ÆНДОНÆЙ ХЪÆБÆРДÆР – БÆГЪАТÆРИ ÆХСАРÆ!..
Кæрон. Райдайæн нæ газети 2-аг номери, 23 январи.
Советон Цæдеси Бæгъатæр Милдзихти Хаджимурзæ финсæг Даурати Дамири хæццæ дзубанди кæнгæй, уотæ загъта: «Мæнæн сæйрагдæр æй, нæ цитгийнаг Хъæбæлоти Билар мин сауæнгæ фæсаууонмæ дæр куд аргъ кодта, ци ми дзурдта, е. Е мæнæй адтæй сæрустур, æз ба – уомæй. Уæлдай арфиаг ба адтæн нæ адæмæй. Кæмидæриддæр ку уинæ, еугурæйдæр мæнмæ кастæнцæ, мæн боц кодтонцæ. Æз мæхе устур амондгун худтон, æнгъалдтон, æносмæ дæр уотæ уодзæнæй… Кедæр цæстæ мин æй нæ бауарзта…»
Нæ номдзуд лæги æ аци гъенцъун загъдæй балæдæрæн ес – æдзæстуарзондзийнади незæй æгæр сæйæн, нæ аккæгтæн аккаг аргъгонд алкæд не ’рцæуй… Фал мах еци «незæй» ервæзт ан, æма абони идарддæр мухур кæнæн Цæгат Иристони адæмон финсæг Даурати Дамир æма зундгонд журналист Баллати Рити дзубанди (æрмæги фиццаг хай кæсетæ нæ газети раздæри номери) Милдзихти Хаджимурзи туххæй, æрæги æ райгурдбæл фондз æма фондзинсæй анзи (1919-1998) ке исæнхæст æй, уой фæдбæл.
– Милдзихти Хаджимурзæн Советон Цæдеси Бæгъатæри ном лæвæрд ку ’рцудæй, уæд ин уой фæдбæл бæрзонд хуæрзеугутæ ба кæд, кæми æма ка равардта, ка ин æй бакодта æ фæтæн реубæл?
– Æртæ госпитæлеми фæдздзæбæх кодтонцæ Хаджимурзи. Валдайæй æй раластонцæ Мæскумæ, хецæн уати æй ниввардтонцæ еунæгæй. Мæнæ мин кутемæй æримиста еци бæнттæй еуей. Æрбацудæй, дан, мæмæ госпитæли хецау æхуæдæг æма мин загъта:
– Исистæ уæлæмæ, нуртæккæ дæмæ æрбацæуйнаг æнцæ иуазгутæ Кремлæй…
Еу сахатти бæрцæ, дан, рацудæй, уæдта дуар байгон æй æма уартæ ’рбацæуй… Михаил Калинин. Æ хузæй, дан, æй базудтон. Æ хъури мæ ’рбакодта æма загъта:
– Как дела, осетин? Поправляемся? Давай, давай, Герой. А ты знаешь, что я бывал на твоей родине?..
Еци дзурдти фæсте иннетæмæ æхе разилдта æма бабæй загъта:
– Это горная республика, где много пьют, но, представьте себе, совершенно не пьянеют.
Æ хæццæ еугурæйдæр ниххудтæнцæ, уæдта еуемæн æ сæрæй райамудта æма имæ е сурх хæцъелæбæл цидæр æрбалæвардта, райхалдта ’й æма си разиндтæй хуæрзеугутæ – Сугъзæрийнæ Стъалу æма Ленини орден, мæ реубæл мин сæ бакодта æма бабæй загъта:
– Давай, давай ты теперь Герой Советского Союза. Об этом сегодня узнает вся наша страна!
Еугурæйдæр мин рардзæф кодтонцæ. Е адтæй 1942 анзи 16 мартъий.
– Еци æхцæуæн хабар далæ æ райгурæн Елхоттæмæ ку исигъустæй, уæд цума уоми ба сæхе куд дардтонцæ? Кунæг нæ цийнæ кодтонцæ? Æ мадæ, æ фидæ…
– Еци бæнттæ мин æхцæуæнæй æримиста æ кæстæр æнсувæр Петя:
– Нæ фидæ радио кæнун нæ уагъта æма е фарсбæл къуæттийæй ауигъдæй лæудтæй. Алкæд ба си Левитан æ бæзгин гъæлæсæй дзурдта, цума ин æ хъури хæтæлтæ наси сифæй ниххафтонцæ, уой хузæн дзурдта: «Карз æма дæргъвæтийнæ тохи фæсте не ’фсæдтæ ниууагътонцæ…» Æма бабæй не ’фсæдтæ ци сахартæ æма гъæутæ ниууадзиуонцæ, знагæй сæ багъæуай кæнунгъон ке нæ разинниуонцæ, уой фудæй, уони нимайун ку райдаидæ, уæд нæ фидæ уонæмæ игъосунæй истухсидæ кæд, дан, мæ фурт дæр фæстæмæ цæугути ’хсæн æй, уæд, дан, нæ ходуйнаги кой райгъусдзæнæй…
Фал æз еу æхсæвæ мæнæ уæхæн фун фæууидтон: цума Хаджи нæ тургъи дуар æрбахуаста, уартæ нæмæ кауи сæрти медæмæ кæсуй, æ уæле ба дæргъæй-дæргъæмæ царин пъæлито, адтæй æнахур бæрзонд æма хуæрзконд. Бахудтæй мæмæ æма æ дæндæгутæ еугурæйдæр – æрттевагæ сугъзæрийнæй.
Сæумæй ку райгъал дæн, уæд мæ фун мæ мадæн радзурдтон æма е катаййи бацудæй:
– Цидæр æрцудæй нæ биццеубæл, кенæ хуарзæй… Кенæ лæгъузæй…
Уобæл нимад бæнттæ рацудæй æма нæмæ еу æхсæвæ нæ гъæуи хецауадæ, нæ синхæгтæ ’рбакалдæнцæ, нæ хуссæнтæй нæ фестун кодтонцæ, радиомæ, дан, цæмæннæ игъосетæ, Хаджи уин немуци ку ниццагъта, уæд…
Еци бонæй фæстæмæ мæ фидæ мæ æ разæй искæнидæ:
– Æма нæ радио цæмæннæ косуй? Бакæнæ ’й!.. Кадæр, дан, хæрæг уасунмæ куд дардта, уой дард æй ци кæнæн…
– Иристонмæ ’й æ цæфтæй исдзæбæх кæнунмæ исласæн, зæгъгæ, ке хъæппæрес адтæй?
– Мæскуй госпитæли цалдæр бонемæй уæлдай нæ фæцæй, Сочимæ ’й рарвистонцæ. Фал уæдмæ знаг еци сахармæ дæр бахæстæг æй, æма нин нæ бæгъатæр æмзæнхони гъæуама фæлластайуонцæ Астæуккаг Азимæ. Фал Хъулати Хъубади, Сталинæн æхемæ нидздзурдта, нæ Хъайтари нин нæхемæ рауадзетæ, нæхуæдтæ ’й исдзæбæх кæндзинан, зæгъгæ. Сталин æ хæццæ исарази æй. Ардигæй имæ дууæ лæги рандæй, исластонцæ ’й сæрмагонд вагони, гъæуайгæнгути хæццæ.
– Æвæдзи ибæл хъæбæр бацийнæ кодтайуонцæ, вагзали поездæй ку рахизтæй уæд, Фидибæстон тугъди нæ фиццаг Бæгъатæр нæхе зæнхæбæл сæрæгасæй æ къах æрæвардта, зæгъгæ…
– Мадта! Иристони хецауадæй фæсте некебал байзадæй, хумæтæг адæм дæр. Еугурей разæй ин нихъхъури кодта Хъубади æхуæдæг, Елхоттæ ин æ бийнонтæмæ дæр сæрмагондæй хуæдтолгитæ рарвиста. Етæ ’й фиццаг госпитæли фæууидтонцæ. Уæд Дзæуæгигъæуи азари размæ 18-аг скъолай госпитæли адтæй, нæ хецауадæ имæ бонæ æртæ хатти цудæнцæ, хумæтæг адæм дæр, уæлдайдæр ба æ райгурæн гъæуæй, алцитæ ин хастонцæ, хуæруйнæгти хуæздæрти.
– Æцæг ме ’нсувæри зæрдæ хуæруйнаг нæ агурдта, – имиста æ кæстæр æнсувæр Петя. – Хъæбæр дæр тухстæй еци берæ дзорагæ уацхæсгутæй. Еухатт дууемæй ку райзадан, уæд мин уотæ зæгъуй, фæстæмæ, дан, мæ рандæ ун фæндуй фронтмæ, æз ами берæ нæ бафæраздзæнæн…
– Æма ци бакодта? Хевæндæ ’й ку худтонцæ…
– Фæллигъдæй. Сауæнгæ Армавири уæнгæ ибæл неке фæггурсхæ ’й, фал æй еци сахари патрултæ æруорæдтонцæ, ку базудтонцæ, ка ’й, уой, уæд æй идарддæр нæбал рауагътонцæ æма Хаджимурзæ уоми афицерти Хæдзари еу къуæре фæццардæй, гъæуай æй кодтонцæ, уæди уавæртæмæ гæсгæ тугъдон закъонтæ куд амудтонцæ, уотæ карзæй, уæдта имæ уордæмæ Мæскуйæй дохтиртæ иссудæнцæ, æркастæнцæ имæ æма ин карз тæрхон рахастонцæ: «Советон Цæдеси Бæгъатæр Милдзихти Хаджимурзæ æфсæддон службæн нæбал бæззуй!..»
Уал немуцаги ци автоматтæй ниццагъта, уой дæр ин райстонцæ, фæстæмæ ’й нæхемæ рарвистонцæ, каст фæцæй уæлдæр партион скъола, куста профессионалон-техникон училищетæй еуей разамонæгæй, Беслæнигъæуи гъæууон-хæдзарадон бази директорæй, гъæууон хæдзаради министради инженерæй. Цидæриддæр кусти сæргъи лæуд адтæй, уоми куста æнтæстгинæй, фал æй æ тугъдон цæфтæ гъигæ дардтонцæ.
– Мæнæн, Дамир, цæмæдесаг æй нæ республики алли рæстæгути хецауадæ имæ циуавæр зæрдæ дардтонцæ. Уæдта, мæнмæ гæсгæ, уой мæнæй уæлдай нæ адæми нури фæлтæрæй дæр берети зонун фæндуй…
– Хаджимурзæ, Ритæ, мæхе хузæн æргомдзурд адтæй æма ин уой туххæй æз мæхе уодæй фулдæр аргъ кодтон.
Берæ арфиаг, æстауæн дзурдтæ мин загъта сæ еугурей туххæй дæр, æцæг мин, Ритæ, баруагæс ди уæд, еунæг хуарз хабар дæр мин нæ ракодта, Одинцови туххæй ба, нæ, дан, нæ уарзта. Æцæг æй æз мæхецæн не ’сбæлвурд кодтон, ветерантæй загъта нæ сæ уарзта, зæгъгæ, уой, æви нæ еугур адæмæй дæр. Еухатт, дан, кæцидæр анзи 9 Майи Сæребари фæзи цалдæр ветеранемæй мах дæр бæрæгбони трибунæбæл лæудтан. Æнай-æнойти, дан, тугъди коймæ мæ зæрдæ исристæй, балæгъуз дæн, рахаудтæн уоми, фал, дан, мæмæ Одинцов фæстæмæ дæр нæ ракастæй, æ доклад кæсун нæ ниууагъта, тагъд агъази машинæ мæ куд фæлласта, уой дæр нæ фæууидта. Уæхæн разамонæги, дан, уарзæн ес?!
Гъæйдæ, Ритæ, уæхæн мæтъæл цаути туххæй нæбал дзордзинан, уой бæсти ба мæ æндæр зæрдтагондæр хабæртти кой ракæнæн…
– Уомæн дæр мæ фарста цæттæ ’й… Хаджимурзæ æ царди фулдæр æнзти Дзæуæгигъæуи рарвиста. Æма æ хæццæ ку исæмбалдтæ, уæд дæмæ куд фæккастæй: сахари «æгъдæуттæ» ин æ уодигъæдæ фендæрхузон кодтонцæ, æви куд æцæг ирон лæг, уотæ еци курухонæй байзадæй?
– Байзадæй, байзадæй… Баруагæс ди уæд, Ритæ, æз имæ цал хатти бацудтæн æ хæдзарæмæ, уал хатти æй баййафтон игъæлдзæг æма цардхузæй, худтæй, гъазæн дзубандитæ кодта. Мæ фиццаг бацуди ин мæ хæццæ гурдзиаг æвзурст сурх сæни авгæ бахастон. Æма мæ уайдзæфти буни фæккодта, цитæ, дан, кæнис, ести, миййаг, уруссаг хæдзарæмæ цудтæ хунди. Æз ба уой хуæздæрæн бахастон. Æ синхаг лæхъуæнтæ Айларти Валерæ æма Сидахъати Тамерлан ме ’мбæлттæ ’нцæ æма мин етæ дзурдтонцæ, не ’стур хæдзари, дан, махæн не ’ртæ къерей ковæг Хаджимурзæ фæууй, финги хестæрæн нин фæббадуй нæ алли гъуддаги дæр, не ’гъдæуттæ имæ хъæбæр бæрзонд бунати æвæрд æнцæ, хъæбæр сæбæл ауодуй, æ уарзон ниуæзтæ ба, дан, гурдзиаг сæнæ æй…
Æз уой æрæстæфтæн мæ фиццаг фембæлди дæр. Уæд æй бафарстон, гъома, раст мæ балæдæрæ, Хаджимурзæ, дæуæн дæ къохи ци устур уæлахез бафтудæй еу тохи, уой туххæй дæмæ гъæуама адтайдæ знаги нихмæ тохуни устур фæлтæрддзийнадæ, кенæдта, æвæдзи, хъæбæр фæттарстæ дæ уодæн. Сæ дууемæй еу…
– Уæллæй, Дамир, дууæ дæр си адтæнцæ… Никки ба ма си æртиккаг дæр адтæй…
– Е ба ма си кæци адтæй? – бадес кодтон æз.
– Уасгерги, Дамир, нæхе Уасгерги. Æхсæвæй-бонæй имæ кувтон. Æма нур дæр ковун.
Дууемæй дæр зæрдиагæй ниххудтан. Нæ гъæр худтмæ æ бийнойнаг Хадизæт дуарæй æрбакастæй, æ раздарæн æ армитъæпæни æрбатумбул кодта, цума æй раст лæдæргæ кодта, уой хузæн, æ сæри хецаумæ медбилти ходгæй уайдзæфи хузæн исдзурдта:
– Иуазæг дæмæ гъуддаги фæдбæл æрбацудæй, ду ба ин ирон игъæлдзæг дзубандитæ кæнунбæл исхуæстæ. Уотемæй ду некæд базæронд уодзæнæ…
– Кæддæр мин гурдзиаг кизгæ уарзон адтæй, – мæ гъоси мин сосæггай дзурдта Хаджи, Хадизæт цæлгæнæнмæ ку рауадæй, уæд. Гъæуама ма имæ еу хатт Гурдзимæ фæццудайнæ киндзæхсæвæр кæци бон искæнæн, уой туххæй гъæуама бадзубанди кодтайанæ. Фал Дайрани коми зилди мет рауардта æма загътонцæ ардигæй, дан, сæрди астæумæ уобæлти рацæуæн нæбал уодзæнæй, цъеу дæр, дан, си нæбал ратæхдзæнæй, цъеу. Ду ба уæхæн уавæри ци бакодтайсæ, Дамир?.. Æз ниддæлæ-уæлæ кодтон æма… нæбал бафæразтон: мæ мадæ мин дæлæ нæхе устур Елхотти Къубалтæмæ кизги байамудта æма имæ æз мæхуæдæг мæ минæвæртти хæццæ исмедæг дæн. Коргутæ, дан æй берæ адтæй. Æма, зæгъун, етæ сæ еугурдæр мæн хузæн Советон Цæдеси Бæгъатæртæ ’нцæ. «Нæ» зæгъун мин не ’сфæразта… Уæддæр Гурдзийæн сæ сæнæбæл мæ зæрдæ нæ исæййивтон. Æрбакъуæрдта мæ…
Хаджимурзæн æ синхæгтæ, мæнæ цума дзубанди бакодтонцæ, уой хузæн мин загътонцæ: «а» æма «о»-йæй фæццардæнцæ. Уæллæй, Хадизæтæн ба Социалистон Фæллойни Бæгъатæри ном раттун æнгъизтæй. Мæнæ ин цума сувæллон адтæй, уой хузæн хаста æ кадгин, æ тох æфхуæрд цардæмбали, гъæуай æй кодта, æ нези гъезæмæрттæн ин фæразта, æ бон ци адтæй, уомæй ин сæ рæуæгдæр кодта…
– Æ цæуæтæй, уæлдайдæр Дамир, æвæдзи, еске хæццæ дæр дзубанди кодтайсæ. Етæ ба ци зæгъунцæ сæ бæгъатæр фидæй, цæйбæрцæбæл ин аргъ кæнунцæ, цæйбæрцæбæл си сæрустур адтæнцæ, бийнонти ’хсæн, дан, æхе куд æвдиста?
– Дууæ фазон кизги ин адтæй. Сæ еуей, Зареми имисуйнæгтæ дæр ма диктофони финстæй байзадæнцæ, мæнæ си цалдæр скъуддзаги, кæсун дин сæ:
– Мæ фидæн адтæй уæззау характер, хъæбæр уæззау, фал дин ард хуæрун, Дамир, е адтæй хъæбæр тæтон адæймаг, хъæбæр фæлмæнзæрдæ фидæ. Еске имæ еуварсæй ку байгъустайдæ, кенæ ку бакастайдæ, уæд загътайдæ, уартæ ци карз лæг æй, зæгъгæ. Е рæдуд фиццаг æнкъарæн æй. Махæй уæлдай æй неке зудта, куд домагæ адтæй, уой. Уой фæндæ адтæй, цæмæй махæй дæр рауадайдæ – æхе хузæн кæдзосзæрдæ, æхе хузæн царди раст нæдтæбæл лæуд адæймæгутæ. Алли гъуддаги дæр ни æгъдау агурдта. Еухатт ин æцæг мæ хуæрæ Венери хабæрттæ маст æрхастонцæ. Еу гурдзиаг лæхъуæн æй раскъафта, еумæ медицинон институти фиццаг къурси ахур кодтонцæ Гурдзистони æй балæуун кодта, Цхалтубæйи рази циуавæрдæр гъæумæ. Мæ фидæ уордæмæ кедæрти хæццæ рандæй хъæбæр мæстгунæй, æ хæццæ топп дæр ма раласта æма æз хумæтæги тарст кодтон, уоми сæ, зæгъун ку нæ ниццæгъдидæ. Фал кæцидæр бони ку раздахтæнцæ, уæд нин нæ фидæ уотæ радзурдта:
– Æ мадæ, гъома, лæхъуæни мадæ, нæ размæ ку рацудæй, уæд мæмæ мæхе уоси мади хузæн фæккастæй æма æрфæлмæн дæн, мæ маст фæццидæр æй…
Мæ фидæ берæ уарзта æрдзæ, куд гъæддаг, уотæ хæдзайрон фонси дæр. Æ фæстаг бæнтти уæнгæ дæр сахари нæ тургъи куйтæн хуæруйнаг хаста, къæразгæй дзæгъæл бæлæутæн къæбæри мортæ ниввæридæ. Цума син се ’взагæй зудта, уотæ мæмæ кастæй, ахур ибæл адтæнцæ. Æруагæс ди кæнуй, дзæгъæл тикиси дæр некæд расхуста, дуар ибæл некæд исæхгæдта, цийфæнди афони дæр æй барæвдауидæ… Уой агурдта махæй дæр.
Уæхæн уодигъæдæ ин ке ес, уой ка зудта, етæ деси бацæуиуонцæ, мадта уæд уойбæрцæ немуцæгтæбæл куд нæ байаурста, зæгъгæ. Ци син гъæуама загътайдæ?.. Æвæдзи æй зудта: е сæ æхуæдæг ку нæ рамара, уæд ин етæ æхе дæр æма е ’мбæлтти дæр рамардзæнæнцæ. Æфсади дæр си тугъдон ахурти уой агурдтонцæ. Æхуæдæг ба уой туххæй сæрустурæй уотæ загъта:
– Мæнæн Фидибæстæ равардта уæхæн бардзурд!..
Мæнæ советон, комиссартæ атаки рæстæг се ’фсæддонтæмæ размæ рампурсунмæ фæрразæнгард кæнунмæ сæ къохтæ куд фæхъхъел кæниуонцæ, уотæ, уæд æ рахес къох хæрдмæ фæхъхъел кæнидæ, еуцæйдæрбæрцæ ин уæлдæфи ауигъдæй райзайидæ. Уæд мæ рæсугъд, мæ бæгъатæр фиди цæститæ уæлдай хъæбæрдæр исæрттевиуонцæ, æ тумбул цæсгон уæлдай хъæбæрдæр ниррохс уидæ…
– Аци зæрдтагон æма æхцæуæн имисуйнæгтæй нæ абони дзубанди фæуун дæр æнгъезуй, фал дæ, Дамир, кæд ма дæ кæронбæттæни фæндуй, цæмæй дæ нæ бафарстон, уæхæнæй ести зæгъун, уæд, табуафси…
– Раздæр æй зæгъуйнаг адтæн, фал мæбæл мæрдти иронх бахуæстæй… Хуцау мин æй бахатир кæнæд мæнæ уæхæн рабарст, фал, Хаджимурзи реубæл Сугъзæрийнæ Стъалу ку бакодтонцæ, уæдмæ сауæнгæ нæ устурдæр, нæ номдзуддæр балхон Плити Иссæмæ дæр уæхæн бæрзондæй-бæрзонддæр хуæрзеуæг нæма адтæй. Советон Цæдеси Бæгъатæри цитгин ном не ’мзæнхонтæй 1942 анзи аккаггонд æрцудæй дууемæн: Хаджимурзæн 16 мартъий æма олгинскæйаг Цоколати Геннадийæн 14 июни. Мæ дзубанди æй айдагъдæр Цæгат Иристонæй рацæуæг æхсаргин тугъдонти туххæй. 1943 анзи мах тугъдонтæй Советон Цæдеси Бæгъатæр иссæй айдагъдæр еу – Тогъузати Хъаурбег, Æрæдонæй рацæуæг, еци ном ин лæвæрд æрцудæй 21 феврали.
Тиллæггун рауадæй 1944 анз – Сугъзæрийнæ Стъалу не ’мзæнхон тугъдонтæй лæвæрд æрцудæй астемæн – Плити Иссæн, Къесати Астанæн, Æхсарати Энверæн, Моргуати Бекæн, Дойати Давидæн, Ходи Константинæн, Æбати Æхсарбегæн æма Калоти Александрæн. Не ’мбæстон Бæгъатæртæбæл 1945 анзи ма бафтудæй æртæ æма æдеугурæй иссæнцæ еуæндæс: Сталин æхуæдæг, Плити Иссæ (дуккаг хатт ин лæвæрд æрцудæй еци ном), Хетæгкати Геуæрги, Мамсурати Хаджи, Дзусати Ибрагим, Гагиати Александр, Калоти Георги, Хъарати Александр, Бицити Сергей, Гагкати Алихан, Хъибизти Александр. 1946 анзи еци ном лæвæрд æрцудæй Махъоти Алиханæн, фашистон Германий сæйраг сахар Берлин байсуни карз тугъдтити рæстæг æхсаргинæй ке фескъуæлхтæй, уой туххæй…
Æз сæ, Ритæ, уомæн ранимадтон, цæмæй адæми зæрдæбæл æрлæуун кæнон, 1951 анзи 9 Майи Дзæуæгигъæуи сахари фæллойнæгæнгути митинги нæ республики уæди разамонæг æ радзубандий Хъулати Хъубади ци гъудитæ загъта, уони:
– Мæскуй радио 1942 анзи æнæгъæнæ бæстæбæл ку фегъосун кодта, елхоттаг лæхъуæн Милдзихти Хаджимурзæн æ тугъдон бæгъатæрдзийнади туххæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном лæвæрд æрцудæй, зæгъгæ, уæд уомæй æхцæуæндæр, уомæй хъазардæр хуæрзæнгорæггаг нæ адæмæн нæма адтæй. Иннæ бæгъатæртæбæл дæр куд нæ бацийнæ кодтан, фал е адтæй нæ еугурей устурдæр цийнæ. Нур нин амæй фæстæмæ барæ нæбал ес нæ фиццаг Бæгъатæри ном иронх кæнун!.. Е уин мæ фиццаг фæдзæхст…
– Æма мах, Дамир, Хъубадий еци фæдзæхст куд æнхæст кæнæн, е дæр, мæнмæ гæсгæ, сæрмагонд дзубандий аккаг фарста æй… Нур, зæгъæн, Хуцау ниддæлæ-уæлæ кодта æма… Хаджимурзæ райгас æй. Æма ку фæууинидæ, уæлæбæл ин æ цитгийнаг номæн ци кадæ ес, уой, уæд ци зæгъидæ? Фулдæр ни арфиагæй байзайидæ, æви ни цæмæйдæр уоййасæбæл боз нæ уидæ?..
– Хаджимурзæ уоййасæбæл хуæрзæгъдау æма лæдæргæ адæймаг адтæй, æма, мæнмæ гæсгæ, рабарæ-бабаритæ кæнун нæ байдайдзæнæй. Адæми уарзта æма нимадта æргомзæрдæй, æхе некæмæй бæрзонддæр кодта, æхецæн уæлдай цитæ нæ агурдта… Фал дæ бафарстмæ гæсгæ ба мæмæ уотæ кæсуй, æма нæ æстаугæ дæр нæ ракæнидæ, фауæн дзурдтæ дæр нæ зæгъидæ. Кæсай, Ритæ. Дæлæ æ райгурæн Елхотти уиндгундæр гъæунгæй еу хæссуй æ ном, райони адмнистраций рази дæр, æма, æ рæстæги кæми ахур кодта, еци скъолай тургъи ин æвæрд ес зæрдæмæдзæугæ циртдзæвæнтæ. Дзæуæгигъæуи 15-аг скъола хæссуй æ ном, аци сахари фæстагмæ Куйбышеви гъæунги ци хæдзари цардæй, уобæл æвæрд ес къæйдорæй конд мемориалон фæйнæг. Хаджимурзæ æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1998 анзи æма æвæрд æрцудæй Дзæуæгигъæуи сæрмæ Намуси Аллейи.
Рафауйнагæй ба нæмæ, мæнмæ гæсгæ, ци ес? Æ рæстæги ибæл конд æрцудæй дууæ зари, уонæй еу уæртæ киристонгъæуккаг игъустгонд зартæгæнæг Гулчети Епо исаразта, иннæ зарæн ба дзурдтæ ниффинста Цæгæрати Гиго. Радиойæй дæр æма аллихузон цитгингæнæн мадзæлтти дæр раздæр ахид райгъусиуонцæ… Æрæги ба ма сæ ескæд фегъустай, Ритæ?..
Хаджимурзи райгурæн бон анзи фиццаг бæнттæй еуеми фæууй æма æ кой нæ райгъусуй, уомæн æма уæд æнæгъæнæ дæс бони не ’стур бæсти фæлладуадзæн бæнттæ фæуунцæ, газеттæн дæр æма, мæнмæ гæсгæ, уæ радиойæн дæр. Фæсбæрæгбон ба сæ Хаджимурзæмæ нæбал фæййевдæлуй. Е дæмæ раст кæсуй?
– Нæ кæсуй. Абони карз æма берæ цæмæйдæрти не ’хсæнади цардарæзтæн, нæ адæми уодварни алæмæтдзийнадæн тæссаг æма зæранхæссæг уавæрти мах мæнæ елхоттаг æхсаргин Милдзихи-фурти хузæн нæ разагъди адæймæгути дæнцæнтæй гъæуама гъомбæл кæнæн нæ кæстæрти Фидибæстæ, нæ райгурæн Иристон уарзунбæл æма сæбæл æновуд, багъæуаги сæ сæрбæлтау уодуæлдайæй архайунгъон унбæл. Е нин гъæуама уа нæ фидтæлти табуйаг фæдзæхсти хузæн. Цæмæй уотæ уа, уобæл ба æвæллайгæй ка архайуй, уонæй еу дæ ду дæр, Дамир. Æма дин зæрдиагæй арфæ уой туххæй дæр, уæдта дæ абони зæрдæмæдзæугæ æма медесгун радзубандий туххæй дæр.
Арфæ дин кæнун, Дамир, мæнмæ гæсгæ, абони дæ хæццæ нæ дзубанди рауадæй лæмбунæг æма фæлмæн…
МИЛДЗЫХТЫ ХАДЗЫМЫРЗÆЙЫ ЗАРÆГ
Араст и нæ Хаджи Елхотæй
Фыдыбæстæйы хæстмæ хæстон, гъей!
Нæ фæтарст бирæгътæй, лæгмартæй,
Ызнагæн сарæзта фыдбон, гъей!
Нæ Хаджи фыдгултæн сæ тыхтæ
Пырх кодта ныфсхастæй уæндон, гъей!
Арвыста цъаммартæй мæлæтмæ
Нæ хъайтар фондзыссæдз иу бон, гъей!
Нæ зарæг сахъ гуырдыл ныккæнæм,
Базырджын цæргæсыл хъæрæй, гъей!
Нæ Хаджи, æрттив ды æнустæм,
Хъазыбеджы урс хохау фæрнæй, гъей!
Аци зар рамухур кодтан композитор ХАХАНТИ Дудари арæзт æмбурдгонд «Ирон зарджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртыл»-æй.