12 ноября 2024

Æ УОДÆЙ АРТ ФÆЦЦАГЪТА

12.03.2021 | 20:02

КОЛИТИ Витали, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг

Царди медæгæ некæд нецæмæ æма некæмæ хицæ кодтон. Нæдæр гъæздугдзийнадæ, нæдæр мулкитæ æма хуæдтолгитæ мæмæ нимади дæр некæд адтæнцæ, нæдæр ба – хуæрзеугутæ. Нуртæккæ ни еуæй-еуетæ сæ бунæттæн куд тæрсунцæ æма сæхе, оххай, ести мæ ку багъигæ дара, зæгъгæ, уæхæн бунатбæлмард адæмæй дæр цæрæнбонти мæ уодхæссæг уидтон æма уинун. Æз айдагъдæр хицæ кодтон, уæлæбæл рæстзæрдæй ка фæццардæй, æ фæсмæрдæ ба æ ном кæдзос æма ирдæй ка ниууадзуй, уонæмæ. Æма уæхæн адæймæгутæй ба еу адтæй, Иристони фарнæ æма культурæ цæмæй еудадзугдæр бæрзонддæр къæпхæнмæ хеза, уобæл æ уод ка фæгъгъардта, еци Цорионти Резван дæр.

Цорионти Резвани хæццæ æз базонгæ дæн, Æхсæрисæри астæуккаг скъолай æстæймаг къласи ма ку ахур кодтон, уæд æма уæдæй ба сауæнгæ æ рамæлæти уæнгæ кæрæдземæй нæбал рартæстан. Резванæн æ цардæмбал Эммæ Тауитони хæццæ æмхуæрифурттæ ан æма е Резванæн ку балæдæрун кодта, æз æмдзæвгитæ финсун фæлварун, уой, уæд мæ уæгъдæ нæбал исуагъта æ цæстдардæй. Мæ бон зæгъун æй, хестæр æнсувæреуæг мин фæккодта цардæмдæргъци.

Резван ци адтæй, уомæй адтæй хорæн æ тæккæ ирддæр тунтæй фæлуст адæймаг. Уой зæрдирахасти хæццæ зинтæй ес еске рабæрæн. Æма ин кæд æхецæн æ царди, уæдта е ‘сфæлдистадон размæцуди дзæвгарæ цæлхдортæ æвардтонцæ беретæ, уæддæр æзнаги цæстæй некæд некæмæ ракастæй. Хуцау син батæрегъæд кæнæд, сæ зунд фулдæр нæ ахæссуй, зæгъгæ, гиризмæ рахатидæ æ дзубанди. Æма æ зæрдирахаст куд фæлмæн адтæй, уотæ зæрдæмæдзæугæ адтæнцæ æ музыкалон уадзимистæ дæр.

Резван ци исаразта музыкалон аййевади, ци берæ хуæрзти ин бацудæй, уонæн зинтæй ес æмбæлгæ аргъ искæнæн. Æз музыкæртасæг нæ дæн, фал хуарз мелоди лæгъузæй рартасун ба мæ бон æй.

Æнæгъæнæ 700 музыкалон уадзимисемæй фулдæр ин бантæстæй исфæлдесун.

ЦОРИОНТИ Резван хъæбæр разæнгардæй архайдта фæллойнадон, ахурадон, æфсæддон æма æндæр коллективти ххæццæ исфæлдистадон фембæлдтити.

Цума Иристони ка нæ фегъуста, Резван музыкæ кæбæл исаразта, еци зартæ: «Барæджы зарæг», «Гагкайты Алиханы зарæг», «Хъантемыраты Алыбеджы зарæг», «Гасанты æфсымæрты зарæг» æма ма берæ æндæртæ. Етæ раги нимад æрцудæнцæ адæмон зартæбæл, кæд сæ бæлвурд поэттæ ниффинстонцæ, уæддæр. Уогæ дæлдæр нæ лæуунцæ Резвани иннæ музыкалон уадзимистæ дæр. Резван адтæй берæвæрсуг искурдиади хецау. Æмхузон хуарз ин æнтæстæй алли жанрти косун дæр. Уомæн æвдесæн æнцæ: «Авдæны зарæг», «Кадæг Ирыл» – оратори, музыкалон театри æнтæстгинæй æвæрд æрцудæнцæ Резвани музыкалон пьеситæ: «Дзеноккайы митæ», «Зарæг аскъуыд æрдæгыл» – либретто. Ирон композиторти ‘хсæн фиццаг Резван ниффинста ирон оперæ-балет «Уарзæтты фæз» – либреттой автор Хæмицати Цæрай. Устур бунат ахæссуй Резвани исфæлдистади «Концерт труба æма оркестрæн».

Резванмæ ци ирон киунугути библиотекæ адтæй, уомæ æнгъизтæй бахицæ кæнун. Нæ маддæлон æвзагбæл финст æмдзæвгити еунæг æмбурдгондбæл дæр нæ райеуварс кæнидæ æнæ балхæнгæ.

Резван устур домæнтæ æвардта æхемæ, уæдта, ци авторти хæццæ косидæ, уонæмæ дæр. Æз уомæн мæхуæдæг хуарз æвдесæн адтæн. Евгъуд æноси 90-аг æнзти райдайæни еумæ финстан озреккаг Хъæбæлоти цуппар æнсувæрей зар. Мæ бон банимайун дæр нæй, цал варианти мин искæнун кодта, уой. Еунæг еци хатт исхаудтæй мæ цъухæй: «Резван, бафæлладтæн ди». Уой фæсте ибæл берæ фæхходианæ.

Резван циуавæр уоди хецау адтæй, уомæн æрхæсдзæнæн еуцалдæр æвдесæни. Нæхе университети ахур кæнгæй, 1977-1981 æнзти мах, цалдæр æригон студентти: Хохойти Энвер, Тахъазти Валерий, Догъузти Тенгиз æма æз еу уати цардан æмдзæрæни. Студент куд æнæбон, æнæ æхца фæууй, уотемæйти мах дæр уотæхстан. Цалдæр хатти нæмæ Резван æмдзæрæни нæ уатмæ фæммедæг уидæ æма æхуæдæг скъæппити дуæрттæ фегон кæнидæ:

– Биццеутæ, гъа-уайтæ, ци уæмæ ес?

Ци нæмæ гъæуама адтайдæ – неци.

– Мадта уæхе рарæвдзæ кæнайтæ, æз уæ бунæй бахездзæнæн…  Уотемæй нæ æмдзæрæни бакомкоммæ кафемæ бахонидæ, фæххинцидæ нæ, уæдта ма нин фæйнæ тумани ба нæ дзиппити ниццæвидæ.

Мах нæ фурæфсæрмийæй мæлгæ кæнианæ, нæ гъæуй, зæгъгæ.

– Биццеутæ, æз сумахæй раздæр бавзурстон студенти мæгурбæнттæ…

Æма, æцæгæйдæр Резван тухгъомбæл иссæй. Æ фидæ Хъаурбег тугъди будури байзадæй æма æ мадæ Зулехани усхъитæбæл æрæнцадæй сабийтæ гъомбæл кæнуни ихæс. Æз хуарз зудтон Зулехани. Æвæдзи, Резван æ зæрди фæлмæндзийнадæ дæр Зулеханæй рахаста. Еци силгоймаг æнæ ходгæй дзорун дæр нæ зудта, рæдау æма бæркадкъох. Æма имæ кæд ахургонддзийнадæ неци адтæй, уæддæр æй цард уотæ исфæлтæрдта, æма æ курухондзийнадæ беретæн бафæнзуйнаг адтæй.

Иннæ цау ба ма уотæ адтæй. Евгъуд æноси 90-аг æзмæнст æнзти нецибал адтæй иссерæн арæзтадон æрмæгæй. Раст тæккæ еци рæстæг ба Резвани бийнойнаг сæ фатер цалцæг кæнунвæндæ искодта. Кæмидæр кедæр фæрци тухтæ-амæлттæй фондз голлаги цемент исмадзал кодта Эммæ. Еу бон дин нæ финсгутæй кадæр мæ къæбинети бадуй. Уæдмæ Резван дæр дуарæй æрбахизтæй æма дзубанди цалцæггæнæн кустити туххæй рацудæй. Финсæг гъаст кодта, гъома, хæдзари мæмæ цидæр куститæ ес, фал цементбæл ба нæ хуæст кæнун, зæгъгæ. Резвани цума æсхуайгæ еске фæккодта, уой гæпп фæккодта:

– Цæбæл гузавæ кæнис, мæнмæ ес цемент, цæуæнай нæхемæ.

Цубурдзурдæй, финсæги гъæуагæдзийнадæ банхæст кодта, сæхуæдтæ ба æнæ цементæй байзадæнцæ.

Цæйбæрцæбæл зæрдхæлар адтæй, уомæн ма еума æвдесæн дæр æрхæсдзæнæн.

Изæригон сæхердæмæ цæугæй, исæмбалдæй сæ гъæуккаг, æ рагон зонгæбæл. Кæрæдзей догтæ-дзамæнттæ нæбал фæууидтонцæ æма ‘й Резван сæхемæ бахудта. Фингæбæл рæстæг тагъддæр евгъуйагæ фæууй æма сæбæл бустæги æнафонæ æрцæй. Кумæ ма гъæуама фæццудайдæ иуазæг еци афони æма ин Эммæ Резвани æ косæн къæбинети ниууат кодта.

Сæумæй ба силгоймаг рагигомау фестадæй æма цæлгæнæнмæ цæугæй, æрæстæфтæй, – сæ фатермæ æрбацæуæн дуар зихъирт игон.

А ба ци дессаг æй, зæгъгæ, иуазæг кæми хустæй, уой дуар фегон кодта, æма дин е уоми нæбал… Куд рабæрæг æй, уотемæй сæ иуазæг разиндтæй давæг лæг, ахæстдонæй æрæги ка исуæгъдæ ‘й, уæхæн, æма сæмæ хъазар дзаумауæй, хрусталæй цидæр адтæй, уони син Резванæн æхе устур пъартфели ниццурхта æма сæ рафардæг кодта.

Эммæ хъæбæр исмæстгун æй, рагъавта милицæмæ курдиадæ ниффинсунмæ, фал æй Резван æруорæдта:

– Сапархан (æ цардæмбали уотæ хонидæ), ниххатир ин кæнæ, е, æвæдзи, махæй тухстдæр уавæри адтæй.

Берæ, хъæбæр берæ имисуйнæгтæ æрæфтуйуй адæймаги зæрди, фал лæг ку рагъуди кæнуй, – гæрр, мадта, Резван дæр нæбал æй, зæгъгæ, уæдта мæ медуод барезун, уомæн æма е æвгъау адтæй мæрдтæмæ уотæ раги бацæунæн…

Гъулæг мин æй, абони уæнгæ Резван ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл æ мемориалон фæйнæг ке нæма ес, е.

Резвани фæсмæрдæ ниффинстон номерæни æмдзæвгæ æма уин æй уæ размæ хæссун нæуæгæй. Мухургонд ба æрцудæй мæ киунугæ «Сæхоли»…