12 ноября 2024

ÆХСАРГИН ЦÆРГÆС

07.05.2022 | 14:32

Гъе уæхæн цитгин номæй нæ номдзуд тугъдон тæхæг Бицати Сергейи худтонцæ е ‘мтохгутæ. Советон Цæдеси Бæгъатæр Василий Коняхин æ имисуйнæгти æ хуæрзæрдхуард Бицай-фурти туххæй уотæ финста: «Уоййасæбæл нифсхаст æма æхсаргин тæхæг адтæй, æма еухатт уæлдæфи æнай-æнойти знаги дууадæс хуæдтæхæгебæл ку исæмбалдæй, уæд еци тæссаг уавæрти исарæхстæй æхе айдагъ багъæуай кæнунмæ нæ, фал ма сæ нихмæ атакæ исаразун дæр… Нæхе цæститæй фæууидтан, знаги еци хуæдтæхгутæй еуей куд æргæлста…»

Советон Цæдеси Бæгъатæр, тæхæг-фæлварæг, майор Бицати Владимири фурт Сергейи райгурдбæл 15 майи æнхæст кæнуй сæдæ анзи (1922-1962). Уой фæдбæл æрмæг кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл.