТÆ АДТÆЙ Æ ЦАРД АДÆМИ АМОНДÆН ИСНИВОНД КÆНУНМÆ
Еу рæстæг фæстердигæй неци згули игъустæй. Уæдта æнæнгъæлти райгъустæй циргъ æхсаргæрдти æскъот æма бæхти къæхти гъæр – хъазахъ æ фæдбæл ниххæррæт ластонцæ. Цæстифæнникъулдмæ знаги бæхгинтæн сæ кой дæр нæбал адтæй: Штыби къуар сæ ниппурхæ кодтонцæ.
Эскадрон знаги фæскъилдунмæ ралæгæрста, зæгъæн ес, бустæги æндæрæй, æцæгæй сурхгвардион отрядæй. Æ ихæс исæнхæст кодта æнтæстгинæй. Тагъд-тагъдæй æрзилдæй знаги фæскъилдумтæбæл, исамал кодта хуæлцæ, тохæнгарз, райста дæс æма инсæй уацайраги æма фæстæмæ Уральски æрбалæудтæй.
Семен Митрофани фурт Штыби, еци дессаги адæймаги, æ идарддæри æнæнцойнæ тохи царди нæдтæ æркодтонцæ Цæгат Кавказмæ. Раздæр бал Стъараполи зилдмæ, уой фæсте ба махмæ, Иристонмæ.
Цæветтонгæ, æ хабæрттæ рауадæнцæ уотæ. Не ’фсæдтæ Колчаки уорсгвардион тухти ку ниппурхæ кодтонцæ, уæд Штыбмæ фæдздзурдтонцæ Мæскумæ. Уоми фæцæй цубур рæстæг. Æнхæст кодта комкоммæ Феликс Эдмунди фурт Дзержинскийи фæдзæхститæ. Сæрмагонд ихæс æнхæст кæнгæй адтæй Польший фронти, Дагестани, Азербайджани æма æндæр рауæнти. 1921 анзи æй исæрвистонцæ Новороссийскмæ, Сауденгизон зилди ЧК-и хецауæй. Семен Митрофани фурт уоми исаразта зианхæсгути, бандитти нихмæ тохгæнæг къуар. Еци къуар æхе равдиста хъæбæр сæрæн, дæсни тохгæнæгæй, цубур æмгъудмæ исæнхæст кодта, ци ихæстæ æвæрд ибæл адтæй, уони, æма ’й уæд исæрвистонцæ Стъараполи зилдмæ.
Уæдмæ Штыб иссæй тохæхсист, фæлтæрдгун чекист. Æндон Феликси – уотæ худтонцæ уæди рæстæгути советон Республики чекисти раздзæуæг Дзержинскийи – фарсмæ ке ракуста, е ин хъæбæр фæййагъаз æй æ идарддæри царди æма чекистон кусти. Ци ихæстæ æ размæ æвæрд адтæнцæ, уони, уæдта æ царди алли гъуддаги дæр фæнзта Дзержинскийи, архайдта уой хузæн унбæл. Куд фæззæгъунцæ, æрдомæ дæр нæ дардта мæлæт, цийфæнди рæстæг дæр цæттæ адтæй æ цард фæллойнæгæнæг адæми сæрбæлтау иснивонд кæнунмæ.
Æ РÆСТАДÆБÆЛ ÆРÆУУÆНДУН КОДТА Æ НИХМÆТОХГÆНГУТИ ДÆР
Стъараполи зилди тæккæ тæссагдæр æма зиндæр æрахæссунбæл нимадтонцæ уорсгвардион болкъон Беззубови бандæ. Идарддæр ин бухсæн нæбал адтæй. Гъудæй ин, ци амал æма гæнæн ес, уоййасæбæл тагъддæр кæрон искæнун. Фал кутемæй? Æнцонтæй ибæл нæ фæххуæст уодзæнæ. Бандæ тохæнгарзæй æ къобалæмæ, уотемæй æнæнгъæлти кæцæйдæр фæззинниуонцæ, сæ фудмиутæ ракæниуонцæ æма бабæй гъæдти рафардæг уиуонцæ…
Штыб исфæндæ кодта банди разамонæгæн æ нисантæ, æ хъозæнттæ, æ уайæнтæ базонун. Куд ин радзурдтонцæ, уотемæй Беззубов цидæр кастæй æхемæ, уотæ æнгъалдта, æма си æ алливарс еугурæйдæр, алли рауæн дæр æмрезæги резунцæ. Ка ’й зонуй, ци гъуди кодта, ци æнгъалдта, фал ахид «бацæуидæ дзубандий» бунæттон советон разамонæг косгути хæццæ. Бауадзидæ æхемæ уæхæн æвзурст лæгти минæвæртти, фал æ дзурдæн алкæддæр адтæй еу кæронбæттæн:
– Нæ, уæ сæртæ дзæгъæли ма ресун кæнетæ, уæ фæлтæрæнтæй неци рауайдзæнæй, мæхе нæ ратдзæнæн…
Фулдæр хæттити минæвæртти уадзгæ дæр нæбал ракæнидæ, сæ сæрмæ син байагоридæ æхе бандæй ахæстити. Айдагъ е нæ, фал сæбæл марунæй дæр нæ аурста.
Штыб федарæй исфæндæ кодта банди разамонæги хæццæ лæгæй-лæгмæ фембæлун. Зудта ’й, е мæлæти хæццæ гъазæгау ке æй, сæр берæгъи коми байвæруни хузæн, фал æй æ зæрдæ лæдæрдтæй: æндæр хуæздæр амал нæййес гъуддаг æнæ тог никкалгæй исæнхæст кæнунæн.
Бандитти хестæр æхецæй хумæтæги нæ ниббоз æй, ГПУ-ий хайади хецау æхуæдæг æхе хæццæ дзубанди кæнунмæ ку гъавта, уæд! Семен Митрофани фурт си цубур рæстæгмæ райста дзуапп финстæгæн: «Дæттун афицери дзурд, бадзубанди кæнунбæл арази ке дæн æма уæ ке нæ фæссайдзæнæн. Æцæг уотемæй, æма дæ хæццæ гъæуама уа айдагъдæр дууæ лæги, уонæй еу – Иванников. Е æнæмæнгæ. Уæ сæрæй æрдо дæр не ’рхаудзæнæй, мæ фæндæ мин ку исæнхæст кæнайтæ, уæд. Махæй уæмæ лæг æнгъæлмæ кæсдзæнæй гъæдгæрони. Болкъон Беззубов».
Иванников адтæй Беззубови банди дзурддзæугæдæр хестæртæй еу. Е уомæй цалдæр бони раздæр барвæндонæй æхе равардта советон хецаудзийнади хецауади къохмæ – æ зæрдæ дардта, уотемæй мæ уавæр кæд фенцондæр кæнинæ, зæгъгæ. Фал цæмæн агоруй Беззубов Иванникови? Цæмæн æй багъудæй? Еци еу цæфæн дууæ тæрхъоси рамарунмæ гъавуй? Æ маст исесунвæндæ кæнуй?
Циддæриддæр адтæй, уæддæр нæбал раййивта æ фæндæ Штыб. Куд бадзубанди кодтонцæ, уотæ амунд рæстæги Семен Митрофани фурт æрбалæудтæй банди астъони. Бæхæй рæуæг æргæпп ласта, баргин хузæй бараст æй, еу рауæнмæ ка æрæмбурд æй, еци тингунхуз, æнæдаст адæми размæ. Æ цæстæ сæбæл радардта, еу рауæнмæ райамудта къохæй.
– Уæ гæрзтæ æрæвæретæ æма мæнæ ами цалхæмбурдæй æрбадетæ. Игъосетæ, æз уин ци дзордзæнæн, уомæ.
Кæд æ зæрдæ хъæбæр гупп-гупп кодта, уæддæр æ цæсгонбæл нæ фæббæрæг æй. Айдагъдæр сæмæ лæмбунæг кастæй, гъома си, еске ести миуæ ку ракæна, зæгъгæ. Фал бабæй дессаг: раст Уральски куд адтæй, уотæ бабæй ами дæр байгъустонцæ æ дзурдмæ.
Еци бон сауæнгæ хори ранигулди уæнгæ Штыб рарвиста бандитти ’хсæн. Еу сехуар дæр, рæфтад дæр искодтонцæ. Лæмбунæг, æргомзæрдæй дзурдта сæ хæццæ, Советон хецаудзийнадæ, большевикти парти, Ленинæн сæ тохи сæр цæбæл æй, ци хæссуй адæмæн нæуæг цард, ке пайдайæн, ке амондæн арæзт æрцудæнцæ æма цæунцæ еугур гъуддæгутæ дæр нæ бæсти, уой туххæй нæ бæсти. Штыб, ке зæгъун æй гъæуй, зудта, лæгъузгæнгутæй сæ еугуремæ еу зундирахаст ке нæййес, сæ еугерей æй балæдæрун ке нæ бафæнддзæнæй… Фал бандиттæмæ кастæй æма уидта: ес си, сайд кæбæл æрцудæй, æ талингæ, æ æдули зунди фудæй ке æрбахаудтæй аци лæгмарти æхсæнмæ, уæхæнттæ дæр. Уæртæ имæ куд лæмбунæг игъосунцæ. Чекист балæдæрдтæй, Иванниковмæ банди ахæстдонæмæ сæ маст исесунмæ ке нæ фæдздзурдтонцæ. Алкедæр си фæндадтæй æхе цæститæй фæууинун, сурхити къохмæ æхе ка равардта, уомæ лæгъузæй неци кæсуй, уой…
Изæрæй Штыб загъта банди разамонæгæн, – сæ къуар æ гæрзтæ æрæвæрæд, зæгъгæ. Фал бабæй Беззубов æнæнгъæлти æхе ниффесинмæ кодта. Æ цæстингаси фæззиндтæй цидæр дузæрдугдзийнадæ.
Штыб кæд рамæстгун æй, уæддæр æхебæл фæххуæцгæй загъта:
– Нæ арази кæнетæ? Гъема уæ уæд, куд уæ фæндуй, уотæ уæд. Æцæг ми ма рагъаст кæнетæ! Цæрунæй, мæлунæй уæ барæ ес æма уæ нæ фæндуй… Нур уæбæл нæбал байауæрддзинан. Нæ фегъустон ма зæгъетæ, игъосетæ?!.
Ка имæ игъуста, етæ фæккуддæр æнцæ. Аллирдигæй райгъустæй масти гъæртæ, хъæлæба. Еугурæйдæр æнгъæлмæ кæсун райдæдтонцæ, Беззубов ци зæгъдзæнæй, уомæ. Уæд е æнæбаригомау исистадæй, хæстæг бацудæй Штыбмæ.
– Хуарз мадта… Æз дæбæл æууæндун! – загъта лæг. – Æцæг нуртæккæ нæ. Еу-дæс бони нин раттетæ рагъуди кæнунæн, ами, гъæди нæ гъуддæгутæ ес, æма уони рахецæн кæнун гъæуй… Дæс боней фæсте мæ адæми разæй уæ ГПУ-ий азгъунсти рази уодзæнæн. Кæд уи æруагæс кæнуй, уæд мæнæ аци дууæ лæхъуæни уæ хæццæ хонетæ, зæрдæвæрд уодзинайтæ, – æма Беззубов дууæ лæгей сæ фæсонтæй бансуста Штыби размæ.
– Фæууæд уотæ, – загъта Семен Митрофани фурт. – Бангъæлмæ кæсдзинан дæс бони.
ÆМА ’Й Æ ЧЕКИСТОН НÆДТÆ ÆРКОДТОНЦÆ ЦÆГАТ ИРИСТОНМÆ
Аци хатт Беззубов нæ фæссайдта æ дзурд. Ци бон загъта, раст еци тæккæ бон Стъараполи ГПУ-ий хайади азгъунсти размæ æрбалæуун кодта æ гæрзефтонг бандитти къуар æма æхе равардта.
Штыб знаггадæгæнгути нихмæ æнтæстгинæй ке тох кодта, еци тохи æхе бæгъатæрæй ке равдиста, уой туххæй æй 1923 анзи 14 апърели Советон хецауадæ исхуарзæнхгин кодта Сурх Турусай орденæй. Уой фæсте тагъд рæстæги фембалдæнцæ Дзержинскийи хæццæ. Ку хецæн кодтонцæ, уæд ин Феликс Эдмунди фурт балæвар кодта æ хузисист мæнæ уæхæн финсти хæццæ: «Хъазар Семен Митрофани фурт Штыбæн, контрреволюций нихмæ еумæ куд тох кодтан, уой зæрдæбæл дарунæн. Ф. Дзержинский».
Уой фæсте С.М. Штыби æ чекистон нæдтæ æркодтонцæ махмæ, Цæгат Иристонмæ. Ами дæр багъудæй æ оперативон къуæртти сæр. Медтугъди рæстæги нæуæг цардарæзти нихмæ тохгæнгутæн сæ фулдæр пурхæгонд ку ’рцудæнцæ æргом тохи, уæд, ка ма си райервазтæй, етæ уæддæр сæ пурхæ калдтонцæ, сæ мæститæ истонцæ сабурцæрæг адæмæй. Æстъигътонцæ, мардтонцæ хумæтæг фæллойнæгæнгути, истонцæ син сæ фонс, нæ сæ уагътонцæ сæ нæуæг, сæребарæ цардарæзтмæ бавналун.
Семен Штыби 1923 анзи исæрвистонцæ ардæмæ ГПУ-ий хайади хецауæй. Æ хæццæ искодта æ еузæрдиуон агъазгæнгути, æ отряди иуонгти дæр. Етæ уæдмæ бахсистæнцæ революций знæгти нихмæ тугъдтити æма сæбæл Семен Митрофани фурт æ зæрдæ хъæбæр дардта. Е зудта, хуæнхон зинвадуæтти æнцон тох кæнæн ке нæ уодзæнæй бунæттон налат, гъиггаг бандитти нихмæ, кæд етæ устур къуæрттæй нæ хаттæнцæ арф, унгæг кæмтти æма тар гъæдти, уæддæр.
Штыб фиццагидæр райдæдта бунæттон цæрæг адæммæ медтугъди бæнттæй ци тохæнгарз байзадæй, уони æрæмбурд кæнунæй. Æнцон нæ адтæй еци гъуддаг. Хуæнхон адæм рагæйдæр тохæнгæрзтæ уарзагæ адтæнцæ, исахур сæбæл æнцæ æма сæмæ сæ раттун æнцон нæ кастæй. Штыб агъазиау куст бакодта еци тохæнгæрзтæ æрæмбурд кæнунбæл, бандиттæ хумæтæг цæрæг адæми хигъдæй фулдæр куд нæбал кодтайуонцæ, уобæл.
АДÆМ НЕРÆНГÆ ДÆР ИМИСУНЦÆ СÆ ХУÆРЗГÆНÆГИ РОХС НОМ
Семен Митрофани фурт еци бæнтти æгириддæр æнцойнæ нæ зудта, бæхæй дæлæмæ дæр нæ хизтæй. Пурхæ кодта бандитти, сæ уедагæ син скъудта, адæми æнцад цæрун ка нæ уагъта, нæуæг æгъдæуттæ æрфедарунбæл æ уоди бицъинæг ка тудта, уонæн. Зæгъæн ес, Штыб адтæй, куд фæззæгъунцæ, саргъбæл ка райгурдæй æма саргъбæл ка фæммард æй, уонæй, кæд бæхгини хæдзари нæ, фал косæг лæги хæдзари райгурдæй, уæддæр. Æ мæлæт иссирдта тугъди будури.
Е адтæй 1923 анзи ноябри кæронмæ хæстæг. Бандиттæ æрбампурстонцæ æма фæттардтонцæ Иригъæуи цæргути фонс.
Семен Митрофани фуртмæ куддæр фæххабар æй, уотæ æхе бæхбæл багæлста, æ хæццæ ракодта æ адæми æма фæффæдеси ’нцæ, кумæ амудтонцæ, уордæмæ.
Дессаги хор бон адтæй, арвбæл еу мегъи цъопп дæр нæ фæууидтайсæ. Тæрегъæд æй, устур тæрегъæд уотæ æригонæй мæрдтæмæ бацæун уæхæн ирд, райдзаст бони ба уæлдайдæр… Фал еци сахат мæлæтбæл ка гъуди кодта…
Æвæлмаст бæхтæ уайтæккæ баййафтонцæ фонс æскъæргути. Бандиттæ куддæр доргин æрхæй фæууоддæр æнцæ, уотæ сæбæл уордæмæ ралæудтæй Штыби фæдесонти къуар. Етæ сæ фонс фæууагътонцæ æма фæстæмæ æхсгæй уоми уæлæмæ исфардæг æнцæ гъæдæрдæмæ. Берæ си нæ райервазтæй. Сæ фулдæр фæццагъди ’нцæ, фал, гъулæггагæн, знаги нæмугæй фæммард æй ГПУ-ий хайади хецау С.М. Штыб дæр.
Уотæ бæгъатæр тохи æ мæлæт иссирдта æхседгæзæрдæ революционер, фæллойнæгæнæг адæми сæрбæлдзорæг рæстзæрдæ чекист Семен Митрофани фурт Штыб.
Адæм кадæ кæнунцæ сæ хуæрзгæнæг, сæ бартæбæл æновудæй тохгæнæг лæхъуæнæн. Райдайæни куд загътан, уотемæй ин æ номбæл нæ сæйраг сахари рæсугъддæр фæзтæй еуей дæр уомæн исхудтонцæ. Уомæй уæлдай ибæл искодтонцæ тохи зар дæр, махмæ ба уæхæн зартæ кæнунцæ æцæг бæгъатæр, æцæг æхсаргин адæмбæл.
Редакцийæй. Аци æрмæг æ рæстæги бацæттæ кодта журналист А. АРКАДЬЕВ æма мухургонд æрцудæй журнал «Мах дуг»-и 1968 анзи æхсæзæймаг номери.