04 октября 2024

ÆНÆРАСТДЗИЙНАДÆ ТÆРЕГЪÆД ХÆССУЙ…

25.11.2020 | 16:00

БАЛИКЪОТИ Тотраз, историон наукити доктор, профессор

(Идарддæр. Райдайæн 36-аг номери.)

Мæ абони зæгъуйнæгтæ дæр æнцæ пенсити туххæй, бæлвурддæрæй ба, нуриккон пенсиесгутæй сæ нæхъæртондзийнæдти фудæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенситæ индексацигонд ке нæ цæунцæ, уой туххæй. Мæ дзубанди ба райдæдтон нæ газети айразмæ номери. Уотæ рауадæй, æма раст гъе уæд уæрæсейаг мухури фæрæзнитæй беретæми дæр уой фæдбæл фæззиндтæй хецæн æрмæгутæ. Уомæй уой зæгъуйнаг нæ дæн, æма махмæ гæсгæ, мах фæнзгæй. Фал уотæ æмдзурд ке рауадан, е уобæл дзорæг æй, æма æнæгъæнæ Уæрæсей дæр рæстзæрдæ дзиллæ арази нæ ’нцæ, нæ пенсиесгутæ ци пенситæ есунцæ, уони бæрцæ дæр, уæдта, пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенситæ индексацигонд ке нæ цæунцæ, уобæл. Арази нæ ’нцæ уомæй дæр, æма еци фарстатæ рæстади бундорбæл райаразун комкоммæ ихæсгин ка ’й, етæ ниннихмæ ’нцæ, алли рæуæнттæ кæнунцæ. Зæгъæн, Пенсион фонди разамунди дзубандитæмæ гæсгæ, пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенситæ индексаци искæнунæн багъæудзæнæй 368 миллиард соми, æма уæхæн æхцатæ ба фонди нæййес. Æнæуой дæр, дан, фæрæзнитæй хъæбæр кадавар æнцæ. Æма куд нæ уонцæ!.. Кæд æма еуемæй еци Пенсион фондæн æхе туххæй фæстаг рæстæгути цæйбæрцæ хъаугъай æма ходуйнаггæнæг хабæрттæ райгъстæй: е дин, сæхе боцгæнæн фурберæ хæрзтæ, е дин æ разамунди æгæр дæвдтитæ… Иннемæй – пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уонæн сæ пенситæ индексацигонд ке нæ цæунцæ, уомæ гæсгæ сæ куст римæхсунцæ – куд фæззæгъунцæ, улупа «къонверти» есунцæ, уомæ гæсгæ нæдæр хъалонтæ, нæдæр си Пенсион фондмæ феддонтæ ист нæ цæуй. Æма е ба нæ экономикæн комкоммæ зæран ке ’й, уой нæ лæдæруй нæ бæсти сæйраг финансист А. Силуанов?

Кæдæй лæдæруй, уæд уæхæн зæранхæссæг уавæр, косæг пенсиесгутæн, уæ пенси уæ улупай хæццæ фагæ ’нцæ, уæд ма цæй индексаци агоретæ, зæгъгæ, уайдзæфтæ кæнуни бæсти, еци уавæр исраст кæнунбæл ку батухсидæ, уæд хуæздæр нæ уидæ?

Æ федистæ цæйбæрцæбæл æнæбунати ’нцæ, е бæлвурд æй, пенсиесгутæн цæйбæрцæ ’нцæ сæ пенситæ, уомæй дæр, уæдта ма си косгæ ка кæнуй, уонæн сæ фулдæрей-фулдæри мизд цæйбæрцæ ’й, уомæй дæр. Æрæги мухургонд æрцудæнцæ нæ республики социалон-экономикон уавæр 2020 анзи январи – июни куд рауадæй, уой туххæй статистикон бæрæггæнæнтæ. Уонæмæ гæсгæ нæмæ нисангонд пенсити рæстæмбес бæрцæ рауадæй 13201 соми. Еу адæймаги æфтуйæгтæ ба еци рæстæги иссæнцæ 21144,8 соми. Æцæг уотæ ма балæдæретæ, æма адæмæн кæрæй-кæронмæ сæ еугуремæн дæр сæ еумæйон æфтуйæгтæ уойбæрцæ рауадæнцæ – кæмæндæр зингæ минкъийдæр,  кæмæндæр ба фулдæр.

Нур ба æркæсæн нæ бæсти хецаудзийнади тæккæ бæрзонддæр рауæнти бадæг чиновниктæн сæ тæккæ бонгиндæртæй еу, «социалон рæстдзийнадæбæл» дзорæг министр Силуанови цæмæйцæронтæмæ. Æ есбонади туххæй  деклараций  куд байамудта, уотемæй 2019 анзи «бакуста» 28 миллион соми, ес имæ зæнхи цалдæр хаййи, цалдæр урухæй-урухдæр фатери, цæрæн хæдзари, æндæр азгъунститæ, хуæдтолгитæ æма æндæр транспортон фæрæзнитæ…

Нур ба рагъуди кæнайтæ, уæхæн чиновникмæ хумæтæг пенсиесгути сагъæс уодзæнæй, æви?.. Уогæ уобæл рагъуди-багъуди кæнгæ дæр ма кæнетæ. Циуавæр æнцæ æ сагъæстæ, е бæрæг æй  уомæй дæр, æма æ рæстæги аци министради хъæппæрестæй еу е адтæй, цæмæй НДС-и бæрцæ 18 процентемæй 20 процентей уæнгæ фæффулдæр уа, уæдта хебарæй архайæг адæймæгутæбæл (15-16 адæймагей бæрцæ) дæр хъалон федуни ихæс æрæвæрун.  Етæ ба сæ фулдæр, куд зонетæ, уотемæй æнцæ репетитортæ, хегъуд кæнун ке бон нæй, уони гъудгæнгутæ, сувæллонгæстæ – еузагъдæй, сæ фургъæуагæдзийнадæй уæхæн куститæбæл ка исарази уй, етæ.

Уой хæццæ ба аци министрадæ æгириддæр нæ арази кæнуй, цæмæй уæлдай бонгин ка ’й, етæ уæлдай фулдæр хъалонтæ федонцæ, уæхæн фæтки туххæй унаффæ рахæссуни туххæй фæндонбæл, уой дæр уæхæн рæуонæй, гъома, дан, æхсæнадæн дæр æма экономикæн дæр, е зæранæй уæлдай, неци пайда æрхæсдзæнæй. Е дин комкоммæ фæливд рæуонæ. Абони еци уæлдай бонгиндæрти бæрцæ æй нæ адæмæн сæ еу процент – гъа, сæ бийнонти дæр ку нимайæн, уæд фондз проценти дæр фæууæд. Æма етæ уæлдай фулдæр хъалонтæ федун ку байдайуонцæ, уæд, зæгъайтæ, еци фæткæ циуавæр зæран æрхæсдзæнæй æхсæнадæн дæр æма экономикæн дæр. Куд нæмæ кæсуй, уотемæй пайдайæй уæлдай æгириддæр неци хузи зæран.

Ци æгæрон агъазиау мулкитæ (кæцитæй, нæкæси, фæххайгин æнцæ коррупцион æма æндæр уæхæн æдзæсгон миути фæрци) сæмæ ес, уонæй гъæугæ хъалонтæ паддзахадон къазнамæ ку федонцæ, уæд, баруагæс уи уæд, хъæбæр агъазиауæй хуæрзæрдæмæ фæззиндзæнæй нæ паддзахади финансон хелæдæрундзийнадæбæл, уой хæццæ ба Пенсион фонди равгитæбæл дæр. Фал…

Фал бонгинтæмæ кенæ не ’ндеунцæ, кенæ ба сæмæ си ести хуарздзийнæдтæ æфтуйуй, кенæ ба… Хумæтæг адæми 95 процентемæ ба, æнæуой дæр тухамæлттæй æ царди  хабæрттæ ка аразуй, уонæмæ ба æндеунцæ æма сæбæл еудадзуг еци цурхæги цурхунцæ аллихузон «финансон ратонæн» уæргътæ: е дин аллихузон феддонтæ, е дин æргъти æма коммуналон лæггæдти тарифти ирæзт, е дин… Æма сæ нимад ба ка фæууодзæнæй!..

Еугæр дзубанди бонгинти туххæй рацудæй, уæд, æвæдзи, зæгъун гъæуй уой дæр, æма уонæн ба, дессагæн, цæйбæрцитæ æнцæ сæ пенситæ. Еу рæстæги уæхæн хабар рагъустæй, гъома, хумæтæг уæрæсейæгтæ уæддæр еу-инсæй мин сомей бæрцæ пенсимæ ке бæллунцæ, еци рæстæг чиновниктæ ба пенсион закъонтæмæ ци барасткæнуйнæгтæ бацæттæ кодтонцæ, уонæмæ гæсгæ пенсити бæрцæ гъæуама исуа 50 мин сомемæй ба 150 мин сомей уæнгæ – уой дæр еугуремæн нæ фал сæхецæн, æма хъæбæр дузæрдуггаг æй, еци фæткæй ескæд фæххайгин уодзæнæнцæ хумæтæг пенсиесгутæ.

Уæдта ма хецауеуæггæнæг чиновниктæ æма аллихузон депутаттæбæл уæлиауон пенситæ ауодундзийнади ма ес еума налатдзийнадæ дæр – пенситæ си кæмæн цæйбæрцитæ гъæуама фист цæуа, уой ба алли регион дæр хебарæй нисан кæнуй. Æма еци «барæй» пайда кæнунæй цитæ рауайуй, уой туххæй ба мæ дзубанди иннæ хаййи. Æма газет «Дигорæ» кæсетæ!..

Мæ абони дзубандий кæронбæттæни ба ма, пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенситæ индексаци кæнуни фарстамæ раздæхгæй, зæгъуйнаг дæн уой, æма еци фарстай кой цудæй, Владимир Путинæн айразмæ октябри райдайæни Думи фракцити разамонгути хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми дæр. Парти «Рæстадæ Уæрæсе»-й фракций раздзæуæг Сергей Миронов куд баханхæ кодта, уотемæй нæ бæсти нæуæггонд Конституцимæ гæсгæ хецауадæ гъæуама индексаци кæна еугур пенситæ дæр, æнæ рагъæвзарæнтæй. Æма Президент куд загъта, уотемæй «Хецауадæн фæдзæхстгонд æрцудæй, цæмæй ецирдæмæ æргом æздæхтбæл бакосонцæ. Социалон рæстадæмæ гæсгæ нин ес, цæбæл бакосæн, е. Ами, æнæ уæлдай дзубандийæй, арази дæн…»

Дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæ Президенти загъдмæ гæсгæ, федæдтонцæ игъосун кæнун, е арази ке æй косæг пенсиесгутæн сæ пенситæ индексаци кæнунбæл. Фал, æвæдзи, æгæр ратагъд кодтонцæ. Куд рабæрæг æй, уотемæй еци фарста нерæнгæ кæронмæ лухгонд не ’рцудæй. Уæдта, уотæ дæр нæмæ кæсуй, цума, е кæмæй аразгæ ’й, етæ ’й лух кæнунмæ гъавгæ дæр нæ кæнунцæ. Уотæ ба нæмæ уомæ гæсгæ кæсуй, æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити куд райгъустæй, уотемæй иннæ анзи æма 2022-2023 æнзти пъланон рæстæги бюджети уой туххæй фæрæзнитæ цæмæдæр гæсгæ нисангонд не ’рцудæнцæ. Уогæ ци нæ фæууй, æма сæ кæд ести уæлæнхасæн унаффæй радех кæниуонцæ? Нæ зонæн, фал, ку зæгъун, нæ зæрдæ дардзинан, кæдимайди ба хецауадæ «фæррæдуйидæ» уомæй.

Ес еу уæхæн таурæхъ. Хуæнхаг лæгæн æ хæрæг билæй рахаудтæй æма хъæбæр гъенцъун кодта. Гъæубæсти ’й куд нæ балæдæрдтæнцæ, фал ин сæ бон ци адтæй, æма ин зæрдитæ æвардтонцæ:

– Ма гъенцъун кæнæ, Хуцау бабæй дин æндæр хæрæг ратдзæнæй…

Уæд син еци лæг зæгъуй:

– Магъа-магъа, æз ци Хуцауи зонун, е мин æнæ финддæс соми хæрæг нæ ратдзæнæй…

Аци таурæхъ нæ абониккон царди уавæртæмæ дæр рахатæн ес. Мæнæ айсонккæй ци тухстаг фарстати фæдбæл дзорæн, етæ адæмæн цæйбæрцæбæл ахсгиаг æнцæ, уой кæдимайди ба балæдæриуонцæ, гъуддаг кæмæй аразгæ ’й, етæ æма сæ ралух кæниуонцæ хъиамæтгун адæми хуарзæн. Еци хабар арæзт ку ’рцæуа, уæд, хъæбæр федарæй уи баруагæс уæд, уомæн айдагъ материалон нæ, фал ма уодварнон ахедундзийнадæ дæр уодзæнæй: дзиллæй æргомæй баруагæс уодзæнæй, нæ бæсти нури хецаудзийнадæ сæбæл æцæгæйдæр ке ауодуй, сæ цардиуаги уодæнцойнæдзийнадæбæл æма райдзастдзийнадæбæл син æновудæй ке архайуй еугур равгитæ æма гæнæнтæй дæр. Æма е ба уодзæнæй тæккæ хуæздæр хуасæ, не ’хсæнадæ нерæнгæ дæр ма ци «незтæ» æма «гъæндзийнæдтæй» гъигæдард цæуй, уонæй исдзæбæх æма исцох унæн…

 

Пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уонæн сæ пенситæ индексаци кæнуни нихмæ нæ бæсти финансти министр Антон Силуанов ке радзурдта, уой фæдбæл дзиллон хабархæссæг фæрæзнити фæззиндтæй мæнæ ауæхæн зæгъдтитæ:

– Ходуйнаг ин нæй? Æма уæд Конституци ба?

– Æфсес æстонги нæ лæдæруй…

– Пенсиесгутæ уой фудæй косунцæ, æма ма сæ рацæрун фæндуй.

– Пенсиесгутæ уонæн, æвæдзи, испайдагонд æрмæг æнцæ…

– Кæд пенситæ нæ индексаци кæнунцæ, уæд æргъти ирæзт дæр æруорамæнтæ. Æндæр ба, 500 соми бафтаунцæ, хæрзтæн ба ни 5 мин соми байсунцæ…