06 декабря 2024

«ÆНОСТÆМÆ ЦÆРÆД Æ КАДÆ!..»

31.03.2023 | 12:00

ДЗАНАЙТИ Азанбеги конд хузæ «Къоста».

Къоста

ТÆХУДЫ

Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!
Тæхуды, æрæгвæззæджы,
Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы
Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!

 Тæхуды, йæ фыды зæххыл,
Йæ уарзон æмгарты рæгъыл
Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!
Тæхуды, йæ гутонимæ,
Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ
Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг!

 Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

 

Номдзуд рохситауæг, адæмон исфæлдистадæ æмбурдгæнæг, финсæг æма этнограф Гарданти Хъайтухъи фурт Михал æхе нимадта Хетæгкати Къостай æновуддæр фæдонтæй еуебæл. Хъæбæр хуарз зудта Къостай лæгæй-лæгмæ, цалдæр хатти исæмбалдæнцæ еумæ, фæдздзубандитæ кæниуонцæ уæди рæстæги сагъæссагдæр фарстати фæдбæл. Еумæ исистонцæ сæ къарæ дæр. Къостай рамæлæти фæсте Михал зæрдибунæй финста æма мухур кодта уой туххæй æ имисуйнæгтæ.

Мухур сæ кæнæн абони (раст зæгъгæй, дæлсæргæндтæ син равардтан нæхе зæрдтæй – цæмæй æнцондæр кæсæн уонцæ).

 

Æ фæууинунмæ, зундæй æй бафæрсунмæ бæлдтæнцæ фæсевæд…

 Къостай ном раги райгъустæй Иристонбæл, æнæгъæнæ Кавказбæл. Е адтæй адæмæн сæ бæгъатæр фурт, сæ зартæгæнæг, сæ бартæбæл тохгæнæг. Æма, поэт æ цард, æ дессаги поэтикон исфæлдистадæ æнæвгъауæй кæмæн равардта, еци æфхуæрд адæмтæ ’й алкæддæр æнæкæрон берæ уарзтонцæ, æ фарс адтæнцæ, агъазмæ имæ æнгъæл кастæнцæ. Е син лæвардта æ агъази хай æма ин кодтонцæ устур кадæ.

Къостай фæууинунмæ, уой зундæй бафæрсунмæ, æ фæдбæл цæунмæ хъæбæрдæр бæлдтæнцæ Иристони фæсевæди раззагдæртæ. Уонæбæл нæхе нимадтан мах дæр. Æма 1890 анзи, Æрæдони дини скъолай ахур кæнгæй, исфæндæ кодтон Къостай хæццæ базонгæ ун, фæллойнæгæнæг дзиллити ’хсæн сæребарæ æма рохсдзийнадæ тауни сæрбæлтау е ци надбæл лæудтæй, уобæл цæун.

Къоста еци рæстæги нимад адтæй паддзахи устурдæр знæгтæй еуебæл. Æ райгурæн Иристони ин цæруни барæ дæр нæ адтæй. Æрæдони дини скъолай разамонгутæ æма моллотæ дæр поэтмæ хуарз цæстæй нæ кастæнцæ. Етæ дæр, уæдта бунæттон буржуазон элементтæ дæр сæ гъос дардтонцæ студенттæй Къостай финститæ, кенæ ба æндæр революционерти киунугутæ ка кастæй, уонæмæ, æма сæ ку базониуонцæ, уæд сæ скъолайæй ратæриуонцæ.

Еу бæрæгбони рæстæги æз байархайдтон мæхе скъолайæй æртæ боней дæргъи ракорунбæл æма фестæгæй рараст дæн Æрæдонæй Дзæуæгигъæумæ. Е адтæй 1892 анзи, фиццаг октябри – раст не скъолай дини бæрæгбон ку адтæй, уæд.

Сахари бацудтæн поэт Цæголти Михали фурт Геуæргимæ. Е зудта Къостай фатер æма мин æй байамудта. Къоста уæд, æнгъæлдæн, Æрæдони номбæл гъæунги цардæй (æви Тифлиси гъæунги, дзæбæх æй нæбал гъуди кæнун). Бацудтæн æма дуар бахуастон. Рацудæй мæмæ фудхузгомау æ кари силгоймаг æма мин загъта:

– Къоста нуртæккæ ами нæй. Ами фæууй сæумæй фараст сахаттебæл, кенæ ба бонæй æртæ сахаттебæл.

Æз фæстæмæ рандæ дæн. Къостай фæууинунмæ бæлгæй, мæ зæрдæ агайдта фурцийнæй. Рæстæг дæр ниддаргъ æй. Фæндадтæй мæ тагъддæр ку тахтайуонцæ минуттæ æма æртæ сахатти ку ралæудтайдæ.

1892 анзи, дуккаг октябри, бони æртæ сахатти ку ралæудтæй, уæдта бахуастон Къостай фатери дуар. Уайтæкки дуар фегон æй, ракастæй мæмæ хуæрзконд, зæрдæмæдзæугæ, гургин лæхъуæн, еу-дæс æма инсæй анзи кæбæл цудайдæ, уæхæн. Салам мин равардта, уæдта мæ бафарста:

– Ка дæ гъæуй, æнсувæр?

Æз расурх дæн æма æфсæрмигæнгæй дзуапп равардтон:

– Бахатир кæнæ, мæн Къоста гъæуй, фæууинон æй.

Лæг æ медбилти бахудтæй, дуæрттæ урухдæр байгон кодта. Æ къохæй мин райамудта уатмæ æма дууемæй дæр медæмæ бахизтан.

 

Хетæгкати Къостай конд хузæ «Сабий дорсæтгутæ».

Лимæнти хæццæ – фæлмæнзæрдæ, æнæуинонти хæццæ ба – кæрздзурд…

Кæд мин æхе нæма байамудта, уæддæр æз базудтон, е Къоста ке адтæй, уой, æма мæ зæрдæ цийнæй райдзаг æй. Æ еу къахæй еуминкъий къулух цудæй. Еу дуарбæл бахизтан хорнигулæнæрдæмæ тургъæмæ, уордигæй галеуæрдæмæ æндæр уатмæ бацудан. Е адтæй Къостай хузæгæнæн æрмадзæ.

Уати уайтæкки рауидтон нæуæг конд хузæ: æригон хуæнхаг биццеу, дорсæттæг. Е дзæбокæй сæттуй дортæ, фудхуз, фæлорс, æ дзаумау еуæй-еу рауæнти æскъудтæ.

Еци æнамонд мæгур сувæллони хузæмæ кæсгæй мæ зæрдæ бамæгур æй. Сæргубурæй имæ дзæвгарæ фæккастæн. Уоми ма адтæй цидæр изæдти хузтæ дæр. Къоста мин уонæмæ райамудта. Æркастæн сæмæ æма ин æфсæрмигæнгæй загътон:

– Уæхæн гъæздуг цардгæнæг «изæдтæ» махмæ дæр берæ ес. Адæймаги зæрдæмæ уойбæрцæ нæ хезунцæ. Фал æз хъæбæр тæрегъæд кæнун уартæ еци мæгур биццеуæн.

Къоста бабæй мæ дзубандитæбæл æ медбилти бахудтæй æма иннæ уатмæ бахизтæй. Æз еуцæйбæрцæдæр рæстæг еунæгæй райзадтæн. Хузтæмæ кæсгæй гъудити ранигъулдтæн æма нæ бафеппайдтон, Къоста фæстæмæ куд рацудæй, уой.

– Цæуæн медæмæ, иннæ уатмæ, – загъта е æма бацудан, æ къæрæзгитæ хорнигулæнæрдæмæ кæмæн адтæнцæ, уæхæн ниллæг уатмæ. Къела мин æрæвардта.

– Исбадæ, – къеламæ мин райамудта, æхуæдæг къæразги рази персайнаг горцъейæй æмбæрзт ка адтæй, уæхæн тъахтинбæл æрбадтæй…

– Гъе дин мæнæ æз, Къоста! – загъта е æма,  цума ести хабармæ æнгъæлмæ кастæй, уæхæн каст мæмæ æрбакодта.

Æз дæр имæ лæмбунæгдæр æркастæн: æмбесонди хуæрзконд лæхъуæн, – æ тæрних – бæрзонд, цæхæрцæстæ, æ бецъотæ дæр сау-сауид, æ закъæ дæр адтæй рæсугъд, цубурæлвид. Еузагъдæй, æцæг ирон лæг.

Æз уой размæ берæ хæттити фегъустон, зæгъгæ, дан, Къоста дæсни æй, ке хæццæ ин куд дзубандигæнгæ ’й, уомæ. Æ лимæнти хæццæ фæлмæн æма игъæлдзæгæй фæдздзубанди кæнуй, ке нæ уарза, уой хæццæ ба æнæхатирæй.

Къела мин ку æрæвардта, уæд æз хъæбæрдæр нифсæрми дæн. Ходуйнаг мæмæ кастæй, кæстæр уогæй, е ’мрæнгъæ исбадун. Къоста мæ балæдæрдтæй æма мин нæуæгæй байамудта къеламæ:

– Æфсæрми ма кæнæ, исбадæ æма мин дæ хабæрттæ радзорæ.

– Æз Æрæдони дини скъолай кæсун, киристонгъæуккаг дæн, Гардантæй, – загътон æма бабæй нæуæгæй нигъгъос дæн… Цума нæмæ дзоруйнаг æгириддæр нецибал адтæй. Цума æз айдагъдæр Къостайæн æ фæууинунмæ æрбацудтæн, уотæ.

Кæсунæй имæ нæбал æфсастæн. Къостабæл адтæй хумæтæги дарæс – сау хæдонæ. Уæхæн хумæтæги дарæси ’й уой фæсте некæдбал фæууидтон. Е алкæддæр дардта цохъатæ, бохарходæ æма хуæдбунтæ, баслæхъ, хъæма ирон рони хæццæ – ефстагмæ ибæл уидæ нимæт дæр.

 

Зæрдтагонæй фæдздзубанди кодтан нæ берæ зæгъуйнæгти фæдбæл…

Мæ хæццæ куд фулдæр дзубанди кодта, уотæ ’й зæрдæ æхемæ хъæбæрдæр æлваста. Къостай хæццæ дзубанди кæнунæй, æвæдзи, некæд бафæлладайнæ.

– Къоста, – фæстагмæ исдзурдтон æз. – Еуминкъий басня ниффинстон: «Толдзæ ма æхсæрæ». – Æма имæ равардтон мæ къохфинст.

Къоста ’й æхенимæри бакастæй, уæдта мæ бафарста:

– Зæгъай мин, дæ хуарзæнхæй, ци зæгъунмæ гъавтай аци басняй?

– Еуæй-еу бонгинтæ, æлдæрттæ, саугинтæ æма æндæр уæхæнттæ сæхемæ толдзи хузæн федар кæсунцæ. Нецæмæ дарунцæ листæг æхсæрæ бæлæсти. Кавкази мингæйттæй ка ирæзуй æма берæ æхсæртæ кæбæл æрзайуй, уони. Гъома, фæллойнæгæнæг мæгур адæми.

– Раст, хъæбæр раст зæгъис, мæ лимæн, Михал, – мæ номæй мæмæ исдзурдта. Æвæдзи æй æмдзæвги бунмæ бакастæй, – махæн дæ хæццæ нæ гъудитæ еу рауæнмæ цæунцæ. Æнæмæнгæ еу гъуддагæй гъигæдард ан. Гъæуама нæ тох бонгинти нихмæ уа æфхуæрд адæми царди сæрбæлтау…

Берæ фæдздзубанди кодтан зæрдтагонæй, берæ ахсгиаг  зæгъуйнæгтæ нæмæ разиндтæй. Гъæуи, скъолай хабæрттæй мæ фæффарста Къоста. Уæдта имæ мæ финст ниууагътон, хуæрзбон ин загътон. Уотемæй мæ рафæндараст кодта.

Æма ме скъоламæ фæстæмæ æрцудтæн. Уæдæй фæстæмæ æз зæрдиагæй архайдтон, Къостай хæццæ нæмæ ци бастдзийнадæ рауадæй, уой федардæр кæнунбæл…

 

Цитгинæй æй исиуазæг кодтонцæ – æ кадæн исаразтонцæ кувд…

Мæнæ уæлдæр ци скъолай кой ракодтон, уой 1893 анзи, 20 июли каст фæдтæн. Косун райдæдтон адæмон ахургæнæгæй.

Еци рæстæги Къостайæн Иристони цæруни барæ нæ адтæй. Е рандæй е ’рвадæ Хетæгкати Андухъапармæ, Петербургмæ. Андухъапар уоми уæд дохтирæй куста. Къоста имæ еуцæйбæрцæдæр рæстæг рацардæй, уæдта дууемæй дæр исфæндæ кодтонцæ Иристонмæ иссæун.

Æз ба 1896 анзи иссудтæн Дзæуæгигъæумæ. Уæд æз косун райдæдтон Терки облæсти скъолати инспекторæй. Базудтон, Къоста Андухъапари хæццæ Петербургæй сосæггай ке иссудæй, уой. Къоста Терки облæсти администрацийæй æхе римахста æма æ фусун æркодта Иригъæуи, Колитæмæ.

Иристони хъазар поэт æ райгурæн бæстæмæ ке фæззиндтæй, уой Къостайæн æ хæстæгдæр æмбæлттæй æндæр неке зудта. Еци æмбæлттæй еу адтæй поэт Цæголти Геуæрги. Е зæрдиагæй архайдта Къостайæн кадæ æма цитæ исаразунбæл, исбоц æй кæнунбæл. Цæголи-фурти фæндонмæ гæсгæ, Къостай куд æнгъезуй, уотæ исиуазæг кæнуни туххæй, сахари сæрмæ, Сапицкийи будкæ ке хонунцæ, еци рауæн кувд искодтонцæ.

Июни æви июли адтæй, дзæбæх æй нæбал гъуди кæнун. Айдагъдæр ма мæ зæрдæбæл лæууй – сабати бон адтæй. Кæбæл æууæндтæн, уæхæн дууæ æмбали – Тотой-фурт æма Бердий-фурти мæ хæццæ райстон, фаэтон байхурстан æма иссудан нæ нисангонд бунатмæ. Берæ хуарз дзубандитæ фæккодтан. Нæ хузæ Къостай хæццæ еумæ исистан. Хузесæги муггаг адтæй Дзанайтæй-Хетæгкатæй. Алкедæр фæндадтæй Къостамæ хæстæгдæр балæуун, уой хæццæ фулдæр радзубанди кæнун.

 

Нæ дзубанди фулдæр уидæ нæ маддæлон æвзагбæл газеттæ æма киунугутæ мухур кæнуни фæдбæл…

Рæсугъд къохи, кæдзос уæлдæфи, берæ деденгути астæу, гъæздуг фингæ æрæвардтонцæ. Финги хестæрæн равзурстан Къостайæн æхе. Æз разардтон, Къоста ци зар уарзта «Къудари зæронд лæг», зæгъгæ, уой. Мæнæй æй райста Къоста. Еугурæйдæр ин зæрдиагæй базариуонцæ.

Нæ еугуремæн дæр нæ каст Къостамæ адтæй. Е игъæлдзæг адтæй, æ цæститæй худтæй, циуавæрдæр нифси цæхæртæ си æрттивтонцæ.

Къоста фиццаг ракувта нæ фембæлд исаразæг, поэт Цæголти Геуæргий цæрæнбони туххæй.

– Хуарз æргъуди адтæй, æмбæлттæ, раст ку зæгъæн, уæд, Геуæргий æргъуди æма ин æ цæрæнбони туххæй баниуазæн…

– Хуарз, хъæбæр хуарз, Къоста! – загътонцæ æмбæлттæ æма ин æ кувд кæронмæ рахъæртун кодтонцæ.

Уой фæсте берæ æндæр гагидæуттæ. Хуæрдæ æма ниуæзти игъæлдзæгдзийнади фингæ идарддæр æ куст кодта. Берæ си адтæй гъуддагбæл дзубандитæ. Дзубанди рацудæй хуæнхаг силгоймæгтæн ахурадæмæ над аразуни туххæй дæр. Къоста амудта, зæгъгæ, гъæуама хуæнхаг силгоймаг нæлгоймаги хæццæ æмбарæ уа, биццеутæ æма кизгуттæ гъæуама æмхузон хай исуонцæ ахурадæ æма рохсадæй.

Мах – ахургæнгутæ – еци гъуддаги Къостай фарс адтан.

Нæлгоймæгтæ æма силгоймæгтæ еумæ æмхузонæй ахур кæнонцæ, зæгъгæ, уой нихмæ ка лæудтæй, уæхæнттæ дæр си разиндтæй не ’хсæн. Уонæй адтæнцæ сахари хецау Байати Гаппо, уæдта сахари скъолати ахургæнæг Тибили-фурт. Æма сæ дууей туххæй дæр Къоста гъазгæ-æфхуæрæн дзубанди кодта: «Зундгин ахургæнæг æй Тибили-фурт. Уой нæ гъæуй ахургонд уосæ. Ахургонд уосæ коммæ нæ фæккæсуй…»

Байати Гаппой дæр æхсилкъæ кодта æ циргъ зæгъдтитæй: «Зундæй идзаг æй Байи-фурти сæр, е хумæтæги не ’ссæй Горæти сæр»…

Фал нин уæдмæ нæ гъæуайгæнгутæ фегъосун кодтонцæ:

– Терки рахес билæбæл, Тарскийи хутор æрдæмæ, дан, пъæлицæ иссæунцæ. Æнæмæнгæ бабæй етæ кедæр агорунцæ.

Еци бæлахæй нæ нæхе æвæстеуатæй багъæуай кæнун гъудæй. Къостайæн æхе амундмæ гæсгæ æмбæлттæ уайтæкки еугæйттæй гъæди сæхе римæхсунмæ фæцæнцæ. Айдагъдæр Къоста, Андухъапар æма æз нæхе нæ бафæсвæд кодтан. Нæ бунатæй æмраст къахнадбæл сахармæ рараст ан пъæлицæйæгтæн сæ тæккæ комкоммæ.

Къостайæн æ плащ адтæй æ галеу цонгбæл, æ рахес къохи ба – зонт. Уомæй гъазгæ цудæй Къоста æма дзурдта:

– Де ’знагбæл дæ фæууæлахез ун ку фæндæуа, уæд имæ алкæддæр комкоммæ нифсгунæй, лæгæй-лæгмæ цо!..

Мах неке бахъор кодта. Фал гъæди нæ хæццæ ка адтæй, уонæй беретæ ахæст æрцудæнцæ. Ахæст æрцудæй поэт Цæголти Геуæрги дæр. Мæн ба мæ кустæй райеуварс кодтонцæ – политикон æгъдауæй мæбæл æууæнкæ ке нæбал адтæй, уомæ гæсгæ.

Къостай хæццæ еци фембæлд махæй беретæн фæййагъаз æй нæ идарддæри революцион кусти надбæл федардæр æма еузæрдиуондæрæй цæунæн.

Уæдæй фæстæмæ Къостай хæццæ берæ хæттити исæмбалдтæн. Нæ дзубандий сæр фулдæр уидæ нæ маддæлон æвзагбæл газеттæ æма киунугутæ мухур кæнуни гъуддаг.

Къоста ахид цæуидæ Æрæдонмæ. Æ фусун адтæй ахургæнæг Хурумти Аврам.

– Саугинтæ мин дзæбæх æхца федунцæ, изæдти хузтæ ку искæнун, уæд. Архайун æз дæр! Мадта ци киндæуа!.. – уæхæн дзубандитæ цалдæр хатти фегъустон Къостайæй.

 

Æгæрон зин нин адтæй, уоййасæбæл ке исæнæхъаурæ ’й, е…

Нæ бастдзийнадæ никкидæр исфедар æй газет «Цæгат Кавказ»-и редакций æмкосгутæ ку адтан, уæд. Еци рæстæг Къоста хъæбæр агъаз кодта бунæттон автортæн, редакцимæ ци æрмæг æрвистонцæ, уони исредакци кæнидæ æма сæ тагъддæр ниммухур кæнунбæл архайдта.

Ралæудтæй 1900 анз. Къостайæн ахæстдонæ æма зин цард æ хъаурæ басастонцæ. Нез дæр ибæл уæлахез кæнун райдæдта.

Фæстаг хатт ма Къостай Æрæдони ку фæууидтон, уæд мæ æрæдойнаг æмбæлттæн дзурдтон, Къостайæн æ хъаурæ æхемæ нæбал æй, зæгъгæ. Етæ дæр загътонцæ:

– Раст æй, Къостамæ æ кæддæри хъауритæй берæ нæбал байзадæй. Ардæмæ дæр ма, æвæдзи, æ рагон уарзон Цæликкати Анни уинунмæ æрцæуй…

Аннæ еци рæстæги цардæй Æрæдони, æ хæстæг Абацитæмæ. Къостайæн ба, Хурумти Авраммæ фусунуати уогæй, æвæдзи, Анни фæууинунæн фадуат фæцæй. Фал ма ин уомæй дæр ци пайда адтæй?.. Исæнæхъаурæ ’й…

Къостай рамарди хабар махмæ дæр Дзæуæгигъæуи ахæстдонæмæ æрбайгъустæй 1906 анзи апърели. Мах нимад адтан политикон ахæститæбæл – 1905 анзи революцион змæлди гъуддæгути разæнгардæй ке архайдтан, уомæ гæсгæ.

 

Хъæбæр зæрдристæй фæхъхъонц кодтан, мæрдæгъдæуттæ ин исаразтан…

Уайтæккидæр камеритæбæл рахæлеу æй еци уæззау хабар – æ цардæй рацох æй номдзуд финсæг, адæми сæрбæлдзорæг, нæ ахургæнæг, нæ хъазар æмбал Къоста. Ахæститæ сæ еугур дæр гъигæзæрдæй исистадæнцæ… «Рамардæй Къоста…», «Рахустæй ирон адæми дессаги стъалу… Нæ хор…» Уæхæн зæрдхъурмæ дзубандитæ хъонцгæнгæ гъæлæсиуагæй игъустæнцæ аллирдæгитæй. Политикон ахæститæ байагурдтонцæ ахæстдони администрацийæй, цæмæй Къостай мæлæти туххæй панихидæ арæзт æрцудайдæ. Æма син уæхæн барæ ку нæ лæвардтонцæ, уæд ниллæудтæнцæ, хуæруйнаг нæбал райсдзинан, зæгъгæ.

Политикон ахæстити фæдбæл рацудæнцæ æнæуой ахæститæ дæр, бунт исистонцæ. Ахæстдони медæггаг дуæрттæ басастонцæ, надзирательтæй кедæрти фæннадтонцæ æма ахæстдони тургъæмæ рампурстонцæ. Курдтонцæ, Къостай рамæлуни номбæл саугин куд исаргъудтайдæ, уой.

Ахæстдони администраций бон не ’ссæй ахæстити хæлхъой бауорамун æма дуккаг бон исаразтонцæ Къостай номбæл рохсаг зæгъуни аргъуд. Ахæститæй тургъи къохбакæнæн нæбал адтæй. Уæдмæ саугин Солнцев фæрраст æй ахæстдони минкъий дзиуарæмæ. Е аргъаун райдæдта Къостай туххæй, Хуцау, дзенетмæ ин над радтæ, зæгъгæ.

Мах ба нæхердигонау æмхузонæй дзурдтан: «Æносмæ цæрæд æ кадæ нæ номдзуд поэтæн!..» Аргъудæй фæстæмæ цæугæй ба низзардтан революцион зар «Интернационал».

Еци сахат махæн нæ зæрдити адтæй устур маст æма гъигæдзийнадæ Къостай фæззиани фæдбæл. Цæттæ адтан никки карздæрæй тох кæнунмæ.

Фал уайтæкки фæззиндтæнцæ нæуæг æфсæддонтæ ахæстдони администраци æма пъæлицæн агъаз кæнуни туххæй. Етæ гæрзефтонгæй æрзилдæнцæ нæ алливарс, нæуæгæй бабæй нæ бакодтонцæ талингæ ахæстдони унгæг къумтæмæ…

ГАРДАНТИ Михал (1870-1962), финсæг, этнограф

 

«НУР ДÆР МА НИН КУ ЦАРДАЙДÆ, – БÆРГÆ НÆ ГЪУДÆЙ Æ СÆР…»

 

ГУРДЖИБЕТИ Блашка

(1868-1905)

КЪОСТА

 

Ка дин не ’скæндзæнæй кадæ,

Ка дин нæ ратдзæнæй æгъдау?

Ка сдзурдта, ниййергæй нæ мадæ,

Адæммæ йе ’взагæй дойау?

 

Тари, гъæуаггин – чирагъæй,

Скодтай æй дæ мæтæ, дæ уаргъ,

Фæйхастай æнцон дæ рагъæй,

Зонгæй йин æ уæжи æ йаргъ.

 

Ра ’йбæл игурдтай фæндури

Пахампарæн нин сувæллон…

Фæсмæрунцæ ’й хонх, будури,

Ирæ ’ма Дигорæ дæ ном.

 

Нæ уинуй дæ хæстæгмæ нæ цæстæ,

Йизолмæ йигъосуй дæ нæ гъос, –

Арфæгондæй дин нæ бæстæ

Мижди æрветуй æ боз!

 

 

Малити Геуæрги

(1886-1942)

ПАМЯТИ КОСТА

Тая в душе свои страданья,

О брате меньшем он скорбел,

И стих его – души сверканье –

Металлом плачущим звенел.

Поборник чаяний народа,

Он пел, что правда и любовь

И звезд сияние – свобода

Живут не там, где льется кровь,

Что в царство высшего сознанья

Нас может весть не грубый меч,

А мысли творческой созданье,

Живая творческая речь.

Как облик мощного титана,

Сверкая льдами, как алмаз,

Внимал ему из-под тумана

Седой таинственный Кавказ.

Умолк, – но стих его певучий

В сердцах людей еще звенит,

И миру темному сквозь тучи

О солнце вечном говорит.

 

БАГЪÆРАТИ Созур

(1888-1928)

КЪОСТАЙ ФÆСМÆРДÆ

Хуæрзигурд лæг, бæстæ уарзгæй,

нæ фæммæлуй хуæрззæрæй.

Æвæццæгæн, гъезæмарæй

рæхги мæлун хуæздæр æй.

 

Нур дæр ма нин ку цардайдæ, –

бæргæ нæ гъудæй æ сæр.

Уæд абони игъустайдæ

нæ бæрзонд хуæнхтæй æ гъæр.

 

Æ фудæбон æ уарзонтæн

ниххæлар æй сæ фæндон.

Æ фæсмæрдæ нæ мæгуртæн

исаккаг æй цæрæнбон.

 

Æ фæсмæрдæ зæрдирайгæй

æстугути ирæзæн.

Нæ фæлмæн цъух зæрди дуар æй,

нæ цъухæй æй имисæн.