БÆГЪАТÆРТÆН КАДÆ КÆНУНЦÆ КÆСТÆРТÆ
Адæмтæй алке цардарæзти дæр фæууй, феронхгæнæн кæмæн нæййес, дзиллити зæрдити æностæмæ ка байзайуй, уæхæн цаутæ – кæцидæртæ си фæуунцæ цийнаг, кæцидæртæ ба – хъонцкæнуйнаг. Æма нæ адæмæн уæхæн зæрдресæн цау иссæй 1941 анз, немуцаг-фашистон æрдонгтæ тогмондагæй нæ Фидибæстæмæ ку ’рбалæбурдтонцæ. Уæд мингай тугъдонтæ рандæнцæ райгурæн зæнхæ знагæй багъæуай кæнунмæ.
Еци æхсаргин тугъдонти хæццæ адтæнцæ Лескени фæсевæд дæр. Тугъдмæ аци гъæуæй ци 734 адæймаги рандæнцæ фæдесонтæй, етæ хъазауатонæй тох кодтонцæ знаги нихмæ. Фал тугъд æверхъау хабар æй, æма уонæй 334 нæбал исæмбалдæнцæ сæ фидиуæзæгбæл, сæ цард иснивонд кодтонцæ Фидибæсти сæрбæлтау.
Кæд тугъди фæсте берæ æнзтæ рацудæй, уæддæр зингхуст лæхъуæнти нæмттæ иронх нæ ’нцæ. Сæ фарнæ син идарддæр хæссунцæ гъæубæсти нæуæг фæлтæртæ.
«Лескени бæгъатæр тугъдонтæн, райгурæн бæстæмæ æнæкæрон уарзондзийнадæ æма сæ æнæмæлгæ æскъуæлхтдзийнæдти кадæн» – уæхæн нисани хæццæ фембæлд æрæги адтæй Лескени астæуккаг скъолай. Ахурдзаутæ сæхе зæрдиагæй цæттæ кодтонцæ. Бузарти Заур, Фатимæ Мусаддинова, Хъарати Аскар æма иннетæ радзурдтонцæ Лескени бæгъатæр тугъдонти туххæй.
Лескени дзиллæ Фидибæсти сæрбæлтау гъуддæгути кæддæриддæр адтæнцæ раззæгти хæццæ, æвдистонцæ сæрæндзийнадæ. Уонæй еу – Хъарати Мæхæмæт. Устур Фидибæстон тугъди рæстæг æнæдузæрдугæй, æ цард иснивонд кодта æ тугъдон ихæс исæнхæст кæнгæй – уотемæй бунихæлд фæккодта, знаги танкитæ æма фестæгæфсæддонтæ кæбæлти цудæнцæ, еци над. Хъарай-фурти ном сæрустурæй хæссуй не скъола.
Абони нæ адæми бабæй багъудæй лæгдзийнадæ бавдесун, нæ Фидибæсти нихмæ архайæг знæгтæн карз нихкъуæрд раттун. Уой фæдбæл æнхæстгонд цæуй сæрмагонд æфсæддон операци.
Æма бабæй Лескени фæсевæд æнцæ раззагдæрти хæццæ. Гъулæггагæн, не ’мзæнхонтæй тохи будури фæммард æй Хæмицати Солтан. Знаги нæмуг бæгъатæр лæхъуæнæн æ цард раскъудта. Æ рамæлæти фæсте ин лæвæрд æрцудæй бæрзонд паддзахадон хуæрзеуæг. Æ еунæг æдзард хъæболи номбæл, ниййерæг мадæ скъоламæ æрбахаста бæлæстæ (туйæ). Нур Солтани номбæл аллейи ирæздзæнæнцæ тургъи.
Сæрмагонд æфсæддон операций æ тæккæ райдайунæй ба нури уæнгæ архайуй Хъарати Давид. Нуртæккæ ин фæлладуадзæни рæстæг ес, æма иссудæй æ фидиуæзæгмæ, æ райгурæн гъæу Лескенмæ, бабæрæг кодта æ уарзон скъола. Хъæбæр æхцæуæнæй ибæл исæмбалдæнцæ ахургæнгутæ æма скъоладзаутæ. Цæмæдесæй игъустан Давиди радзубандимæ. Куд базудтан, уотемæй дууæ хатти фæццæф æй, фал госпитæли фæсте бабæй æрлæудтæй æ тугъдон æмбæлтти фарсмæ. Хуарзæнхæгонд æрцудæй Лæгдзийнади орден æма Жукови майданæй. Сувæллæнттæмæ дессаг фæккастæй, æртухсти бахаугæй, æхе цардбæл нæ сагъæс кæнгæй, Давид æ тугъдон æмбали уæззау цæфæй, фондз километри æ рагъи куд фæххаста, еци хабар. Беретæ си сæ цæстисугтæ дæр ма нæ бауорæдтонцæ, уомæн æма уоми, сæрмагонд æфсæддон операций абони архайунцæ сæ хеуæнттæ, сæ зонгитæ дæр.
Мадзали кæронбæттæни ба скъолай директор Сагети Ларисæ райарфæ кодта Давидæн:
– Дæхе багъæуай кæнæ, ци устур нисанмæ бæллетæ, е къохи бафтуйæд. Нæхемæ уæлахези хæццæ ку иссæуайтæ, уæд е махæн устур бæрæгбон уодзæнæй…
Æмбурд фæцæй, фал ма уæддæр скъоладзаутæ Давиди алливарс исæмбурд æнцæ, дзæвгарæ рæстæг ма ’й рафæрсæ-бафæрсæ кодтонцæ, лæмбунæг игъустонцæ æ дзубандимæ… Æхцæуæнæй мæ бон æй уотæ зæгъун, æма бæгъатæри хæццæ фембæлд рауадæй зæрдæмæдзæугæ, æнæферонхгæнгæ.
ЦЪЕБОЙТИ Жаннæ, Лескени астæуккаг скъолай историй ахургæнæг.