11 октября 2024

«АРХЕОЛОГИ АРХАЙД ЗӔРИНГУРДИ БАВНӔЛДИ ХУЗӔН ӔЙ…»

05.08.2022 | 10:21

Уæхæн гъуди кæддæр загъта нæ доги искурдиадæгиндæр ахургæндтæй еу – Владимир Александри фурт Кузнецов. Æма æцæгæйдæр уотæ ке ‘й, уомæн ба бæлвурдæй-бæлвурддæр æвдесæн иссæй æхе наукон архайд. Кæд æ куст æнæгъæнæйдæр баст æй Цæгат Кавкази хæццæ, уæддæр æ агъазиау исфæлдистадон æскъуæлхтдзийнæдтæмæ гæсгæ ба Уæрæсей дæр æма фæсарæнти дæр берæ рауæнти хъæбæр бæрзонд цæстиварди æй.

Уæлдай боз ба си ан мах, Иристони дзиллæ. Æ наукон уæзгæ фæллойнитæй агъазиау хай бахаста нæ адæми недзаманти цаутæ æма хабæрттæ наукон æгъдауæй исбæлвурд æма сæ дуйнейæн рæстадæй фегъосун кæнуни гъуддагмæ. Æ еци хъиамæттæ æнæсеккаг иссæнцæ, уомæн æма æ къохи бафтудæй дæсгай экспедицитæ, алайнаг сæдæгай циртдзæвæнтæ, мингай артефакттæ рартасун. Цæйбæрцæбæл арфиаг си æй нæ дзиллæ, уомæн æвдесæн æй е дæр æма Владимир Кузнецовæн лæвæрд æрцудæй Цæгат Иристони науки æскъуæлхт архайæги ном, майдан «Иристони намусæн» æма æндæр хуæрзеугутæ. Æрæги, 25 июли, нæ номдзуд ахургондбæл исæнхæст æй 95 анзи, æма ин уой фæдбæл лæвæрд æрцудæй Цæгат Иристони кадгин гражданини ном. Æ хæццæ фембæлди рæстæг ин зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Владимир Кузнецовæн æ юбилеймæ гæсгæ æрмæгутæ фæззиндтæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæй беретæми. Уонæй еу – газет «Аргументы и факты»-й цæгаткавказаг рауагъди уацхæссæг Анна Учаева номдзуд ахургонди хæццæ фембæлди фæдбæл ци æрмæг бацæттæ кодта, е. Абони ‘й мах дæр мухур кæнæн.

– Владимир Александри фурт, дæ карни ахсгиагдæр гъуддаг археологи кутемæй иссæй?

– Мæ гъудикæнуйнадæмæ гæсгæ мæхуæдæг дæн гуманитари, бæлвурд наукитæ мæ сæхемæ некæд æлвастонцæ. Истори ба мæ хæццæ адтæй мæ сабийбонтæй фæстæмæ – куд паддзахади, уотæ мæ бийнонти истори дæр. Хуарз æй гъуди кæнун, мæ ниййергутæ мин ахид дзориуонцæ нæ рагфидтæлти туххæй. Зæгъæн, мæ бабай фидæ Антон Незлобинский адтæй зундгонд бунæттон хуæнхон инженер – æ ном ин æ рæстæги равардтонцæ Железноводски минералон сауæртæй еуемæн.

Никки ма уарзтон кæсун, бон уа кенæ æхсæвæ, уой нæ нимадтон. Æртасæнтæ, историон романтæ – алцидæр мин адтæй цæмæдесаг. Фал скъолай фæсте  институтмæ бацæун мæ къохи нæ бафтудæй. Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд. 1944 анзи мæбæл цудæй æвддæс анзи, æма мæмæ фæдздзурдтонцæ æфсадмæ, рандæ дæн фронтмæ. Раст зæгъгæй, фашистон Германий нихмæ тугъдон цаути байархайун мин нæ рауадæй, фæскъилдуни нæ цæттæ кодтонцæ. Фал Японий нихмæ тугъдтити ба архайдтон 1945 анзи августи.

Демобилизаций фæсте бацудтæн Пятигорски педагогон институти историон факультетмæ. Дуккаг къурси ку адтæн, уæд мæ ракодтонцæ Дæллаг Архызмæ, ахурадон археологон экспедицимæ. Гъе уæд «фæссæйгæ» дæн археологийæй. Рандæ ан, рагæйдæр ка нæбал куста, уæхæн æртæ аргъауæнемæ. Дæллаг Архызаг устур сахари X-XII æности адтæй Алайнаг епархий æма уодварни царди центр. Æ фæсте ниууагъта гъæздуг археологон бунтæ.

Уæд æй балæдæрдтæн: æртасдзæнæн Цæгат Кавкази евгъуд. Фæндадтæй мæ, цæмæй мæ фæсинститут рарвистайуонцæ Архызмæ, фал бунат адтæй Хъæрæсе Черкесий, Дæллаг Ермолаевки. Æма мæ хабæрттæ уотæ ке рауадæнцæ, уобæл фæсмон нæ кæнун, уоми фембалдтæн, мæ цард ке хæццæ байеу кодтон, еци Мария Василийи кизгæбæл.

Фæстæдæр бацудтæн Мæскуй наукити Академий археологон институтмæ, аспирант исдæн. Ахур кодтон Цæгат Кавкази Астæуккаг æности истори æма археологи.

Нур дæр ми иронх нæй мæ наукон разамонæг Евгений Крупнови рохс ном, е Мæскуй исаразта кавказæртасуни скъола. Ку рамардæй, уæд исфæндæ кодтон, мæ зæрдæбæл æй  цæмæй дарон, уой туххæй ин гъæуама æ гъуддаг идарддæр æнхæст кæнон.

– Ду адтæ Крупнови номбæл бакаститæ исаразæг, нур дæр сæмæ ахургæндтæ дессагæн цæунцæ.

– Гъо, фиццаг хатт сæ искодтонцæ 1971 анзи, уæд адтан еци мадзал хемедæг искæнунгъон. Цæгат Кавкази археологи ке æндавта, уæхæн адæймæгутæ си аст æрæмбурд æй. Нур ба имæ æрцæунцæ еугур бæститæй, уæдта, æруагæс ми кæнуй, идарддæр дæр имæ ахургæндтæ разæнгардæй цæудзæнæнцæ, къулумпидзийнæдтæ ибæл нæ фæззиндзæнæнцæ. Куд балæдæрдтæн, уотемæй алци рартасæн нæййес, уомæ гæсгæ ба мæ бон æй уотæ зæгъун, æма  нæ зилди археологтæ нурма æртасгути берæ нæуæгдзийнæдтæй деси бафтаудзæнæнцæ.


ЦАРДВÆНДАГ

Владимир Кузнецов райгурдæй 1927 анзи, 25 июли, Пятигорски. Фæцæй Пятигорски паддзахадон педагогон институти историон факультет. Евгений Крупневи разамундæй ахур кодта Археологий институти Цæгат Кавкази истори æма археологий аспирантури. Н.Н. Миклухо-Маклайи номбæл этнографий институти 1961 анзи историон наукити кандидати ном багъæуай кодта, темæн равзурста «Цæгат Кавкази алайнаг знæмттæ» – Цæгат Иристонмæ æрбацудæй 1965 анзи, куста Цæгат Иристони историй, филологий æма экономики иснтитути. Мæскуй, Археологий институти, 1970 анзи багъæуай кодта историон наукити доктори ном, æ темæ – «Алани X-XIII æности». Нуртæккæ цæруй Минеральные Водый. Берæ æнзти археологон ракъæхтитæ кодта еугур Цæгат Кавкази. Æ хуæрзеугутæ – «Цæгат Иристони АССР»-и науки æскъуæлхт косæг», «УСФСР-и науки æскъуæлхт архайæг», «Минеральные Водый кадгин гражданин», «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий кадгин гражданин», Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон премий лауреат.


Мæхуæдæг дæр инсæй анзей дæргъи архайдтон Дæллаг Архызи ракъахтити, иннæ рæстæг ба æмбурдгонд æрмæг нивæбæл кодтон. Дæргъвæтийнæ экспедицитæмæ уотæ ахид нæбал цудтæн. Гъæуама балæдæрдтайнæ, Кавкази адæмти фæсте циуавæр культуритæ лæуунцæ, ци хæзнатæ иссирдтон, уони типологи æма хронологи мæ гъудæй исбæлвурд кæнун. Монографитæ æрмæгæн æгæр минкъий адтæнцæ, æма уæд райдæдтон киунугутæ финсун æма, куд рабæрæг æй, уотемæй  фæццудæнцæ кæсгути зæрдæмæ. Æдеугурæй ниффинстон 200 фæллойни, фал алци зæгъун мæ къохи нæма бафтудæй. Нур æригон æмкосгутæ ерунцæ нæуг артефакттæ, циртдзæвæнтæ…

– Археологтæн нуриккон технологитæ ести агъаз æнцæ?

– Айдагъдæр ци æрмæг иссерæн, уони æртасунбæл, сæ экспертизæбæл дзубанди ку фæццæуй, уæд. Ракъахтити ба археолог косуй æма косдзæнæй зæнхкъахгути хæццæ. Культурон уæлцъарæ сантиметргай есæн машинттæ кæд æргъуди кæндзæнæнцæ? Нæ гæрзтæ æнцæ кæрдтæ, цъилинтæ, кисточкитæ æма æндæр дзаумæуттæ. Археологи æй ювелирон  архайди хузæн, механизмтæ си сæйраг нæ ‘нцæ, адæймаг си æй сæйраг. Ци хатдзæгтæ си райсæн, уонæмæ аллихузон цæстæй ракæсæн ес – гъулæггагæн, историон бунтæ политики хæццæ еумæ цæунцæ.

Кæцидæрти туххæй радзорунцæ æхсæнадæн, косгæ цæстæнгаси нихмæ си ка фæууй,  етæ ба аууони райзайунцæ. Уомæ алли ахургонд дæр гъæуама цæттæ уа, иннæ бæстити ахургæндти фæлтæрддзийнадæ нин гъæуама еститæ амона.

Ме ‘ртасæнтæ дуйней рохс фæууидтонцæ, аккаг аргъ син конд ке  ‘рцудæй, уомæй рамулдтон.

– Дæ кæци иссерæггаг нимайис еугуремæй ахедгæдæрбæл?

– Мингай æрмæгутæй еу зин равзарæн æй. Будуйрон практики фиццаг æнзти, Змейки катакомбити зæппадз къахгæй, Аланий истори  æма рагонфеодалон культури туххæй нæ зонундзийнæдтæ  феййивтонцæ. Елхотти размæ, Уæллаг Дзулати Сугъзæрийнæ ордай устур сахар къахгæй, куд базудтан, уотемæй фæззиндтæй никки рагондæр алайнаг цæрæн бунати. Æндæр агъазиаудæр циртдзæвæнтæ дæр раргом кодтан, зæгъæн, VIII-IX æности хазайраг Хумаринаг федари пурхæнтæ (Уæллаг Хъобани рахес билгæрон), Зилги гъæуи размæ сахар  катакомбити зæппадзи хæццæ æма агъазиау уæрмити хæццæ, Дæргъæвси рази «Мæрдти сахар».

Астæуккаг æности Аланийæн адтæй æнгом базарадон æма культурон бастдзийнæдтæ пусулмон динбæл хуæст Искæсæни хæццæ, Византийи хæццæ, Уруси хæццæ. Тæккæ ахсгиагдæрбæл нимайун, нæ еугур иссирдтитæбæл ка цæуй, уæхæн хатдзæг: иристойнæгти рагфидтæлтæ сæ цард-цæрæнбонти баст адтæнцæ киристон дини хæзнати хæццæ. Зæгъæн, Сугъдæг Никъала нимад адтæй Дигоргомбæл ауодæгæй, æ бон ин нур дæр бæрæг кæнунцæ Лезгори гъæуи.

Киристон дини гуманизм балхæдта аланти зæрдæ. Æ хæзнатæ еугур адæми æнцæ, зæгъæн, хæстæгдæр адæймагмæ уарзондзийнадæ  абони дæр хъæбæр ахсгиаг æй.

– Владимир Александри фурт, нуртæккæ археологи дæсниадæбæл ка гъуди кæнуй, уонæн ци зæгъдзæнæ?

– Мæн цæстæй  ракæсгæй, алцидæр хумæтæг æй. Кæд æма дин истори ахсгиаг æй, æнкъарæнтæ фæййеуварс кæнгæй, дæ гъудий сæрбæл дæ бон исдзорун æй, æнæмæнгæ цаутæ æнæбæлвурдгонд зонадон æнгъæлæнти мæнгæттæбæл ку нимайуонцæ æма еци æнгъæлæнтæй дæхе еуварс кæнис, уæд равзарæ археологи. Профессионал гъæуама уа  лæмбунæг, æновуд, къахæнти рæстæг ахсгиаг æй, цæйбæрцæбæл хъаурæгин æма фæразон дæ, е дæр æма уæхæн цæттæдзийнадæй дæр æнхæст уай.

Гъæуама æ бон уа æмзунд-æмвæндæ къуарæй косун, иннети хæццæ æмгустадæ дин уодзæнæй агъаз. Рагон дзаманти нивтæ бæлвурдæй равдесунæн багъæуй берæ æнзтæ, фал æ бæрæггæнæн уой аккаг æй. Кæд æма наукæ æма  техникæ размæ цæунцæ, уæддæр нерæнгæ ма зæнхи цъарæбæл берæ ес рартасуйнаг фарстатæ æма гъуддæгутæ, историй – уорс стъæлфæнтæ. Нæ дæсниадæ кæддæриддæр  уодзæнæй агурд… Уобæл рагъуди кæнгæй, адæймаг куд гъæуама нæ бабæлла, бæргæ, еу уæхæн цард ма ку фæккæнинæ, æма ма никкидæр еума  уæхæн, зæгъгæ, цæмæй ма ести ахсгиагдзийнæдтæ исаразунæн фæууа равгæ… Баруагæс уи уæд, мæ куст мин айдагъ æхцæуæндзийнадæ нæ хаста æма ма хæссуй, фал ма мин мæ æнæнездзийнадæ дæр багъæуай кодта æма нури уæнгæ дæр гъæуай кæнуй, бæрзонд æлхъивдадæ ци ‘й, уой нæ зонун. Дохтиртæ мæбæл бадес кæнунцæ, дæ бæрæггæнæнтæ æригæнтти хузæн æнцæ, зæгъгæ, Мæн ба сæйгитæ кæнунмæ нæ евдæлуй, берæ цидæртæ ма мæ искæнун гъæуй…

***

Владимир Кузнецови аци цардбæллон загъдмæ гæсгæ мах дæр ин хъæбæр æхцæуæнæй арфæ кæнæн æ юбилейи фæдбæл дæр, уæдтæ нæ Иристони наукон зонунади сæрбæлтау берæ хъиамæтти туххæй дæр:

– Хъæбæр боз ди уогæй, нæ зæрдæ дин зæгъуй, цæмæй ма берæ-берæ рæстæгути æнæнез æма кустгъон уай, цидæриддæр исаразун ма дæ фæндуй, етæ дин куд бантæсонцæ. Дæ берæ фæллæнтæй ду агъазиау хуарздзийнæдтæ аразис айдагъ наукæн нæ, фал нæ бæсти цæрæг адæмтæн дæр, недзаманти хабæртти æцæгдзийнадæ ке бæлвурд кæнис, уомæй. Уой фæрци адæмти фæлтæртæ хуæздæр базонунцæ сæ рагфидтæлтиккон хабæрттæ, уæдиккон цардарæзти æгъдæуттæ æма фæткитæ. Е хъæбæр ахсгиаг гъуддаг æй, цæмæй адæмти нуриккон æма исонибониккон фæлтæртæ еци æцæгдзийнадæ базонгæй æма ‘й рæстуодæй лæдæргæй, кæрæдзей хæццæ, ка кæци адæмихаттæй æй кенæ циуавæр динбæл хуæст æй, уомæ нæ кæсгæй, сæ цардиуагæ аразонцæ æмзунд-æмвæндæй.

Дзубанди ниффинста
Аннæ УЧАЕВА