«АРДИГӔЙ МА КУ РАЙЕРВӔЗИНӔ, ФИНСГӔ БА УӔД БӔРГӔ БЕРӔ ДЕССАГДӔР НИККӔНИНӔ!..»
МАЛИТИ Тула ӕма Геуӕрги фондз анзи адтӕнцӕ еу рауӕн ахӕстити лагери. Гъулӕггагӕн, Тула ӕ фидибӕстӕ – Иристонмӕ ку ӕрӕздахтӕй, уӕд некӕмӕн бантӕстӕй уой лӕмбунӕг бафӕрсун ӕма ниффинсун еци берӕ хабӕрттӕ. Лагерон царди, кӕд ӕй цардбӕл нимайун ӕмбӕлуй, уӕд ци берӕ мӕгур бонтӕ бавзурстонцӕ уӕлӕбӕл зиндони, уони дзурдта ӕ цӕуӕтӕн. Еци хабӕрттӕй ӕ зӕрдӕбӕл ци даруй, уони радзурдта МАЛИТИ Тулай фурт Иван, цӕруй Беслӕни.
Мӕ фидӕ Тула ахид ӕримисидӕ, ахӕсти уогӕй, ци берӕ зинтӕ бавзурста, уони, уӕлдай ахиддӕр имисидӕ нӕхе Геуӕргий, сауӕнгӕ ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ дӕр Тула нӕ феронх ӕй еци мӕгур бонтӕ, ӕ зӕрдӕбӕл сӕ дардта. Мӕ фидӕ мин ци дзурдта, уонӕй ци нигъгъуди кодтон, уони уин радзордзӕнӕн.
– Этапӕй нӕ ку ластонцӕ лагермӕ, – дзоридӕ нин нӕ фидӕ Тула, – уӕд ма нӕ хӕццӕ адтӕй дууӕ ирон лӕги, сӕ еу – Хонсар Иристонӕй, иннӕ – Берӕгъзӕнги гъӕуӕй – Ӕлбегатӕй, сӕ муггӕгтӕ ӕма нӕмттӕ син дзурдта, фал сӕ феронх дӕн. Ци вагони нӕ ластонцӕ лагермӕ, уоми нин нӕ хӕццӕ исбадун кодтонцӕ, закъонтӕ ӕппундӕр ка нецӕмӕ дардта, уӕхӕн ӕдзӕсгон уголовниктӕ: лӕгмартӕ, бандиттӕ, хулигантӕ ӕма ӕндӕр аллихузи цъамар рӕмодзгутӕ.
Ахӕститӕ вагони сӕ бунӕтти бадтӕнцӕ. Уӕд дин кӕсун, вагони кӕрони еу къуар сӕ бунатӕй фестадӕнцӕ, ӕвӕдзи, адтӕнцӕ цуппари бӕрцӕ. Сӕ еуӕн ӕ къохи кард, уотемӕй райдӕдтонцӕ рӕмодзун: кӕмӕн ӕ къӕбӕр, кӕмӕн ӕ цулухътӕ, курӕт ӕма ӕндӕр ести уӕледарӕс.
Сӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццӕуидӕ, уой рӕмугътонцӕ. Геуӕрги ӕнцад бадтӕй, уӕдта уотӕ дзоруй:
– Нур атӕ цитӕ кӕнунцӕ?
Геуӕргимӕ нӕхердигонау уотӕ дзорун:
– Нуртӕккӕ мӕн цулухътӕмӕ дӕр сӕ зӕрдӕ дзордзӕнӕй ӕма син сӕ нӕ ратдзӕнӕн, фиццагдӕр си ӕ къох ка ӕрбадара есунмӕ, уой мӕ цулухъӕй цӕвгӕ кӕндзӕнӕн, нихкъуӕрд син ку нӕ радтӕн, ку нӕ сӕ фӕттӕрсун кӕнӕн, уӕд нӕбӕл фӕггириз кӕндзӕнӕнцӕ, махӕн е уодзӕнӕй ӕгадӕ гъуддаг, ӕгади бӕсти ба мӕлӕт хуӕздӕр ӕй. Мах уӕнгӕ ку ӕрбацӕуонцӕ ӕма мин мӕ цулухътӕ ку есонцӕ, уӕд цулухътӕ раласдзӕнӕн. Цума сӕ дӕтгӕ кӕнун, уоци хузи мӕхе бавдесдзӕнӕн ӕма ка ӕрӕвнала есунмӕ, уой сӕр цӕвгӕ кӕндзӕнӕн. Куддӕр ниццӕвон, уотӕ фӕггӕпп кӕндзинайтӕ ӕма ке бон куд ӕй, уотӕ нӕмгӕ кӕнетӕ…
Рӕмодзгути къуар мах уӕнгӕ ку ӕрбацудӕнцӕ, уӕд сӕ еу дзоруй:
– Ӕз дӕу цулухътӕбӕл къарти гъазтон ӕма сӕ рамулдтон, раласӕ сӕ!..
Ӕз дӕр ин загътон;
– Хуцау дин ниххатир кӕндзӕнӕй, дӕттун дин сӕ…
Мӕ цулухътӕ раластон, ӕма рӕмодзӕг ӕ къох куддӕр ӕрбадардта сӕ райсунмӕ, уотӕ ин ӕ сӕр ниццавтон цулухъӕй ӕма фӕууӕлгоммӕ ’й, дуккаг цӕф ин никкодтон, кард ци къохи адтӕй, уой. Кард ӕ къохӕй фӕууӕгъдӕ ‘й, фӕрсӕрдӕмӕ фесхъиудтӕй.
Фиццаг цӕф куддӕр никкодтон рӕмодзӕги, уотӕ ирӕнттӕ сӕхе никкалдтонцӕ тухӕгӕнгутӕбӕл, ци сау над агурдтонцӕ, е сӕбӕл рауадӕй. Хонсариристойнаг адтӕй бӕрзонд, бӕзӕрхуг ӕма тухгин лӕг, ӕ цӕф си кӕбӕл ӕруаидӕ, уонӕй ка нари буни фӕммедӕг уидӕ, ка ба нари сӕрти басхъеуидӕ.
Ниссабур ӕнцӕ рӕмодзгутӕ, сӕ гъуддаг балӕдӕрдтӕнцӕ. Сӕ еу мӕнмӕ бавзиста:
– Фембӕлдзинан ӕма дӕ рамардзӕнӕн…
Ӕз дӕр ин дзуапп равардтон:
– Кавказаг лӕг мӕлӕтӕй нӕ тӕрсуй…
Рӕмодзгутӕ сӕхе райеуварс кодтонцӕ, нӕбал нӕ гъигӕ дардтонцӕ. Геуӕрги ба мӕнмӕ уотӕ дзоруй:
– Тула, Хуцау дин ма ниххатир кӕна, дӕу бӕлахӕй фиццаг хатт кедӕр ниццавтон.
Ӕ еци загъд мӕнӕн зин балӕдӕрӕн нӕ адтӕй. Геуӕрги адтӕй фӕлмӕнзӕрдӕ, сабур лӕг. Нӕ хӕццӕ ка адтӕй, уонӕй ба еу, уруссаг лӕг уотӕ бакодта:
– Ӕз ӕй зудтон, хулигантӕ кавказӕгти уӕнгӕ ку бацӕуонцӕ, уӕд син етӕ ке нӕ ниббухсдзӕнӕнцӕ, дзӕбӕх сӕмӕ ’й ке ӕрдӕтдзӕнӕнцӕ, уой. Асланбӕл син не ’рлӕудзӕнӕй еци ӕнаккӕгтӕн сӕ фудмиуӕ.
Этапи цӕугӕй нин нӕ хӕццӕ уголовникти ке исбадун кодтонцӕ, е махӕн уӕлдай зин лӕвардта, фал ци гӕнӕн адтӕй, бухстан. Берӕ бӕнттӕ рарвистан надбӕл, уӕдта ахӕстити лагербӕл исӕмбалдан. Лагерон зин цард райеудагъ ӕй. Кустан гъӕдӕлухгӕнгутӕй, лесоповал ке худтонцӕ, уоми. Гъӕди куст адтӕй зин уавӕрти, косунмӕ нӕ ракӕниуонцӕ тайгамӕ, дууӕ къуӕрей ку бакосианӕ, уӕд нӕ раййевиуонцӕ ӕндӕр къуӕрттӕ, ӕрбаздӕхианӕ лагермӕ, ӕма уӕд Иристонӕй ка адтан, етӕ кӕрӕдзей хӕццӕ фембӕлианӕ, кӕд еу бараки нӕ цардан, уӕддӕр. Еу уӕхӕн фембӕлди рӕстӕги Геуӕргий бараки медӕги нарӕбӕл ӕнкъардӕй бадгӕ баййафтон, бафарстон ӕй:
– Ци кӕнис, цӕбӕл мӕтъӕл дӕ?
Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг мин мӕ фарстӕн дзуапп нӕ лӕвардта. Ку базудта, е ’нкъарддзийнадӕ цӕбӕл ӕй, уой цалинмӕ зӕгъа, уӕдмӕ ’й ке нӕ ниууадздзӕнӕн, уӕд загъта:
– Мӕ паек мин еу лӕг байста…
Геуӕргий ка бафхуардта, уой фӕннадтан, ӕз ба ма ин, еци ӕнаккагӕн, уотӕ дӕр загътон:
– Еуцалдӕр бони ин дӕ паеки ӕмбес куд дӕттай, уотӕ!..
Фал Геуӕрги еци гъуддагбӕл не ’сарази ӕй, е ’фхуӕрӕгӕн фӕттӕрегъӕд кодта ӕма загъта:
– Ниххатир ин кӕнӕн, е уобӕл сагъӕс кӕнуй, кӕд фӕййервӕзидӕ, ӕ бийнонтӕмӕ, сувӕллӕнттӕмӕ раздӕхидӕ…
Ци гӕнӕн адтӕй, Геуӕргий загъдбӕл исарази дӕн.
Гъӕди кустӕй ӕрбацӕугӕй, берӕ хӕттити Геуӕргий мӕтъӕлӕй баййафинӕ ӕма ’й ку бафӕрсинӕ, ци кодтай, цӕбӕл тухсис, зӕгъгӕ, уӕд мин зӕгъидӕ:
– Мӕнӕ бабӕй еу мӕгур лӕгӕн мӕ паеки ӕмбес равардтон, мӕлгӕ кодта стонгӕй…
Ӕз ин зӕгъинӕ:
– Цӕмӕ дӕттис, дӕхуӕдӕг исӕвди къахбӕл ку лӕууис, алке цӕмӕй фӕййервӕза, уобӕл ку архайуй, уӕд?!.
Геуӕрги зӕгъидӕ:
– Ӕ амонд кӕмӕн куд ӕй, уотемӕй ибӕл ӕмбӕлдзӕнӕй. Ӕз мӕгур лӕги тухстӕй ку фӕууинон, уӕд ин нӕ фӕййагъаз кӕнун мӕ бон нӕй…
Лагери ирон лӕгтӕ адтӕй ӕхсӕз. Еу баракки нӕ цардан, фал кӕрӕдзебӕл фембӕлианӕ, нӕ хабӕрттӕ ракӕнианӕ, естӕбӕлти кӕрӕдзей бафӕрсианӕ. Еу уӕхӕн фембӕлди рӕстӕги Геуӕргий бафарстон:
– Финсгӕ куд кӕнис, куд ӕргъуди кӕнис ӕмдзӕвгитӕ?
Ӕма мин уӕхӕн дзуапп равардта:
– Магъа… Ӕргъуди кӕнун ӕмдзӕвгитӕ ӕма сӕ ниффинсун. Берӕ гъудитӕ ба ниффинсун мӕ фуни, ку райгъал ун, уӕдта сӕ дзоргӕ дӕр ракӕнун, гӕгъӕдибӕл дӕр рафинсун…
Геуӕрги ӕ фуни айдагъ ӕмдзӕвгитӕ нӕ финста, фал ма фунтӕ ӕвзаргӕ дӕр кодта. Фунтӕмӕ гӕсгӕ равзаридӕ, кӕмӕ ци карнӕ ӕнгъӕл кӕсуй, уой. Еухатт мин загъта:
– Ӕз мӕ хӕдзарӕмӕ ке нӕбал исӕздӕхдзӕнӕн, уой мӕ фуни фӕууидтон…
Уӕдта мӕ ӕнай-ӕнойти рафарста:
– Ду ба ци хузи фунтӕ фӕууинис?
Ӕз ин дзуапп равардтон, фунтӕ фӕууинун, фал сӕ нӕ нигъгъуди кӕнун, зӕгъгӕ.
– Ку ма фӕууинай фунтӕ, уӕд сӕ дӕ зӕрдӕбӕл бадарӕ ӕма мин сӕ радзордзӕнӕ, – уотӕ мин бафӕдзахста.
Ӕ фӕдзӕхст ин исӕнхӕст кодтон, еу-дууӕ хатти ци хузи фунтӕ фӕууидтон, уони ин радзурдтон ӕма мин загъта:
– Ду дӕ хӕдзарӕмӕ исӕздӕхдзӕнӕ, дӕ бийнонтӕбӕл дзӕбӕхӕй исӕмбӕлдзӕнӕ ӕма мин мӕ сувӕллӕнттӕмӕ, дӕ бон ци уа, уомӕй фӕккӕсдзӕнӕ…
Фунтӕ ӕвзаруни туххӕй Геуӕргий бафарстон:
– Дӕ фуни ци фӕууинис, уони куд рартасис, ци хузи?..
Ӕма мин загъта:
– Ӕвӕдзи мин еци гъуддаг Хуцауӕй лӕвӕрд ӕй, къарти нӕ фӕрсун, дӕсни нӕ дӕн.
Тула куд дзурдта, уомӕ гӕсгӕ, Геуӕрги лагери ӕмдзӕвгитӕ берӕ финста, мӕйӕмӕ ӕртӕ-цуппар ӕмдзӕвги ниффинсидӕ, фал етӕ ци фӕцӕнцӕ, уомӕн ба бӕрӕг неке неци зонуй, Хуцау сӕ зонӕг.
Еухатт зуймон изӕри Геуӕрги ирӕнттӕмӕ фӕдздзурдта, е адтӕй Фидибӕсти Устур тугъд ку нӕма райдӕдта – 1941 анзи размӕ:
– Рацӕуайтӕ ардӕмӕ, мӕнӕ еу устур поэмӕ ниффинстон ӕма уин ӕй бакӕсон.
Поэмӕ финст адтӕй дигоронау, «Пакт о ненападении» ке худтонцӕ, еци темӕбӕл, ӕ сӕйраг медес адтӕй: кӕд бадзурд федаргонд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси ӕма Германи медастӕу не ’рбалӕборуни туххӕй, уӕддӕр Гитлер ке ӕрбалӕбордзӕнӕй Советон Цӕдесмӕ 1941 анзи, июни мӕйи, кӕци нимӕдзи ӕма бони уодзӕнӕй, е дӕр си бӕрӕг адтӕй. Дзурд дзурд ӕй ӕма Геуӕрги поэмӕ ке ниффинста, уӕдта циуавӕр темӕбӕл, цӕмӕ гӕсгӕ, еци хабар фегъустонцӕ лагери хецауадӕ. Ахӕстити лагери хецау Крапивин фӕдздзурдта Геуӕргимӕ. Сӕ медастӕу рауадӕй дзубанди:
Крапивин еци карзӕй Геуӕргий бафарста:
– Кӕцӕй зонис, куд уодзӕнӕй, ци уодзӕнӕй, кӕд балӕбордзӕнӕй Гитлер Советон Цӕдесмӕ, кӕд дин фӕсарӕнмӕ, Германий хӕццӕ бастдзийнадӕ нӕййес, уӕд?
Геуӕрги загъта:
– Ӕз дӕн философ, ахургонд, немуцаг философти киунугутӕ берӕ бакастӕн ӕма зонун, уӕдта лӕдӕрун куд уодзӕнӕй, ци уодзӕнӕй ӕцӕгдзийнадӕй, уой. Ардигӕй фӕсарӕни мӕнӕн неке хӕццӕ ес бастдзийнадӕ, фӕсмӕргӕ, уӕдта зонгӕ дӕр неке кӕнун.
Геуӕргий поэмӕ тӕлмацгонд ӕрцудӕй уруссаг ӕвзагмӕ, ӕ хабар фегъустӕй уӕлдӕр хецауадӕмӕ: облӕстмӕ, краймӕ, Мӕскумӕ, НКВД-и косгутӕмӕ. Уӕд еу рауӕнӕй, иннӕ рауӕнӕй фӕззинниуонцӕ вазуггин гъуддӕгти слестгӕнӕг (ӕсгарӕг) косгутӕ. Геуӕргий фарстонцӕ, алкӕмӕндӕр дзуапп радтидӕ куд адтӕй, уотӕ, ӕ рӕстдзийнадӕ зудта ӕма си тӕрсгӕ дӕр нецӕмӕй кодта.
Слестгӕнгутӕ Геуӕргийӕн ӕ цӕстӕмӕ дардтонцӕ ӕ фиццаг киунугӕ уруссагау Берлини ке рацудӕй, уой дӕр, зӕгъиуонцӕ, ду, дан, шпион дӕ, уони хӕццӕ баст дӕ. Геуӕрги син дзуапп радтидӕ:
– Мӕ киунугӕ мин мухури ка рауагъта, уонӕй ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ неке зонун ӕма фӕсмӕрун. Мӕ финститӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕнцӕ ӕма сӕ ниммухур кодтонцӕ, уоми ӕз ци фудгин дӕн? Уогӕ мӕ финститӕ сӕ зӕрдӕмӕ ке фӕццудӕнцӕ, е мӕнӕн ӕхцӕуӕн ӕй, сумахӕн дӕр гъӕуама ӕхцӕуӕн уа… Ӕз шпион некӕд адтӕн, нӕ дӕн, мӕ адӕмбӕл мӕ зӕрдӕ некӕд раййивтон, уӕдта ӕййевгӕ дӕр некӕд ракӕндзӕнӕн, сумах ба мин уой дӕр ӕнӕбундорӕй мӕ нихмӕ ӕвӕретӕ.
Слестгӕнӕгӕн Геуӕрги ци дзуапп раттидӕ, уой е ниффинсидӕ ӕма рандӕуидӕ, кӕцӕй ӕрцудӕй, уордӕмӕ.
Ахӕст адӕмӕн лагери адтӕй зин уавӕртӕ, алли адӕймагӕн дӕр еу суткӕн лӕвардтонцӕ 400 грамми паек. Лагери хецау Крапивинӕн Геуӕрги ӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй ӕма ин ӕ паек фулдӕр искодта, гъӕди кустмӕ дӕр ӕй ахид нӕбал кодтонцӕ. Ахӕст адӕмӕн хуӕруйнаг ке нӕ фагӕ кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕдзӕллаг кодтонцӕ, берӕ хузти незтӕ сӕбӕл ӕфтудӕй, берӕ мардӕй цингайӕй, цӕгъдуни кодтонцӕ. Ка рамӕлидӕ, уони нигӕнунмӕ, ахӕст адӕмӕй сӕхе рӕнгъитӕй равзариуонцӕ хецӕн къуар, етӕ зӕнхи искъахиуонцӕ къагъд, уоми байвӕриуонцӕ мӕрдтӕ, еумӕйаг сикъит сӕбӕл никкалиуонцӕ. Геуӕргийӕн кӕд ӕ паек фулдӕргонд ӕрцудӕй, уӕддӕр ин е ’мбес дӕтгӕ кодта, стонгӕй ка мӕлидӕ, ка батухсидӕ, уонӕн. Фӕлмӕнзӕрдӕ, тӕрегъӕдгӕнагӕ лӕг ке адтӕй, ӕ мӕгур бон дӕр уой медӕгӕ адтӕй. Ӕ паек дӕтгӕ ке кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕхуӕдӕг бонӕй-бонмӕ ӕдзӕллагдӕр кодта. Ахӕст адӕми рӕнгъити берӕ адтӕй Кавкази цӕрӕг адӕмти нацитӕй: сомехӕгтӕ, гурдзиӕгтӕ, дзиуиттӕгтӕ, кӕсгӕнттӕ, цӕцӕйнӕгтӕ, ирӕнттӕ, бердзейнӕгтӕ, балхъайрӕгтӕ ӕма ӕндӕртӕ.
Геуӕрги уӕлдай хузи цӕстингасӕй некӕмӕ кастӕй, ку фӕууинидӕ адӕймаги тухстдзийнадӕ, уӕд ӕнӕ байагъаз кӕнун ӕ бон нӕ адтӕй.
Хуӕруйнаг ке нӕ фагӕ кодта, уомӕ гӕсгӕ ахӕстити астӕу адтӕй уӕхӕнттӕ, кӕцитӕ хуӕдмӕл тикис кенӕ куй ку иссериуонцӕ, уӕд ӕй фезонӕг кодтонцӕ, ӕма ’й бахуӕриуонцӕ. Геуӕрги уӕхӕн гъуддаг фӕууингӕй, мӕнмӕ уотӕ дзоруй:
– Ирӕнттӕмӕ фӕдздзорӕ, ӕз ба син аци гъуддаги туххӕй зӕгъон.
Ирӕнттӕ ку ӕрӕмбурд ӕнцӕ, уӕд Геуӕрги загъта:
– Ирон лӕг хуӕдмӕл тикис ӕма куййи фид некӕд бахуӕрдзӕнӕй, мах уӕхӕн гъуддаг гъӕуама нӕ сӕрмӕ ма хӕссӕн, е махӕн, нӕ ирон адӕми размӕ, нӕ фидтӕлти ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уодзӕнӕй ходуйнаг, ӕгадӕ гъуддаг ӕма нӕ рӕнттӕ балвасӕн…
Нӕ рӕнттӕ балвастан, ирӕнттӕй уӕхӕн гъуддаг ӕ сӕрмӕ неке ’рхаста.
Зумӕг ку ралӕууидӕ, уӕд лӕги ӕмбӕрцӕ мет ӕруаридӕ, ӕхсӕвтӕ нӕбӕл ниддаргъ уиуонцӕ, фал ци гӕнӕн адтӕй, алке дӕр ӕ хъисмӕт, ци кӕнгӕй, уой зудта, кӕми ӕй, уой дӕр лӕдӕрдтӕй. Цӕмӕй нӕбӕл ӕхсӕвтӕ цубур кодтайуонцӕ, уобӕл архайдтан, ӕхсӕз ирон лӕги фембӕлианӕ ӕма кӕрӕдземӕн нӕ хабӕрттӕ кодтан; ка кӕци гъӕуӕй, горӕтӕй рацудӕй, кӕми цардӕй, фулдӕр ба кодтан нӕ бийнонти, сувӕллӕнтти, уӕдта нӕ хӕстӕгути, къабӕзти хабӕрттӕ. Еци хабӕрттӕ дзоргӕй нӕбӕл ӕрбон уидӕ.
Еу уӕхӕн фембӕлди рӕстӕги алагираг дзоруй:
– Аци ӕхсӕвӕ исбӕрӕг кӕнӕн, ке бийнойнаг хуӕздӕр ӕй, уой.
Нӕ медастӕу дзубанди райеудагъ ӕй. Къуари бадгутӕй еу дзоруй:
– Уоми дессагӕй ци ес, ке уосӕ хуӕздӕр ӕй, е цӕй зин бӕрӕггӕнӕн ӕй?
Иннӕ лӕг ба уотӕ:
– Е зин бӕрӕггӕнӕн ӕй, нӕ бийнойнӕгтӕ – уоми, мах ба – ами.
Гъе уотемӕй алке дӕр си ӕ гъудитӕ загъта.
Уӕдта Геуӕрги уотӕ дзоруй:
– Ке уосӕ хуӕздӕр ӕй, е ӕ сувӕллӕнтти исгъомбӕл кӕндзӕнӕй, нӕ сӕ ниууадздзӕнӕй, исахур сӕ кӕндзӕнӕй, царди тонхи сӕ рауадздзӕнӕй. Мах ами уой ку не ’сбӕрӕг кӕнӕн, уӕддӕр еци гъуддаг фӕстӕдӕр исбӕрӕг уодзӕнӕй, адӕм ӕй фӕууиндзӕнӕнцӕ, исбӕрӕг кӕндзӕнӕнцӕ, мах ку нӕбал уӕн, уӕддӕр. Ардигӕй ма Иристонмӕ ка раздӕха, етӕ дӕр ӕй исбӕрӕг кӕндзӕнӕнцӕ, рартасдзӕнӕнцӕ.
Уобӕл гъуддаг лухгонд ӕрцудӕй. Уӕдта ма Хонсар Иристонӕй ка адтӕй, е дзоруй:
– Хуарз силгоймаг ма е уодзӕнӕй, ардӕмӕ посилкитӕ ахиддӕр ка ’рвета, е.
Еци загъдбӕл дӕр исарази ан, дууӕ хабари дӕр хуарз адтӕнцӕ.
Ахӕстити лагери уӕззау уавӕрти Геуӕрги бонӕй-бонмӕ ӕдзӕллагдӕр кодта, хъӕбӕр тухст уавӕри бафтудӕй, е ’нӕнездзийнадӕ куд ӕнгъезуй, уомӕй фӕккиудтӕй. Уӕхӕн лӕгъуз уавӕри уогӕй ма имӕ кадӕр уӕхӕн фарста равардта:
– Финсгӕ ба ма ести кӕнис?
Еци фарстайӕн Геуӕргий дзуапп адтӕй:
– Гъо мӕ финсунбӕл ма дӕн!.. Мӕнӕ цӕмӕ ӕрхаудтӕн, уой нӕ уинис?.. Систитӕ мӕ ку бахуардтонцӕ, стонгӕй ку мӕлун… Ардигӕй ма ку райервӕзинӕ, финсгӕ ба уӕд бӕргӕ берӕ дессагдӕр никкӕнинӕ… Фал нӕбал райервӕздзӕнӕн…
Ӕ царди кӕронӕн ци нистӕфтӕй, уобӕл тагъд рӕстӕги исӕмбалдӕй… Ӕ уӕлӕбӕл цардӕй ку рахецӕн ӕй 1942 анзи, уӕд мӕмӕ ирӕнттӕ ӕрбацудӕнцӕ еци уӕззау хабари хӕццӕ, мӕ размӕ ӕрлӕудтӕнцӕ тӕфирфӕсмӕ:
– Де ’рвадӕ Геуӕрги фӕззиан ӕй ӕма рохсаг уӕд…
Геуӕргий рамӕлуни зиндзийнадӕй уӕззаудӕр ма мӕнӕн ахӕстити лагери ци адтӕй!.. Еугур гъезӕмӕрттӕ, зинтӕ дӕр нимбарзта, кӕун ӕма дзорун дӕр мӕ бон нӕбал адтӕй, мӕ цӕстисугтӕ тумбул фӕрдгути хузӕн гӕр-гӕрӕй ӕгъзалдӕнцӕ, фӕрсгӕ дӕр мӕ нӕ кодтонцӕ, цума ӕгас дуйне дӕр тари ниннигъулдӕй, уотӕ мӕмӕ кастӕй. Фал ци гӕнӕн адтӕй, цӕрӕгӕн – цард, зианӕн ба – бухсун ӕ хуасӕ ӕма бухстӕн. Кӕмӕ ци хъисмӕт ӕнгъӕл кастӕй, уобӕл ӕмбалдӕй.
Нӕ бӕсти хорнигулӕн ӕрдиги ци заводтӕ эвакуаци кодтонцӕ, уони аразунмӕ гъудӕй косӕг адӕм, ӕма уомӕ гӕсгӕ лагерӕй ӕрветун райдӕдтонцӕ ахӕстити. Еу уӕхӕн къуари хӕццӕ ӕз дӕр бафтудтӕн горӕт Омскмӕ авиацион завод аразунмӕ. Нӕ хӕццӕ адтӕй хъӕбӕр рауон-циуон, федар, зундгин ӕма хуарз лӕг – Бозурти Илья. Уой фӕрци ӕрвист ӕрцудӕнцӕ лагерӕй заводтӕ аразунмӕ цалдӕр лӕги. Иристонӕй ка адтӕй, уӕхӕнттӕ, фӕййервазтӕнцӕ, сӕ хӕдзӕрттӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ.
Заводтӕ ка аразта, уони равгитӕ хуӕздӕр адтӕнцӕ хуӕруйнагӕй, уӕдта уӕледарӕсӕй дӕр. Ахӕстити заводтӕ аразунмӕ ку райдӕдтонцӕ ӕрветун лагерӕй, уӕди уӕнгӕ ку райервазтайдӕ Геуӕрги, уӕд, ӕвӕдзи, ести хузи Иристонбӕл исӕмбалдайдӕ, фал уӕлӕбӕл зиндонӕмӕ бафтудӕй, ӕ фӕлмӕн ӕма хӕлар зӕрдӕ нӕбал бафӕразта, ӕрлӕудтӕй, ӕ реуи зинг ниххустӕй.
Мӕ иссӕребарӕ уни рӕстӕг ку ӕрхъӕрдтӕй, уӕд исцудтӕн нӕхемӕ. Нӕ еугурей сувӕллӕнтти дӕр дзӕбӕхӕй исӕййафтон. Нӕ бийнойнӕгтӕ махӕй федардӕр, гъӕддухдӕр, хъаурӕгиндӕр разиндтӕнцӕ, царди кӕстӕрти раст нӕдтӕбӕл ниввардтонцӕ, фӕстегӕй неци гъуддаги байзадӕнцӕ.
***
Мӕ фидӕ Тулай хӕццӕ фӕццӕуинӕ уолӕфунмӕ Дигоргоммӕ. Алли анз дӕр дууӕ-ӕртӕ хатти фӕццӕуианӕ, Байти цагъди пъалаткӕ ниввӕрианӕ, ци нӕ гъӕуидӕ, уой фӕлласианӕ хуӕдтолги. Еу уӕхӕн фӕццуди рӕстӕги хонхмӕ ӕрбацудӕй е ’мбали хӕццӕ Абайти Васо, ӕрцудӕнцӕ рагон алайнаг (дигорон) зартӕ ниффинсунмӕ. Референтӕй Васойӕн адтӕй ӕ уосӕ. Хонхи цӕргутӕй ин кадӕр загъта:
– Малити Тула ами ӕй, Байти цагъди уолӕфуй, каргун лӕг ӕй, хабӕрттӕ, уӕдта зартӕ дӕр берӕ зонуй, заргӕ дӕр сӕ хуарз кӕнуй.
Абайти Васо ӕрбацудӕй, Тулай хӕццӕ базонгӕ ‘нцӕ, кӕрӕдзей зӕрдӕмӕ дӕр фӕццудӕнцӕ.
– Мах дӕр еу къуӕре ами уодзинан, – загъта Васо.
Нӕ рази исӕвардтонцӕ сӕ пъалаткӕ ӕма уоми цардӕнцӕ. Аллибон дӕр дууӕ-ӕртӕ зари финстонцӕ, Тула син ци зартӕ кодта, уонӕй.
Васо ӕма Тулай медастӕу цудӕй берӕ дзубандитӕ. Куд кӕстӕр, уотӕ син лӕггадӕ кодтон, уолӕфуни рӕстӕги сӕ рази адтӕн, игъустон син сӕ дзубандитӕмӕ. Еугур дзубандитӕ нӕбал гъуди кӕнун, фал Геуӕргий туххӕй ци дзурдтонцӕ, уой ба мӕ зӕрдӕбӕл дарун. Абайти Васо уотӕ дзурдта Тулайӕн:
– Ӕз Геуӕргий хъӕбӕр рагӕй зудтон, ду ба ӕ хъӕбӕр хӕстӕг ӕнсувӕр дӕ ӕма мӕ фӕндуй, ести ку радзорисӕ ӕ цардиуаги хабӕрттӕй.
Тула берӕ хабӕрттӕ радзурдта Геуӕргий царди туххӕй.
Еууӕхӕни ба Тула Васойӕн уотӕ загъта:
– Мӕнӕ ӕз, мӕнӕ ба ду, кӕрӕдзей уинӕн, лӕдӕрӕн, кӕрӕдземӕй ци гъудитӕ баримӕхсӕн, уӕхӕн гъуддагӕй неци ес. Мӕнӕй партиондӕр лӕг, ӕвӕдзи, берӕ нӕ разиндзӕнӕй, партий рӕнгъитӕмӕ бацудтӕн 1918 анзи, социализм, колхозтӕ куд арӕзт цудӕнцӕ, уой фӕууидтон. Геуӕргий хӕццӕ ахӕстити лагери еумӕ цалдӕр анзи фӕдтӕн ӕма мин уотӕ дзурдта: «Ӕз социализм аразуни нихмӕ некӕд адтӕн ӕма некӕд дзурдтон. Мӕгур лӕгӕн цӕрунмӕ социализмӕй хуӕздӕр нӕййес. Ленин аразта социализм, керменисттӕ куд гъуди кодтонцӕ, уотӕй аразтонцӕ, гъӕндзийнӕдтӕ си берӕ адтӕй, уой туххӕй ӕргом зӕгъдтитӕ адтӕй, е ба кедӕрти зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй ӕма нӕ сӕ разӕй ардӕмӕ рарвистонцӕ». Геуӕрги ци дзурдта, уонӕбӕл ӕз дӕр арази адтӕн.
Тула лӕмбунӕг радзурдта, Геуӕргий хӕццӕ лагери ци зинтӕ бавзурстонцӕ уони туххӕй, уӕдта Абайти Васой бафарста:
– Ду ба ме ’нсувӕри кудӕй зонис, ци ӕй хонис, дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй бацудӕй?
Васо ин радзурдта:
– Геуӕргий хӕццӕ фембалдтӕн Дзинагъай скъолай рази. Уоми куста ахургӕнӕгӕй. Ӕ уӕледарӕс нецӕмӕй хецӕн кодта уоми цӕрӕг адӕми уӕледарӕсӕй, ӕ сӕрбӕл адтӕй буйнаг ходӕ, ӕ хӕдони кӕрӕнттӕ ӕ гурӕбӕл ӕндегӕй дӕлӕмӕ уагъд, астӕубӕл ронбӕттӕн, хонхи цӕрӕг адӕм ци хузи рӕнттӕ дардтонцӕ, уоци хузи фӕлгонцгонд, хӕлаф, дзабуртӕ. Ӕ уӕледарӕс ӕ гурӕбӕл дзӕбӕх ӕнгом ӕма федауцӕ бадтӕй. Еуварсӕй имӕ кӕсгӕй, адӕймаги цӕсти рази ӕвзурун кодта хумӕтӕг ӕма ездон хуӕнхаг фиййауи сорӕт. Скъолай тургъи ку базонгӕ ан, уӕд Геуӕрги скъоладзаутӕн загъта: «Сумах бауолӕфетӕ, ӕз аци лӕги хӕццӕ цалинмӕ дзубанди кӕнон, уӕдмӕ. Аци лӕги сумахӕй неке зонуй, нӕ дзубанди ку фӕууа, уӕд уин радзордзӕнӕн, ка ’й, уой туххӕй.
Скъолай азгъунстмӕ бацудан, медӕгӕй си адтӕй еунӕг уат (кълас). Геуӕргий хӕццӕ фӕдздзубанди кодтан сахат ӕма ӕрдӕгӕй фулдӕр рӕстӕг.
– Нӕ фембӕлди рӕстӕги ӕз мӕхецӕн раргом кодтон, – дзурдта Васо, – Геуӕрги гениалон поэт, философ, ахургонд ке адтӕй, уой. Геуӕрги ци рифмитӕ, ци музыкалон гъуддаг бавдиста ӕма ниввардта е ’мдзӕвгити, уой уӕнгӕ бӕрзондмӕ исхезун некӕмӕн бантӕстӕй, раздӕр ци зундгонд дигорон финсгутӕ адтӕй, уонӕй. Еци музыкалон гъуддаг, искурдиадӕ ин, ӕвӕдзи, Хуцауӕй лӕвӕрд адтӕй.
Ӕма ма ӕ дзубандибӕл бафтудта:
– Геуӕргийӕн берӕ финститӕ адтайдӕ, фал син, гъулӕггагӕн, нерӕнгӕ нӕма ес иссеруни амал. Уогӕ ми ӕруагӕс кӕнуй, ӕ исфӕлдистадон бунтӕ аци ӕноси бӕрӕггонд ку не ’рцӕуонцӕ, уӕддӕр сӕмӕ ӕрӕздӕхдзӕнӕнцӕ берӕ фӕлтӕртӕ исахур кӕнунмӕ ӕма сӕ исбӕрӕг кӕндзӕнӕнцӕ», – загъта Абайти Васо.