27 июля 2024

ÆНОСОН – СÆ АЛÆМÆТТАГ ИСФÆЛДИСТАДÆ!..

30.09.2022 | 11:21

Хуцауи хуæрзеуæгдзийнади табедзæй ка фæххайгин уа æма уой фæрци æ уоди алæмæти искурдиади цæхæр ку иссодза, уæд ин уой нæ нидæн кæндзæнæнцæ рæстæгути цийфæнди дзæгъæлгæнæнти дæр – еци федауцæй еу фæлтæрæй иннемæ хъæртдзæнæй зæрдрохсгæнæг æма рæствæндаггæнæг фарнæй. Æма уотæ уодзæнæй æносæй-æносмæ.

Гъе уотæ сæ алæмæти искурдиади рохсæй рæвдаунцæ нæ адæми цалдæр фæлтæрей зæрдитæ Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг Туйгъанти Сафари фурт Махарбег æма Иристони профессионалон музыки бундорæвæрæг Галати Александри фурт Барис.

Сæ еуемæй иннæ искурдиадæгиндæр, сæ еуемæй иннæ æ адæмбæл æновуддæр æма ин берæ агъазиау хуæрзти бацæуæг. Æма сæ нæ дзиллæ дæр арфиагæй имисунцæ, кадæ син кæнунцæ. Уомæн еума æвдесæн иссæй, æрæги Цæгат Иристони хузæгæнгути равдистити зали сæрмагонд равдист «Туйгъанти Махарбег æма Галати Барис: алæмæти искурдиадæгинти æмхæларадæ» арæзт ке ‘рцудæй, е дæр. Аци зæрдæмæдзæугæ æма æнæмæнгæ гъæугæ мадзал арæзт æрцудæй Цæгат æма Хонсар Иристони культури министрадти, Галати Аслан-Гирейи номбæл культури Фонди, Цæгат Иристони хузæгæнгути æма композиторти Цæдести, Дзæуæгигъæуи администраций культури управлений æма ма æндæр культурон-рохсадон æхсæнæдти æмгустади фæрци.

Номдзуд скульптор СОСКЪИТИ Владимир æма равдист исаразæг, Галати Аслан-Гирейи номбæл Фонди разамонæг ГАГЛОЙТИ Лианæ.

Туйгъанти Махарбег æма Галати Барис дууемæй дæр революций размæ дæр æма уой фæсте æнзти дæр уодуæлдайæй архайдтонцæ нæ адæми национ-культурон ирæзтбæл. Æма е уотæ æнцон нæ адтæй, уомæн æма уæди рæстæгути, евгъуд æноси дæс æма инсæйæймаг æнзти нæ бæсти æхсæнадон-политикон уавæртæ уоййасæбæл хæлхъой адтæнцæ, æма сæ фудруни бастъалдæнцæ Иристони разагъди лæгтæй, нæ зунди цирагъдартæй беретæ. Уой дæр кедæрти фудвæндæ æма фудцъухи азарæй. Туйгъанти Махарбег уæхæн дандунгæнгути знаггадæй фæййервазтæй, æвæдзи, уой фæрци дæр æма, æ райгурæн Иристони хонсар хаймæ ке рандæй – уой дæр Галати Бариси фæндæй, хæлæрттæ адтæнцæ. Хонсар Иристони уогæй, Махарбегæн æ исфæлдистадон-рохсадон архайд кодта никки æнтæстгиндæр æма агъазиаудæр. Цхинвали байгон кодта хузæкæнуйнади студи-училище, куста Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон театри, адтæй спектакльтæ аййевгæнæг. Аразта æхе æма, æхуæдæг бундорæвæрæг кæмæн иссæй, еци аййевадон ахургæнæндони ахургæнгути æма ахурдзаути конд кустити равдиститæ. Куд хузæгæнæг, уотæ фæлгонц кодта уæди рæстæги бунæттон рауагъдади киунугутæ дæр.

Галати Барис ба еци рæстæги ма Дзæуæгигъæуи цардæй. Адтæй имæ æфсæддон æма профессионалон музыкалон ахурадæ. Паддзахи æфсади æфсæддон скъолатæй уæлдай ма, революций фæсте каст фæцæй Ленингради уæлдæр Централон паддзахадон музыкалон техникум, уоми ин хуæрзауодæг иссæнцæ номдзуд музыканттæ æма ахургæнгутæ Петр Рязанов, Дмитрий Шостакович, Христофор Кушнарев

Уæди рæстæги фæткитæмæ гæсгæ аци ахургæнæндони раззагдæр рауагъдонти рарвистонцæ исфæлдистадон балций Иристони хуæнхон æма будуйраг гъæутæмæ. Еци къари хæццæ адтæй Галай-фурт дæр, æма уотемæй æрæмбурд кодта нæ адæми музыкалон фольклори гъæздуг æрмæг: тæнгин æма гъесин фæндурæй цæгъдтитæ, фидтæлтиккон зартæ, кæмтти цæргути цардиуагæ ба равдиста æхе ист къартæ æма æндæр уингæ æвдесæнтæй. Æ уæхæн рохсадон архайди фæрци абони уæнгæ нæмæ æрхъæрттæнцæ номдзуд фæндурдзæгъдæг Мерденти Хъайсæни, Къорнати Бариси армдзæф, Плити зартæгæнæг ансамбли архайгути еумæйаг исфæлдистадон бунтæ, æндæр ахсгиаг æрмæгутæ.

Æ еума хуарздзийнадæ ба ма, ку зæгъæн, е адтæй, æма фудæнзти адзалæй багъæуай кодта Туйгъанти Махарбеги уод. Галай-фурти фæндæй рандæй Цхинвалмæ, æма уоми дууемæй архайдтонцæ нæ национ культури ирæзтбæл. Барис бундор æрæвардта кафт æма зари паддзахадон ансамблæн. Зундгонд кафæг Берæгъти Заурбеги хæццæ Хонсар Иристони хуæнхон æма будуйраг гъæути цæрæг кафагæ æма зарагæ фæсевæди ‘хсæнæй æрæмбурд кодтонцæ сæ искурдиадæгиндæрти æма етæ иссæнцæ аци исфæлдистадон артдзæсти фиццаг архайгути къуар. Уонæн Махарбег дæр ахид лæвардта консультацитæ. Музыкалон скъола байгон кодта Цхинвали, уæдта ма музыкалон къуæрттæ бамбурд кодта скъолати, педагогон техникуми, цалдæр ирон гъæуеми. Исаразта æрхи æма адæмон музыкалон инструментти оркестртæ, идарддæр æнтæстгинæй æнхæст кодта æртасæн архайд дæр.

Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон драмон театр уæди рæстæг æма Устур Фидибæстон тугъди кæронмæ ци спектакльтæ æвардта, уони музыкалон æма аййевадон æгъдауæй фæлгонц кодтонцæ Барис æма Махарбег. Сæ исфæлдистадон фæндитæ цæмæй царди рацудайуонцæ, уомæн син агъазгæнæг адтæнцæ, ардæмæ эвакуацигонд ка ‘рцудæй, еци аййевадон къуæрттæ: Цæгат Иристони ирон паддзахадон æма уруссаг драмон театри актертæ, æнсувæрон республики паддзахадон ансамбль æма филармоний аййевадон коллективтæ. Тугъди тæккæ уæззаудæр рæстæги, 1942 анзи, фæззиндтæй фиццаг профессионалон музыкалон оперæ «Нарт Батрадз». Либретто ин ниффинстонцæ зундгонд драматург Саулохти Мухтар æма Цæбити Залихан. Музыкалон æма æ архайгути уæледарæси фæлгонцæн ба дзуапп лæвардтонцæ Туйгъанти Махарбег æма Галати Барис. Театри оркестри музыкантти къуари адтæнцæ, рæстæгмæ Хонсар Иристони цæргæ кæмæн рауадæй, еци дæсни æма зундгонд аййевадон архайгутæ Герц Цомык, Григорий Мадатов, Валентин Сухоруков. Аци оперон спектакль уоййасæбæл цæмæдесаг иссæй, æма æностæмæ хаст æрцудæй советон аййевади анзфинстмæ, уой туххæй бакæсæн ес Г.Бернандти арæзт дзурдуат «Оперити дзурдуат»-и, Театралон æма Советон энциклопедити, Б.Штейнпресси арæзт дзурдуати «ХХ æноси оперон премьеритæ» æма берæ æндæр рауæнти.

Оперон спектакли автортæ æма артисттæ аййевадæуарзгути размæ сæ исфæлдистадон фæллойнæ рахæссунæй сæ размæ устур ихæс ке æвардтонцæ, е бæрæг адтæй, Галай-фурти хæццæ ибæл сауæнгæ æмбесæхсæвти уæнгæ ке фæккосиуонцæ, уомæй дæр. Туйгъанти Махарбег ма уой фæдбæл исаразта сауæнгæ лимæнзæрдæ шарж «Æхсæвгæйтти 12 сахаттебæл Галай-фурт рацæуй оркестрæй…» Сæйраг сорæттæ спектакли исаразтонцæ зундгонд актертæ æма ансамбли зартæгæнгутæ Мамити Дмитрий, Цхурбати Барис, Цæбити Нинæ æма Хъаирти Валоди. Æхсæз хатти ‘й рахастонцæ аййевадæуарзгути размæ, фæууидтонцæ ‘й æма ин хуарз аргъ искодтонцæ Тифлиси театрдзаутæ дæр. Театри сценæбæл æй исæвæрунмæ æма ибæл æ автортæ куд зæрдиагæй кустонцæ, уомæн æвдесæн адтæй е дæр, æма сæбæл æновудæй ауодудта Хонсар Иристони партий облæстон комитети уæди разамонæг Цхурбати Валоди.

Оперæ «Нарти Батраз» еума агъазиау къахдзæф ракодта нæ национ аййевадæ æма культури райрæзти бæрзæндтæмæ, æма еци размæцуди æнтæстдзийнади сæрбæлтау Галати Бариси æма Туйгъанти Махарбеги уодуæлдай хъиамæттæ цæйбæрцæбæл агъазиау æнцæ, уой еума хатт уæлдай ирддæрæй фæббæлвурд кодта мæнæ аци равдист «Туйгъанти Махарбег æма Галати Барис: алæмæти искурдиадæгинти æмхæларадæ» дæр. Ка ‘й бабæрæг кодта, етæ, айдагъ Махарбег æма Бариси цард æма исфæлдистадон архайди хæццæ нæ базонгæ ‘нцæ, фал ма син равгæ фæцæй оперæ «Нарти Батраз»-æй скъуддзæгтæмæ, уæдта кинонивæ «Фатимæ»-й Галати Бариси финст музыкæмæ байгъосунæн. Рацагъта сæ Паддзахадон филармоний камерон симфонион оркестри нæуæг къуар, æ разамонæг Махъоти Ацæмæз. Сæйраг зæламонæг ба адтæй Галати Бариси цæуæти цæуæти кæстæр Гæбæрати Ольгæ.

Равдист арæзт æрцудæй Галати Бариси мемориалон хæдзари æма Хонсар Иристони паддзахадон музейи фондти æрмæгутæй.

Равдист цудæй 25 августæй ба 27 сентябри уæнгæ. Цæйбæрцæбæл цæмæдесаг рауадæй, уомæн æвдесæн æнцæ, уой фæдбæл дзиллон хабархæссæг фæрæзнити ци аллихузон æрмæгутæ рацудæнцæ, етæ. Мах ба нæ радзубандий кæронбæттæни ма уой зæгъуйнаг ан, æма бæргæ хуарз уидæ оперæ «Нарти Батраз»-и хæццæ Иристони дзилли нуриккон фæлтæрти базонгæ кæнунбæл зæрдиагæй ку байархайиуонцæ нæ Паддзахадон филармоний оперон театри исфæлдистадон коллективтæ. Уомæй етæ исараздзæнæнцæ хъæбæр арфиаг гъуддаг. Æма син е ке бантæсдзæнæй, уобæл ба нæ зæрдæ дардзинан…

ГАСАНТИ Валерий