«Æ ЗÆРДИАГ ЦИЙНÆЙ ИСРЕВÆД ÆЙ А ДУЙНЕ ÆМА СИ ЦИДÆР НÆБАЛ ФАГÆ КÆНУЙ…»
Уотæ Хостихъоти Зини туххæй зæгъуй æ кæстæр æмархайæг, зундгонд поэт æма публицист Коцти Лизæ. Æма æ еци гъудийæй раст æй: Зини кадæриддæр зудта, уонæн адтæй уодæнцойнæхæссæг, нифсдæттæг, зæрдрохсдзийнадæй исфедаун кæнидæ æ алфамбулай дуйне… Уомæ гæсгæ син адтæй зæрдтагон, цитгийнаг. Е бæлвурд æй, мæнæ абони аци фарсбæл Зини туххæй ци имисуйнæгтæ мухур кæнæн, уонæй дæр.
ХЪОДЗАТИ Æхсар:
«ЗИНÆГЪÆУАГÆ УÆЛДАЙ ХЪÆБÆРДÆР ИССАН…»
«Æрвнæрыны размæ». Уæхæн ном исæвардта Зинæ е ’мдзæвгити фæстаг киунугæбæл. Киунугæ рохс фæууидта 1994 анзи зумæги. Хуцау æ дæсни, цæмæй зудта Хостихъон, тагъд рæстæги æцæгæйдæр арв ке нигъгъæр кæндзæнæй, уой. Раст æнсури мæйи фиццаг бæнттæй еуеми райгъустæй арви гъæр æма æ хæццæ æрхаста сау хабар: æнæнгъæлти æ цардæй рахецæн æй Хостихъоти Зинæ. Æма, мах, е ’мбæлттæ, æнай-æнойти, цавддортæ фестадан: некæмæй ни æруагæс кодта еци æверхъау хабар.
Царди æгъатир фæткитæмæ æви æндæр цæмæдæр гæсгæ нæмæ исфедар æй уæхæн миуæ: адæймаг цалинмæ нæ фарсмæ фæууй, уæдмæ ин аргъ кæнун нæ фæффæразæн, нæ зонæн æй барæвдаун, æ хуарзæн ин хуарз зæгъун. Æма нæ еууæхæни седзæртæй ку фæууадзуй, уæд сабургай-сабургай æрлæдæрæн, куд æнæргъуди ан (фулдæр хæттити ба – дорзæрдæ). Æма нæ зингхуст æмбали зæрдристæй имисун райдайæн, æ уоди медæгæ ци рохс хаста, е нæ цæсти хъæбæрдæр исахедуй, æма æ аййеппитæ аууæнтти хузæн æрбайсæфунцæ.
Абони нæ мæгур литературæбæл унгæги бон ку æркодта, æ царддæттæг тухтæ – минкъий сауæдæнттæ – хускъæ кæнун ку райдæдтонцæ, уæд Зинæгъæуагæ уæлдай хъæбæрдæр исан, уомæн æма нæмæ уой хузæн æнæнцойнæ зæрди хецæуттæ еугæйттæй уæлдай нæбал ес. Нартæн Сатана ци бунати адтæй, Зинæ ба нæ литературæн еци бунати адтæй, зæгъгæ, ку зæгъон, уæд цума бæрзонд дзубанди нæ уодзæнæй. Æгæрон уарзт æвзурдæй æ ресагæ зæрди, берæ маст гъардта æ уарзагæ зæрдæмæ. Æ маст æма уарзт ба е ’ригони бæнттæй æ рамæлæти уæнгæ ниййерæг адæми хæццæ баст адтæнцæ. Уони цæрайæй цардæй, æма е хъæбæр ирдæй зиннуй е ’мдзæвгити хуæздæрти.
ДЕГЪУАТИ Соня:
«ÆРДÆГИГОНÆЙ БАЙЗАДÆЙ Æ КИУНУГÆ, ÆРДÆГФИНСТÆЙ БА – Æ ЗАР…»
«Цард цард æй, æнæмæлгæ дуйне нæййес. Фал куд зин фæууй, æ царди гулфæнти арфмæ бахъæртгæй, æ бæлдити халæ æрдæгбæл кæмæн раскъунуй, æ зæгъуйнæгтæ кæронмæ зæгъун ке къохи нæ бафтуйунцæ, не ’хсæнæй уæхæн ку рандæ уй, уæд. Сæумон стъалуй хузæн, ци æ фæззинд фæууй дуйнейи рохсмæ, ци æ рандæ…
Стъалуй хузæн фæттахтæй, æ фæсте ни алке зæрди дæр, арви рони хузæн, рæсугъд æма развæндагамонæг фæд ниууадзгæй…
Æрдæгигонæй байзадæй е стъолбæл æ киунугæ, æрдæгфинстæй ба – æ зар, æрдæгниуæзтæй фингæбæл – æ Нæуæг анзи гагидауæ… Нæуæг анзи къæсæрбæл фæззиндтæй Зинæ дуйней рохсмæ 1937 анзи æма ’й æ адзал дæр æрæййафта 1995 анзи тæккæ райдайæни…»
ДЗУЦЦАТИ Хадзи-Мурат:
«Æ ИСФÆЛДИСТАДОН ДУЙНЕ – ÆХЕ ЗÆРДИХАТТÆЙ ИСАРÆЗТ ДУЙНЕ…»
«Зини зар æй поэтикон дуйне – æхе цард, æхе карнæ, æхе зæрдихат æма, æхе психикæмæ гæсгæ ке исфæлдиста, еци дуйне…
Уоми ес арв æма зæнхæ. Еу си инней хузæн нæй. Еу си æй инней нихмæ. Зæнхæбæл «нерæнгæ ма рæстдзийнадæ тоги аргъ æй…», «нерæнгæ цæрунцæ лæгсирд æма хæран…» («Мæ зæрдæ»). Поэтессæн зæнхæ æнæтогæй æвгæрдуй æ бæлдæ, лæгæрдуй ибæл миллион къахемæй, æма ку фæббæллуй цæргæси хузæн арвмæ истæхунмæ, мегътæн хъуритæ кæнунмæ, уæд æй зæнхæ æхемæ нилвасуй «æ дам-думтæй, æ фунукхуз æгъдæуттæй», фал поэтессæй æруагæс кæнуй: еубон истæхдзæнæй æма уæд зæнхи «фунукхуз æгъдæуттæбæл» сæрæй бунмæ нихходдзæнæй («Фæззæгъун: ехх, цæргæси хузæн арвмæ истæхæ»). «Зæнхи фудонхæ» ин лихъæ кæнуй æ зæрдæ, фал уæддæр æ зæрдæ æ коммæ нæ игъосуй, цийфæнди ку реса, уæддæр гъæуама уадза цæргæси бæдæлттæ (æвæдзи, æмдзæвгитæ) æма етæ арвбæл зелонцæ, тумугъти хæццæ тохонцæ («Ка ’й зонуй, æнцондæр æй цæрун»).
Уаруни æртæх бæрзондæй фехсуй æхе æма, кæд зæнхон цардæн сæрнивонд æй, сæрхаст, уæддæр айнæги сæрбæл ку исæмбæлуй, уæд райгъусуй æ уодесæн цъæхахст æма, рист зæрди хузæн, тъæппитæ фæххауй. («Уаруни æртæх»). Зæнхæй арвмæ фæццæф æй цæргæс, сосæггай æ фæдбæл рагæй ка зилдæй, еци цауæйнони нæмугæй, æрхаудтæй æма къæдзæхбæл фæццæудзæнæй æ дзæхст: «Мæнæн уæддæр æносон бунат арв æй, мæ бунмæ зæнхæ ба – цауæйнæнтти хæтæн» («Цæргæси мæлæт»). Зæнхæ, дан, изæдбадæн нæй, изæдбадæн æй зæрдæ, фал ибæл кæнунцæ «къуру фонси лæгæрст», æма поэтессæ «бæдолæ цъеуæй» æ них исаразта арвмæ: «Зилдæй мæ сæр, мæ бунмæ ба мæмæ зæнхæбæл æнгъæлмæ кастæй хæпсити бадæн цъифдзаст» («Мæнгæй нæ уасыд райсомсарæй мæ уасæг»).
… Фæстæдæр поэтессæ дзурдта: поэзи, дан, æй Хуцау, цидæр тухæ æма тæхуй арвибæрзæндтæй, уордигæй имæ цæунцæ «уаз дзурдтæ», æма син е ба уорс гæгъæдибæл раттуй цард, æ уод уоми. Уæларвон изæдти рази æй, цæмæй æвзæгти рæсугъддæр – Хуцæутти æвзагбæл, гъома, поэзий æвзагбæл, æрдзи сосæгдзийнадæ дзора, уарзт зæнхонти зæрдити медæгæ табуйаг искæна æма æ фудæнхи бардауæгæн исæскъунун ма бауадза, æма, æхебæл не ’ууæндгæй, бафарста: «Кæд е Хуцауи еу къæрт æй мæ уод?» («Æнахуыр тых»).
Æ фуни игъуста: поэзи, дан, æй Хуцау. Фуни æма игъали æхсæн ба уидта: аргъауæни рохс нивæ – Киристе – æ уæлгъос æрлæудтæй: «Уойбæрцæ ба, уойбæрцæ рæсугъд дзурдтæ кæцæй ирдта! Поэтти поэт æхуæдæг цума адтæй». Фæххудта æй æ хæццæ «бæрзонд бæстæмæ», уоми поэтесси къæхти размæ исрæмугъта деденæг…»
КОЦТИ Лизæ:
«ÆХУÆДÆГ НИН АДТÆЙ ЦÆГИНДЗÆ ДÆР ÆМА МÆСУГ ДÆР…»
Æ косæнуати дуар ку байгон кæнидæ, уæд дæгъæл æндегæй райзайидæ, некæд æй раласидæ: кенæ уоййасæбæл медæмæ хæлæф кæнидæ, кенæдта – æндæмæ тагъд кæнгæй… Æ косæнуатмæ тагъд-тагъдæй бауайидæ æма си фæстæмæ фездæхунмæ гъавидæ… Цийфæнди ку уа, уæддæр мин еци иронх дæгъæли уиндæ хъæбæр æхцæуæн уидæ: æгайтима ами ’й, æ бунати ’й æрбаййафтон! «Мах дуг»-и редакцимæ бацæугæй, еци дуармæ æнæмæнгæ уæлдай хатт бакæсинæ, цума бабæй дæгъæл уоми уодзæнæй, зæгъгæ. Цал æма цал хатти æрзелинæ гъазгæй дæгъæл, цал æма цал хатти райгъосинæ æхцæуæн дзурдтæ: «Лизавет, дуар байгон кæнæ!..»
Æ зæрдиаг худтæй исревæд æй а дуйне æма си цидæр нæбал фагæ кæнуй. Цума уалдзæгбæл дæр уой хузæн неке цийнæ кодта æма ин æ рæсугъддзийнадæ дæр уой хузæн неке лæдæрдтæй:
Ысхызт та зæрдæ зымæджы ныккæндæй,
Цъæх уалдзæг та мын райдыдта кæлæн,
Йæ сираг бæх цъæхснаг мыр-мыр ныккодта,
Мæ рудзгуыты бын, къаххойæн кæны.
Сæхи та ’ппарынц йе рагъмæ мæ сæнттæ,
Ехх, уалдзæг уды бирæтæ фæнды…
Æвæццæгæн мæм рагуалдзæджы фæдтыл
Æрцæуыс уымæн алы хатт дæр ды.
Æ хуарз æмбæлтти æхцæуæн бабадт æнæ уомæй нæ федудта. Тухст адæймагæн фæййагъаз кæнунмæ ба уомæй цурддæр неке адтæй. Фал æхуæдæг еци сæрбæрзондæй ку цудæй, еци игъæлдзæгæй ку нихходидæ, уæд уой æнгъæл ка адтæй, æма е дæр цæбæлдæр тухсуй, уомæн дæр æ зæрдæ цæбæлдæрти ке ресуй…
Мæн, у, æнхъæлут, амæндты бæстæ,
Æдзухдæр цыма зарын, худын, уарзын,
Цæмæй зонут, уæд цал хатты æз та
Мæ мæстытæ дæлгомкуыдæй ысуадзын?..»
Адæймаг царди нæдтæбæл балций кæми адтæй, уоми фæллад æма тухст дæр куд нæ бавзаруй. Ка ’й зонуй, Зинæ дæр еу хатт æнæбари зæнхон цийнитæмæ батæходуй кæнидæ, иннæ адæми хузæн ун æй ку бафæндæуидæ, уæд бæлдтæй, цæмæй уомæн дæр кадæр, зин сахатти æхе кæбæл банцойнæ кæна, уæхæн федар цæгиндзæ баскъуæлха, цæмæй ин кадæр, царди тумугътæй æй ка аууон кæна, уæхæн æнæфæккеугæ мæсуг разинна.
Фал æхуæдæг адтæй цæгиндзæ дæр æма мæсуг дæр. Æндæр карнæбæл, æвæдзи, арази дæр нæ иссайдæ:
Царды ’лгъыстон, цард мын загъта:
– Нæу хъысмæт фæндæй…
Кæд тæрсыс мæ дурадзагъдæй,
Уæд поэт нæ дæ.
Поэт адтæй Хостихъон. Фунук фестунцæ домбай паддзахæдтæ, гъазæнгъолæ исунцæ кæддæри устур хецæуттæ, дон фæлласуй æгæрон есбонтæ. Аййевадæ ба æй æносон. Æма кæд зæруай бонмæ нæ бахъæртуй Поэти над, уæддæр налхъут-налмастæй æ рæбуни дзæвгарæ æрæвардта фæстагæнттæн – æ амонд кæмæн уа, е сæбæл нæ райеуварс кæндзæнæй. Уоййадæбæл æ берæфæразон уод рафæндараст æй е ’носон цæрæнтæмæ, фал уордигæй дæр уарзон уæзæгмæ игъусуй:
Ыссу бæрзонддæр арвы цъæхыл, Ир.
Ды – хуры лæппын, хуры фæдыл ахæт.
Дæ ном, дæ кадæй дунетыл æрзил,
Ныфс райс, нæ зæххыл чи нæма уыд, ахæм.
Еунæг Устур Хуцау Иристони æ фæндæуагæ уадзæд!