11 октября 2024

АФГАНИ ТУГЪД: Ӕ НАМУС ӔМА Ӕ РИСТ НӔ НИДӔН КӔНУНЦӔ НӔ ЗӔРДИТИ…

17.02.2021 | 14:04

Уотӕ рауадӕй, ӕма Фидибӕстӕ гъӕуайгӕнӕги Бони (23 феврали) размӕ (15 феврали) Уӕрӕсей бӕрӕггонд фӕццӕуй тугъдонтӕ-интернационалистти номерӕн Бон. Бӕлвурдӕй еци бон ба уомӕ гӕсгӕ бӕрӕггонд цӕуй, ӕма дууадӕс ӕма инсӕй анзей размӕ (1989 анзи) раст еци бон Афганистани зӕнхӕй рацудӕй, советон ӕфсӕдтӕй уордигон тугъди ка архайдта, уони фӕстаг къуар. Уоййадӕбӕл кӕронгонд ӕрцудӕй еци тугъди Советон Цӕдеси архайдӕн – архайгӕ ба си фӕккодта фараст анзей дӕргъи ӕма нӕ адӕмӕн ӕгӕрон иссӕй ӕ ӕверхъаудзийнадӕ, нӕ фӕсевӕди хуӕздӕртӕ уоми се фсӕддон ихӕс рӕстзӕрдӕй ӕнхӕст кӕнгӕй фӕммард ӕнцӕ… Цӕмӕн ӕма цӕй сӕрбӕлтау?.. Аци фарста цал ӕма цал анзей дӕргъи гъезӕмарӕ кӕнуй нӕ дзилли сӕри зунд ӕма ин дзуапдӕттӕг ба ку нӕййес нерӕнгӕ дӕр ма…

Афганистани 1979 анзи тугъдон буцӕутӕ ку райдӕдтонцӕ, ӕма си хъӕбӕр тӕссаг уавӕр ку исӕвзурдӕй, уӕд еци бӕсти уӕдиккон разамунд  Советон Цӕдеси хецауадӕй ракурдтонцӕ, цӕмӕй син тугъдон гӕнӕнтӕй фӕййагъаз кӕнонцӕ.

Ӕма еци анзи 29 декабри Советон Ӕфсади хецӕн къуӕрттӕ ӕрвист ӕрцудӕнцӕ уордӕмӕ.  Уой ӕнгъӕл ка адтӕй, ӕма ӕнӕгъӕнӕ фараст анзи радаргъ уодзӕнӕй советон ӕфсӕддонти архайд еци тогкалӕн рӕстӕги цаути. Устур Фидибӕстон тугъдӕй дууӕ хатти дӕргъвӕтийнӕдӕр… Сӕ интернационалон ихӕс Афганистани исӕнхӕст кодтонцӕ 550 мин советон салдат ӕма афицери, уонӕй 15 мин адӕймаги фӕммард ӕнцӕ уоми тугъдон цаути рӕстӕг, 311 ба си ӕбӕрӕгӕй фесавдӕнцӕ. Бӕгъатӕрдзийнадӕ ке равдистонцӕ, уой туххӕй нӕ тугъдонтӕ хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ Советон Цӕдеси ӕма Афганистани аллихузон паддзахадон хуӕрзеугутӕй, дууӕ ӕма ӕртинсӕйемӕн ба равардтонцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном.

Дууадӕс ӕма инсӕй анзей размӕ финддӕсӕймаг феврали Советон Цӕдес е ‘фсӕдтӕ Афганистанӕй ракодта, ӕма еци цау ӕностӕмӕ, зӕрдӕбӕлдарӕн бонӕй финст ӕрцудӕй. Тугъд тугъд ӕй, зӕрдити ниууадзуй уӕззау гъӕдгинтӕ ӕма содзгӕ рист.

Цӕгат Иристони исуйнаг хъӕболтӕй мин ӕма дууӕсӕдемӕй фулдӕр се ‘фсӕддон ихӕс ӕнхӕст кодтонцӕ Афганистани, уоми адӕмон хецаудзийнади нихмӕ архайӕг душманти хӕццӕ карз тохи бацӕугӕй… Фондз ӕма цуппаринсӕй си сӕ цард равардтонцӕ, се ‘фсӕддон ихӕс кӕрӕй-кӕронмӕ бӕгъатӕрӕй исӕнхӕст кӕнгӕй…

Сӕ рохс нӕмттӕ еу бон дӕр нӕ дзиллӕй иронх некӕд адтӕнцӕ, фал 15 феврали, сӕрмагондӕй сӕ намусгин ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕбӕл дзорӕг имисӕн бони ба сӕ уӕлдай зӕрдхъурмӕй имисӕн, сӕ рохс нӕмттӕ син исцитгин кӕнӕн.

Ӕма евгъуд авдисӕри, 15 феврали бабӕй Дзӕуӕгигъӕуи тугъдон интернационалистти номбӕл парки син ци циртдзӕвӕн ӕвӕрд ес, уой рази арӕзт ӕрцудӕй номерӕн митинг. Сӕргубурӕй хъонцгӕнгӕй ӕрӕмбурд ӕнцӕ ардӕмӕ ӕдзард ӕфсӕддонти ӕма афицерти ниййергутӕ, хеуӕнттӕ, зонгитӕ, абони дӕр сӕ ӕгъатир карнӕбӕл ке зӕрдӕ ресуй, еци адӕм, тугъдон ветерантӕ сӕхуӕдтӕ дӕр. Райгъустӕнцӕ Уӕрӕсей ӕма Иристони гимнтӕ. Адӕм, еу усмӕ ӕдзӕмӕй ралӕугӕй, иссирдтонцӕ, еци тугъди ка фӕммард ӕй, уони рохс нӕмттӕ.

Митинг байгон кодта республики ветеранти Совети сӕрдар Фриати Хъазбег ӕма ӕ цубур радзубандий загъта:

– Иристони хъӕболтӕй берети карнӕбӕл уӕззау фӕдтӕй фӕззиндтӕй Афганистан. Ӕнзтӕ цӕунцӕ, фал не ‘дзард бӕгъатӕр тугъдонтӕн сӕ бӕгъатӕрдзийнадӕ иронх некӕд уодзӕнӕй абони цӕрӕг дзиллӕй дӕр ӕма исонибони фӕлтӕртӕй дӕр.

Митинги радзубанди кӕнгӕй, 58-аг ӕфсади командӕгӕнӕги хуӕдӕййевӕг, дӕлболкъон Андрей Лукьяненко зӕрдиагӕй райарфӕ кодта Афганистани тугъди архайӕг ветерантӕн сӕ тугъдон хъиамӕтти фӕдбӕл, уӕдта абони ирӕзгӕ фӕлтӕрти ‘хсӕн ци берӕвӕрсуг патриотон-гъомбӕладон куст ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой туххӕй дӕр. Ӕма ӕфсади командӕгӕнӕги номӕй Кади гӕгъӕдитӕ равардта Саппиати Викторӕн, Булацати Мухарбегӕн ӕма Сергей Алкиевӕн.

Аци ӕмбурдмӕ ӕрбацӕуӕг адӕмӕн райарфӕ кодта нӕ республики ӕфсӕддон комиссари ихӕстӕ ӕнхӕстгӕнӕг, дӕлболкъон Априлӕ Абдуллаев дӕр.

Афганистани тугъди ветеранти Совети сӕрдар Пхалӕгати Сергей ӕхуӕдӕг ӕй Афганистани тугъди архайӕг, бӕлвурд зонуй еугур зӕрдресӕн цаутӕ. Ӕ радзубандий уотӕ загъта:

– Хъӕбӕр федарӕй ми ӕруагӕс кӕнуй, догӕй-догӕмӕ ӕности цитгингонд ке цӕудзӕнӕй нӕ интернационалистти кадӕ, сӕ тугъдон намус. Мӕ зӕрдӕ дарун уобӕл дӕр, ӕма уони цардвӕндаг дӕнцӕн ке уодзӕнӕй нӕ кӕстӕртӕн, уонӕбӕл ахур кӕндзӕнӕнцӕ Райгурӕн бӕстӕ уарзун, сӕребарӕ ӕма сабур цардӕн устур аргъ кӕнун, – загъта Сергей.

Ӕдзард тугъдонти рохс нӕмттӕ цитгин кӕнгӕй, ӕмбурди архайгути загъд еу адтӕй: «Хуцау нӕ гъӕуай кӕнӕд, уӕлдайдӕр ба нӕ ирӕзгӕ фӕлтӕрти ӕма макӕдбал уӕд уӕхӕн тугъд, нециуавӕр тугъд…»

Ку зӕгъӕн, цӕй сӕрбӕлтау бастъалдӕнцӕ еци ӕцӕгӕлон бӕсти тугъди ӕртити нӕ цардбӕллон фӕсевӕди хуӕздӕртӕ?.. Еци фарстайӕн абони дӕр ма бӕлвурд дзуапп лӕвӕрд нӕма ӕрцудӕй… Уой хӕццӕ ба ма еци тугъдӕй ка райервазтӕй, уонӕмӕ хатгӕй цидӕр ӕнахур цӕстингасӕй ракӕсиуонцӕ, сӕ цардиуаги хабӕрттӕ кӕмӕй аразгӕ уиуонцӕ, уонӕй беретӕ. Уотӕ дӕр рауайидӕ, ӕма афгайнаг тугъди архайгутӕй, уӕлдайдӕр ба си тугъдон цӕфтӕй фӕссахъат уогӕй си ка райервазтӕй, уонӕй сӕ барти фӕдбӕл ӕфсӕддон комиссариаттӕмӕ кенӕ бунӕттон хецаудзийнади ӕнхӕсткомтӕмӕ ка бацӕуидӕ, етӕ ахид фегъосиуонцӕ: «Мӕнӕй ци агорис?.. Ӕз дӕ нӕ рарвистон еци тугъдмӕ!..»

Берӕ ӕнӕрастдзийнӕдтӕ ӕвзаргӕ рауадӕй еци ӕнӕлӕдӕрд тугъдмӕ ке рарвистонцӕ ӕма си ка райервазтӕй, уонӕн. Ӕма тугъди гъезӕмӕрттӕ сӕмӕ уоййасӕбӕл зин нӕбал кастӕнцӕ, чиновникти ‘рдигӕй ӕфхуӕрдтитӕ бавзаргӕй. Уогӕ е ӕндӕр сӕрмагонд дзубандий фарста ‘й, нур ба ӕримисӕн еци тугъдӕн ӕхе хӕццӕ баст хабӕрттӕй кӕцидӕрти.

Афганистан иссӕй тугъди будур дуйней хъаурӕгиндӕр дууӕ паддзахадей ӕхсӕн нихмӕлӕуди: Советон Цӕдес лӕудтӕй социализммӕ ка томар кодта, уони фарс, Америки Еугонд Штаттӕ ба адтӕнцӕ пусулмон бундорон динхӕсгути фарс, Пакистани син аразтонцӕ ӕфсӕддон лагертӕ ӕма моджахедтӕ цӕттӕ кӕнуни базитӕ. Штаттӕ фудевгед кодтонцӕ Хӕстӕг Хорискӕсӕни зилди паддзахӕдтӕй, бустӕги ба нефтӕй, кӕци ӕхсицгӕ гъудӕй уонӕй.

Ӕма уӕд се ’ргом разилдтонцӕ Афганистанмӕ – аци региони ахсгиаг стратегион цӕгмӕ. Ивулд цӕугӕдони хузӕн ӕскъӕрун байдӕдтонцӕ дуйней ӕхцатӕ бунӕттон къниазти къохтӕмӕ, кӕцитӕ адтӕнцӕ бӕсти уӕдиккон разамунди нихмӕ.

Советон политиктӕ хумӕтӕги нӕ тарстӕнцӕ Афганистани Америки Еугонд Штатти гъомусадӕ фӕффулдӕр унӕй. Дӕ фарсмӕ фӕззиннӕд, лимӕн, ке хӕццӕ нӕ дӕ, кӕци кӕсуй хорнигулӕни ‘рдӕмӕ, уӕхӕн ӕзнӕт паддзахадӕ, еци гъуди бӕлвурд бафтудта катаййи Советон Цӕдеси  разамунд. Хецаудзийнадӕ сӕ къохӕй ервӕзуй, уой Демократон Республикӕ Афганистани сӕргълӕугутӕ ку балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд Советон Цӕдесӕй ракурдтонцӕ, цӕмӕй сӕмӕ ӕрбакӕна е ’фсӕдтӕ.

Горбачеви рӕстӕги адӕми сӕрти тъунстонцӕ уӕхӕн гъуди, гъома, Афганистанмӕ не ’фсӕдтӕ рарветун адтӕй рӕдуд, ӕнӕсӕрфатдзийнадӕ, ӕнӕпайда фӕндӕ. Ӕцӕгӕй ба уотӕ нӕ адтӕй, нӕ гъӕуй мӕнгӕттӕ дзорун.

Фиццагидӕр. Советон Цӕдеси фӕсарӕйнаг гъуддӕгути министради, Советон Ӕфсади Генералон штаби, иннӕ уӕхӕн ахсгиаг къабӕзти дӕснидӕр специалисттӕ дзӕвгарӕ фӕррабарӕ-бабарӕ кодтонцӕ аллихузон гӕнӕнтӕ ӕма равгитӕ. Гъе уой фӕсте, 1979 анзи 12 декабри Политбюро рахаста унаффӕ, цӕмӕй Афганистанмӕ ӕрвист ӕрцӕуа  унгӕггонд ӕфсӕддон хай.

Дуккагӕй. Советон хецауади сагъӕсти бафтудтонцӕ, 1979 анзи апърели Кабули ци цаутӕ рауадӕй, етӕ. Анзи фӕсте еугур провинцитӕ дӕр еумӕ исхуӕстӕнцӕ демократон разамунди нихмӕ. Кабул байсун ӕма бундорон пусулмон динбӕл хуӕцгутӕ хецаудзийнадӕ ке райстонцӕ, е фудӕрдӕмӕ фӕббӕрӕг адтайдӕ еу рӕстӕги фӕсте азиаг Советон республикитӕбӕл (уотӕ рауадӕй дӕс анзей фӕсте).

Ӕртиккаг. Америкӕ нӕ арӕнти рӕбунти ӕ радиолокацион станцитӕ ӕма ракетитӕ ку ӕрбунат кодтайдӕ, уӕд Советон Цӕдес бахаудтайдӕ тӕссаг уавӕри. Не ’фсӕдтӕ Афганистанмӕ рагацау бакӕнуни фӕрци нӕхе багъӕуай кодтан Америкӕ ӕма е ‘рмдзӕхдонти фудмиуӕ ӕзмӕлдтитӕй.

Цуппӕрӕймаг. Афгайнаг сӕрмагонд операци конд ӕрцудӕй «уазал тугъди» рӕстӕгути ӕма  не ’фсӕдтӕ синхон паддзахади зӕнхитӕмӕ бакӕнун Советон Цӕдесӕн лӕвардта бӕлвурд геополитикон пайда, ӕма гъуддаг исаразун ку бантстӕй, уӕд  Хорнигулӕни  сахӕй кӕсгӕ байзадӕнцӕ. Хорнигулӕни паддзахӕдтӕ ӕма Америкӕ сахӕй кӕсгӕ байзадӕнцӕ, таси бацудӕнцӕ: «Советон танкитӕ цалдӕр боней фӕсте уодзӕнӕнцӕ Хӕстӕг Хорискӕсӕни, берӕ сӕ нӕбал гъӕуй Кувейт, Араббаг Эмираттӕ ӕма Саудовский Аравий нефтмӕ!..»

Тугъд ӕй хъӕбӕр уӕззау уаргъ аллихузи дӕр. Уой ци адӕймаг бавзаруй, е райдайуй ӕндӕр хузи гъуди кӕнун, лӕдӕрун, цӕрун. Фал тугъди фӕсте дӕр цард цӕуй. Ӕма афгайнаг тугъди ветерантӕ архайунцӕ нӕ фӕсевӕди гъомбӕладон кусти, цӕмӕй кӕстӕртӕ уонцӕ кӕдзос уоди хецӕуттӕ, раст ӕма зулун ӕртасонцӕ,  кадӕ ӕма ихӕс лӕдӕронцӕ, цӕттӕ уонцӕ нӕ Райгурӕн бӕстӕ гъӕуай кӕнунмӕ.

Интернационалон ихӕс федгӕй, ци ӕфсӕддонтӕ фӕммард ӕнцӕ, уони ном ӕма кадӕ ӕности цӕрӕд! Кади хӕццӕ е ’фсӕддон ихӕс ка бафиста, уони рази нӕ сӕртӕ ниллӕг ӕркъолӕ кӕнӕн!

Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Хекъилати Маринӕ.