12 декабря 2024

«АРФИАГ ДÆН ЦАРДÆЙ!..»

03.11.2020 | 22:26

БИБУАТИ Иринæ, Национ наукон киунугæдони директори хуæдæййевæг

Номдзуд поэт æма æхсæнадон архайæг Кайсын Кулиеви ном æнæгъæнæ дуйнетæбæл игъустгонд æй, зæгъгæ, ке гъуди кæнæн, уомæй нæ фæррæдуйдзинан. Цардæгас ма ку адтæй, уæддæр нæ Фидибæсти дæр æма уомæй идарддæрти дæр берæ рауæнти нимади адтæй, æ фæсмæрдæ дæр ин кадæгонд цæуй. Æрхæсдзæнæн цалдæр дæнцæни – æ райгурæн Кæсæг-Балхъари сæйраг сахар Нальчикки бæрæгастæу проспект абони хæссуй æ ном. Уоми ин æвæрд æрцудæй циртдзæвæн дæр. Аци сахари ма æ ном хæссунцæ Балхъайраг драмон театр, æ номбæл музейи хуæрзауодæн фонд, Дæллаг Чегеми гъæууон скъола, хуæнхаг сахар Тырнаузи культури Хæдзарæ, Мæхъæли республики сæйраг сахар Магаси гъæунгтæй еу, Киргизий сæйраг сахар Бишкеки гъæунгтæй еу æма киунугæдонæ, Индий еу скъола æма музей, туркаг сахар Анкарай парк, цæугæдон, хонх æма æ бунмæ гъæу Алтайи, Прохладныйи, Ашхабади гъæунгтæ…

 

Сæдæ зæрдтагон къахдзæфи Кайсын Кулиевмæ

Кайсын Кулиеви æмзæнхонтæ сæрустур æнцæ æ берæ арфиаг, бафæнзуни аккаг гъуддæгутæй. Ахид æримисунцæ, уодигъæдæй цæйбæрцæбæл федар æма кæдзос адтæй, æ цардвæндагбæл куд æнаййеппæй рацудæй, кæд ин хъæбæр берæ зиндзийнæдтæ æвзаргæ рауайидæ уой туххæй, уæддæр рæстæгмæ пайдадзийнæдтæмæ некæд æрхицæ кодта, некæд бафтудта адæми цæсти æ цæсгондзийнадæ æма кадæ. Абони дæр си дзиллæ боз æма сæрустур æнцæ, æ рæстæги, æ адæм æвудæй карз æфхуæрд ке æрцудæнцæ, уой æ зæрдæбæл даргæй, Сталини хуарзæнхитæ ке нæ бакумдта, уомæй. Ахæст ку ’рцудæй, уæд имæ Нобели лауреат Борис Пастернак финста, цæмæй æ нифс ма расæтта.

«Кавкази легендæ», «Дуйней адæймаг», «Дун-дуйней уод» – уотæ худтонцæ Кайсын Кулиеви айдагъ нæхе Фидибæсти нæ, фал ма фæсарæнти. Уоми дæр æй хуарз зудтонцæ, уомæн æма исфæлдистадон балцити  берæ бæстити адтæй. Къохæрдзæф ин кодтонцæ Парижи, Берлини, Варшави, Праги, Македоний, Делий, Бомбейи, Улан-Батори, Токиой, Нагасакий… Æ уадзимистæ мухургонд æрцудæнцæ дуйнейи адæмти авдинсæйемæй фулдæр æвзагебæл: Франций, Германий, Польший, Болгарий, Англиси, Индий, Японий.

Эльтюбюйи гъæуи ес архитектурон ансамбль-литературон циртдзæвæн «Сæдæ къахдзæфи Кайсын Кулиевмæ». Еци циртдзæвæн арæзт æрцудæй, Чегеми цæугæдони, уæдта зæрдиагæй кæбæл финста, еци минкъий цæугæдон Жылгийи алфамбулайти ци дортæ фембурд кодтонцæ, уонæй. Номерæн комплексæн æ дæргъæ æй 350 метри, æ бæрзæндæ – 1,85 метри, арæзт æй балхъайраг национ архитектури бундорбæл. Мраморон къæйтæбæл си финст æрцудæй Кайсын Кулиеви сæдæ æмдзæвги, уæдта си ка ци загъта, етæ. Еци зæгъдтити ’хсæн æнцæ Борис Пастернаки, Николай Тихонови, Александр Фадееви, Евгений Евтушенкой, Чингиз Айтматови, Мустай Карими æма игъустгонд исфæлдистадон архайгути гъудитæ. Фарс цæуй минкъий цæугæдон Жылгийи цæхгæрмæ билгæронæй Уæллаг Чегеммæ, поэти райгурæн хæдзарæмæ.

Кайсын КУЛИЕВ зæрдхæларæй цардæй нæ бæсти адæмихæттити финсгутæй берети хæццæ. Аци къари ‘й уинетæ хъалмухъаг поэт Давид КУГУЛЬТИНОВ (астæуæй) æма киргизаг финсæг Чингиз АЙТМАТОВИ (рахесæрдигæй) хæццæ.

Кайсын Кулиеви хуарз зонунцæ æма уарзунцæ Иристони дæр. Поэти уадзимистæ тæлмацгонд æрцудæнцæ ирон æвзагмæ, рацудæнцæ хецæн киунугутæй. Еци тæлмацгæнгутæ ’нцæ: Джусойти Нафи, Дзаболати Хазби, Цæрукъати Александр, Хъайтухъти Геор, Муртазти Барис, Тигити Юрий, Хъодзати Æхсар, Дзасохти Музафер, Хугати Сергей… Æхуæдæг дæр Кайсын балхъайраг æвзагмæ ратæлмац кодта Иристони поэттæй берети æмдзæвгитæ, фиццагидæр ба, ке зæгъун æй гъæуй, Къостай æнæмæлгæ уадзимистæ…

 

Сæрустур адтæй æ иристойнаг æрдхуæрдтæй

Кайсын Кулиевæн Иристон цæйбæрцæбæл зæрдтагонæй хъазар адтæй, уомæн æвдесæн æй мæнæ аци цау дæр. Цæветтонгæ, поэт æ фиди нæ гъуди кодта, уомæн æма хуæрзсабий ма адтæй, е ку рамардæй, уæд, æ къарæ дæр имæ нæ байзадæй. Æма Кайсынæй æ фурт Эльдар, дæ фиди, мæ бабай къарæ равдесай, зæгъгæ, кæддæр ку ракурдта, уæд е æ финсæн лагъзæй исиста Хетæгкати Къостай къарæ. Къостай хузæнæй сæ цæститæбæл уадæй сæ фидтæл дæр…

Кайсын Кулиев куд берæ уарзта нæ адæми, уомæн ма еу уæхæн æвдесæн: æ зæрдæмæ хъæбæр цудæй нæ «Симд». Еудадзуг уотæ дзоридæ: «Ирон адæммæ айдагъдæр «Симд»-и кафт ку адтайдæ, уæддæр адтайуонцæ устур адæмихатт, наци!..»

Нæ финсгутæй беретæ адтæнцæ æ лимæнтæ, Иристони адæмон поэт Плити Гриси хæццæ еумæ ахур кодтонцæ Мæскуй паддзахадон театралон аййевади институти. Æ хуарз æмбалбæл нимадта ирон финсæг Мугути Хаджи-Морати. Фембалдæнцæ фронти – дууемæй дæр тох кодтонцæ Сталингради алфамбулайти немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ. Кайсын Кулиев адтæй десантон æфсæдти, Мугути Хаджи-Морат ба адтæй сгарæг. Кайсын Кулиев устур аргъ кодта Хаджи-Моратæн, е ’сфæлдистади кавказаг тугъдон тематикæ уоййасæбæл сæйраг ке адтæй, уой туххæй. Лимæнæй цардæй нæ нодзуд финсæг Джусойти Нафий хæццæ дæр. «Æ царди надбæл Кайсын Кулиев еунæг хатт ке хæццæ фембалдайдæ, е дæр æнæнгъæлти æма зæрдиагæй æхецæн иссеридæ æмбал æма æнсувæри, хуæнхаг фингæбæл хъæбæрхуари кæрдзини хузæн æ миутæ æма æ дзубандитæ æцæг кæмæн адтæнцæ, уæхæн адæймаги. Етæ адтæнцæ æргом æма æнæхийнæ Зикъарай æфцæги деденгути хузæн», – финста Кулиеви туххæй Нафи.

Нафи æма Кайсын Кулиев базонгæ ’нцæ 1957 анзи Гурдзий финсгути съезди. Мæнæ ци финсуй Кайсыни кизгæ Жаннæ сæ лимæндзийнади туххæй: «Джусойти Нафий ном æнгом баст æй Кайсын Кулиеви номи хæццæ… Етæ сæ фиццаг фембæлди фæсте берæ æнзти дæргъи фæццардæнцæ лимæн æма уарзонæй. Нафи еци хæлардзийнадæ æ зæрди хаста Кайсын Кулиеви уæлзæнхон царди фæстаг сахатти уæнгæ, гъуди ’й кодта æ рамæлæти фæсте æнзти дæр. Алли анз дæр Нафи æрцæуидæ е ’мбали цирти размæ, æ сæрæй ин ниллæг раковуни туххæй. Æма мæнæн æхцæуæн уидæ, Чегеми æй ку фæууининæ, уæд…»

Нафи æ цардæй рахецæн æй, Кайсын Кулиеви райгурдбæл сæдæ анзи ку исæнхæст æй, уæд. Æма нур дууемæй дæр æнцæ уоми, мадзора дуйней, «зæрдхæлар, лæгигъæдгун æма курухон кавказæгтæ».

Кайсын Кулиевæн Нальчикки ци мемориалон хæдзарæ-музей ес, уой еудадзугдæр бабæрæг кæнунцæ, æ поэзи ин берæ ка уарзта æма нерæнгæ дæр ма уарзуй, етæ. Еци музейи ахид уидæ е ’мбал Джусойти Нафи дæр, уоми иуазгути киунуги берæ финститæ ниууагъта æ лимæни туххæй.

…Куд хумæтæг адæймаг, уæдта куд исфæлдистадон архайæг, уотæ Кайсын Кулиевæн, ку зæгъæн, федар бастдзийнæдтæ адтæй Иристони, нæ адæми хæццæ, æнæмæнгæ иссеридæ равгæ æма нæмæ иуазæгуати дæр уидæ æма ’й нæ дзиллæ хъæбæр зæрдиагæй исбоц кæнидæ. Æ еу балций рæстæг, 1968 анзи 12 мартъий, бабæрæг кодта республикон Национ киунугæдонæ дæр. Уæдæй фæстæмæ нæмæ æстæн киунугути фонди æнцæ Кайсын Кулиеви киунугутæ æ къохфинсти хæццæ.

Кайсын Кулиеви райгурдбæл 2017 анзи ноябри фиццаг бон исæнхæст æй сæдæ анзи (1917-1985). Уой фæдбæл нæ киунугæдони косгутæ æма киунугæкæсгутæ дæр, куд Уæрæсей æма раздæри Советон Цæдеси республикитæй берæ рауæнти, уотæ исаразтонцæ цитгингæнæн мадзæлттæ, сæ зæрди фæндон бавдистонцæ, цæйбæрцæбæл хъазар æма уарзон æй нæ дзиллæн номдзуд балхъайраг поэт æма нæ адæми æновуд æрдхуард, цæйбæрцæбæл агъазиау нимади нæмæ æнцæ æ поэтикон исфæлдистадæ, пахампари зунд, æ уодиконди кæдзосдзийнадæ æма рæстадæ. Ци цалдæр номерæн мадзали исаразтан, уонæй еуей исхудтан «Киунугути дилижанс». Æрзилдан Иристони районтæбæл юбилейон бацæттæгонд мадзæлтти хæццæ, адтæй си киунугутæ æма къарти равдиститæ. Фиццаг ноябри, Кайсын Кулиеви райгурæн бони, мах архайдтан, «Мир и радость Вам, живущие!..», зæгъгæ, регионти æхсæн арæзт акций. Дзæуæгигъæуи поэзий «Цай-клуб»-и фæлгæти ба арæзт æрцудæй поэзий изæр «Фæткъути тæф кæнуй фæззæг…»

Юбилейон мадзæлттæн ба дессæги кæронбæттæн иссæй, сæ хуæдразмæ, «Кайсын Кулиев æма Иристон», зæгъгæ, номдзуд балхъайраг поэти туххæй киунуги рауагъд…

Кайсын Кулиев е ‘мдзæвгитæй еуеми уотæ финста: «Мæ зар ахид нæ арф кæмтти игъусидæ…» Æма æ еци загъдбæл æнæгъæнæйдæр арази уогæй, нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун дæр: абони дæр айдагъ Кавкази еугур кæмтти нæ, фал дуйнети еугур рауæнти дæр игъусуй æ зæлланг зар…

 

РÆСТЗÆРДÆ ÆРДХУАРД ÆНОСОН МÆСУГ ÆЙ!..

Еугур еци хабæрттæ уомæ гæсгæ æримистон, æма етæ хъæбæр ирд æвдесæн æнцæ, алли адæмихæтти æхсæн рахастдзийнæдтæ æма хæларæй æмдзæрийнадæ федар кæнунæн цæйбæрцæбæл ахедгæ æй сæ хецæн минæвæртти рæстзæрдæ цардиуагæ, цæйбæрцæбæл разæнгардгæнæг æй сæ архайд æма бæлвурд гъуддæгутæ, цæмæй еугур дзиллитæ дæр æрдхуард синхондзийнадæ федар кæнунмæ тундзонцæ…

Иристони æма Кæсæг-Балхъари адæмтæ бафæразтонцæ æма фæразунцæ сæ медасæу хæлардзийнади рахастдзийнæдти кæдзосдзийнадæ гъæуай кæнун. Уомæн еума æвдесæн – нæ дууæ республикей æмгустади туххæй бардзурд æрæги Дзæуæгигъæуи бафинстонцæ сæ разамонгутæ Битарти Вячеслав æма Казбек Коков.

Дууæ синхон æнсувæрон республики фæстаг хатт ма уæхæн документ ку исфедар кодтонцæ, уобæл рацудæй фондз æма инсæй анзи. Фал рæстæги домæнтæмæ гæсгæ æма закъони цæстæй кæсгæй, багъудæй нæуæг бадзурд æма нур Цæгат Иристон æма Кæсæг-Балхъари ’хсæн æмгустадæ – базарадон-экономикон, наукон-техникон, культурон æма æндæр къабæзти – кæндзæнæй никки федардæр.

Казбек Коков æ радзубандий сæрмагондæй уой баханхæ кодта, æма Кæсæг-Балхъари ке цæруй берæ ирæнттæ, ес сæмæ ирæнтти диаспорæ, сауæнгæ æнæгъæнæ ирон гъæутæ; ирæнттæ, кæсгæнттæ æма æссæнттæ рагæй-æрæгæмæ дæр еу бийнонти, еу адæми цард кæнунцæ, æма зæрдæ байвардтонцæ, идарддæр дæр уотæ ке уодзæнæй, уомæй.

Нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав, Кæсæг-Балхъарæй æрбацæуæг иуазгутæн арфæ кæнгæй, куд загъта, уотемæй дууæ республикей ’хсæн социалон-экономикон æмгустадæ, фиццагидæр, хуæрзæрдæмæ фæббæрæг уодзæнæй адæми цардбæл.

– Æнсувæрон бастдзийнæдтæ идарддæр дæр уотæ федар цæмæй уонцæ æма еу фæлтæрæй иннемæ цæмæй цæуонцæ, уобæл архайдзинан, – загъта Битарти Вячеслав.