ÆНÆМÆНГÆ РАЙАРАЗУЙНАГ ГЪУДДÆГУТÆ БОНÆНДÆДÆРГОНД ГЪÆУАМА МА ЦÆУОНЦÆ…
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги ци æмбурд исаразта, уоми дзубанди цудæй районти социалон-экономикон ирæзти фарстати фæдбæл. Республики разамонæг æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй национ проекттæ æма паддзахадон программитæ царди уадзгæй, æнхæстгæнæг хецауадæ æма бунæттон хеунаффæйадæ гъæуама æмгустадæ кæнонцæ:
– Гъуддæгутæ арæзт цæунцæ муниципалон искондти, æма нæ еумæ косун гъæуй. Адæми царди хуæрзгъæдæдзийнадæ фæббæрзонддæр кæнунæн гъæуама ахедгæ мадзæлттæ аразæн. Алли муниципалон исконди разамонæг дæр гъæуама лæдæра, идарддæр район куд ирæздзæнæй, уой.
Дзæуæгигъæуи социалон-экономикон ирæзти сæйраг рахуæцæнти туххæй радзурдта сахари бунæттон хеунаффæйади администраций разамонæг Милдзихти Вячеслав. Сахари фæзуати æнхæстгонд цæунцæ 13 муниципалон программи, баст æнцæ санитарон, цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради æма алфамбулай уавæри хæццæ, нæдти цалцæги хæццæ, æндæр гъуддæгути хæццæ.
Æмбурди байгъустонцæ Алагири райони сæргълæууæг Дзантиати Исламмæ. Е радзурдта райони экономикон бæрæггæнæнти, агропромышленнон къабази ирæзти, цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради уавæри туххæй, æхсæз инвестицион проектти сæмæ æнхæстгонд куд цæунцæ, уони туххæй. Дзантий-фурт куд загъта, уотемæй гъардæттуни хузæги проекти фæдбæл гæгъæдитæ бацæттæ кодтонцæ æма сæ рарвистонцæ фæзуæтти ирæзти Фондмæ.
Сæрдареуæг си Дзанайти Барис кодта, уотемæй нæ республики Хецауадæн æрæги ци æмбурд адтæй, уоми дзубанди цудæй экономикон æма социалон къабæзти райаразуйнаг фарстати фæдбæл.
Финансон ведомстви разамонæг Исахъти Олег радзурдта, анзи фиццаг æмбеси республикон бюджет æнхæстгонд куд æрцудæй, уой туххæй. Æфтуйæггæгтæ рауадæнцæ 21 миллиард 713 миллион 031,9 мин соми, хæрзтæ – 22 миллиард 010 миллион 660,3 мин соми. Хъалонти æма æнæхъалонти æфтуйæггæгтæ æнцæ 7 миллиард 652 миллион соми.
Хæрзти фулдæр хай лæвæрд æрцудæй социалон политикæ, ахурадæ, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнадæ, национ экономикæн. Республики паддзахадон ихæс æй 9 миллиард æма 438 миллион соми, уонæн сæ 100 проценти æнцæ бюджетон æфстæуттæ.
Дзанайти Барис куд байамудта, уотемæй нуртæккæ цæттæ кæнунцæ иннæ анзи бюджет, æма ибæл лæмбунæгæй байархайун гъæуй.
Æмбурди архайгутæ се ‘ргом раздахтонцæ, анзи дуккаг æмбес хе хæдзарæдти рæзæ æма иннæ продукций ци кæдзос æфтуйæггæгтæ райсæн ес, уомæ. Дзанай-фурти дзубандимæ гæсгæ, хе хæдзарæдтæ республики ирæзти ахæссунцæ хецæн бунат æма син æнæмæнгæ агъаз кæнун гъæуй:
– Аци анз син грантти хузи радех кодтан 150 миллион соми, уой фæрци амалгъонтæ сæ хæдзарæдтæ райрæзун кæндзæнæнцæ. Идарддæр дæр син агъаз кæндзинан. Сæ продукци сæ уæйæ кæнун гъæуй, æма сæмæ гъæуама районти разамонгутæ фæккæсонцæ.
Министртæ исарази ‘нцæ бюджети ‘хсæн трансфертæ районти медастæу радех кæнунбæл æма сæ уæлдæр ахургæнæндæнтти рауагъдонти стажировкæбæл исхарз кæнунбæл. Адæмæн кусти бунæттæ дæттуни комитети разамонæги хуæдæййевæг Эллæ Авакова куд загъта, уомæ гæсгæ фиццаг фæлтæрддзийнадæ райсуни туххæй дипломгин рауагъдонтæн районтæмæ рарветдзæнæнцæ фæйнæ 708,5 мин соми. Дзанайти Барис куд байамудта, уотемæй уæхæн стажировкæ нæхемæ ке кæндзæнæнцæ, е хуарз æй, сæ бон уодзæнæй куст иссерун дæр.
Æмбурди ма æркастæнцæ æндæр социалон-экономикон фарстатæмæ дæр.
Нæ уацхæссæг