27 июля 2024

ÆЦÆГÆЙ  ЦИТГИН  АДÆЙМАГ  НИН ÆНОСТÆМÆ  ДÆР  ЦИТГИЙНАГ  УОДЗÆНÆЙ!..

03.02.2024 | 13:16

Бритъиати Зарифæ æма Туйгъанти Дзерассæ… Аци дууæ номдзуд силгоймагемæн кæд сæ цардвæндаги хабæрттæ бустæги фæйнæхузон рауадæнцæ, уæддæр си алке карнæ дæр æмхузон агъазиау разиндтæй – сæ алæмæти искурдиæдти фæрци уодуæлдайæй фæййархайдтонцæ нæ адæми кадгин кæнуни, æнæгъæнæ дуйней дзиллитæн нæ Иристони цитгиндзийнадæ бавдесуни сæрбæлтау. Æма уомæ гæсгæ ба ихæсгин ан аккаг аргъ син  кæнунæй. Абони ба сæ уомæ гæсгæ имисæн, æма Уæрæсей адæмон артисткæ, Цæгат Иристони аййевæдти æскъуæлхт архайæг, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон премий лауреат Бритъиати Елбиздихъой кизгæ Зарифи райгурдбæл 18 январи исæнхæст æй фондз æма фондзинсæй анзи (1919-2001). Уæрæсей æма Цæгат Иристони адæмон артисткæ, цирки аййевади Еугурцæдесон конкурси лауреат Туйгъанти Михали кизгæ Дзерасси райгурдбæл ба 4 феврали æнхæст кæнуй финддæс æма цуппаринсæй анзи (1929-2020).