27 июля 2024

АГИ ЦИ ФИЦУЙ, УОЙ АДÆМ ДÆР КУД ЗОНОНЦÆ…

06.09.2022 | 12:15

Мæнæ сæргондæн ци загъд ниввардтан, е нæ рагфидтæлти зундамонæн фæдзæхститæй ‘й. Æма æ растдзийнадæ ба уæлдай бæлвурддæрæй разиннуй нури рæстæгути – паддзахади медæгæ ци аллихузон социалон агъази мадзæлттæ арæзт цæуй, уони адæм гъæуама сæ цардиуаги уавæртæ фæххуæздæр унæй лæдæронцæ. Гъе уой фæдбæл нæмæ Цæгат Иристони ци æма куд арæзт цæуй, уой фæдбæл бабæй дзубанди цудæй, æрæги нæ республики Хецауади æмбурди. Разамунд ин лæвардта Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис.

Республики аллибони царди ахсгиаг фарстатæй кæцитæбæл цудæй дзубанди, уонæй еу адтæй ахургæнгути мизд фæффулдæр кæнуни уагæвæрдмæ еуæй-еу æййивддзийнæдтæ бахæссуни туххæй. Аци хъæппæресбæл æрдзубанди кæнгæй, æмбурди архайгути иуонгтæ ци сæрмагонд унаффæ исфедар кодтонцæ, уомæ гæсгæ еумæйагахурадон косæндæнтти педагогон специалисттæн лæвæрд цæудзæнæнцæ уæлæнхасæн феддонтæ, уроктæй уæлдай скъоладзаути хæццæ ци куст кæнунцæ, уой туххæй. Уотæ, 2022 аци еци нисанæн бюджетæй дехгонд æрцæудзæнæй 41 миллион сомей бæрцæ, 2023 анзи ба – 125 миллион сомемæй фулдæр. Уой хæццæ, скъоладзаути хæццæ фæсурокти кусти фæткæ æма хузтæ (федералон паддзахадон стандартти бундорбæл) æвæрдзæнæнцæ ахурадон косæндæнттæ сæхуæдтæ.

– Абони ци унаффæ исфедар кодтан, уой, æнæмæнгæ, ахуради косгути амидин кæндзæнæй скъоладзаути хæццæ фæсурокти мадзæлттæмæ фулдæр æргом раздахунмæ. Педагогон косгутæн уæхæн уæлæнхасæн мизд федуни хъæппæрес рацудæй республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæй. Профилон ведомстви разамундæй корæг дæн, цæмæй федаргонд унаффи уагæвæрдтæ афойнадæбæл æнхæстгонд цæуонцæ, – баханхæ кодта Дзанайти Барис.

Хецауади иуонгтæ ма æрдзубанди кодтонцæ еума ахсгиаг социалон фарстабæл – седзæр æма æвæгæсæгæй байзайæг сувæллæнттæн раттунмæ нисангонд фатертæ муниципалон есбонадæмæ райсуни гъуддагмæ. Уой фæдбæл дзоргæй, Дзанай-фурт куд байамудта, уотемæй амунд категорий граждæнтæн фатертæ дæттуни гъуддаг Хецауади архайди нимад æй фиццаградон  нисантæй еуебæл. Æ дзубандимæ гæсгæ, седзæр æма æвæгæсæгæй байзайæг сувæллæнттæн анзæй-анзмæ лæвæрд цæуй фулдæр фатертæ. Æма еци архайд идарддæр дæр æнæкъулумпийæй цæудзæнæй.

Уой фæсте æмбурди архайгутæ æрдзурдтонцæ цубуркъох бийнонтæн сæрмагонд паддзахадон программи фæрци социалон агъаз дæттуни уагæвæрдбæл. Куд зонæн, уотемæй уæхæн бийнонтæй хе минкъий хæдзарадæ байгон кæнуни, кенæ амалгъонади архайдмæ бавналуни фæндон кæмæ ес, уонæн профилон ведомствитæ бафинсунцæ социалон бадзурдтæ (уой бундорбæл бийнонтæ райсунцæ паддзахадон финансон субсидитæ).

Фарстай фæдбæл доклад искодта республики фæллойнæ æма социалон ирæзти министри хуæдæййевæг Мамати Анджелæ. Е куд загъта, уотемæй рæстæг равдиста, социалон бадзурди фæдбæл программæ гъуддагбæл хуарзæрдæмæ ке ахедуй, уой. Еци æууæл лæдæргæй, федералон Хецауади æмвæзадæбæл унаффæ хаст æрцудæй, цæмæй фæффулдæр уа, социалон бадзурди бундорбæл бийнонтæн ци финансон агъаз радех кæнунцæ, уой бæрцæ. Уотæ, хе минкъий хæдзарадæ байгон кæнуни фæндæ кæмæ ес, еци бийнонтæн социалон бадзурди бундорбæл нурæй фæстæмæ лæвæрд цæудзæнæй 200 мин сомей уæнгæ, амалгъонадон архайдмæ бавналуни хъæппæрес ка равдеса, уонæн ба – 350 мин сомей уæнгæ.

Аци гъуддаги фæдбæл дзубандий кæронбæттæни Дзанай-фурт загъта:

– Цубуркъох бийнонтæн уæлæнхасæн паддзахадон агъази мадзæлтти ‘хсæн социалон бадзурд ахсгиаг бунат  байахæста. Уотæ, евгъуд анзæй нуриуæнгæ 3 мин адæймагемæй фулдæр иссæнцæ программи архайгутæ. Æма еци нимæдзæ гъæуама никкидæр исирæза. Уой фæрци республики цæргутæн фулдæр фадуæттæ фæззиндзæнæй кустадæмæ бавналунæн, уæдта сæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнунæн. Профилон ведомствити разамундæй корæн, цæмæй программи уагæвæрдтæ хъæртун кæнонцæ фулдæр адæммæ.

Аци æмбурди ма федаргонд æрцудæй сæрмагонд федералон программæ «Цæрæнуæттæ – уæрæсейаг бийнонтæн»-и фæлгæти 2022 анзи фатертæ исамал кæнунæн сæрмагонд субсидитæ кæмæн радех кæндзæнæнцæ, еци бийнонти номхигъд. Уотæ, программи архайгутæ иссæнцæ 17 адæймаги. Уонæн сæрмагонд субсидитæ раттуни нисанæн бюджет радех кæндзæнæй 2,8 миллион сомей бæрцæ.