11 октября 2024

«АЛЦИДÆР НИН БАНТÆСДЗÆНÆЙ ÆМВÆНДÆЙ АРХАЙГÆЙ…»

23.03.2024 | 16:56

Уæрæсей Президенти æвзурститæ фæууни хуæдфæсте Владимир Путин бабæрæг кодта, æвзурстити агъоммæ ин ци  штаб арæзт æрцудæй, «Гостиный двор» ке хонунцæ, уоми. Æма си фембалдæй волонтерти хæццæ. Æ радзубандий аккаг аргъ искодта, æвзурститæ куд рацудæнцæ, уомæн, фæббæлвурд кодта, ци нæуæг æмгъудмæ æвзурст æрцудæй, уой рæстæги ци ихæстæ æвæрд цæуй æма цæбæл бакосуйнаг æй, уой. Сæрмагондæй æ гъудитæ загъта, украинаг фудгæнгутæ ци лæборæн мадзæлттæ исаразтонцæ арæнтæмæ хæстæг районти, уой фæдбæл дæр.

Нури æвзурстити туххæй дзоргæй, Владимир Путинæн æ радзубандий сæр адтæй æвзаргути туххæй. Æма уотæ баханхæ кодта: «Аци æвзурститæ ахсгиаг гъуддаг æнцæ, уомæн æма бæлвурдæй рабæрæг æй, формалон-юридикон мадзали хузи каст сæмæ ке нæ цæуй, е дæр, уæдта сæйрагдæр ба е æй, æма бавдистонцæ хъæбæр ахсгиаг æцæгдзийнадæ: нæ бæсти хецаудзийнади сауæдонæ  ’нцæ уæрæсейаг адæм сæхуæдтæ. Æма алли хецæн адæймаги гъæлæсæй дæр арæзт цæуй Уæрæсей Федераций еугур адæмти еумæйаг фæндон. Е æй ахсгиагæй-ахсгиагдæр æнцойнæ нæ бæсти ундзийнадæн, æ идарддæри федар райрæзтæн хе гъæуайкæнунгъондзийнади, науки, ахуради къабæзти æма æндæр ахсгиаг, не ’хсæнадæ ке фæрци ирæзуй, еци къабæзти дæр.

Мах еугурæйдæр ан еу рæхиси, фæххецæнгæнæн кæмæн неци хузи ес, уæхæн цæгтæ. Уæлдай хъæбæрдæр ба арфæ кæнун сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн: етæ хъазауатонæй тох кæнунцæ Уæрæсей ундзийнади æма æ идарддæри æнтæстгиндæр райрæзти ундзийнади сæрбæлтау.

Владимир Путин æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй, сæхе хуарз бавдистонцæ штаби волонтертæ дæр.  Нæ абони æригæнттæ ’й лæдæрунцæ, æцæгæйдæр не ’хсæнади гъæугæ æма агурд фæлтæртæ ке ’нцæ, нæ исонибони хуæздæри фæдбæл нифсдæттæг ке ’нцæ, уой.

Нæ Фидибæстæн хъæбæр ахсгиаг æй еци куст, кæци нин равгæ дæттуй не ’хсæнадæ æрбайеу кæнунæн, ци над равзурстан æма кæбæл цæуæн, е раст ке æй, уобæл федарæй æууæндунæн æма еугур мадзæлттæ дæр исаразунæн, цæмæй нæ еумæйаг Уæрæсе идарддæр дæр никки федардæр, тухгиндæр, æнтæстгиндæр уа.

 

ОЛИМПИАДИ РÆСТÆГИ БАЛ ТУГЪДОН АРХАЙД БАУОРАМУНИ ТУХХÆЙ

Уæрæсе алкæддæр дзурдта æма нерæнгæ дæр дзоруй Украини хæццæ буцæу сабур уагæбæл ниллух кæнуни фарс, æцæг уой фæдбæл дзубандигæнгути зæрди кæд ес рахастдзийнæдтæ æмбæлгæ æмвæзадæбæл исаразун. Владимир Путин æ гъуди загъта  Франций Президент Эмманюэль Макрони хъæппæреси фæдбæл, кæци бахаста фæндæ Парижи Олимпаг гъæзтити рæстæг бал тугъдон архайд басабур кæнуни туххæй.

– Еума хатт дæр ма зæгъун уой, æма мах ан сабурадон бадзубандити фарс, æцæг уотæ куд нæ рауайа, æма нæ нихмæ тохгæнæг æфсадæн е ’хсæн фæттæ ке фæцæнцæ æма сæ нæуæгæй исамал кæнунæн рæстæг ке багъудæй, уомæ гæсгæ арази ’нцæ уæхæн бадзубандибæл. Мах фæндуй, цæмæй дууæ паддзахадей æхсæн дууæ-æртæ анзей æмгъудæй нæ, фал дæргъвæтийнæ рæстæгути лимæн рахастдзийнæдтæ аразун.

Владимир Путини ма бафарстонцæ уобæл дæр, æма Владимир Зеленский æвзурститæ аразуйнаг ку нæбал æй, уæд Уæрæсе ке хæццæ дзубанди кæнуйнаг æй Украини сабурдзийнади туххæй. Æма дзуапп дæтгæй куд загъта, уотемæй расагъæс ибæл кæндзæнæй: «Аци фарста ’й, лæмбунæг кæмæ æркæсун гъæуй, уæхæн…»

 

СÆРМАГОНД ÆФСÆДДОН ОПЕРАЦИЙ ФИДИБÆСТÆБÆЛ ГАДЗИРАХАТТÆЙ РАЦÆУГУТИ ÆМА САНИТАРОН ЗОНИ ТУХХÆЙ

Уæрæсей Гæрзефтонг тухтæн бонæй-бонмæ æнтæстгиндæр кæнуй сæ размæцуд, сæрмагонд æфсæддон операци кæмити æнхæстгонд цæуй, еци рауæнти. «Хецæн бæстихæйтти не ’фсæддонтæ сæ нихмæлæугути æррæстæ æнсæндгæ цæунцæ, бонæй-бонмæ ба сæ размæцуд æнтæстгиндæр кæнуй. Уой фæдбæл Владимир Путин уотæ загъта: «Е цийфæнди карз æма разæнгардæй хе гъæуай кæнунæй агъазиаудæр æй…»

«Уруссаг бархеуон корпус» (Уæрæсей Федераций нимад цæуй террористонбæл æма ’й барæ нæййес нæ бæсти территорий архайунæн) ке багъавуй арæнрæбун районти фудракæндтитæ аразунмæ, уой фæдбæл дзуапп дæтгæй Владимир Путин еци «æфсæддон арæзт» исхудта, Устур Фидибæстон тугъди рæстæг нæ Райгурæн бæстæмæ æрбалæборæг знаги æмдзæхдон ка иссæй, еци инæлар Андрей Власови æфсади хузæн. «Еци æнаккæгтæ, еци уæйæгæнгутæ æма цифуддæртæ, Райгурæн бæстæбæл гадзирахаттæй рацæугутæ нæ нихмæ тох кодтонцæ нацистти хæццæ еумæ, нуртæккæ дæр, гъулæггагæн, разиндтæй раст гъе уæхæнттæ, сæ нимæдзæ дзæвгарæ ’й, кæцитæ иссæнцæ нæуæг нацистти фарс…» Президент куд загъта, уотемæй нуртæккæ уруссаг бархеуон корпуси æма уой æнгæс тугъдон еугæндти рæнгъити ес 2,5 мин уæйæгæнæги-тугъдони æма си сæ фулдæр цагъди цæунцæ…»

Еци «тохгæнгути» ирисхъи фæдбæл ма Владимир Путин уотæ дæр загъта: «Махмæ маруни тæрхон æййивд æрцудæй, фал уæхæн гадзирахаттæй рацæугутæмæ ба – нур дæр, уæдта исонибони дæр – нæ цæстдард уодзæнæй, куд нæ нихмæ тохгæнгутæмæ. Уæхæнттæн хатиргæнæн нæййес…»

Фембæлди архайæг журналисттæй еуей фарста ба адтæй,  уæрæсейаг арæнрæбун рауæнтæмæ æрбампурститæ арæзт ке цæуй, уомæ гæсгæ æнæмæнгæ гъæуй Харькови облæст Уæрæсей Федерацимæ æрбайеу кæнун, цæмæй Белгороди облæст исæдас уа уæхæн æрбалæбурдтити тасдзийнадæй. Æма Владимир Путини дзуапп адтæй: «Нуртæккæ цæттæ нæ дæн, ци æма кæд æрбайеу кæнун гъæуй, уой фæдбæл дзорунмæ…»  Фал Уæрæсейæн æнæ гæнæн нæбал ес, æма Украини, «санитарон зонæ» ке хонунцæ, уæхæн рауæн исаразун ба багъæудзæнæй, кæцибæл нæдæр украинаг тугъдонтæн, нæдæр ба фæсарæйнаг техники бон æрбансæндун нæбал уодзæнæй.

 

УÆРÆСЕ ÆМА НАТО-Й  ÆХСÆН БУЦÆУИ ТУХХÆЙ

Фæстаг рæстæги хъæбæр иситинг æнцæ аллихузон дзубандитæ, Уæрæсе æма НАТО-й æхсæн исонибони устур буцæутæ, ка ’й зонуй, ку рауайа, уой фæдбæл… «Æз уотæ гъуди кæнун, æма аци нуриккон дуйней алцæмæн дæр уæн ес. Фал æй æз ку зæгъун, уæдта еугуремæн дæр лæдæрд æй, е ку ’рцæуа, уæд ма нæ æдеугурæй еунæг къахдзæф гъæудзæнæй æнхæстæй-æнхæстдæр æртиккаг дуйнеуон тугъд ракъахунмæ. Уотæ гъуди кæнун, æма е ба неке гъæуй…»

Уой хæццæ ба ма уотæ дæр загъта, æма Уæрæсей хъæбæр хуарз зонунцæ, НАТО-й паддзахæдти æфсæддонтæ Украини ке ’нцæ, уой. Æ загъдмæ гæсгæ, уоми фегъосæн ес англисаг æма французаг дзурдæздæхтитæ. «Уомæй си фиццагидæр сæхецæн æгириддæр неци ес хуарздзийнадæй, уомæн æма си цагъди кæнунцæ, уой ба хъæбæр берæй, сæдæгæйттæй…», – загъта Владимир Путин.

 

НИГУЛÆН БÆСТИТИ ДЕМОКРАТИЙ ТУХХÆЙ

Владимир Путин хъæбæр карзæй дзуапп равардта америкаг журналистæн, е æй уотæ ку бафарста, Уæрæсей æвзурститæ демократонбæл нимайис, зæгъгæ, уæд. «Æз уотæ нимайун, æма æцæг демократон æнцæ махмæ. Сумахмæ, Америки Еугонд Штатти ба демократийæн, дан, æ кой дæр нæййес…» Æма æ еци гъудий фæдбæл загъта: «Куд раст уæмæ кæсуй, административон равгитæй пайда кæнгæй, Президенти бунат байахæссунмæ ка гъавуй, еци кандидаттæй кæбæлдæр дорадзагъд исаразун, сауæнгæ ма тæрхонгæнæн къабазæй испайда кæнуни уæнгæ дæр?..» Мадта Уæрæсей ба, загъта Владимир Путин, кандидаттæй гъолонгонд æгириддæр неке цæуй. Мæску цæттæ ’й, æвзаргутæ аккагдæрбæл ке банимайуонцæ, уой хæццæ косунмæ.

 

ПРЕЗИДЕНТИ БÆЛДИ ТУХХÆЙ

Владимир Путин куд загъта, уотемæй бæллуй, цæмæй Уæрæсе алкæддæр уа хъаурæгин æма сæребарæ Паддзахадæ: «Æма мæ зæрдæ дарун, æвзурстити рæстæг гъæлæс кæнуни хатдзæгтæ нин разæнгардгæнæг равгæ ратдзæнæнцæ, цæмæй уæрæсейаг адæми хæццæ еумæ æмвæндæй архайгæй, еци нисантæ нæ къохти бафтуйуонцæ, уомæн…»