ÆРДЗÆ ДÆР ХУÆРЗРÆВДУДМÆ БÆЛЛУЙ…
Нæ номдзуд æмзæнхон Гадати Лазæр æнæгъæнæ дуйнети дæр зундгонд æй куд искурдиадæгин скульптор. Махæн, дигорон дзиллæн ба ма, уой хæццæ зæрдтагон æй, дигорон æвзагбæл ци алæмæти литературон уадзимистæ исфæлдиста уонæй дæр. Асæй минкъий уогæй си цæйбæрцæбæл агъазиау гъудитæ ес… Сæ уæлдай уæлтæмæнадæ ба е æй, æма æмзæлæ ’нцæ нæ нури цардиуаги сагъæссагдæр фарстати хæццæ. Зæгъæн, мæнæ «Гъæууат», зæгъгæ, ке исхудта, æ еци этюд.
ÆМА ÆХСÆВИ ТАРÆЙ ÆРБАЙГЪУСУЙ УГИ ГЪÆР…
Æдзæрæг фæцæй хуæнхаг гъæу. Æ цæргутæ хуæздæр цард æнгъæл фæйнæ рауæнемæ фæллигъдæнцæ. Гъæунгтæ æрхун кæнунцæ адæймаги къхахдзæфтæбæл. Кæддæр цардæй идзаг ци хæдзæрттæ адтæнцæ, етæ нур сæ хурфи никкалдæнцæ, дорти æхсæнти пуруса æма хъамил гулфæй ирæзунцæ, æма сæ уиндæй зæрдæ нирресуй. Æскъæти фагус ниссор æй, æма фиццаги хузæн æ тæф идæрдтæбæл не ’гъусуй.
Ци æртæ цæрæг хæдзари ма си байзадæй, уонæй дæр бонæ адæймаг зиннæг нæййес, айдагъдæр ефстагмæ райгъусуй фиййау куйти рæйд. Изæрæй фонс ку æрæздæхунцæ хезунæй, уæд гъæу базмæлуй фустæ æма уæриккити уасунæй, сторвонси æзгулийæй. Уæдта æвваст æрталингæ уй, калд хæдзæртти фæрстæ тæрегъæддаг аууон дарунцæ. Æхсæви тарæй æрбайгъусуй уги гъæр.
Гъæуи тæккæ астæути уайуй хуæнхаг дони тагæ. Игъæлдзæг сæбар-субур кæнуй уорс дорти ’хсæнти. Æ уæлцъарæ ферттевуй сæумон хори тунтæмæ.
Ефстаг фæндаггон æ рази æрлæууй æма си е ’донуг ниссæттунмæ æ армидзаг раниуазуй. Æ уазалæй дæндæгутæ адгин рист никкæнунцæ…
Аци этюд æвзаргæ ба уомæ гæсгæ ракодтан, æма Гадати Лазæри зæрдæ кæддæр куд ниййæрхæндæг æй хуæнхаг гъæути æдзæллагдзийнадæй, уотæ махæн дæр абони хъæбæр сагъæссаг æй нæ цитгин Дигори, коми гъæути уавæр.
Æма еци уавæр исрæвдзæ кæнунбæл æновудæй ка архайуй, етæ ’нцæ Национ парк «Алани»-й косгутæ. Уонæй еу – Сабети Аламбек, гъæууонхæдзарадон наукити кандидат, Федералон паддзахадон унитарон кустуат «Фæдзæхстгæндæ Иристон-Алани»-й раздзæуæг наукон косæг. Уой кой сæрмагондæй ба уомæ гæсгæ кæнун, æма е хъæбæр ахид гъуддагонæй фæззæгъуй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити Дигоргоми абониккон уавæр гъæугæ хузи фæззæрдæмæдзæугæдæр кæнуни туххæй. Уой фæдбæл æй Сабети Аламбекæн æ абониккон дзубанди дæр.
НÆ ХУÆНХБÆСТÆ, АРГЪ КÆМÆН НÆЙЙЕС, УÆХÆН ХÆЗНАДОНÆ ÆНЦÆ
– Адæймаги царди хуæнхбæстæн æ ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау æй, е секкаг нæй. Секкаг е æй, æма еци ахедундзийнадæ кенæ æнхæст нæ лæдæрæн, кенæ ба æ лæдæрунæн нæхецæн нæ зин кæнæн.
Хуæнхбæстæ нин æнцæ, аргъ кæмæн нæййес, уæхæн хæзнадонæ. Фиццагидæр, етæ ’нцæ биологон аллихузондзийнæдтæ гъæуайгæнæг. Ами дзæвгарæ ес ниуазæн кæдзос дон æма минералон фæрæзнитæ. Ес си фадуæттæ гъæууонхæдзарадон кустади райрæзтæн, уæлдайдæр ба фонсдаруни продукттæ цæттæ кæнунæн.
Нæ республики æрдзон гæнæнтæмæ ку ’ркæсæн, уæд нæ зæнхитæн се ’рдæг æнцæ хуæнхбæстæ. Ахургæндти нимадмæ гæсгæ, будури тæлмæ ахæссуй 90,7 мин гектари, хуæнхрæбунти – 256,4 æма хуæнхон тæлмæ – 451,6 мин гектари. Будуйрон тæлмæмæ хаунцæ Мæздæги райони зæнхитæ, Змейки урдуг дæлвæзтæ, Арæхъи, Силтанухъ æма Дзæгъепбарзи бæрзæндти фæхстæ, æндæр тæлмитæ.
Хуæнхон тæлмæ дех кæнуй æхсæз æрдзон тæлмебæл. Алкæмæн дæр си ес æхе сæрмагонд хецæндзийнæдтæ. Кæрæдзей хæццæ баст æнцæ, еуæрдигæй, мæри уавæр æма биологон аллихузондзийнæдтæй, иннердигæй ба – хæдзарадон ахедундзийнадæй.
ДИГОРГОМИ ЕУГУР РАУÆНТИ ДÆР ЕС АДÆМÆН ПАЙДАХÆССÆГ ФАДУÆТТÆ
Фиццаг тæлмæн (хуæнхон гъæдти) ес æ алливарс æрдзон бунæттæ гъæуай кæнун æма алливарс æрдзæ гъæздуг кæнуни нисанеуæг. Æ гъæдтæ устур бунат ахæссунцæ республики царди, аллихузти си пайда кæнæн ке ес, уомæ гæсгæ.
Зæгъæн, ами цæрæгойти дуйне æй цауæн кæнунæн сæйраг фадуат. Уомæй уæлдай, хуæнхон гъæдти тæлми берæ гæнæнтæ ес мудибиндзитæ, кæсæлгитæ æма фонс дарунæн, ами сонгун кæрдæг ке зайуй, дони цадитæ æма æрдозтæ дзæвгарæ тъæпæнтæ ке ахæссунцæ, уомæ гæсгæ. Мадта рæзæдæнттæ ниййаразæ къулдунти, æнгози, æхсæри, æндæр культурити талатæ ниййаразæ дæлвæзти, уæд етæ устур пайда æрхæссиуонцæ цийфæнди зæнхкосæг-фермерон сæрмагонд хæдзарадæн дæр.
Зæгъун мæ фæндуй игуæрдæнти – будуйрон тæлми туххæй. Етæ медæг хуæнхбæсти уогæй, агъазиау хуарз æнцæ уалдзигон-фæззигон хезнитæн. Ами ’нцæ хуæнхон хумгæндти зæнхитæ дæр. Алли анз дæр æрзайун кæнун æнгъезуй экологон æгъдауæй кæдзос гъæууонхæдзарадон тиллæг.
Мадта гъæутæмæ тæлмæ дæр гъæздуг æй сонгун кæрдæгæй. Алли гектарæй дæр си бафснайæн ес 10-15 центнери цъæх-цъæхид хуасæ. Бæрзонд тæлми зæнхитæ ба ’нцæ мæгурдæр. Ами берæ ес, сæ кæрдæг ниллæг кæмæн фæууй, уæхæн игуæрдæнтæ, фал хуарз æнцæ гъæддаг сирдтæн хезæнуæттæн. Дарæн си ес хæдзарадон фонс, уæлдайдæр фусвонси дзогтæ дæр.
Уазал æма метгин рауæнтæ, иннæ рауæнтæй игъаугидæр, мæгурдæр æнцæ биологон аллихузондзийнæдтæй. Фал атæ дæр минкъий пайда нæ ’нцæ. Гъæуайгонд си цæуй, аргъ кæмæн нæййес, уæхæн ниуазуни дони берæ æхсæрдзæнтæ.
Зæгъун гъæуй уой дæр, æма еугур æхсæз рауæнемæн дæр ес фæлладуадзуни æма æнæнездзийнадæ федардæр кæнуни нисанеуæг. Ке ранимадтон, еци хецæндзийнæдтæ ба дзорæг æнцæ, нæ хуæнхбæстæн ци устур социалон-экономикон ахедундзийнадæ ес, уобæл. Еугур гъæздугдзийнæдтæй пайдагонд цæуй, зæгъгæ, уæд бунæттон адæми хуæдбундор æгъдау æма уагæвæрд дæр æнæгъигæдардæй бахъæртидæ нæ фæстагæнттæмæ.
АХУРГÆНДТÆН СÆ АХЕДГÆ АРХАЙДИ МА АГЪАЗГÆНГУТÆ КУ УАЙДÆ…
Аци нисантæ царди æнхæст кæнуни фæдбæл нæ республики разамунд евгъуд æноси 90-аг æнзти райдайæни исфедар кодта программæ «Цæгат Иристони экологон æдасдзийнадæ». Æ нисанеуæг адтæй: æрдзон фæрæзнитæ æма алфамбулай гъæуай кæнуни программæ «Республикæ Цæгат Иристони экологон æдасдзийнадæ». Уомæ гæсгæ æртасæнтæ арæзт цæуй æрдзон фæрæзнитæ хуæздæр æма бæлвурддæрæй ахур кæнуни туххæй. Зæгъæн, 1993 анзæй 1998 анзмæ æрдзи министради фæдзæхстмæ гæсгæ Хуæнхон паддзахадон аграрон университети, Цæгат Иристони паддзахадон университети æма æндæр уæлдæр ахургæнæндæнтти специалисттæ æртасæнтæ исаразтонцæ 12 проектемæн.
Æртасæнтæ арæзт ба æрцудæнцæ уæхæн темæбæл: «Хуæнхон традицион зæнхикуст фæххуæздæр кæнунæн». Ахургæндтæ экологон æдасдзийнади фæдбæл цалдæр мадзалей фæнди бахастонцæ гъæууонхæдзарадон кустадæмæ. Уомæй уæлдай, исаразтонцæ, хуæнхон урдуг зæнхити аллихузон куститæ ка æнхæст кæндзæнæй, уæхæн агрегат. Æ хуарздзийнадæ уой медæгæ æй, æма мæрæ гъигæдард нæ цæудзæнæй…
Ахургæндтæ ма куд исбæлвурд кодтонцæ, уотемæй хуæнхбæсти мæгур зæнхитæмæ хуæрзминкъий ку бахæссай минералон гъæцæнтæ, уæддæр хуæрзæрдæмæ фæззиндзæнæй хуарæрзадбæл. Зæгъæн, уалдзигон хъæбæрхуари тиллæг, хуасгæрцити зæнхитæмæ гæсгæ рабаргæй, фæффулдæр уй 1,3-1,6 хатти. Уомæй уæлдай ма ахургæндтæ бæлвурд амунддзийнæдтæ равардтонцæ, цæгат æма хонсарвæрсти циуавæр агротехникон мадзæлттæй архайун гъæуй, уой туххæй дæр.
Æртасæнтæ куд равдистонцæ, уотемæй республики хумгæндти мæри гъæздугдзийнадæ минкъийæй-минкъийдæр кæнуй. Бæлвурд ку зæгъæн, уæд фæстаг 50-60 анзи мæри хъаймагъ рæстæмбес нимадæй фæмминкъийдæр æй 20 проценти. Ами фудгин айдагъ æрдзон уавæртæ нæ ’нцæ, фал ма берæ рæстæг агротехникон мадзæлттæ дæр гъæугæ хузи æнхæстгонд ке нæ цудæнцæ, е дæр. Ихæлд цудæнцæ хæмпæлгæрдæги, гъæууонхæдзарадон зайæгойти незти æма зæранхæсгути нихмæ тох кæнуни фæткитæ. Мæри гъæздугдзийнадæбæл лæгъузæрдæмæ фæззиндтæй, минералон æма органикон гъæцæнтæй, куд æнгъезуй, уотæ пайдагонд ке нæ цудæй, е дæр.
УÆЛДАЙ ФÆККÆСУЙНАГ ÆНЦÆ ХУÆНХОН ХЕЗÆНУÆТТÆ
Уæлдай хъæбæрдæр ма нæ абони фæккæсун гъæуй хуæнхон хезæнуæттæмæ. Берæ рауæнти син уарун дæнттæ сæ мæрæ фæлластонцæ, байдзаг æнцæ дортæй æма, кæддæр сонгун кæрдæг кæми задæй, уоми абони синдзи къотæртæй байдзаг æй. Республики ахургæндтæ ци æрмæг бацæттæ кодтонцæ, уоми бæлвурд амунддзийнæдтæ дæттунцæ, хезæнуæттæмæ куд базелун гъæуй, уой туххæй.
Æртасæнтæ куд равдистонцæ, уотемæй фæстаг дæс æма дууинсæй анзей дæргъи Дæргъæвси алливарс зайæгойти 331 хуземæй гъæуайгонд æрцудæй æдеугурæй 212, хъæдорхуаси 28 хуземæй ба ма байзадæй 16. Уомæ гæсгæ, æма нуртæккæ раздæрæй 33-58 проценти хуасæ карст цæуй игуæрдæнти.
Зайæгойти дуйне дæр хуæздæр уавæри нæй, Саниба æма Гæналдони кæмтти ци хуæнхон игуæрдæнтæ ес, уонæми дæр. Фæстаг дæс æма инсæй анземæ пайдахæссæг кæрдæгути бæрцæ 68 процентемæй æрхаудтæй 20,7 процентемæ, аллихузон кæрдæгутæ ба – 27 процентей бæсти нуртæккæ ’нцæ 51,1 проценти.
Абони экологон системити бундор æнцæ цæрæгойтæ æма зайæгойтæ кæми цæрунцæ, еци æрдзон бунæттæ. Сæ цæрæн рæстæг ба аразгæ ’й биологон аллихузондзийнæдти бæрцæй. Цæйбæрцæбæл аллихузондæр уа, уоййасæ экологон системитæ æнцæ фæразондæр. Уомæн æма алли организм дæр исахур уй хецæн менеугутæбæл.
Куд зонæн, уотемæй æрдзон игуæрдæнти фулдæр хай хумæгонд æрцудæй будури, республики гъæди фæзуатæн ба æ 90 проценти цагъд æрцудæй. Уомæ гæсгæ зайæгойти генофонд хъæбæр исмæгур æй алли рауæн дæр, æма цæрæгойти кæцидæр хузтæ кунæг кæнун райдæдтонцæ. Идарддæр нæмæ экологон фидбилизтæ цæмæй мабал цæуа, уой туххæй æртасæнтæ конд бæргæ ’рцудæнцæ. Ахургæндтæ берæ фæллойнæ бакодтонцæ зайæгойтæ æма цæрæгойти дуйней номхигъдтæ исаразунбæл. Цалдæр ведомстви специалисттæй ци сæрмагонд къамис арæзт æрцудæй, е фæндæ бахаста зайæгойтæ æма цæрæгойти 220 хузи Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сурх киунугумæ бахæссуни туххæй. Æ фиццаг рауагъди зайæгойти хузти бæрцæ адтæй фараст æма дууинсæй, цæрæгойти бæрцæ ба – финддæс, æма нин е «ирд» æвдесæн æй, нæ алфамбулай райгурæн æрдзæ куд «хуарз» гъæуай кæнæн, уомæн.
Ами нæ идарддæр зæгъун фæндуй: биологон аллихузондзийнæдтæ багъæуайгæнæн ес, нæ æрдзон бунæттæмæ фулдæр цæстдард ку уа, уæд. Æма уой туххæй нæ республики разамунди унаффæмæ гæсгæ, дзæвгарæ тъæпæнтæ ист æрцудæнцæ хæдзарадон зелдохæй æма нур æнцæ сæрмагонд гъæуайкæнуйнади уагæвæрди. Ахургæндтæ ахедгæ мадзæлттæ аразунцæ, цæмæй хуæнхон æма хуæнхрæбунти зæнхити аллихузон кæрдæгутæ дæттонцæ фулдæр тиллæг. Æма уой туххæй абони æнтæстгинæй пайдагонд цæуй мæрæ гъæуайгæнæн технологитæ æма фæрæзнитæй.
НÆ ФИДТÆЛТИККОН ЗÆНХИ ТÆЛФУН НÆМÆ БАГЪАРДЗÆНÆЙ?..
Нæ цитгин Дигоргоми, нæ дарæг æма нæ рæвдауæг æрдзи сагъæссаг уавæри фæдбæл дзубандимæ гæсгæ, æвæдзи, бунати уодзæнæй Гадати Лазæри еума новеллæ æримисун. Хуннуй «Фидтæлти зæнхæ».
Фидтæлти зæнхæбæл нæуæг фæлдæхт хуми баримахстон мæ уарзондзийнадæ. Нæ райхалдæй мæ деденæг. Е ’дзаг думст бауæрæй нæ фæууæгъдæ ’нцæ æ рæсугъд сифтæ арти æвзæгтау æма нæ базмалдæнцæ рагуалдзæги фæлмæн ирдгæмæ.
Нæ баниуазта сæумон æртæх мæ деденæг, нæ ниууолæфтæй зæрдибунæй хуæнхаг уæлдæф.
О мæ деденæг!
Лæуун сæргубурæй къуар анзей фæсте ауæдзи кæрони æнгъæлкæсæгау…
Нæййес мин æнæ дæу зæрдæнцойнæ, дæ реуи римæхст æй мæ уарзондзийнадæ. Ду ме ’нæкæрон сосæгдзийнадæ, фидтæлти зæнхæ! Ду æнæуодбарæ дæ мæ сагъæстæй, мæ сонти бонти катаййæй, æма дин игъосун дæ тæлфунмæ…
Махмæ, Дигори зæнхæбæл цæрæг фæлтæртæмæ дæр игъусуй нæ фидтæлти зæнхи тæлфун: «Æнæргъудийæй мæ ма уадзетæ… Сумах мæ рæвдудмæ куд бæллетæ, æз дæр уотæ бæллун уæ ауодундзийнадæмæ…» Фегъосдзинан æй?..
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ