12 декабря 2024

Æ ЗÆРДИ ФÆДЗÆХСТ ИН ИССÆЙ Æ ЦАРДИ НИВÆ…

13.05.2023 | 00:25

 «…Гъуди ма кæнис, рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ хе æртайунæй æфсес куд нæ зудтон, уой. Еу изæр бустæги еунæгæй байзадтæн Терки билæбæл, ме ’мбæлттæ, уæд нæбæл цудæй дæс-еуæндæсгай æнзтæ, тагъд-тагъдæй сæ дарæс ракодтонцæ, æма – гъæумæ, фонс гъуд кæнунмæ. Æз бадгæй байзадтæн уазал къæдзæхдорбæл. Кæсун Терки уолæнтæмæ, игъосун син сæ сæбар-субурмæ. Уæд мæмæ мæ зæрдæ исдзурдта: «Игъосис!.. Адæймаги цийнæбæл цийнæ кæнæ, æ зин сахатти балæууæ æ фарсмæ, радтæ имæ дæ агъази къох…» Æз зудтон, сæйгæй мæгурдæр зæнхæбæл ке неке ес æма загътон: «Гъо, æз исуодзæнæн дохтир!..» Загътон æма нур дæн дохтир!..

Уотæ финста Урусти Геуæр æ хуæрæ Косерханмæ Харьковæй, дохтири диплом ку райста, уæд.

Геуæри кой, сабий ма адтæн, уæд фегъустон. Синхæнттæй еске ку фæссæйгæ уидæ, уæд бакатай уидæ: «Тæходуй, тæходуй æма нур Геуæр-дохтир ке уæлгъос æрбалæууй…»

Цудæй рæстæг, æма 1929 анзи æви 30-аг анзи нæ гъæу Елхотти станций фæзи, хуардæнтти комкоммæ, дæргъæй-дæргъæмæ рагъамад вагонтæй еуей лæгтæ уæгъдæ кæнунцæ устур гъæдтæй.

Адæммæ æндæр дзубанди нецибал адтæй:

– Гъæдæрмæг исæрвиста, фал сæйгæдони хæдзарæн æндæр неци гъæуй?

– Уонæн дæр ести амал уодзæнæй.

– Уобæл дæр Геуæр, æвæдзи, расагъæс кодта.

– Фæстагмæ не ’хсæн æхца æрæмбурд кæндзинан.

Рацæй-рабон æй, æма еци гъæдæрмæг Урусти Геуæр идард Цæгатæй, Котласи районæй, исæрвиста æ райгурæн гъæу Елхоттæн, цæмæй си исаразонцæ сæйгæдонæ. Фал сæйгæдонæ исаразунæн фадуат нæ фæцæй æма хъазар лæварæн æ еу хай фæлластонцæ æригон колхози бæхдæттæн, иннæ ба багъудæй абанай арæзтадæн.

Фæстæдæр гъæусовети номбæл Геуæрæй иссудæй финстæг:

«…Адтæй уæхæн рæстæг, æма Такъæти инæлартæ нæ гъæуи мæзгит исаразунæн сæ берæ мулкитæй цæйбæрцæдæр æхца ку исуæлдай кодтонцæ. Фал ковæндонæ сумахæй некема багъæуай кодта незтæй. Мæнмæ уæлдай еунæг сауæри дæр нæййес, уæддæр мæ фæндуй, цæмæй нæ дзæбæх Елхотти фæззинна уæддæр минкъий сæйгæдонæ. Еци æнæнездзийнади гæнахæн сæрæвæрæн кæнун æз. Табуафси, мæ уарзон æмгъæуккæгтæ!..»

Геуæр адтæй Урусти Гагудзи фурт, елхоттаг. Райгурдæй 1892 анзи. Гъæуккаг биццеу ирæзтæй зæнхкосæг бийнонти ’хсæн, гъомбæл кодта е ’мбæлтти хæццæ еумæ. Цуппар анзей дæргъи фæййахур кодта гъæуккаг скъолай.

Æртиндæсанздзуд Геуæр хъæбæр фæццудæй се ’рвадтæлти сиахс, паддзахи афицер Ардасенти Мишой зæрдæмæ, биццеубæл исæмбæлгæй си æрбайронх уидæ хæдзарæ, службæ.

– Гъома, ку неци зæгъун. Ести си рауайæд, уомæй æндæр ку ислæг уа, уæд æз æма дæубæл æ къахæй куд рахуæцдзæнæй, – загъта еууæхæни Гагудз Мишойæн, дæ фурти мæбæл баууæндæ, зæгъгæ, æй ку нæбал уагъта, уæд.

Мишо Геуæри ахурмæ равардта Владикавкази гимназимæ. Уой фæсте сиахс æма фиди фæндæй гъæуама рандæ  адтайдæ æфсæддон служби надбæл, фал биццеуæн æ фæндæ конд адтæй… Дессагæн, цума ин æ зæрдæ цæмæн бафæдзахста дохтир исун?

Уæди дзамани ирæнттæй, æвæдзи, се ’рвадæ Бодзийæй гъæздугдæр лæгтæ æртæ-цуппар дæр нæ адтайдæ. Саузæрдæ ба уæхæн адтæй, уæхæн æма… Æ тургъи кæрзæ бæласи бундзæфхадбæл бастæй дардта саг. Мадта «гъæууон паддзах» уоййасæбæл фудзунд адтæй, æма, æ ихуæрститæй ескæмæ ку рамæстгун уидæ, уæд æй сагмæ барветидæ. Сирд ибæл æхе ниццæвидæ, сикъатæй æй ниррæхуститæ кæнидæ, æ къæхти буни ’й феууæрдидæ.

Еци æверхъау хабæрттæ минкъий Геуæр фæууинидæ æхе цæститæй, зæрдристæй сæмæ кæсидæ дорæй амад бæрзонд горени сæрти.

Уæд дин еци фудлæг еухатт уæхæн фудмиуæ ку исаразидæ ихуæрститæй еу силгоймагæн… Силгоймагæн æ цæсгон тоги пурхæнтæй нæбал зиндтæй, цъæххахст кодта, рахаудтæй… Бодзи бæрзонд къæсæрбæл лæудтæй æма, медбилти ходгæй, æ бор æрфгути бунæй кастæй тæрегъæддагмæ. Æрæгиау иннæ ихурстбæл фæгъгъæр ласта:

– Кæд нæбал æй, уæд ин дзæхæрай каурæбун ескæми къагъд искъахетæ!..

Фал силгоймаг æ кеми ’рцудæй. Цалдæр мæйи фæссадæй, фал нæбал исдзæбæх æй, рамардæй. Адæм еци æверхъау хабар куд нæ базудтайуонцæ, æма мардæн басосæггæнæн нæбал адтæй. Бодзи æй байвæрун кодта уæлмæрдти, æцæг иннæ циртитæй еуварсдæр.

– Дохтир ин æ цæфтæмæ кæсгæ дæр не ’ркодта. Æхца, дан, бал рахæссетæ. Нур, кæсис, силгоймаг рамардæй… – дзурдта Геуæри мадæ Айсæдуйæн сæ синхаг уосæ.

Уой фегъуста дæсанздзуд Геуæр æма æхецæн федарæй исунаффæ кодта: «Мæн неке æхца гъæудзæнæй. Æз уодзæнæн дохтир!..»

Æ фидæ Гагудз æма сæ сиахс Мишо нæ бацудæнцæ биццеуи зæрдихудти. Геуæр ахур кæнун райдæдта Харькови университети медицинон факультети. 1915 анзи институт куддæр каст фæцæй, уотæ имæ фæдздзурдтонцæ æфсадмæ, рандæ ’й империалистон тугъди фронтмæ. Фиццаг службæ кодта кæстæр дохтирæй 28-аг хъазахъаг полкки, 1916-1917 æнзти ба адтæй 23-аг еугонд эвакуацион госпитæли ординатор.

Октябри революций хуæдразмæ Геуæр исхъæрттæй Иристонмæ. Цубур рæстæг рацардæй сæхемæ, уæдта Владикавкази. Уорс æфсадмæ ’й рарветдзæнæнцæ, уой ку базудта, уæд рандæ ’й Дагестанмæ. Дербенти базонгæ ’й Дагестани ревкомæй цалдæрей хæццæ. Фал ревкомбæл уайтæкки æрбампурста контрреволюционерти къуар. Геуæри багъудæй хе бафæсвæд кæнун æма æрбаздахтæй Иристонмæ. Е адтæй 1918 анзи фæстаг бæнтти. Деникинонтæ Иристонбæл сæ армæ ку æрæвардтонцæ, уæд Геуæр адтæй Елхотти, æ фиди хæдзари. Еу бон имæ фæдздзурдтонцæ гъæуи æнхæсткоммæ. Уоми ин загътонцæ, уотæ æма, дан, уотæ «Хебарæ» æфсадмæ ку исаккаг кæнисæ, хъæбæр нæ гъæунцæ медиктæ.

– Тæккæ абони дæр, – загъта Геуæр. – Æцæг мин цалдæр бони бахатир кæнетæ… Еу къуæрей бæрцæ. Мæ хуæрæ тухст сæйгæ ’й æма ин Владикавкази кенæ Грознай хуастæ райагорон. Баууæндтæнцæ ибæл Деникини минæвæрттæ. Е нæ, фал ма си Геуæр байагурдта сæрмагонд гæгъæди, цума æфсадæн хуастæ агорæг цæуй. Æцæг кумæ, кæци сахармæ æрвист æй, уой ниффинсун деникинонтæй феронх æй. Геуæр балæудтæй сахар Темирхан-Шурай (Буйнакски). Æ дагестайнаг зонгитæбæл фембæлун ин бантæстæй айдагъдæр 1920 анзи райдайæни. Дагестани ревком нæуæгæй æрæмбурд кодта æ хъауритæ æма райдæдта косун. Геуæр си иссæй æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади хайади сæргълæууæг, æма еци бунати фæккуста дууæ анземæй фулдæр, 1922 анзи майи уæнгæ, уæдта иссæй Дагестани фронти санитарон служби сæргълæууæг.

Дагестани дæр советон хецаудзийнадæ ку æрфедар æй, уæд си æнæнездзийнадæ гъæуайгæнæг адæмон комиссарæй иснисан кодтонцæ Урусти Геуæри. Фæстæдæр æй Мæску рарвиста Бакумæ, аци сахари сæйраг сæйгæдони хестæр дохтирæй.

Медицинон наукити доктор, профессор Бугъулти М. æ имисуйнæгти уотæ финста: «Урусти Геуæри æз базудтон 1922 анзи, Бакуй университети ахур кæнгæй. Геуæр адтæй устур ахургонд, хъæбæр дæсни дохтир. Геуæри хъæппæресæй Бакуй университети байгон æй медицинон факультет. Геуæри курдиадæмæ гæсгæ Азербайджани ССР-и рохсади Адæмон комиссариат бæсти алли сахартæй университетмæ косунмæ æрбакодта зундгонд медиктæ – профессортæ А.Левини, И.Широкогорови, П.Кузнецови, акушер-гинеколог Ильини æма æндæрти. Геуæр æхуæдæг университети разамунд лæвардта анатомий кафедри коллективæн. Æ хæццæ кафедри ка куста, уонæй дæр æма æ студенттæй дæр беретæ иссæнцæ устур ахургæндтæ, зæгъæн: профессортæ В.Иваницкий, А. Надеин, академик Б.Классовский, профессор К.Балакишев æма иннетæ.

Бакуй Геуæр исаразта хуæнхон студентти – ирон, кæсгон, цæцæйнаг æма мæхъæлон студентти æхсæнадæ.

Æртæ анзей бæрцæ бакуста Геуæр Бакуй университети, уæдта имæ 1925 анзи фæдздзурдтонцæ Мæскумæ, ами паддзахадон университети медицинон факультети куста ахургæнæгæй. Е ’мбæлттæ æма æ студенттæ Геуæри худтонцæ профессор, фал наукити кандидат æви доктор адтæй, уой æвдесæг документтæ нæ къохи нæ бафтудæнцæ.

Уæлдæр куд загътан, уотæ Геуæр хебарæй рандæ ’й Цæгатмæ, Котласи райони гъæдикустгæнгутæмæ, дохтирæй. Анз æма æрдæг æви дууæ анзи рацудайдæ, уæдта фæстæмæ исæздахтæй Мæскумæ. Косун бабæй райдæдта Мæскуй паддзахадон университети. Еци-еу рæстæг адтæй Фæскавкази адæмти минæвайради иуонг медицинæ æма зæнхи фарстати гъуддаги. Сурх Дзиуари æма Сурх Æрдæгмæйи ССР Цæдеси æнхæсткоми ревизион къамиси сæрдар.

Æртинæймаг æнзти Советон цардарæзти знæгтæ æзгелун байдæдтонцæ медицинон косæндæнтти дæр. Мæску, Ленинград æма иннæ сахарти фæлтæрдгун медиктæй берети рарвистонцæ бæсти алли районтæмæ. Геуæрæн университети æ куст бустæги ниууадзæн нæ адтæй, уомæ гæсгæ Мæскуйæй идард нæ рандæ ’й. Æ бæрни ин бакодтонцæ Сталиногорски сæйгæдонæ, фæллойнæгæнгутæ ’й исæвзурстонцæ сахари Совети депутатæй.

Советон медицинон науки ирæзтбæл архайгæй, Геуæрмæ адтæй берæ, хъæбæр берæ ахсгиаг неттæ æма фæндитæ, фал сæ æнæгъæнæй исæнхæст кæнун ба ин нæ бантæстæй. Æ исфæлдистадон хъауритæ сæ тухи ку бацудæнцæ, æ устур практикон фæлтæрддзийнади хатдзæгтæмæ гæсгæ нæуæг нисантæ ку аразта, уотемæй 1937 анзи, искурдиадæгин ахургонд анатом-паталог, хирург, профессор Урусти Геуæрæн 48-анздзудæй раскъудæй æ цард.

АНДИАТИ Мæхæмæт

1969 анз.