ÆНÆГЪÆНÆ ДУЙНЕТÆБÆЛ РАЙГЪУСТÆЙ Æ НОМ
«Аци азгъунсти ахур кодта æма си 1903 анзи гимнази каст фæцæй советон аййевади æскъуæлхт архайæг Евгений Багратиони фурт Вахтангов», зæгъгæ, уæхæн финст фæууинæн ес Дзæуæгигъæуи 5-аг скъолай азгъунсти фарсбæл æвæрд мемориалон фæйнæгбæл.
Евгений Вахтангов райгурдæй сахар Дзæуæгигъæуи 1893 анзи уруссаг-сомехаг гъæздуг бийнонти æхсæн. Æ фидæ Багратион адтæй тамакугæнæн тæккæ устурдæр фабрики хецау. Карз лæг адтæй æ фидæ, адтæй имæ айдагъдæр еунæг мæтæ, куд фулдæр пайда райса æ фабрикæй, æма имæ ци 200 адæймаги куста, уони цар стъегъун. Æхсæз анзи ибæл ку цудæй, уæд æй рарвистонцæ Калакмæ гурдзиаг æма сомехаг æвзæгтæ ахур кæнунмæ. Уоми цардæй æ фиди мæгур хæстæгутæмæ. Хæдзари цидæриддæр уæззау куститæ адтæй, етæ æрæнцадæнцæ биццеуи усхъитæбæл æма ин ахур кæнунмæ минкъий рæстæг изадæй.
Уой фæсте фæстæмæ æрæздахтæй Калакæй сæхемæ æма ахур кæнун райдæдта классикон гимназий, нуртæккæ нæ сахари 5-аг скъола кæми æй, еци азгъунсти. Аци рауæн æ зæрди райгурдæй устур уарзондзийнадæ театрмæ, уæдта музыкæмæ дæр. Е ’мбæлттæ ’й худтонцæ «Цитгин кафæг» æма ходæги гъуддæгутæбæл хуæцæг. Е бæлдтæй æ фиди фабрикæй театр исаразунмæ.
Гимназий æригон Вахтангов базонгæ ’й революцион къуари архайгути хæццæ. Уони гъудæй зонун, фабрики цал косæги ес, бонæ цал сахаттей бæрцæ косунцæ æма мизд цæйбæрцæ есунцæ, уой. Æма син сæ биццеу сосæггай амал кодта.
Гимназий ма ку ахур кодта 7-аг къласи, уæд цирки, æ фиди фабрики бакомкоммæ исæвардта спектакль «Детство Ванюшина». 120 билети ба лæвар байурста фабрики косгутæн. Уой фæсте ба архайдта «бал-кабарей» мæгур студентти пайдайæн.
Хъæбæр имæ мæстгун кодта æ фидæ, «Вахтангов» финст ку фæууинидæ игъосункæнуйнæгти, уæд имæ æ тог рафицидæ. Еууæхæни фидæ æма фурти ’хсæн рауадæй уæхæн карз дзубанди: «Ду гъæр кæнис: аст сахатти косгæ бон, сæйгæдæнттæ, скъолатæ. Зонæн, уæ фидтæлти фæскъилдун арæхсетæ гъæр кæнун: Эксплуатаци! Бахатир кæнетæ! Фал ду, ду ба цæмæй цæрис? Ке æхцатæй? Ке фæллойнæй? Цæмæннæ ниууадзис алцидæр? Гимназий ахур кæнис æма дæ фиди бæрзæйбæл бадис, стъегъис?.. Нæ, мæ хор, мæн рæсугъд дзубандитæй нæ расайдзæнæ. Неци лæдæретæ цардæн…»
Фал Евгений æ фиди еци дзубанди игъосгæ дæр нæ кæнуй. Уомæн æ зæрди æрбалæудтæй, гъæунги цæугæй ибæл сувæллæнттæ – æ фиди косгутæ сæхе куд райеуварс кæнунцæ, е. Капиталисти фурт, дан. Æма раст æнцæ, – гъуди кæнуй Евгений æмæ зæгъуй æ фидæн: «Мах еу æвзаг не ’ссердзинан!»
Кæд фиди æгириддæр нæ фæндадтæй, уæддæр 1903 анзи е бацудæй драмон-аййевадон скъоламæ. Ке нæ байгъуста æ фиди загъдмæ, уой туххæй ин æ бийнонтæ агъаз дæр нæбал кодтонцæ. Гъе уотемæй устур капиталисти фурт раги балæдæрдтæй буржуазон бийнонти æцæг цæсгон, раги бавзурста тухст æма мæгур царди адæ.
Фидæ æма фурт бустæгидæр кæрæдземæй фæххецæн æнцæ 1905 анзи, Евгений æ хæццæ скъолай ци кизгæ ахур кодта – Надеждæ Байцуровай ку ракурдта, уæд. Фидæ фæсмон кодта, æ фурти ке исахур кодта, уобæл. Уомæн æ бæлдæ адтæй
æ фуртæн миллионери кизги ракорун.
Æнзтæ цудæнцæ. Берæ пьеситæ исæвардта æригон Вахтангов сценæбæл, берæ рольти рагъазта. Е ’сфæлдистади сæйрагдæр медес адтæй буржуазон æгъдæутти нихмæ гъæддухæй тох кæнун. Æ фиццаг спектакльти – «Праздник мира» æма «Потоп»-и Вахтангов раргом кодта капиталистон æхсæнади моралон гъæн-дзийнæдтæ æма эгоизм.
Анз æма æрдæгмæ æнтæстгинæй каст фæцæй Мæскуй А.И. Адашеви аййевадон театралон скъола. Æ финсæн киунуги ин ес бакæсæн уæхæн финститæ: «1911 анз, 26 (8) февраль. Цидæр æнамонд бон æй. Æхца некæми ес иссерæн. Сехуар дæр не ’скодтон. Сæумæй æхсæви 12 сахаттемæ баниуазтон айдагъдæр цуппар агувзи цай æма бахуардтон еу дзоли къæбæр»…
1913 анзи кæронмæ Е.Б. Вахтангов иссæй студентти драмон студий разамонæг. Еци студи 1917 анзæй фæстæмæ хонун райдæдтонцæ «Мæскуй Е.Б. Вахтангови драмон студи». 1920 анзи студи бацудæй Мæскуй аййевадон театрмæ. Уой фæсте 1926 анзи еци театр иссæй «Е.Б. Вахтангови номбæл паддзахадон театр».
Вахтангови ном, куд театралон æма искурдиадæгин режиссер, райгъустæй æнæгъæнæ бæстæбæл. Еци-еу рæстæг е куста ахургæнæгæй театралон дууæ скъолай, аллирдигæй æй театрти разамонгутæ сæхемæ худтонцæ æма си курдтонцæ, цæмæй син пьеситæ исæвæра. Уæззау уавæртæ, берæ æнæнцойнæ бæнттæ æма æхсæвтæ, бийнонти сагъæс æма мæтæ бакодтонцæ сæ кæнон – Евгений нæбал бафæразта æма 1922 анзи рамардæй уæззау незæй.
1922 анз… Вахтангов æвардта æ фæстаг пьесæ «Принцесса Турандот». Е бæлдтæй рагон италиаг комеди иснæуæг кæнунмæ. Фал адтæй мæлæтдзаг сæйгæ. Сæйуй ахсæни ракæй. Байзадæй ма ин дууæ-æртæ мæйи цæрæнбон. Нæ ин æй гъæр кæнунцæ дохтиртæ, фал æй æхуæдæг лæдæруй. Уомæ гæсгæ тагъд кæнуй, косуй æхсæвæ дæр æма бонæ дæр. Еци анз 24 феврали адтæй æ фæстаг репетици æ царди.
Уотæ æнæнцойнæ æма уодуæлдай куст кодта е кæддæриддæр аййевади, адæми, æ Райгурæн бæсти сæрбæлтау, нез, тухстдзийнæдтæ æма гъæуагæдзийнæдтæ нецæмæ даргæй.
Октябри революций фæсте Е.Б. Вахтанговæн фондз пьесæй æндæр сценæбæл исæвæрун нæ бантæстæй. Кæд берæ нæ адтæнцæ бæрцæй, уæддæр Вахтангови ном райгъустæй æнæгъæнæ дуйнебæл æма байахæста устур бунат тæккæ игъустгонддæр режиссерти æмрæнгъæ.