ÆДЗАРД БÆГЪАТÆРТИ РОХС НÆМТТÆ ÆНОСТÆМÆ ЦÆРДЗÆНÆНЦÆ НÆ ДЗИЛЛИ ЗÆРДИТИ
Зундгонд куд æй, уотемæй сæрмагонд æфсæддон операций хъазауатонæй архайунцæ Цæгат Иристони фæсевæд дæр. Сæ алæмæти æхсардзийнадæн ба æвдесæн æй е, æма си хъæбæр беретæ аккаггонд æрцудæнцæ бæрзонд паддзахадон хуæрзеугутæй. Гъулæггагæн, беретæн си еци хуæрзеугутæ хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ сæ фæсмæрдæ. Хъæбæр зæрдхъурмæй хъонц кæнгæй сæ имисæн, сæ рохс нæмттæ æносонгонд цæунцæ сæ райгурæн гъæути, ци ахургæнæндæнттæ каст фæцæнцæ, уоми. Æрæги уæхæн номерæн мадзæлттæ бабæй арæзт æрцудæй нæ республики цалдæр рауæнеми. Уой фæдбæл цæуй дзубанди, мæнæ дæлдæр ци æрмæгутæ мухур кæнæн, уонæми.
НÆ НАМУСГИН ХЕСТÆРТИ АККАГ ФÆДОНТÆ
Хуæрзæрæги Гизæли Советон Цæдеси Бæгъатæр Доййати Давиди номхæссæг 2-аг астæуккаг скъолай арæзт æрцудæй ахсгиаг зæрдæбæлбадаруйнаг гъуддаг – аци ахургæнæндони рауагъдонтæй сæрмагонд æфсæддон операций ка архайдта æма е ’фсæддон ихæс рæстуодæй æнхæст кæнгæй, е ’ригон цард Фидибæсти сæрбæлтау ка иснивонд кодта, еци лæхъуæнти рохс нæмттæ исæносон кæнунæн син сæ уарзон скъолай æвæрд æрцудæй номерæн фæйнæг. Еци æдзард бæгъатæртæ ’нцæ Харебати Ильяй фурт Азæмæт, Хубати Альберти фурт Эльбрус, Хурити Платони фурт Рустам, Бедойти Отари фурт Сослан æма Хъанухъуати Виталийи фурт Владислав. Сæ лæгдзийнадæ, æхсарæ æма бæгъатæрдзийнади фæдбæл си алкæмæн дæр исаккаг кодтонцæ тугъдон хуæрзеугутæ (сæ фæсмæрдæ). Номерæн фæйнæг байгон кæнуни фæдбæл цитгин мадзали рæстæг си уонæй алке туххæй дæр лæмбунæг радзурдтонцæ, сæрмагондæй арæзт видеороликти фæрци син равдистонцæ раздæри сабур рæстæги сæ царди хабæрттæ, къартæ, сæ тугъдон æмбæлтти имисуйнæгтæ.
Хестæр кълæсти ахуркæнуйнæгтæ аййев æма зæрдибунæй кастæнцæ тугъдон æмдзæвгитæ. Мадзал амонæг, уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæг Хæдзарæгати Маргаритæ куд загъта, уотемæй Иристони фæсевæд абони сæ сæрæндзийнадæй, сæ лæгдзийнæдтæй æма æхсаргин æскъуæлхтдзийнæдтæй æвдесунцæ уой, æма Устур Фидибæстон тугъди æнæмæлгæ намус ка бавдиста, нæ еци хестæртæн аккаг фæдонтæ ке ’нцæ, уой. Тугъд æгъатир æй, æнæ рæстдзийнади сæрбæлтау истох кæнуни туххæй си æнæбацæун ку нæбал фæууй, уæд адæмæн æгæрон зæрдристдзийнæдтæ æнæ ’рцæугæ дæр нæбал фæууй… Æма бабæй кæддæри, Устур Фидибæстон тугъди рæстæгути хузæн, нур дæр бабæй нæ Иристонмæ рæстæгæй-рæстæгмæ исигъусунцæ зæрдресæн уæззау хабæрттæ нæ тугъдонтæй кедæрти фæммарди фæдбæл… Ци гæнæн нин ес, ка фæммард æй, уонæн нæ бон æй айдагъдæр зæрдхъурмæй, рохсаг уотæ, зæгъгæ, зæгъун. Еци зинæн ниффæразгæй ба Хуцаумæ ковæн æма си корæн, цæмæй æверхъау хабæрттæн кæронгонд æрцæуа, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операци нин уæлахезонæй æнхæстгонд фæууа, цæмæй нæ тугъдон фæсевæдæй абони дæр ма си ка архайуй, уонæй алкедæр цардæгасæй æма уодфедарæй куд исæздæха æ фидиуæзæгмæ, зæрдрохсæй куд исæмбæла æ хеуæнттæбæл.
Мадзали кæронбæттæни Гизæли гъæуи администраций сæргълæууæг Доййати Таймораз зæрдиагæй райарфæ кодта æ исаразгутæн, æрбацæугутæн æма загъта, нæ кæстæртæ сабур доги куд цæронцæ, æма тугъд ба тагъд рæстæги куд басабур уа, уой.
КАДÆ – ÆРТИНДÆС БÆГЪАТÆРЕМÆН
Æртиндæс студенттей номбæл еумæйаг мемориалон фæйнæг байгон кодтонцæ Цæгат Кавкази арæзтадон техникуми. Номерæн мадзали архайдтонцæ сæ ниййергутæ, æхсæнади иуонгтæ, ветеранти организацити минæвæрттæ, студенттæ.
Мадзал байгон кодта техникуми разамонæг Гуриати Георги. Æма æ радзубандий, фиццагидæр, хъæбæр хъонц кæнгæй, ратæфирфæс кодта æдзард бæгъатæрти зæрдрист ниййергутæ æма хеуæнттæн.
Бæгъатæрти рохс нæмттæ иссерунæн мадзали архайгутæ еу минут æдзæмæй ралæудтæнцæ., Уой фæсте ба дзурди барæ лæвæрд æрцудæй Дзæуæгигъæуи æфсæддон комиссар Бегизати Робертæн, æма е æ радзубандий загъта:
– Аци лæхъуæнтæ Иристони иннæ хъайтарти æмрæнгъæ ’рлæудтæнцæ. Сæ цард равардтонцæ рæстдзийнади сæрбæлтау æма устур кадæ искодтонцæ нæ Райгурæн бæстæн. Æруагæс ни кæнуй, нæ ирæзгæ фæлтæрæн аци бæгъатæр тугъдонтæ ке уодзæнæнцæ лæгдзийнадæй бафæнзуни дæнцæ, – загъта æфсæддон комиссар.
Нæ рæстæги хъайтартæ, нæ бæгъатæр фæсевæд… Иристони хъæболтæ æнæвгъауæй сæ цард нивондæн хæссунцæ, Донбасси сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй. Номæй-номмæ сæ æримисæн: Тедети Валери, Дзансолти Марат, Мисиккати Чермен, Битарти Руслан, Губати Артур, Кирилл Андреев, Денис Троицкий, Бестаути Хох, Къæбисти Витали, Годжицати Алихан, Ермен Маряев, Плити Сергей, Мирзаганти Олег.
Къартæй нæмæ ходæндзастæй кæсунцæ æригон биццеутæ. Сæ цæстисугтæ нæ уорамгæй сæмæ кæсунцæ сæ мадтæлтæ æма хуæртæ дæр. Газет «Северная Осетия»-йи сæйраг редактор Битарти Маринæ номерæн æмбурдмæ ’рбацудæй æ фиди æнсувæри æдзард лæхъуæн Битарти Руслани туххæй. Е ’фсæддон ихæс æнхæст кодта «Шторм-Иристон»-и рæнгъити. Сæрмагонд æфсæддон операцимæ ба рандæй, Мæскуй арæзтадон кустуати косгæй. Фæдздзурди гæгъæди имæ ке æрбацудæй, уой имæ æ хуæртæ фæххабар кодтонцæ. Æнæ уæлдай фæрракæнæ-бакæнæй Руслани унаффæ еу адтæй: æнæмæнгæ цæун гъæуй, æндæрхузи мæ бон нæй, зæгъгæ. Фæстæдæр æ хуæрæ Маринæн дзурдта: «Мæхе еске фæсте нæ римæхсун, тох кæнун, мæ бийнонти æма мæ муггаги нæ фæхходуйнаг кæндзæнæн…» Сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй æхсаргинæй ке фескъуæлхтæй, уой туххæй ин лæвæрд æрцудæй дууæ хуæрзеуæги – Лæгдзийнади орден æма майдан «Иристони намусæн». Æртиккаг хуæрзеуæг дæр ин аккаггонд бæргæ æрцудæй, фал æй райсун ба æхецæн равгæ нæбал фæцæй – уомæй æй исхуарзæнхгин кодтонцæ æ фæсмæрдæ…
Къостайгъæуæй Губати бийнонтæмæ фарæ исигъустæй сæ еунæги, сæ нифс æма цæугæ мæсуг, сæ фурт Артури туххæй æверхъау хабар. Служби фæсте Артур контракт бафинста 58-аг æфсади хæццæ. Уайтæккæ бахаудтæй сæрмагонд æфсæддон опекраций тъуфули, дууæ хатти цæфтæ дæр фæцæй. Фал æ гъæдгæнттæ куддæр бадзæбæх уиуонцæ, уотæ бабæй ратагъд кæнидæ æ тугъдон æмбæлттæмæ. Тох кодта 290-аг бригади, адтæй хестæр нисанмæаразæг. Артури тугъдон хабæрттæ радзурдта Губати Маринæ, хуæрзауодæн фонди разамонæг.
Æртиндæсемæй сæ еугурей кæстæр æй гвардий ефрейтор Кирилл Андреев, 247-аг гвардион Кавказаг-хъазахъаг штурми полкки десантник. Хъазахъæгтæ адтæнцæ æ фидтæлтæ, фидæ Андрей æма мадæ Аленæ дæр службæ кодтонцæ æфсади. Мадзалмæ Алени хæццæ ’рбацудæнцæ Кирилли æрдхуард Ричардас Трунавичуси саударæг мадæ Светланæ æма е ’мкъласонтæ. Кирилл æфсæддон операций архайуй, уой æ мадæн не ’сгъæр кодта. Фæстаг хатт ма Аленæ æ хæццæ дзубанди кодта 23 феврали. Æртæ боней фæсте Кирилли æригон цард раскъудта знаги нæмуг Херсони облæсти гъæу Новая Каховкæйи. Уоми хеди буни знаг сæ нихмæ бабадтæй æма сæ римæхст рауæнæй æхсун райдæдта. Кирилл еци рæстæг «БТР»-бæл бадтæй, фал ма син бантæстæй знагæн карз нихкъуæрд раттун. Еци тугъди фæсте æй исхуарзæнхгин кодтонцæ Лæгдзийнади орденæй, фал æй Кирилли бæсти райста æ мадæ.
Алли уæхæн мадзалмæ дæр æнæмæнгæ ’рбацæунцæ «Фидибæстæ гъæуайгæнæги» паддзахадон фонди минæвæрттæ. Бийнонтæн, хæстæгутæн нифс байвæрун, гъæугæ агъаз син раттун æй фонди сæйраг ихæс. Æ координатор Магкæти Олег тох кодта «Шторм-Иристон»-и. Нуртæккæ æ тугъдон æмбæлттæ ’нцæ Запорожьей райони. Куд зæгъуй, уотемæй уонæн дæр хъæбæр ахсгиаг æй, се ’дзард тугъдон биццеути кадæн уæхæн мадзæлттæ ке аразунцæ, ке сæ нæ иронх кæнæн, е.
Æмбурди архайгутæ деденгутæ исæвардтонцæ тугъдонти къарти фалдзос. Кæронбæттæни Номерæн мадзали кæронбæттæни ахургæнæндони арæзт æрцудæй лæгдзийнади урок.
«УÆХÆН КÆСТÆРТÆ КÆМÆН ЕС, ЕЦИ ФИДИБÆСТÆН БАСÆТТÆН НÆЙЙЕС!..»
Дзæуæгигъæуи электроники колледжи дæр хъæбæр хъонцгæнгæй имисунцæ, сæ рауагъдонтæй сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг се ’фсæддон ихæстæ æхсаргинæй æнхæст кæнгæй ка фæммард æй, уони… Алæмæти лæгдзийнадæ равдесгæй, Донбасси зæнхæбæл тугъдтити Фидибæсти сæрбæлтау сæ цард иснивонд кодтонцæ Илья Тюльманков, Джиголати Алан, Александр Железов, Николай Белокобыленко, Хъойбайти Хетæг, Уртати Виталий, Александр Попов, Ричардас Трунавичус, Хъулумбегти Дмитрий æма Лалити Александр.
Бæгъатæрти рохс нæмттæ исæносон кæнуни туххæй æрæги колледжи байгон кодтонцæ номерæн фæйнæг. Еци арфиаг гъуддаги фæдбæл арæзт мадзали архайунмæ ’рбацудæнцæ æдзард бæгъатæрти бийнонтæ æма хеуæнттæ, паддзахадон фонд «Фидибæстæ гъæуайгæнгутæ»-йи минæвæрттæ, нæ республики «Адæмон фронт»-и разамонæг Гæлити Клим, Дзæуæгигъæуи фæсевæди гъуддæгути фæдбæл комитети разамонæг Тимур Кубатаев, ветеранти æма æхсæнадон организацити минæвæрттæ. Мадзали архайгутæй ка радзубанди кодта, етæ сæ еугурдæр арфæ кодтонцæ æдзард бæгъатæрти ниййергутæн, нæ дзиллæ æнæгъæнæйдæр сæрустур кæмæй æй æма æностæмæ дæр уодзæнæй, уæхæн рæстзæрдæ æма лæгдзийнадæй æнхæст цæуæт ке исгъомбæл кодтонцæ, уой туххæй.
Колледжи гъомбæладон фарстатæбæл дзуапдæттæг Элитæ Стреляева, уæдта æ разамундæй ма мадзал исаразунбæл ка байархайдта, етæ, зæгъун æй гъæуй, хъæбæр зæрдиагдзийнадæ бавдистонцæ. Алли æдзард тугъдони туххæй дæр исистонцæ минкъий видеоæрмæгутæ, радзурдтонцæ, ка си кæми тох кодта æма æхе куд равдиста, райгъустæнцæ си, уони туххæй се ’мбæлттæ тохи будуртæй ци имисуйнæгтæ исæрвистонцæ, етæ дæр.
Хъойбайти Фатимæ мадзалмæ æрбацудæй е ’дзард бæдолæ Хетæги цардæмбал æма сæ минкъий кизги хæццæ. Æ фурт Стъараполи крайи контракт бафинста æма рандæй сæрмагонд æфсæддон операций архайунмæ. Хетæги бунæттон госпитæлмæ уæззау цæфæй ку исæмбæлун кодтонцæ операци ин искæнунмæ, уæд дохтиртæ ци нæ фæккодтонцæ, фал… Хетæг ма рацардæй æдеугурæй цуппар бони – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 2023 анзи 31 декабри, цудæй ибæл дæс æма инсæй анзи.
Светланæ Трунавичуси еунæг фурт Ричардас сæрмагонд æфсæддон операцимæ рандæй фæдздзурди рæстæги 2022 анзи. Адтæй сапер, службæ кодтта 539 хецæн инженерон-саперон æфсади. Анзи ’рдæги фæсте ин, уоми уогæй, равардтонцæ æфсæддон архайæги ветерани ном. Æфсадмæ имæ ку фæдздзурдтонцæ, уæд æ мадæ Светланæ, раст зæгъгæй, æ биццеуи фæнди хæццæ нæ исарази æй. Уайтæккæ æ зæрдæбæл æрбалæудтæнцæ, æртæанздзудæй ин Ричардас ци дзурдтæ загъта, етæ: «Æз ку исустур уон, уæд мæ тугъдмæ ракæндзæнæнцæ æма мæ уоми рамардзæнæнцæ…» Мадæн кæд цийфæнди зин адтæй, уæддæр лæдæрдтæй, Ричардас æ фæндæ ке нæ раййевдзæнæй, е.
Содзаггаг хабар сæмæ ку исигъустæй, уæддæр Светланæ нæ зудта, æ фурт Донбасси бæрæг кæми службæ кодта, еци æхгæд игъосункæнуйнаг. Айдагъдæр ин æ рамæлæти фæсте радзурдтонцæ, Ричардас усхъæй-усхъæмæ ке хæццæ тох кодта, етæ: адтæнцæ гъæу Новыйи, сæ тугъдон къуар авдемæй рандæнцæ. Сæ арæхстгин æма æндиуд архайдæй хъæбæр гъигæ дардтонцæ украинаг нацистти, æма сæбæл нæ аурстонцæ. Гъулæггагæн, знагæн бантæстæй исбæлвурд кæнун сæ цæуæнти над, æма сæбæл уордæмæ америкаг «хаймарс»-тæ никкалдтонцæ. Уотæ раскъудæй Ричардас Трунавичуси цард – еци бонæй къуæре раздæр ибæл цуппар æма инсæй анзи исæнхæст æй, уотемæй.
Е ’мтохгæнæг Мурат Эсмурзиев абони дæр имисуй Ричардаси. Дууæ лæхъуæни базонгæ ’нцæ Ханкалай æма идарддæр дæр еумæ уодзæнæнцæ, уой, раст зæгъгæй, нæ зудтонцæ, фал уæддæр сæхе сæ кæрæдземæ хæстæг дардтонцæ. Мурат æй имисуй игъæлдзæг, сæрæн æма æгъдаугин лæхъуæнæй, еугурæйдæр æй бауарзтонцæ. Кæд полкки еугуремæй кæстæр адтæй, уæддæр æ лæгдзийнадæй беретæн адтæй фæнзуйнаг. Еууæхæни сæ къуармæ ’рбацудæй сæ командир, агурдта, цардæн тæссаг ка уодзæнæй, уæхæн æфсæддон ихæслæвæрд исæнхæст кæнунмæ барвæндонæй ка исарази уодзæнæй, уæхæнтти. Еу усмæ еугурæйдæр фæгъгъос æнцæ, уæдта фиццаг размæ ракъахдзæф кодта Ричардас, æ фæсте ба – иннетæ дæр… Еци ихæслæвæрд æнхæст кæнгæй не ’фсæддонти къуар бауорæдта знаги тухгин æрбампурститæ.
Николай Белокобыленкобæл финддæс æма инсæй анземæй уæлдай нæ цудæй, ку фæммард æй, уæд. Æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй æй фараст хатти исхуарзæнхгин кодтонцæ паддзахадон хуæрзеугутæй. Мадзалмæ сæ ’рбахаста æ цардæмбал, æма сæмæ цæмæдесæй кастæнцæ колледжи ахурдзаутæ.
Аци мадзал куд арæзт æрцудæй æма си ахурдзаутæ куд зæрдтагонæй архайдтонцæ, е нифсдæттæг æй уомæн, æма нæ кæстæртæн ке ’нцæ æма алкæддæр хъæбæр табуйаг ке уодзæнæнцæ нæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау рæстуодæй архайæг бæгъатæрти æхсардзийнади хабæрттæ, уæлдайдæр ба, æ цард уой фæдбæл ка иснивонд кодта, уони рохс нæмттæ. Æма уæхæн кæстæртæ кæми гъомбæл кæнунцæ, еци Фидибæстæн ба нецæмæй æй тæссаг, некæци знаг си разиндзæнæй тухгиндæр, æносæй-æносмæ цардгъон уодзæнæй…