27 июля 2024

ÆНОВУДÆЙ УАРЗТА ИРИСТОН

08.10.2022 | 13:43

Уотæ æдзæстхезæй зæгъун æнгъезуй Иристони номдзуддæр лæгтæй еу, Цæликкати Тембулати фурт Ахмæти туххæй. Искурдиадæгин финсæг æма критик, зундгонд æхсæнадон архайæг, е рæстуодæй уарзта æ райгурæн Иристон, уодуæлдайæй ин лæггадæ кодта, берæ хуæрзти ин бацудæй. Æрæги, 26 сентябри æ райгурдбæл исæнхæст æй авдинсæй анзи (1882-1928). Уой фæдбæл абони нæ газети (6-7-аг фæрстæбæл) мухур кæнæн Цæликкати Ахмæти финст.