07 декабря 2024

АХСГИАГ ХАБАР

30.09.2022 | 10:40

ÆВÆРД ЦÆУЙ БÆРЗОНД ЦÆТТÆДЗИЙНАДИ ФÆТКÆ

Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло бафинста сæрмагонд бардзурд Республикæ Цæгат Иристон-Аланий бæрзонд цæттæдзийнади фæткæ исæвæруни туххæй.

Еци бардзурди куд загъд ес, уотемæй нуртæккæ Уæрæсей Федерацийæй фæсарæнтæмæ нæ республики территорийæй рахезæн рауæни ци уавæр исæвзурдæй, уой фудæй Цæгат Иристони æнæнгъæлæги цаутæ ма ’руадзуни туххæй хаст цæуй унаффæ:

«1. 2022 анзи 28 сентябрæй æма сæрмагонд унаффи уæнгæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Æрæдони, Кирови, Горæтгæрон районти æма Дзæуæгигъæуи сахайраг зилди бæрзонд цæттæдзийнади фæткæ исæвæрун.

  1. Республикæ Цæгат Иристон-Аланимæ рæуæг хуæдтолгитæ æрбацæунæн гæрæнтæ исæвæрун. Цæгат Иристони, Хонсар Иристони, Республикæ Гурдзий регистрацигонд транспортæй фæстæмæ, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий еудадзуг ка цæруй, уонæбæл транспорт гъæуама финст уа, кенæ сæ шофертæ гъæуама цæронцæ Цæгат Иристони.

Аци пункти гæрæнтæ нæ хаунцæ Цæгат Иристони санаторитæмæ, пансионаттæмæ, туристон базитæмæ, фæлладуадзæн хæдзæрттæмæ цæуæг адæммæ. Гъæуама сæмæ уа гъæугæ гæгъæди-
тæ.

  1. Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Медгъуддæгути министрадæн амонун:

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий фæзуатмæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-мæ цæуæг рæуæг хуæдтолгитæ æрбацæунæн гæрæнтæ æвæретæ, федералон автомобилон над «Кавказ»-бæл дæр, аци Бардзурди 2-аг пункти гæрæнтæ ци рæуæг хуæдтолгитæмæ нæ хаунцæ, уонæй фæстæмæ;

– федералон автомобилон над «Кавказ»-бæл берæ адæм æма транспорт æрæмбурд æй, æхсæнадон фæткæ си гъæуай кæнетæ;

– федералон над «Кавказ»-и фæндагон змæлди æдасдзийнадæн уавæртæ искæнетæ;

  1. Æрæдони, Кирови, Горæтгæрон районти æма Дзæуæгигъæуи сахайраг зилди бунæттон хеунаффæйади администрацитæн фæндон хæссун:

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий фæзуатбæл æнæнгъæлæги цаутæ ма ’руадзуни туххæй муниципалон исконди фæзуæттæбæл оперативон штабтæ исаразетæ;

– хуæдтолгитæ æма адæм кæми æрæмбурд æнцæ, уоми хуæруйнаг бахуæруни, гъаргæнæн æма фæлладуадзæн пункттæ исаразетæ, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади Министради хæццæ медицинон пункттæ искæнетæ;

– ниуазуни дони, хуайраги продукттæ фæстауæрцæ искæнетæ гъаргæнæн æма фæлладуадзæн пунктти;

Дзæуæгигъæу-Дæллаг Ларс-Гурдзий арæнти рази надбæл (А161) æмбæлгæ санитарон-гигиенон æмбæлгæ уавæртæ искæнетæ.

  1. Республикæ Цæгат Иристон-Аланий æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади Министрадæ медицинон агъаз кæнæд, берæ адæм кæми æрæмбурд æнцæ, еци над Дзæуæгигъæу-Дæллаг Ларс-Гурдзий арæнтæ (А161).
  2. Республикæ Цæгат Иристон-Аланий мухури æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити Комитет Республикæ Цæгат Иристон-Аланий цæргутæн мухури фæрæзнити фæрци лæдæрун кæнæд бæрзонд цæттæдзийнади фæткæ хецæн районти искæнуни æма Республикæ Цæгат Иристон-Аланий фæзуатмæ рæуæг автомобилон транспорт æрбацæунæн гæрæнтæ æвæруни туххæй.
  3. Аци Бардзурд æ тухи бацудæй е ’сфедар кæнуни фæсте…»

Аци бардзурд Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло бафинста 2022 анзи 28 сентябри, №306.