06 октября 2024

АГЪАЗГÆНÆГ АРФИАГ ÆЙ!..

27.10.2020 | 10:40

Адæмæй царди зин уавæрти ка бахаудтæй, уони фарстатæмæ æркæсуни туххæй сæ хæццæ фембалдæй Хецауади Сæрдар Тускъати Таймораз.

Дзодзиати Дианæ цæруй æ ниййергути хæццæ (уонæй ба еуемæн гъæуй операци искæнун) æма е ’нагъон биццеуи хæццæ. Бийнонтæ социалон æгъдауæй æгудзæгдзийнæдтæ æййафунцæ. Зæгъæн, æгæр сæбæл раберæ ’нцæ коммуналон лæггæдти туххæй ци феддонтæ бафедун гъæуй, уони бæрцæ. Æма сæ нæхъæртон уавæртæмæ гæсгæ сæ сæхе хъаурæй бафедуни равгæ ба син æгириддæр нæййес. Уомæ гæсгæ ба агъазгорæй æхе бахадта нæ республики Хецауади Сæрдар Тускъати Тайморазмæ.

Уæхæн равгæ ба ин фæцæй, Тускъай-фурт æрæги бабæй сæрмагондæй ку фембалдæй, нæ республики цæргутæй царди тухст фарстати уавæрти ка бахаудтæй, уони хæццæ, уæд. Фембæлд арæзт ба æрцудæй, Уæрæсей Федераций Президентæн Дзæуæгигъæуи ци æхсæнадон есæн уат ес, уоми. Нæ республики Хецауади Сæрдар Дзодзиати Диани курдиадæмæ лæмбунæг байгъосгæй æма ин æ тухстдзийнадæ балæдæргæй, зæрдæ байвардта, æ бийнонтæ æнæ агъазæй ке нæ байзайдзæнæнцæ, уомæй.

Еци фембæлдмæ æ курдиади хæццæ æрбацудæй Губати Ритæ дæр. Æ курдиадæ ба адтæй, цæмæй ин фæййагъаз кæнонцæ æхцай фæрæзнитæй – е ’нæнездзийнади уавæрмæ гæсгæ ’й еудадзугдæр гъæуй хуастæ æлхæнун. Силгоймаг цæруй айдагъдæр æ пенсийæй æма ин еци фæрæзнæ нецæй фагæ ’й.

Хецауади ’рдигæй агъазгонд æрцæудзæнæй цуппар сувæллоней мадæ Гутъиати Мæдинæн дæр. Бийнонтæ цæрунцæ ихуæрст фатери, уой хæццæ ба ма, фидæ æй дуккаг къæпхæни инвалид. Мæдини мизд царди еугур хабæрттæбæл рахъæртуни фагæ æгириддæр нæй æма ин хецауади ’рдигæй агъаз гъæуама фенцондæр кæна æ уавæр.

Аци æма иннæ курдиæтти фæдбæл Тускъати Таймораз бæлвурд фæдзæхст равардта æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрадæн.

Еци фембæлди рæстæг Тускъати Тайморазмæ ци адæм æрбацудæй, уони курдиæттæ адтæнцæ аллихузон, æма еунæг дæр æнæ ’ргъудийæй нæ байзадæй – кæцидæрти фæдбæл Хецауади Сæрдар бæлвурд унаффæ рахаста, кæцидæрти туххæй ба фæдзæхститæ равардта, ка си кæмæ хауй, еци республикон министрадтæ æма ведомствити разамонгутæн. Фарстатæ куд лухгонд æрцæудзæнæнцæ, уомæ цæстдард уодзæнæй Хецауади Сæрдари ’рдигæй.