АХСГИАГ МАДЗАЛ
КАВКАЗИ АЙЙЕВАДÆ – АДÆМТИ ЕУГÆНÆГ
Кавкази нуриккон аййевади дуккаг Æхсæнадæмон равдист – фестиваль 21-27 октябри арæзт æрцудæй Мæскуй дизайни Центр ArtpIau. Æвдист си цудæй 500 уадзимисемæй фулдæр классикон хузæкæнуйнадæ æма скульптурæй. Проект æрæмбурд кодта 185 архайæги Цæгат Кавкази еугур республикитæй, уæдта дуйней æндæр бæститæй: Англисæй, Францийæй, Германийæй, Бельгийæй, Израилæй, Китайæй, Туркæй æма Иорданийæй.
Аци анзи равдист-фестивали темæ ’й «Хуæнхтæй æрхезгутæ». Е хумæтæги нæй – хонх недзамантæй фæстæмæ дуйней еугур адæмтæн дæр адтæй асийни хузæн уæлæрвти хæццæ дзубанди кæнунæн. Хуæнхти цъоппитæбæл арæзт цудæнцæ ковæндæнттæ, кæцитими цардарæзти æнхæстгонд цудæнцæ бæлвурд æгъдæуттæ æма фæткитæ.
Кавкази цардиуаги æма культури хонхæн уæлдай табуйаг нисанеуæг ке ес, уой фæдбæл дзоргæй, Кавкази нуриккон аййевади дуккаг Æхсæндуйнеуон равдист-фестиваль исаразæг æма куратор, Кавкази нуриккон аййевади Фонди президент Астемирати Заирæ уотæ загъта:
– Æнахур дессаг æй е, æма уæрæсейаг æхсæнади медæгæ зингæ хай нур дæр ма кавказæгти туххæй, гъома, хуæнхтæй ка æрæздахтæй, уæхæн адæм æнцæ, сæ гъæддаг æгъдæутти хæццæ, зæгъгæ, гъуди кæнуй. Уотемæй ба кавказаг адæмти минæвæрттæ паддзахадон исконди берæ ахсгиаг къабæзти ахæссунцæ зингæ бунæттæ, сæ арфиаг фæллойнæй агъазиауæй æскъуæлхунцæ нæ Фидибæсти кадæ æма намуси сæрбæлтау. Æма мæнæ аци проект агъазгæнæг уодзæнæй кавказаг адæмти зундирахаст æма уодиконди æцæгдзийнадæ, нæ национ культурити гъæздугдзийнæдтæ æма аллихузондзийнадæ цæйбæрцæбæл алæмæттаг æнцæ, уой бæлвурддæрæй базонунæн… Уой хæццæ ба ма фæййагъаз уодзæнæй нæ национ культуритæ æма аййевæдти идарддæри æнтæстгиндæр райрæзтæн дæр.
Равдисти рæстæг ма адтæй аллихузон музыкалон ансамблтæ æма къуæртти аййевади хæццæ базонгæ уни равгæ, киунугути презентацитæ…