05 майя 2024

ÆФСАДИ ИНÆЛАР

06.05.2023 | 22:50

Иристони намусгин æфсæддонтæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) инæлар-майор ДЗОЦИТИ Барис, болкъон БУТАТИ Барис, инæлар-болкъон ХЕТÆГКАТИ Геуæрги, хестæр лейтенант БЕРÆГЪТИ Эдуард.

Киеви æфсæддон скъолай артиллерион хайадæ 1926 анзи каст фæууогæй, Хетæгкати Геуæрги æрвист æрцудæй Идард Скæсæни æфсæддон хæйттæй еуемæ. 1928 анзи ’й иснисан кодтонцæ 5-аг Хецæн Кубайнаг бæхæфсади бригади 25-аг бæхгин-хуæнхон артиллерион дивизиони батарейи командирæй. Еу бон бригади командир Константин Рокоссовский  Василий Блюхери, уæди рæстæги Идард Скæсæни Сæрмагонд æфсади командæгæнæги хæццæ ку фæззинниуонцæ Хетæги-фурти батарейæмæ.

– Айæ, федар Шивейсян ка ниддæрæн кодта, еци батарейæ ’й, – рафарста Блюхер.

– Е æй, – дзуапп ин равардта Рокоссовский.

– Æз ин æ архайдмæ кастæн Чжайлайнори операций рæстæг, – загъта æфсади командæгæнæг. Хуарз уайдæ, кезуй æфсæддон ахурти рæстæг еци архайд нæуæгæй равдесун, цæмæй еци фæлтæрддзийнадæ зундгонд уа еугуремæн дæр.

Дзубанди цæй туххæй адтæй? Цæветтонгæ, 1929 анзи Китайи уæди разамунд цалдæр капиталистон паддзахадей ардудæй ракъахтонцæ тугъд Советон Цæдеси нихмæ, фал сæ фудвæндитæй неци рауадæй, еци æрбалæборгутæ дæрæнгонд æрцудæнцæ. Сæ нихмæ Сурх Æфсад исаразта æртæ агъазиау тугъдон операций, сæ еу хундтæй Чжайлайнораг, кæцими фескъуæлхтæй Хетæги-фурти батарейæ дæр.

Блюхери Рокоссовскиймæ е ’ргом раздахгæй, загъта:

– Мах раст бакæндзинан, Хетæги-фурти Новочеркасскмæ командирти дæсниадæ бæрзонддæргæнæн къурситæмæ ку рарветæн, уæд. Уадзæ æма уоми æ фæлтæрддзийнадæ хъæртун кæна иннетæмæ дæр…

Цæмæй зудта Блюхер, рацæудзæнæй рæстæгутæ æма, уоййасæбæл кæбæл банвæрстæй, еци афицер исуодзæнæй нæ Фидибæсти Гæрзефтонг Тухти номдзуддæр архайгутæй еу – Æфсади инæлар, Советон Цæдеси Бæгъатæр, нæ бæсти æфсæддон зилдтæн сæ агъазиаудæр командæгæнæг.

Хетæгкати Ивани фурт Геуæрги (хеуæнттæ æма ’й зонгитæ уарзонæй худтонцæ Габо) райгурдæй 1903 анзи 25 апърели Цæгат Иристони Алагири райони Зæрæмæги гъæуи хумæтæг, нæдтæбæл  косæги бийнонти хæдзари. Зæрæмæги цуппаркъласон скъола каст ку фæцæй, уæд æй бæргæ фæндадтæй идарддæр ахур кæнун, фал ин æ бийнонти мæгур уавæртæмæ гæсгæ уæхæн фадуат нæ адтæй – гъудæй фæллойнæ кæнун, кæдимайди ба сæ цардиуагæ фæррæвдзæдæр адтайдæ. Ци куститæ кæнгæ ба нæ рауадæй биццеуæн. Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ба исæфтудæй Дзæуæгигъæумæ æма косун райдæдта Подагови афтеки тукани, Туати æнсувæрти тукани æфснайæгæй.

Уæдмæ ниййазæлдæй Октябри революци, райдæдта граждайнаг тугъд. Еци цаути гъуддæгутæ исивулдæнцæ Цæгат Иристонмæ дæр, ардигон дзиллæй си, æвæдзи, еуварс ефстæгтæй уæлдай неке райзадæй.  Нæ си райзадæй хуæздæр карнæмæ бæллæг Хетæгкати лæхъуæн дæр. Æма Геуæрги барвæндонæй æрлæудтæй нæуæг цардарæзтбæл тохгæнгути рæнгъити, 1919 анзи ноябри бацудæй керменистти гæрзефтонг къуармæ. Уой фæсте ба, Хонсар Иристони партизанти бригади 2-аг полкки рæнгъити уогæй, тох кодта деникинонти уорсгвардион æрдонгти нихмæ. Тугъдон нæдтæбæл цæугæй бахъæрттæй намусгин æфсади 33-аг дивизий 294-аг фестæг æфсæддон полкмæ. Еци æфсад Цæгат Кавкази фæллойнæгæнгути гъæуай кодта медбæстон контрреволюцион тухтæ æма æндагон æрбалæборгутæй.

Еугурцæдесон Центрон æнхæстгæнæг комитети сæрдар Михаил КАЛИНИН (дуккаг рæнгъи астæуæй) паддзахадон хуæрзеугутæй хуарзæнхæгонд ка ’рцудæй, Сурх Æфсади еци командирти хæццæ. Дуккаг рæнгъи (рахесæрдигæй дуккаг) бадуй ХЕТÆГКАТИ Геуæрги. 1941 анзи августи.

Уæди рæстæгути цаути архайгæй мæгур, фал сæрæн биццеу кæд æхе хъæбæр бæгъатæрæй æвдиста, уæддæр æ фидæ æма æ бийнонтæ дæр, Зæрæмæги цæргутæн дæр, æвæдзи, сæ гъудити къуми дæр нæ адтæй е, æма Габо хумæтæги рæнгъон æфсæддонæй райдайгæй æфсади инæлари уæнгæ исхъæртдзæнæй, æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй ин исаккаг кæндзæнæнцæ Советон Цæдеси Бæгъатæри кадгин ном.

Уогæ æфсæддон гъуддаги уойбæрцæбæл бæрзæндтæмæ исхезун ин ке бантæстæй, е зæгъунмæ æнцон æй, фал лæмбунæг ку ’ркæсæн, уæдта, уой туххæй ци берæ-берæ хъиамæттæ бакæнун æма ци гургъахъ нæдтæбæл æдзæстхезæй фæццæун, ци берæ зиндзийнæдтæбæл фæттухгиндæр ун æй багъудæй, уæд адæймаг дести бафтуйдзæнæй, гъома, куд син бафæразæн адтæй уонæбæл.

Æфсæддон карнæ æхецæн равзаргæй, Геуæрги еудадзуг æвæллайгæй архайдта æ царди ин сæйрагдæр ка иссæй, еци гъуддаги æ зонундзийнæдтæ фулдæр æма бундорондæр цæмæй адтайуонцæ, уобæл. Æма æгириддæр нæ зийнадæ кодта ахур кæнунмæ, ци гæнæнтæ æма ин амæлттæ фæззиннидæ, уонæй æнхæстæй пайда кодта. 1922 анзи каст фæцæй Пятигорски Артеми номбæл фестæгæфсæддон къурситæ, 1926 анзи – Киеви еугонд æфсæддон-артиллерион скъола, 1931 анзи – кавалерион къурситæ Новочеркасски, 1938 анзи – уæлдæр афицерти къурситæ Ф.Э. Дзержинскийи номбæл артиллерион академий размæ, 1949 анзи ба – Генералон штаби Æфсæддон академий афицерти уæлдæр къурситæ.

Ахури бæрзæндтæмæ еци «зудæй» тундзгæй Хетæгкати Геуæрги æхе ци агъазиау зонундзийнæдтæй исефтонг кодта, уони фæрци ин бантæстæй Райгурæн бæсти Гæрзефтонг Тухти рæнгъити служби рæстæг гъæздуг практикон скъола каст фæуун дæр. Взводæй райдайгæй æма полккæй фæууогæй, ци артиллерион дæлхайæдтæн разамунд лæвардта, уоми цæттæ кодта хъæбæр арæхстгин артиллеристти. Етæ Устур Фидибæстон тугъди агъоммæ Идард Хорискæсæни цадæ Хасан æма цæугæдон Халхин-Голи рази тугъдтити бавдистонцæ артиллерион тугъди фæнзуйнаг бæрæггæнæнтæ.

Батарейи, дивизиони политрук уогæй, коммунист Хетæгкати Геуæрги артиллеристти гъомбæл кодта Фидибæстæ рæстуодæй уарзунбæл, еузæрдиуон ун ибæл сæ царди, æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ихæсбæл æй куд нимайуонцæ æма ’й æнæ секкæй æнхæст дæр куд кæнонцæ, уобæл. Куд коммунист (Коммунистон партий рæнгъитæмæ ба бацудæй 1924 анзи), уотæ æхе раст æма æгъдаугинæй æвдиста, кæд цийфæнди карз уидæ æ домæнтæй, фал раст ке уидæ  хæрандзийнадæй имæ æгириддæр ке неци адтæй, адæймагæн æ уодиконд æма æ гъуддæгутæмæ гæсгæ ке аргъ кодта, уомæ гæсгæ æ дæлбарæ æфсæддонтæ ин æ дзурдмæ игъустонцæ, сæ цæсти бæрзонд æвæрд адтæй, зæрдиагæй ин аргъ кодтонцæ.

Устур Фидибæстон тугъд Хетæгкати Геуæргий æрæййафта Прибалтики 21-аг механизацигонд æфсæддон корпуси артиллерий командæгæнæги бунати. Аци корпус гъæуама адтайдæ цæугæдон Нигулæн Двинай рази, фал æнæнгъæлти æрбалæборæг знаг си фæрраздæр æй. Инæлар Манштейни моторизацигонд æхсæг корпус байахæста Вильнюс æма æ размæмпурст итинг кæнун райдæдта, цæмæй Нигулæн Двинабæл бахизтайдæ, æ цæф исаразтайдæ цæгат-нигулæн æрдæмæ.

ХЕТÆГКАТИ Геуæргий фидæ Иван (Иликъо)

– Геуæрги Ивани фурт, бардзурд равардтонцæ нæ нихмæлæууæги Утени районæй фесхъæтæг кæнун. Куд æй нæ уавæр артиллерийæй? – бафарста корпуси командир инæлар-майор Д.Лелюшенко артиллерий хецауи.

– Нерæнгæ бал æрбахъæрттæнцæ айдагъдæр дууæ дивизиони, иннæ артиллери ба ма надбæл æнцæ.

– Рæвдзæдæр гъæуй, рæвдзæдæр! – тагъд сæ кодта Лелюшенко.

Гъо æма Хетæгкай-фурт æхуæдæг дæр бæргæ  лæдæрдтæй, тагъддæр ке гъудæй, уой. Фал ци ракодтайдæ.

Хетæгкай-фурт разамунд ци 21-аг механизацигонд корпусæн лæвардта, уой дæлхайæдтæ 1941 анзи 3 июли нимпурстонцæ инæлар Манштейни моторизацигонд корпуси нихмæ. Советон артиллеристтæ хъæбæр рæстдзæвийнæ æхстæй дæрæн кодтонцæ сæ нихмæлæугути танкитæ æма фестæгæфсæддонти. Тугъди будури сау хъуæцæ калдтонцæ знаги дæсгай танкитæ, бронехуæдтолгитæ… 121-аг немуцаг фестæгæфсæддон дивизий командир инæлар-майор Ланцелло фæммард æй, немуцаг æфсæддон корпуси размæмпурст уорæд æрцудæй.

Еци карз æма уæззау уавæрти 1941 анзи 7 июли цæрæнбунат Опочкийи рази тугъдтити Хетæгкати Геуæрги фæцæй уæззау цæф. Прибалтики е ’скъуæлхтдзийнæдти туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй хецауадон хуæрзеуæгæй – Сурх Стъалуй орденæй. Уой размæ 1929 анзи ба хуарзæнхæгонд æрцудæй Сурх Турусай орденæй. Æ разамундæй артиллерион батарей ниддæрæн кодта китайаг федар Шивей. Еци тугъдмæ кастæй 5-аг Кубайнаг бæхгин бригади командир К.К. Рокоссовкий. Болкъон Хетæгкати Геуæргий тугъдон искурдиадæ уæлдай ирддæрæй рабæрæг æй Мæскуй бунмæ тугъди. 1941 анзи ноябри Геуæрги нисангонд æрцудæй 30-аг æфсади штаби хецауæй. Еци æфсад гъæуай кодта Мæскумæ цæгат-нигулæн бацæуæнтæ.

30-аг æфсади командæгæнæг инæлар Д.Д. Лелюшенко Хетæгкати Геуæргийæн байхæс кодта, æфсади галеуварси 348-аг æхсæг дивизий сибирæгти æма 24-аг æма 18-аг кавалерион дивизитæй хецæн æфсæддон къуар исаразгæй, батонун нихмæлæугути гъæуайкæнуйнадон ханхæ, исуæгъдæ кæнун Рогачево æма скæсæни ’рдигæй нимпурсун знаги гарнизонмæ сахар Клини. 1941 анзи 6 декабри нихмæлæууæги гъæуайкæнуйнадон ханхæ тунд æрцудæй, немуцаг танкити æртиккаг къуар æвеппайди нимпурсти фæрци фæллæмæгъ æй æма дæрæнгонд æрцудæй Хетæги-фурти фестæгæфсæддон къуари хъауритæй. Не ’фсæдтæ исуæгъдæ кодтонцæ сахар Клин. Знагæн Клини ци æфсæдти къуар адтæй, етæ дæрæнгонд æрцудæнцæ. Фарæстæймаг размæмпурсæн бони дæргъи, 30-аг æфсад кæми тухтæй, уоми знагæй фæгъгъудæй айдагъ мæрдтæй 22700 адæймаги, дæрæнгонд æма ист æрцудæй 200 танки, 500 дзармадзани æма минометæй фулдæр, æртæ мин автомашинемæй фулдæр, цалдæр мин адæймаги ба уацари ист æрцудæнцæ.

ХЕТÆГКАТИ Геуæрги æ цардæмбал Валентини (Зарубин Семени кизги) хæццæ.

Хетæгкати Геуæрги хуарзæнхæгонд æрцудæй Сурх Турусай орденæй æма ин равардтонцæ артиллерий инæлар-майори цин. 1942 анзи декабрæй фæстæмæ Хетæгкати Геуæрги адтæй 3-аг гвардион æфсади штаби хецау, архайдта Сталингради бунмæ контрнимпурсти. 1943 анзи мартъийæй августи уæнгæ командæ кодта еци æфсадæн. Аци æфсад уæд Хонсар – Нигулæн фронти рæнгъити тохидæ, уæдта бабæй 1-аг æма 3-аг Украинаг фронтти рæнгъити. Æфсади хецау уогæй, архайдта размæмпурсæг æфсæддон операцитæ пълан кæнуни æма аразуни гъуддаги Дон, Украинæ, Молдави исуæгъдæ кæнуни туххæй. 1944 анзи январи адтæй 1-аг гвардион æфсади штаби хецау, æфсад архайдта Житомири-Бердичеви æма Проскурово-Черновцийи операцити.

1944 анзи 4 мартъий фиццаг Украинаг фронти штаби хецау инæлар-лейтенант А.Н. Боголюбов гъуддаг не ’сбæлвурд кодта, уотемæй рарвиста телеграммæ, зæгъгæ, дан, 1-аг гвардион æфсад байста Вербовци, Староконстантиново æма Острополь. Хетæгкати Геуæрги еци телеграммæ райста айдагъдæр 5 мартъий. Фронти штаб не ’сбæрæг кодта, телеграммæ кæд райстонцæ 1-аг гвардион æфсади. Гъуддаг уой медæгæ адтæй, æма фронти штаб æгæр фæттагъд кодтонцæ еци цæрæнбунæттæ байсуни туххæй фегъосун кæнунмæ. Хъаугъа рауадæй фронти штаби хецау А.Н. Боголюбов æма Хетæгкати Геуæргий ’хсæн, фæстæдæр ба цæхгæрмæ дзубанди рауадæй фронти командæгæнæг Советон Цæдеси Маршæл Г.К. Жуков æма Хетæгкати Геуæргий ’хсæн. Æма уæд Г.К. Жуков Геуæргий исуæгъдæ кодта æ бунатæй. Фал Хетæгкати Геуæрги æхе нæ нимадта фудгинбæл, æ фарс рахуæстæнцæ 1-аг гвардион æфсади командæгæнæг инæлар-болкъон А.А. Гречко æма 3-аг танкити æфсади командæгæнæг инæлар – болкъон Рыбалко. Фарста æвзурста ССР Цæдеси Гъæуайкæнуйнади министради кадрти управлений хецау Ф.И. Голиков. Е равардта бардзурд, цæмæй Хетæгкати Геуæргий исæвæронцæ æфсади штаби хецауæй, фал æндæр, 38-аг æфсади. Фал, Хетæгкати Геуæрги еци бардзурд æхецæн не ’саккаг кодта æма ССР Цæдеси Маршæл Р.Я. Малиновскийи фæндæмæ гæсгæ 1944 анзи 10 майи командæ кæнун райдæдта 3-аг Украинаг фронти 82-аг гвардион Фæскарпатаг æхсæг дивизийæн. 1945 анзи 11 январи 82-аг гвардион æхсæг дивизи, æ хъауритæ 46-аг минометон бригади, 1504-аг рæуæг хуæдтолгæ артиллерион полк æма 351-аг уæззау гаубицити артиллерион полкки дууæ батарейемæй фæхъхъаурæгиндæр кæнгæй, байахæста нимпурст райдайунæн хуарз бунæттæ. Цудæй Вислæ-Одери тугъдон операци. Дивизий ихæс адтæй: батонун знаги гъæуайкæнуйнадæ Гелунув æма Генрукуви ’хсæн æма Зеленкæ, Крушиний ’рдæмæ æмпурсгæй сæйраг тухтæй рацæун сосе надмæ Урбанув-Беренце-Шляхепкейи рази, раззаг къуæрттæй ба – Каддубек-Транибукийи арæнтæмæ.

Размæмпурсти фиццаг бони кæронмæ дивизи байста знаги дууæ гъæуайкæнуйнадон позиций, байахæста ахсгиаг æфсæнвæндаг Верна-Радоми еу хай. Нихмæлæууæги гъæуайкæнуйнадон тактикон зонæ еугурæйдæр тунд æрцудæй, цагъд æрцудæй 1500 æма уацари райстонцæ 150 гитлерон салдати æма афицери. Дæрæнгонд æрцудæй знаги 18-аг фестæгæфсæддон полкки штаб. 102-аг æхсæзхæтæлон минометти полк, 6-аг немуцаг уæлдæфон флоти аэродромти лæггадæгæнæг дæлхайæдтæ.

Дивизийæн арфæ ракодта Сæйраг Уæлдæркомандæгæнæг æ бардзурдæй. Дивизий цуппар афицеремæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. Райдæдта ’знаги æнæрлæугæй соруни догæ. 1945 анзи 19 январи 15 минуттей дæргъи еугур артиллерий тухгин пурхгæнæн æхсти фæсте сæуми æртæ сахаттебæл 82-аг гвардион æхсæг дивизи райдæдта федар Лодзмæ нигулæн ’рдигæй æмпурсун. Знаг æнгъæл нæ адтæй, не ’фсæдтæ фæскъилдунæй нимпурсдзæнæнцæ, уой. Лодзи гарнизон дæр дæрæнгонд æрцудæй. 570 гитлерони бахаудтæнцæ уацари. 1945 анзи 20 январи Мæску уæлахездзаути кадæн лæвардтонцæ салют.

Сахартæ Зиш æма Шварзенц байсуни фæсте 82-аг гвардион æхсæг дивизи 29-аг гвардион æхсæг корпуси разæй æмпурсун райдæдта сахар Познанмæ. Æвеппайди нимпурсгæй, дивизи 24 январи байста знаги аэродром 350 хуæдтæхæг æма планери хæццæ. Познани федари медæгæ адтæй 18 федаргонд æхсæн бунати æма 54 доти, кæрæдзей хæццæ баст адтæнцæ зæнхи буни цæуæнтæй. 1945 анзи феврали дивизи нæуæгæй æмпурсун райдæдта æма дууæ къуæрей дæргъи гъæддух тугъдтити байста фондз форти, 7 мин гитлерони ниццæгъдгæй. Фал ма разæй адтæй федари медæгæ федар, æ гарнизони ба – 11 мин гитлерони. Æверхъау нимпурсти фæсте Познани федар ист æрцудæй, федари комендант инæлар-майор Маттерн ба гарнизони байзæддæгти хæццæ æхе равардта уацари. Инæлар Хетæгкати Г.И. иссæй сахар Познани кадгин гражданин, дивизий авд салдат æма афицеремæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, уони хæццæ Хетæгкати Геуæргийæн дæр.

ХУДÆЛТИ Темирсолтан (1921-2001), историон наукити кандидат

 Уодзæнæй ма.