04 октября 2024

ÆВАДУАТ РÆСТÆГИ ДÆМÆ Æ КЪОХ КА БАДАРА, УОМÆЙ АРФИАГ КУД НÆ УОДЗÆНÆ!..

05.08.2023 | 13:45

Аци рагфидтæлтиккон загъд æримистан, нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Тайморазæн парти «Еумæйаг Уæрæсе»-й республики цæргути устур къуари хæццæ ци фембæлд адтæй, уомæ гæсгæ. Еци фембæлдмæ се ’рбацуди сæр ба адтæй, сæ абони цардиуаги сæмæ ци сагъæссаг фарстатæ исæвзурдæй, уони райаразуни син кæд фæййагъаз кæниуонцæ… Курдиæдтæн сæ фулдæр ба адтæнцæ: аккаг кусти бунат иссерун, зæрдæмæдзæугæ дæсниадæ райсунæн ахурмæ бацæун, минкъий амалгъонадæ байгон кæнунæн гъæугæ фæрæзнитæ…

Нæуæг Бæтæхъойгъæуи цæрæг силгоймаг ракурдта агъаз, æ хæдзарæ ке басугъдæй æма ’й исцалцæг кæнун ке гъæуй фæууазалти размæ, уой туххæй. Фарæ анзи кæрони сæ хæдзарæ бунсугъд бакодта, бийнонтæ, авд адæймаги, уони хæццæ си еу – æнагъон, хормæ райзадæнцæ. Басугъдæнцæ сæ документтæ, хæдзари дзаумæуттæ, цардиуаги гъæугæ техникæ, уæледарæс. Райони хецауадæ син ци фæрæзнитæ равардта, уонæй цидæртæ бахузæнон кæнун бантæстæй. Фал фагæ нæ адтæнцæ, бийнонтæн сæхе бон ба нæй хæдзарæ цæрунæн бæззуни уæнгæ исцалцæг кæнун. Тускъати Таймораз зæрдæ байвардта тагъд рæстæги фæййагъаз кæнунæй.

Фарæ апърелæй июли уæнгæ Украини тугъдтити ка архайуй, уæхæн æригон елхоттаг лæхъуæн курдта, цæмæй ин фæййагъаз кæна Аграрон колледжи электрификаци æма автоматизаций факультетмæ ахурмæ бацæунмæ. Парламенти Сæрдар æй бафарста, цæмæ ’й фæндуй еци дæсниадæ райсун æма имæ федæнмæ ци пълантæ ес уомæй, уæдта ин загъта, æ фарста æмбæлгæ уагæбæл лухгонд ке ’рцæудзæнæй.

Гъæдгæройнаг кизги курдиадæмæ дæр гъосдард æрцæудзæнæй – 2019 анзи ЦИПУ-и уруссаг филологий факультетмæ ахурмæ бацудæй æма ’й æнтæстгинæй каст фæцæй. Нур æй фæндуй фæллойнадон надбæл æрлæуун.

Кæсалги куст ка кæнуй æма æ равналæнтæ фæуурухдæр кæнунбæл ка архайуй, уæхæн гъæууонхæдзарадон кооперативи сæргълæууæг ба ракурдта, цæмæй ин паддзахадæ фæййагъаз кæна. Тускъати Таймораз имæ равардта цалдæр фарстай, сæйрагдæр – нæуæг косæн бунæттæ исаразуни, æригон специалисттæ кустмæ райсуни, кооператив фæуурухдæр кæнуни туххæй. Загъта ин, æ бизнес-пъланмæ ин ку ’ркæса, уæд ин бæлвурд дзуапп ке ратдзæнæй.

Дзæуæгигъæуи 45-аг гимназий ниййергути номæй æрбацудæй курдиадæ скъоламæ æрбацæуæни тротуартæ исаразуни туххæй. «Тротуартæ си ке нæййес, е тæссаг уавæртæ исæвзурун кæнуй, уæлдайдæр – зуймон, хуæдтолгитæ æма скъоладзаутæ æмцуд кæнунцæ, е ба фæндаггон фидбилизтæн уавæртæ исæвзурун кæнуй. Дзæуæгигъæуи администрацимæ нæ курдиадæ бахастан, кезуй нæ исæвардтонцæ, фал нин æмгъуд нæ загътонцæ, уотемæй тагъд ахури анз райдайдзæнæй», – гъенцъун кодта, курдиадæ бадæттун кæмæн байхæс кодтонцæ, еци силгоймаг. Парламенти Сæрдар зæрдæ байвардта фарстамæ лæмбунæг æркæсунæй.

Фембæлди хатдзæгти фæдбæл кæронбæттæни дзубандий Тускъати Таймораз уотæ баханхæ кодта:

– Парти «Еумæйаг Уæрæсе»-й граждæнти æхсæнадон есæнуати куст ахедгæ æй. Адæми хæццæ комкоммæ фембæлди фæрци фарстатæмæ листæг æркæсæн æма балæдæрæн, нæ республики цæргутæ аллибон хъæбæрдæр цæмæй тухсунцæ, еци цæлхдортæ. Е ба дæттуй фадуат, ци закъонтæ ист æрцæунцæ, етæ куд косунцæ, уой базонунæн», – загъта Тускъай-фурт.