АМОНДАГОР ЦУДÆНЦÆ ÆЦÆГÆЛОН БÆСТИТÆМÆ
Киунуги куд амунд цæуй, уотемæй не ’мзæнхонтæ Америкæмæ цæун райдæдтонцæ сауæнгæ Фиццаг дуйнеуон тугъди уæнгæ. Сæ 90 проценти адтæнцæ фæсевæд æстдæс анземæй ба дæс æма инсæй анзей уæнгæ кари фæсевæд, гъома, фæсфордаг бæститæмæ цудæнцæ адæмæн се ’нæнездæр æма кустгъондæр хай.
Уæди рæстæгути Иристони дзиллæй кадæртæ фæсарæнтæмæ, уæлдайдæр ба Америкæ æма Канадæмæ, сæ фурхъалæй нæ цудæнцæ. Ами æгæр зинцæрæн адтæй паддзахи дзамани. Хуæнхбæсти хæдзари цæрæг бийнонтæмæ хумгæндæн бæзгæ зæнхæ хаудтæй æдеугурæй 0,82 дæсæтини, еуæй-еу приходти ба, зæгъæн, Мизури, Дагоми æма Гæлиати ба 0,27-0,33 дæсæтини.
Уæхæн уавæрти бийнонтæ фæддарæн ке нæ адтæй, уой туххæй зæнхкосгути еу хай косунмæ рандæуидæ Иристони промышленнон кустуæттæмæ, уæлдайдæр Дзæуæгигъæуи æфсæнвæндаги станцитæ æма депотæмæ, Садони æрзæткъахæнтæмæ, Мизури æма Фæснæли æрхикустгæнæн фабрикитæмæ. Бони кустæн ба син капиталисттæ 50 къапеккемæй фулдæр нæ лæвардтонцæ. Уомæ гæсгæ берети фæндадтæй сæ амонд Америки бавзарун.
Не ’мзæнхонтæ Цæгат Америкæмæ берæгæйттæй цæун райдæдтонцæ 1906 анзæй фæстæмæ. Газет «Терские ведомости» 1907 анзи октябри финста: «Евгъуд анзи Цæгат Америкæмæ еуетæ еудадзуг цæрунмæ, иннетæ æхца бакосунмæ рандæнцæ Дзæуæгигъæуи зилдæй. Нур Иристони гъæути, уæлдайдæр хуæнхаг цæрæнбунæтти еу-сæдæ адæймаги сæхе цæттæ кæнунцæ Америкæмæ рандæ унмæ…»
Зундгонд æнцæ не ’мзæнхонтæй сæ бийнонти хæццæ ци еугæйттæ рандæй Америкæмæ, етæ – ахургæнæг Гæбути Алихан Æрæдонæй, æфсæнвæндаги машинист Борæдзати Тотур – Гъæдгæронæй, Æчети Афæхъо – Дайигъæуæй æма æндæртæ.
Куд æнгъæлæн ес, уотемæй Цæгат Америкæмæ нæ адæмæй рандæй тæккæ минкъийдæр фондз мин адæймаги. Етæ ’нцæ Дзæуæгигъæуи ирон зилди кустгъон нæлгоймаг цæргути 10-12 проценти. Аци нимæдзæ байамудтонцæ, революций фæсте райгурæн бæстæмæ ка раздахтæй, уонæй беретæ (Ханайти Ефим, Дзуццати Бибо æма æндæртæ).
Раст ку зæгъæн, уæд Америкæмæ цæун æнцон гъуддаг нæ адтæй уæди рæстæги. Фиццаг над – Дзæуæгигъæуæй поездбæл гермайнаг сахар Гамбургмæ. Ардигæй ба наути рабалци кæнун гъудæй, æдеугурæй æвддæс боней дæргъи, Америки Еугонд Штатти сахар Нью -Йорки уæнгæ. Берæ зиндзийнæдтæ æвзурстонцæ бæлццæнттæ иннæ нæдтæбæл цæугæй дæр. Дзæуæгигъæуи поезди цæун гъудæй сахар Владивостокмæ. Ами бæлццæнттæ исбадиуонцæ наути æма дууадæс боней фæсте бæхъæртиуонцæ Америки нигулæн штат æма Канадæмæ.
Аци зиндзийнæдтæй уæлдай ма фæндаггаг хуæруйнаги хæццæ адтæй 200 сомей бæрцæ. Уомæй уæлдай Америки æма Канади эмиграцион закъæнттæмæ гæсгæ, америкаг зæнхæбæл æ къах ка æрæвæридæ, уомæ гъæуама 100 сомемæй минкъийдæр ма адтайдæ.
Цубурдзурдæй, Америкæмæ рандæ уни туххæй гъудæй 300 сомей бæрцæ. Уæди рæстæги е минкъий æхца нæ адтæй, уæлдайдæр ба, аци бæстæмæ адæмæн сæ мæгур хай ке цудæнцæ, уой хинцгæй. Уомæ гæсгæ, Америкæмæ ка цудæй, уони сæ мулк, сæ фонс уæйæ кæнун багъæуидæ, кенæ ба æхца æфстау райсиуонцæ сæ гъæздугдæр æмгъæуккæгтæй.
Куд загътан, уотемæй Америкæ æма Канади адтæй карз миграцион закъæнттæ. Мæгуртæй уæлдай америкаг билгæронмæ науæй рахезуни барæ нæ адтæй хуæцгæ незтæй сæйгитæн, хецаудзийнадæ рагæлдзуни туххæй усхъуммæ зунд кæмæ адтæй, уæхæн адæмæн дæр. Эмиграций райдайæни рæстæги фулдæр мах адæм рандæнцæ Ванкувермæ. Уомæн æма аци сахари æма æ алфамбулай рауæнти хъæбæр гъудæй косæг тухæ, иннемæй ба америкдзаутæ зудтонцæ, уоми се ’мбæстæгтæ ке цардæнцæ æма кустонцæ, еци хабæрттæ. Легкойти Моисейи имисуйнæгтæмæ гæсгæ, 1913-1914 æнзти сахар Ванкувери цардæнцæ 500 не ’мзæнхони. Етæ кустонцæ æфсæнвæндаги устур арæзтади, «Павел-Риверпапир компани»-йи гæгъæдити фабрикитæ æма æндæр рауæнти.
Райдайæнти не ’мзæхонтæй беретæн, æвзаг ке нæ зудтонцæ æма сæмæ ке неци дæсниадæ адтæй, уой фудæй син хъæбæр зин адтæй куст иссерун. Сæ фулдæртæ ниллæудтæнцæ тæккæ зиндæр, минкъий мизд кæми фистонцæ, уæхæн агъазгæнæн æма рæстæгмæ кустити, кенæ ба архайдтонцæ хуæнхонамалгæнæн промышленнон къабази – æрхий æрзæткъахæнти, дорæвзалуй шахтити. Уæрмитæ къахтонцæ объекттæн, ниуазæни донæфсесадæ æма канализацийæн, адтæнцæ уæзæгтæ æвгæнгутæ æма æндæр кустгæнгутæ. Уæззау, гъезæмайраг фæллойнæ кæнун сутки дæргъи гъудæй аст-дæс сахатти, кæми ба сауæнгæ дууадæс сахатти дæр.
Не ’мзæнхонти кусти мизд адтæй аллихузон. Нæдти, хæдзæртти арæзтæдти аст-дæс сахаттей кустæн лæвардтонцæ дууæ доллæри, кенæ цуппар-фондз соми уруссаг æхцайæй нимадæй. Айдагъдæр Аляски уавæрти фистонцæ æртæ-цуппар доллæри. Уомæй фулдæр ба – фондз-æхсæз доллæри бакосæн адтæй æрзæткъахæнти, дорæвзалуй шахтити æма сугъзæрийни игурæнти. Тæссаг æма гъезæмайраг фудкуститæй Америкæмæ æ царди равгитæ фæххуæздæр кæнуни туххæй ка рандæй, етæ уайтæккæдæр исæнæхъаурæ ’нцæ, кенæ ба фæссæйгæ ’нцæ аллихузон незтæй… Сæ ирисхъæбæл ба син ка гъæуама батухстайдæ?!
Уомæ гæсгæ ба не ’мзæнхон эмигранттæ америкаг газеттæй ку базудтонцæ, революци Уæрæсей фæууæлахез æй, уæд син аци хабар адтæй хъæбæр æхцæуæн. Сосранти Беза куста сахар Сиэтл-Вашингтони æма æ имисуйнæгти финста: «Уæрæсей революций кой æрбайгъустæй махмæ дæр. Æма Уæрæсейæй æрбацæуæг эмигранттæй беретæ баунаффæ кодтонцæ Райгурæн бæстæмæ раздæхун. Мах адтан 300 адæймаги, æма Японибæл рацудан Владивостокмæ. Иристонмæ ни ка изæздахтæй, етæ кусти ниллæудтæнцæ Садони æрзæткъахæнти, Мизури æрзæткустгæнæн фабрики, завод «Цæгкавказцинк»-и æма æндæр рауæнти.
Мæнæ нур ци киунуги кой кæнун, уой ниффинсæг си ци гъæздуг æрмæг æвдесуй, уомæй уæлдай ма си лæвæрд цæуй, æ рæстæги Америкæмæ амондагор ка рандæй, уони номхигъд дæр – амунд си цæуй 253 адæймаги.
Кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма Гусити Александри бацæттæгонд киунуги фæрци, ка ’й бакæса, етæ си иссердзæнæнцæ берæ цæмæдесаг æрмæг. Уæлдайдæр ба, агъазгæнæг син фæууодзæнæй нæ адæми цардвæндаги, нæ фидтæлти карни хабæрттæ хуæздæр базонунæн.
Æрмæгутæ мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.