АХУРГОНД УН БÆРГÆ ХУАРЗ ÆЙ, АХУРАДÆ ЦÆМÆЙДÆРТИ МÆСТАГ КУ НÆ УАЙДÆ, УÆД…
26.02.2021 | 16:08
Нæ бæсти уæлдæр ахуради уавæри туххæй Фонд «Æхсæнадон цæстингас» ци æрфарст исаразта, уоми уæрæсейæгтæй ка архайдта, уонæн сæ 20% нæ уæлдæр ахуради хуæрзгъæдæдзийнадæ нимайунцæ хуарзбæл. Уæлдæр ахургонддзийнадæ кæмæ ес, уонæй ба уотæ гъуди кæнунцæ æдеугурæй 17%. Æрфарсти архайгутæ уæлдæр ахургæнæндæнтти кусти гъæндзийнæдтæбæл нимайунцæ уонæми гæртантæ ке есунцæ, бюджетон бунæттæ си минкъий ке ес, студенттæн сæ исонибони дæсниадæ уоййасæбæл цийнаг ке нæй, ахургæнгутæн ба аккаг мизд ке нæ федунцæ. Æрфарсти ци адæм архайдта, уонæн сæ фулдæр хай (66%) нимайунцæ, уæлдæр ахурадæ æнæмæнгæ гъæуй, цæмæй сæ изолдæри царди устур æнтæстдзийнæдтæ къохи бафтуйа.