ÆМЗÆРДÆЙ АРАЗТОНЦÆ СÆ КАРНÆ
Нæ номдзуд адæймæгутæй еу, Тахъулти Тæтæрхъани фурт Урусхани имисгæй æ карни хабæрттæ æма цаути туххæй уойбæрцæбæл лæмбунæг ке æрдзурдтан, уомæй раст ан – æ цардвæндагбæл æдзæстхезæй рацæугæй, нæ дзиллæн рæстуодæй лæггадæ кæнгæй, уæдта ибæл нæ цардиуагæмæ ци ихæстæ æвæрд цудæй, уони æнаййеппæй æнхæст кæнгæй, е уæхæн кади аккаг уни барæ, куд фæззæгъунцæ, æхе хъаурæ æма зунди фæрци бакуста. Никки растдæр уæд уодзинан, æма еудадзуг æ фарсмæ ка адтæй, разæнгардгæнæг æма ин нифсдæттæг ка адтæй, царди вазуггин хабæрттæ еумæйагæй ке хæццæ аразта, еци адæймаги дæр ку æримисæн, уæд – æ цардæмбал Антонини, Пучкин Михаили кизги. Урусхан æма Антонинæ сæ цард байеу кодтонцæ 1941 анзи мартъий мæйи. Уæхæн æригонæй сæмæ берæ рæсугъд фæндитæ куд нæ адтайдæ, сæ райдзастдæр исонибонмæ куд нæ бæлдтайуонцæ. Фал син си уæд, гъулæггагæн, неци рауадæй – цанæбæрæг рæстæг рацудæй æма райдæдта Устур Фидибæстон тугъд… Дууемæй дæр 1941 анзи сентябри мæйи рандæнцæ цифуддæр знаги нихмæ тугъди будурмæ. Æрвист æрцудæнцæ Медгъуддæгути Адæмон Комиссаради (НКВД-ий) æфсæдти 20-аг æхсæг дивизимæ. Советон æфсæдтæ 1941 анзи 10 июлмæ цæгат-нигулæн æрдæги фæстæмæ рацудæнцæ 500 километрей бæрцæ æма сæ фæсте ниууагътонцæ, зæгъæн ес, Прибалтикæ æнæгъæнæйдæр… Еци анзи 8 сентябри мæйи ба блокади бахаудтæй Ленинград.
Блокади дæргъвæтийнæ, уæззауæй-уæззаудæр рæстæги айдагъ сахари цæргутæ æма уой гъæуайгæнгутæ нæ, фал нæ еугур Фидибæстæ дæр кæмæ бæлдтæнцæ æма æнæмæнгæ ралæудзæнæй, зæгъгæ, хъæбæр федарæй кæбæл æууæндтæнцæ, еци бон ралæудтæй – 1943 анзи 18 январи, хъæбæр æнгъæл кæмæ кастæнцæ, еци бон – Ленинградаг фронт байеу æй Волховскаг фронти хæццæ. Æма гъе уотемæй немуцаг-фашистон æрбалæборæг æрдонгтæ сæ зæрдæ уотæ хъæбæр кæбæл дардтонцæ, гъома, уой фæрци Ленинград æрсæтдзинан, зæгъгæ, еци блокадæ батудтонцæ. Еци тугъдтити архайгути æмрæнгъæ бæгъатæрæй архайдтонцæ æфсæддон дохтир Тахъулти Урусхан æма æ цардæмбал медицинон хуæрæ Тахъулти Антонинæ дæр.
Изолдæр Тахъулти бийнонти тугъдон над райеудагъ æй Польшæй ба Германий уæнгæ. Архайдтонцæ польшæйаг сахар Краков исуæгъдæ кæнунбæл тугъдтити. Сæ тугъдон над фæцæй Берлинмæ хæстæг. Цитгин Уæлахези бонбæл дæр уоми исæмбалдæнцæ. Цубур рæстæги фæсте Тахъулти бийнонтæ æрвист æрцудæнцæ Австримæ, фæстæдæр ба Венгрий 514-аг медицинон санитарон батальонмæ. Урусхан нисангонд æрцудæй хирургæй. Сабур, фæстугъд рæстæг, гъай-гъайдæр, зингæ æнцондæр косæн адтæй. 1946 анзи уалдзæги, санитарон батальон ци дивизий хæццæ адтæй, е æййивд æрцудæй Украинæмæ.
Фæстæдæр ба, 1947 анзи июни мæйи Тахъулти æмкъайонтæ рацудæнцæ Сурх Æфсади рæнгъитæй æма æрцардæнцæ Дзæуæгигъæуи. Ами медицинон институти ассистентæй райдайгæй, Тахъули-фуртæн æ хъазауатон фæллойни фæрци цубур рæстæгмæ дессаги зингæ æскъуæлхтдзийнæдтæ бантæстæй – хумæтæг ассистентæй райдайгæй, «исирæзтæй» Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри уæнгæ. Æнтæстгинæй кодта зингæ наукон-æртасæн куст дæр. 1954 анзи иссæй медицинон наукити кандидат, 1963 анзи ба доктори диссертаци багъæуай кодта – зæгъун гъæуй уой, æма е адтæй фиццаг цæгатиристойнаг хирург, кæци иссæй медицинон наукити доктор. Лæвæрд ин æрцудæй профессори ном. Æ тугъдон хуæрзеугутæ Фидибæстон тугъди II къæпхæни орден, Сурх Стъалуй дууæ ордени æма цуппæрдæс майданебæл ма бафтудæй, сабур царди рæстæги æ хъазауатон фæллойни туххæй дæр ин ци цалдæр цитгин хуæрзеуæги исаккаг кодтонцæ, етæ дæр.
Тахъулти Урусхани цардæмбал Антонинæ дæр хуарзæнхæгонд æрцудæй Фидибæстон тугъди II къæпхæни æма Сурх Стъалуй ордентæй, финддæс майданемæй. Фæстугъд изолдæр куста æ равзурст дæснийадæбæл.
Куд æгъдаугин æма фæнзуйнаг дууæ цардæмбали, уотæ исгъомбæл кодтонцæ дууæ фурти. Етæ дæр, сæ ниййергути хузæн, дохтири дæсниадæ равзурстонцæ.
ГУЛУНТИ Наталья