26 апреля 2024

АХУРГӔНӔГИ ЦИТГИН ФӔЛЛОЙНӔН – АККАГ АРГЪ!..

21.01.2022 | 17:38

Цӕгат Иристони идарддӕр ӕнхӕстгонд цӕуй нисанмӕарӕзт паддзахадон программӕ «Гъӕууон ахургӕнӕг». Программи фӕлгӕти 2022 анзи конкурси архайӕг 13 хуӕздӕр ахургӕнӕгемӕн уодзӕнӕй сӕрмагонд паддзахадон агъаз райсуни фадуат (фӕйнӕ 1 миллион сомей бӕрцӕ).

Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Ахурадӕ ӕма науки министради минӕвар куд радзурдта, уотемӕй программи архайуни фӕдбӕл курдиӕттӕ есун райдӕдтонцӕ 1 январӕй фӕстӕмӕ. Министради минӕвари дзубандимӕ гӕсгӕ, аци анз программи архайуни фадуат ес, Алагири, Ӕрӕдони, Ирӕфи, Кирови, Мӕздӕги ӕма Горӕтгӕрон районти скъолати ваканситӕ исӕнхӕст кӕнуни фӕндӕ ка равдеса, еци ахургӕнгутӕн. Уотӕ, аци анз программӕмӕ бахастонцӕ 13 вакансий (уруссаг ӕвзаги 6 ахургӕнӕги, физики 2 ахургӕнӕги, математики 2 ахургӕнӕги, химий, англисаг ӕвзаг ӕма райдайӕн кълӕсти фӕйнӕ 1 бунати).

Программи уагӕвӕрди куд загъд ес, уотемӕй конкурси архайуни фадуат ес, 50 анзи кӕбӕл нӕма исӕнхӕст ӕй, еци фӕлтӕрдгун педагогтӕн. Уонӕй уӕлдай, сӕ хъауритӕ бавзаруни фадуат ес, уӕлдӕр профессионалон ахуради педагогон дӕсниӕдтӕбӕл 3 анземӕй фулдӕр ка ахур кӕнуй, еци студенттӕн дӕр.

Цӕгат Иристони Ахурадӕ ӕма науки министради официалон сайти мухургонд ӕрцудӕй, конкурси архайуни туххӕй ци гӕгъӕдитӕ бацӕттӕ кӕнун гъӕуй, уони номхигъд. Документтӕ есуни кӕронбӕттӕн ӕмгъуд ӕй 15 апрельмӕ.

– Ахуради системи ахсгиагдӕр фӕззелӕнтӕй еу ӕй кадрти фарста. Уой хӕццӕ, скъолати уӕлдай фулдӕр нӕ фагӕ кӕнуй физики, химий, математики ӕма иннӕ уӕхӕн предметти ахургӕнгутӕ. Аци фарста лух кӕнунӕн агъаз ӕй сӕрмагонд паддзахадон программӕ «Гъӕууон ахургӕнӕг». Уомӕй уӕлдай уомӕн уӕлӕнхасӕн фадуӕттӕ аразуй «Ахуради системӕн кадртӕ цӕттӕ кӕнуни» региналон проект дӕр», – радзурдта республики ахурадӕ ӕма науки министр Алибегти Эллӕ.

Зӕгъун гъӕуй, программӕ «Гъӕууон ахургӕнӕг» нӕ республики нур цалдӕр анзи ӕнхӕстгонд ке цӕуй, уой дӕр. Уотӕ, 2020 анзи программи уӕлахездзаутӕ иссӕнцӕ 16 ахургӕнӕги, 2021 анзи ба – 15 ахургӕнӕги.

 


Ахургӕнӕги ном искадгиндӕр кӕнун ӕма ин ӕ арфиаг фӕллойнӕн цӕмӕй аккаг аргъгонд цӕуа, уой туххӕй алли анз дӕр арӕзт ӕрцӕуй Еугуруӕрӕсеуон сӕрмагонд конкурс. Аци анз дӕр уотӕ уодзӕнӕй. Ӕма ӕрӕги Дзӕуӕгигъӕуи 44-аг астӕуккаг скъолай бундорбӕл райдӕдта «Анзи ахургӕнӕг-2022» еугуруӕрӕсеуон конкурси муниципалон хай. Еци кадгин ном райсунмӕ гъавӕг цуппар ӕма дууинсӕй ахургӕнӕги дӕс боней ӕмгъудмӕ гъӕуама банхӕст кӕнонцӕ конкурси цалдӕр ӕвзарӕн хаййи. Фиццаг комкоммӕ раундмӕ хаунцӕ дууӕ конкурсон фӕлварӕни – ӕргом урок ӕма къласон сахат исаразун. Фиццаг хаййи бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, еугуремӕй фулдӕр баллтӕ ӕрӕмбурдгӕнӕг ахургӕнгутӕ рацӕунцӕ конкурси радон турмӕ. Дуккаг хаймӕ хаунцӕ мастер-кълас ӕма ток-шоу – ахуради уагӕвӕрди туххӕй профессионалон дзубанди.

Жюрий ихӕс ӕй дӕсниади хуӕздӕр ахургӕнӕги исбӕлвурд кӕнун, (ахурдзаутӕн ӕрмӕг амонуни гъуддаги ин гӕрӕнтӕ не ‘вӕргӕй), уой хӕццӕ, ахурдзаутӕмӕ ес къохӕмдзӕгъди фӕрци хе гъуди раргом кӕнуни барӕ.

Конкурси муниципалон хаййи фӕууӕлахез уӕвӕг ахургӕнӕг Дзӕуӕгигъӕуи номӕй архайдзӕнӕй еристи регионалон хаййи.

Конкурси сӕйраг ихӕс ӕй ахургӕнӕги дӕсниади кадӕ фӕббӕрзонддӕр кӕнун. Идӕрддзӕгмӕ ахуради технологитӕй ахургӕнӕги баййевӕн нӕййес. Анзӕй-анзмӕ конкурс кадгиндӕр кӕнуй.