11 октября 2024

ÆДЗАРД ТУГЪДОНИ МАДÆ ФИНСТА…

06.09.2022 | 16:47

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Будури Дæргъæвси алфамбулай ци тугъдтитæ цудæй, уони туххæй, гъулæггагæн, аккаг хузи æма æнхæстæй койгонд нæ фæццæуй – нæдæр дзиллон хабархæссæг фæрæзнити, нæдæр дзиллон мадзæлтти. Ку сæ æримисунцæ, уæддæр гъæубæсти медæгæ…

Уотемæй ба, немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ ами дæр карз тох цудæй, советон тугъдонтæ уодуæлдайæй знагæн нихкъуæрд лæвардтонцæ. Нæ еци бæгъатæртæй еу адтæй украинаг лæхъуæн Олекса Максимейко. Уæд еци карз тугъдтити уæззау цæф фæцæй. Фæййервæзун æй кодтонцæ Будури Дæргъæвси цæрæг Тменати Давиди бийнонтæ. Уой туххæй ма кæддæр нæ газети финстан, уомæ гæсгæ ба уой кой бæлвурдæй нæ кæндзинан. Айдагъдæр уой зæгъдзинан, æма фæстугъд Олекса Максимейко иссæй зундгонд поэт. Æ уадзимисти хъæбæр ахид æримисидæ Будури Дæргъæвси алфамбулай тугъдтитæ, æ тугъдон æмбæлтти, æ ервæзунгæнæг Тменати бийнонти, уæлдайдæр ба Клави… Е ‘мдзæвгитæ еуеми уотæ финста:

Нæ дивизи –  ифтонг…
Æхсæрдзæнтæ – тар,–

Мах суадæттæ сæрстæй æндонæй

Нæ дивизи – ифтонг… Хæцыди хъайтар

Кавказы дæлбазыр уæндонæй.

Сармадзанты богътæ, нæмгуыты æхситт…

Нæ алыварс – иууыл пырхæндæг…

Æфсæддонтæм сабыр лыхстæйæ сæ сидт –

Зæдæнгас чызджытæн – æрхæндæг…

О, цал æмæ цал хатты знæгтæм тызмæгæй
бырстам –

Домбæйттау сæрдасæны номыл!..

О цал хатты знæгты уæйгуытау бырстам!…

Фæлгæсыдтæн мастæфхæрд комыл.

Лæууы ма мæ зæрдыл: нæ фале бæрзонд

Æндзыгæй æрцауыгъди рындзтæ,

Лæууы ма мæ зæрдыл: лæппутæ æмзонд,

Æрыгæттæ, фидар цæджындзтæ.

Нæ дивизи – ифтонг… Æхсæрдзæнтæ – тар,

Мах суадæттæ сæрстой æндонæй.

Нæ дивизи – ифтонг… Хæцыди хъайтар,

Кавказы дæлбазыр уæндонæй…

 

Гъо, сæ дивизи хуæрзефтонг адтæй алцæмæй дæр, уæлдайдæр ба æ тугъдонти бæгъатæрдзийнадæй. Етæ уодуæлдайæй тох кодтонцæ знаги æрдонгти нихмæ, беретæ си сæ цард иснивонд кодтонцæ Фидибæсти сæрбæлтау – дууæ æма дууинсæййемæн дæргъæвсаг зæнхæ иссæй се ‘носон бунат – уал советон æфсæддони æвæрд æнцæ Будури Дæргъæвси рази Æнсувæрон цирти. Гъæуккæгтæ хестæрæй-кæстæрæй æй гъуд кæнунцæ,  раст сæ хеуæнтти циртити хузæн. Ка  си æвæрд æй, уони хеуæнттæй дæр, æ равгæ кæмæн куд уидæ, уотæ й ахид бабæрæг кæниуонцæ. Уой туххæй æрмæгутæ бакæсæн ес дзиллон хабархæссæг фæрæзнити дæр. Зæгъæн, Ирæфи райони газет «Ленинон»-и 1965 анзи 9 майи мухургонд æрцудæй цубур уац (ниффинста æй Кудзойти А.), кæцими дзубанди цæуй уой фæдбæл.

Будури Дæргъæвси алфамбулай тугъдтити ка фæммард ‘й æма Æнсувæрон цирти æвæрд ка ‘й, еци бæгъатæртæй еу адтæй Гордеев Василий Терентийи фурт. Дзæргъæвсаг æригон фæдагоргутæ куд исбæрæг кодтонцæ, уотемæй æ мадæ фæстугъд цардæй  сахар Челябински. Ахурдзаутæ æма æдзард æфсæддони ниййерæг мадæ Гордеева Елизаветæ Василийи кизги ‘хсæн федар бастдзийнадæ фæззиндтæй, кæрæдземæ финстæгутæ æрвистонцæ.

Елизаветæ Василийи кизгæ Будури Дæргъæвси æригон бæстæзонгути номбæл Челябинскæй ци финстæгутæ исæрветидæ, уонæй еуеми уотæ финста:

«Зæрдиагæй уин арфæ кæнун, ниййерæги зиндзийнадæ ке лæдæретæ, уой туххæй. Уæ финстæг уин райстон, æма ‘й ку  бакастæн, уæд мæхе кæунæй бафсастон. Хъæбæр æхцæуæн мин адтæй, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Райгурæн бæсти сæрбæлтау ка фæммард æй, уони нæмттæ ке нæ иронх кæнетæ, е. Раст зæгъгæй, мæ бæдоли тугъдон над æма æ фæммарди туххæй лæмбунæгдæр хабæрттæ базонун æнгъæл нæбал адтæн, уомæн æма æгæр берæ рæстæг рацудæй. Бæргæ мæ фæндуй, уæ гъæумæ фæццæун, фал, гъулæггагæн, мæ æнзтæ нæбал амонунцæ. Уæддæр хъæбæр байархайдзæнæн мæ бæдоли цирт бабæрæг кæнун, цитгин Уæлахези бонмæ мин ку нæ бантæса, уæддæр сæрди.

Зæрдиагæй арфæ кæнун скъоладзаутæн, мæ фурти ном мин, уой хæццæ ба ма, сæ гъæу, нæ уарзон Фидибæстæ фудæзнагæй исуæгъдæ кæнунбæл ка тох кодта, уони кадгин нæмттæ, ке нæ иронх кæнунцæ, уой фæдбæл. Уотæ ‘й, æма ниййергутæн сæ царди фæстаг бæнтти уæнгæ дæр æгириддæр нæ æрнидæн уодзæнæй сæ зæрдити æведуйгæ рист, сæ тогдзуд не ‘рæнцайдзæнæй, ка сæ исдзæбæх кæна, уæхæн хуасæ  дуйнетæбæл нæ разиндзæнæй, еунæг е нин еуцæйдæрбæрцæдæр уодæнцойнæ дæттуй, æма нæ фурттæ дзæгъæли нæ фæммард æнцæ. Еци гъуди мин мæ рист уодæн уæддæр дæттуй цидæр æнцойнадæ, хъаурæ æма цæрунæн нифс, сувæллæнтти цийнæбæл цийнæ кæнуни фадуат.

ГОРДЕЕВА Елизаветæ
Василийи кизгæ».

Гъе  уотæ финста Будури Дæргъæвси алфамбулай немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тугъдтити Райгурæн бæсти сæрбæлтау ци фараст æма дууинсæй советон бæгъатæри фæммард æй, уонæй еуей мадæ.