11 октября 2024

БÆГЪАТÆРТÆН ÆНОСОН УОДЗÆНÆЙ СÆ КАДÆ

21.01.2023 | 20:09

Дæс мæйей дæргъи, кæддæри æнсувæрон Украини зæнхæбæл неофашистти, Степан Бандерай хъозонти нихмæ ци карз тугъд цæуй, уоми бабæй иристойнаг тог дæр никкалдæй.  Устур Фидибæстон  тугъди рæстæг ци фашизм дæрæнгонд æрцудæй исистадæй, е бабæй фæстæмæ æ сæр исдардта мегъти тæлмæй æма тоги æвдолуй æвуд адæми.

Гъулæггагæн, нæййес уæхæн тугъд, æма зиантæ кæми не ’рцæуа. Цæрæнбонти мадтæлтæ ци сау гæгъæдитæй тарстæнцæ, е бабæй нур дæр ниххуаста нæ бæсти æма нæ дууæ Иристоней берæ гъæути хæдзæртти дуæрттæ. Ниййергути гъарæнгитæ æма содзгæ цæстисугтæй æрдзæ дæр баймир æй, нигъгъос æй. Фæззиндтæй бабæй нæуæгæй Уæрæсей тугъдтити историй къæлиндари нæуæг сифæ – нæуæг сæргонди хæццæ, уруссагау СВО. Аци аббревиатурæ æнæгъæнæ анз дæр иссæй не ’хсæнадон царди сæйрагдæр сагъæссаг гъудити бундор. Иронау – сæрмагонд æфсæддон операци, зæгъгæ. Аци æфсæддон мадзал Уæрæсей Федераций райдæдта, Украини зæнхæбæл ци уруссаг адæм цæруй, уони фашистон фудрунæн багъæуай кæнуни фæдбæл. Агъазмæ ба фæдздзурдтонцæ дзæнгæргутæ нæ Иристонмæ дæр æма фæттагъд кодтонцæ еци бунатмæ нæ фæсевæд лæгæвзурстæй.

Сæрмагонд операций бæгъатæрдзийнадæ равдистонцæ æма æвдесунцæ не ’мзæнхонтæ, иннæ адæмти тугъдонтæ. Æма хумæтæги нæ загъта нæ бæсти Президент Владимир Путин дæр:

– Æз уруссаг адæймаг дæн, фал аллихузон адæмихæттити хъайтарти æскъуæлхтдзийнадæ ку фæууинун, уæд мæ бафæндуй зæгъун: «Æз лекъаг, æз дагестайнаг, æз цæцæйнаг, æз ирон».

Сæрмагонд операций нæ республикæй дæр фæгъгъудæй берæ бæгъатæр тугъдонтæ. Уонæй Рахесфарси райони силгоймæгти Совет æма аллихузон кустуæтти разамонгути хъæппæресæй, Украини неофашистти къохæй æнафони æ цард кæмæн раскъудæй, еци бæгъатæр биццеути нæмттæ исæносон кæнуни фæдбæл, ци гъæути цардæнцæ æма скъолати ахур кодтонцæ, уоми зæрдæбæлдарæн стендтæ байгон кæнун.

Æрæги стендтæ байгон кодтонцæ Ольгински, Беслæни 7-аг, Фарни æма Зилги гъæути астæуккаг скъолати. Бæгъатæр тугъдонтæ: Абайти Дауит, Зугъутати Чермен, Касати Витали, Демети Николай, Бестаути Сæрмæт æма Гагити Тамерланæн сæ уарзон скъолати кадгин уавæрти байгон кодтонцæ зæрдæбæлдарæн стендтæ. Мадзал алли гъæуи скъолай дæр бабæрæг кодтонцæ Рахесфарси райони муниципалон исконди сæргълæууæг Фрайти Сослан, Рахесфарси райони бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæг Мирикати Хъазбег, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Парламенти депутаттæ æма æндзард тугъдонти хеуæнттæ, хæстæгутæ.

Алли мадзали дæр Фрайти Сослан дзурдта, Иристон кæддæриддæр æфсæддон намуси бæстæ ке адтæй æма æй. Ирон лæг, рæстдзийнадæ æма сæребарæбæл тохи æ ном ке некæд фегадæ кодта, уой.

– Уæззау бони фæдбæл æрбамбурд ан абони Рахесфарси гъæути скъолатæмæ. Ирон биццеутæ сæрмагонд æфсæддон операций ци устур бæгъатæрдзийнадæ æвдесунцæ, уой хумæтæг дзубандитæй радзорæн нæййес. Донецк æма Лугански цæрæг уруссаг адæми аст анзей дæргъи Бандерай байзæдтаг сау хелагæ хуæруй æма ин æ миутæн кæрон искæнуни туххæй нæ бæстæй фæттагъд кодтонцæ берæ тугъдгъон фæсевæд. Нæ гъуди кæнунцæ, нæ сæ цардбæл, нæ се ’нæнездзийнадæбæл, уотемæй тугъди артмæ сæхе гæлдзунцæ. Æма си беретæ, сæ цард равардтонцæ Уæлахезмæ бæлгæй, Уæлахез тагъддæр кæнгæй. Махæй некæд уодзæнæнцæ иронх, сæ бийнонтæн ба син агъаз кæндзинан нæ бон æма хъаурæй, – фæннисан кодта Фрайи-фурт. Номерæн мадзали радзубанди кодта Мирикати Хъазбег дæр æма загъта, Иристони æдзард хъæболтæн сæ нæмттæ, сæ кадæ æносон ке ’нцæ, уой.  Алли скъолай ахуркæнуйнæгтæ дæр бакастæнцæ æфсæддонтæбæл финст æмдзæвгитæ, исаразтонцæ син сæ цард æма тугъдон æскъуæлхтдзийнæдтæбæл видеоæрмæгутæ.