ÆНОСТÆМÆ ИМИСУЙНАГ ÆНЦÆ НÆ ДЗИЛЛÆН…
Тугъди будурæй æрвист æртæтегъон финстæгутæ… Фæббор æнцæ… Бæрæг æй, уонæбæл æнзтæ сæ фæд ке ниууагътонцæ, е. Фал æз уæддæр æвзарун финстæгути финститæ. Сæ еуей инней фæдбæл кæсун æхсицгонæй. Уомæн æма сæ ка ниффинста, е мæ уарзондæр ахургæнæг адтæй, уæдта еунæг мæнæн нæ. Тугъди размæ Чиколай астæуккаг скъолай историй ахургæнæг Будтути Гадзо гъæубæстæн уарзон адтæй.
Гитлеронтæ æрбампурстонцæ нæ Райгурæн бæстæмæ. Æма Гадзо дæр е скъола баййивта тугъди будурæй. Исæвардтонцæ ’й полкки комиссарæй. Æ бæгъатæрдзийнадæй, æ дзурдæй æма архайдæй уæлахезмæ разæнгард кодта æфсæддонти. Уой туххæй Гадзой финстæгутæй еуеми иссирдтон æфсæддон газетæй лухгонд минкъий гæбазæ уæхæн игъосункæнуйнаги хæццæ: «Дууинсæй бæгъатæр æфсæддоней хæццæ еумæ комиссар Будтуй-фурт гитлеронтæй исуæгъдæ кодта Холми гъæу. Аци рауæн фæцæй уæззау цæф. Бæгъатæрдзийнадæ равдиста Хъирими тугъдтити дæр. Ами дæр бабæй гъигæдард баййафта гитлерон снайпери нæмугæй. Будтуй-фурт комиссар кæмæн æй, еци полк хуæздæрбæл нимад æй. Æма уоми ес Будтуй-фурти бæгъатæрдзийнадæ дæр». Полкки раздæри сæйраг дохтир Старчевой ба Гадзой туххæй æ имисуйнæгти уотæ ниффинста:«Салдæттæ карз тугъдтити фæсте кæд цийфæнди фæллад уиуонцæ, уæддæр сæмæ комиссар ку фæдздзоридæ гитлеронти нихмæ нæуæгæй нимпурсунмæ, æ зæрдæмæгъаргæ дзурдтæ ин ку фегъосиуонцæ, уæд сæ фæллад дæр нецæмæбал æрдариуонцæ, гитлеронти дæрæн кæнунмæ сæмæ разиннидæ устур тухтæ».
Гадзо æ тугъдон финстæгутæй еуеми финста:«Цалдæр хатти мин загътонцæ, цæмæй рандæ уон дивизий политикон хайадæмæ косунмæ. Фал цалинмæ нæ полк гвардион исуа, уæдмæ нæ рандæ уодзæнæн». Æма полк æцæгæйдæр иссæй гвардион.
Гадзойæн мин æ тугъдон бонуг дæр берæ хабæрттæ ракодта: «Аци бон дæр бабæй тогкалæн тохи бацудан Брест гитлеронти дзæмбутæй исуæгъдæ кæнунбæл. Æма нæ къохи бафтудæй еци нисан исæнхæст кæнун, устур бæгъатæрдзийнадæ равдиста нæ полк».
Берæ ’нцæ, Будтути Гадзо æ полкки æфсæддонти хæццæ немуцаг лæборгутæй ке исуæгъдæ кодта, еци сахартæ: Таганрог, Мелитополь, Никополь, Барановичи… Сауæнгæ хорискæсæн Пруссий дæр ма басастонцæ гитлеронти федæрттæ, мæрдтæмæ ке барвистонцæ, еци салдæттæ æма афицертæ ба адтæнцæ мингæйттæ. Фал тугъд тугъд æй, Гадзобæл исæмбалдæй знаги нæмуг. Уæлахези бонмæ ма æдеугурæй байзадæй мæйæ æма æрдæг, уотемæй фæммард æй, æ реубæл ордентæ æма майдантæ тæмæнтæ калдтонцæ, е ’скъуæлхтдзийнæдти туххæй. Сæйраг командæгæнæг И.В. Сталинæй цуппæрдæс арфи адтæй, бæгъатæр майор Будтути Гадзо Исай фуртмæ.
Фæстæдæр Гадзой уарзон кизгæ Фатимæмæ иссудæй финстæг Гадзойæн æ тугъдон æрдхуард дохтир Сергей Старчевойæй. Кæд дæ фæндуй, уæд æй ду дæр бакæсæ, зæгъгæ, мæмæ æрæги Фатимæ равардта Старчевойи пъисмо.
«Хъазар Фатимæ! Куд æнæкæрон зин мин адтæй, мæ хуæздæр тугъдон æмбал мæхе цæстити рази ку мардæй, уæд е. Æ фæййервæзун кæнунæн неци хуасæ иссирдтан. Мæ хабæрттæ мин Фатимæмæ ниффинсæ, зæгъгæ ми ракурдта. Æма ин æз æнхæст кæнун æ курдиадæ. Гадзо тухгин уодигъæди хецау адтæй, нæ еугуремæн дæр – фæнзуйнаг. Æма ’й фæнзгæ дæр кодтан. Знæгти нихмæ æмпурсетæ нифсгунæй, зæгъгæ, нин е куд амудта, мах дæр уотæ кодтан. Гадзой, нæ еузæрдиуон æма бæгъатæр политикон разамонæги некæд феронх кæндзинан. Уой туххæй ниффинсун æнгъезуй æнæгъæнæ киунугæ дæр».
Гадзо тугъди будурæй ке финста, еци финстæгутæ… Сæ еу дæ иннемæй хъæбæрдæр бафтаудзæнæй арфдæр гъудитæбæл, Райгурæн бæстæмæ дæмæ исæвзурун кæндзæнæнцæ устур уарзондзийнадæ. Мæнæ мин сæ мæ рази æрæвардта Фатимæ. Гадзой кæддæри уарзон кизгæ, æ дзиккотæ – уорс, æ хъоппæгъ цæстити рæбунтæ – æнцъулдтæ. Рæстæг æ кæнон кæнуй. Кæддæр æхецæй рæсугъддæр æма ездондæр кизгæ нæ адтæй Чиколай. Гадзо æй фурбоцæй Цыганочкæ худта.
«Мæ хъазар Цыганочкæ! – уотæ бабæй райдæдта, Фатимæ мин фæстагмæ ке бакæсун кодта, еци финстæг. Хъæбæр берæ дзоруйнæгтæ мæмæ æрæмбурд æй, мæнæ ку исæздæхон, уæд дин сæ фæдздзордзæнæн лæмбунæгдæр. Тагъд сæ кæрон æрхъæртдзæнæй гитлерон сирдтæн. Истори нæ феронх кæндзæнæй сæ гъæддаг миутæ. Ка ’й зонуй, æз ку нæбал фæййервæзон, уæддæр дæ зæрдæбæл бадардзæнæ: мæ цард равардтон нæ адæми, нæ рохс федæни сæрбæлтау. Æнæмæнгæ фæууæлахез уодзинан».
Райгурæн бæсти сæрбæлтау æ цард равардта Гадзойæн æ кæстæр æнсувæр Агубе дæр. Уомæн æ тугъдон над райдæдта Украини хорнигулæйнаг будуртæй. Уæд ма гитлерон æфсæдтæн сæ бон адтæй размæ ’мпурсун. Агубе адтæй артиллерион батарейи командир. Æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдтæ уæлдай хъæбæрдæр рабæрæг æнцæ Хъирими æрдæгсакъадах немуцæгтæй кæдзос кæнунбæл тохи. Уоми ин исаккаг кодтонцæ Фидибæсти тугъди дуккаг къæпхæни орден, еци тугъди фæцæй уæззау цæфтæ дæр. Агубе æма е ’мбæлттæ адтæнцæ, Румыни, Венгри æма Чехословаки гитлеронтæй ка фæййервæзун кодта, еци бæгъатæртæй. Фал хестæр лейтенант Будтути Агубе дæр нæ фæццардæй Уæлахези бонмæ, Венгрий карз тугъдтити бæгъатæрæй фæммард æй 1945 анзи апърели.
Æнсувæрти кæстæр адтæй Омар. Æ æнзтæмæ гæсгæ ин æнгъезгæ дæр нæма кодта службæмæ рандæ ун, фал ин комиссариати исæнхæст кодтонцæ æ курдиадæ. Каст фæцæй тугъдон училище. Иссæй тæхæг, гитлерон лæборгутæй беретæ бацæнцæ, æ хуæдтæхæгæй ке гæлста, еци бомбити амæттаг, пурхæ кодта, фашисттæ сæрустур кæмæй адтæнцæ, еци техникæ. Зенитон артиллерий дивизиони командир ку адтæй, уæддæр ин минкъий нæ бантæстæй. Хумæтæги нæ исаккаг кодтонцæ дæлболкъон Будтути Омарæн дæс паддзахадон хуæрзеуæги.
Хуæдæфсармæ адæймаг æй Омар, еу къласи ахур кодтан тугъди размæ. Нур дæр ахид фембæлæн. Æримисæн евгъуд бæнттæ, фронтæй ка нæбал исæздахтæй, Райгурæн бæсти сæрбæлтау æ цард ка равардта, еци фæсевæди.
Омарæн, æ зингхуст æнсувæрти туххæй газетмæ финсдзæнæнцæ, уой ку загътон, уæд ми ракурдта:
– Ме ’нсувæрти туххæй ку финсай, уæд ди ма феронх уæнтæ Будтути Тъæхир æма Будтути Тамарæ дæр. Уони хæццæ дууæ æнсувæрей цæуæт ан. Тъæхир адтæй танкити батальони командир, Тамарæ ба – медицинон служби капитан. Сæ дууæ дæр бæгъатæрæй фæммард æнцæ тугъди будури. Тамарæбæл Чиколай фæсевæд искодтонцæ зар…
Уадзæ æма игъусонцæ нæ зингхуст фæсевæдбæл конд зарти муртæ, уадзæ æма сæ имисонцæ нæ адæм.
ТЕГАТИ Сулейман,
(газет «Рæстдзинад», 1984 анз 19 октябрь).