БÆЛАСÆ ТАЛАТÆЙ АРАЗУН ГЪÆУЙ!..
Мæнæ сæргондæн ци загъд ниввардтан, е нæмæ нæ рагфидтæлтæй æрбахъæрттæй. Æма цæйбæрцæбæл раст æй, уой æцæгдзийнадæн ба тæккæ хуæздæр æвдесæн – рæстæгутæ æма цаутæ. Нæ адæммæ табуйаг ка адтæй æма фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнæмæнгæ æнхæстгонд ци берæ фарнæхæссæг æгъдæуттæ æма фæткитæ адтæй, уонæн сæ сæйрагдæртæй адтæй кæстæрти сауæнгæ сæ сабийдогæй гъомбæл кæнун – цæмæй фæххайгин уонцæ уоди кæдзосдзийнадæй, зæрди рæстадæй, раст зундирахастæй, цæмæй рабайлæгъ уонцæ, сæ ахил дæр æма си дзиллæ дæр боз куд уонцæ, уотемæй. Уæлдай æргом ба æздахтонцæ, цæмæй æновуд уонцæ Фидибæстæбæл, цæттæ уонцæ æ сæрбæлтау уодуæлдайæй бахъазауат кæнунмæ. Аци агъазиау
гъуддаг æнхæст кæнунбæл еудазуг архайунæй, ай-
гъайдæр, ихæсгин æнцæ бийнонтæ дæр, æхсæнадæ дæр æма паддзахадæ дæр. Раст зæгъгæй, уомæ советон доги зингæ æргом æздæхт цудæй – октябронти æма нæуæгдзаути организацити, фæскомцæдеси фæрци. Фал уæдмæ Советон Цæдес фехалдæй æма уоййадæбæл еци æгъдау дæр æрбасатар æй, уомæн æма «нæуæг цардиуагæ» аразгутæ зæранхæссæгбæл банимадтонцæ, советон цардарæзти уодварнонæй цидæриддæр адтæй, уони. Æма е цæйбæрцæбæл æнæраст миуæ адтæй, уой ба не ‘хсæнадæ фæстæдæр балæдæрдтæй. Хуарз æма æрискъидтан, кæстæрти уодварнон гъомбæлади фарстатæмæ бæлвурддæр æргом æздæхт цæуй. Ка ‘й зонуй, кæстæрти кæддæри еугæндтæ иснæуæг кæнун нæбал бантæстдзæнæй, фал арæзт цæуй уони æнгæс нуриккон еугæндтæ. Зæгъæн, дзиллон æзмæлд «Æригæнтти æфсад» («Юнармия»). Аци арфиаг гъуддаги ба ма фæззиндтæй еума хуарз фæткæ – æригон æфсæддонти æмархайæг иссæнцæ хуæрзсабийтæ дæр. Зæгъæн, æрæги Мæздæги рæвдауæндæнтти гъомбæлгæнуйнæгтæй исаразтонцæ æригон æфсæддонти агъазгæнгути къуар. Патриотон змæлд «Æригон æфсад»-бæл кæд дуккаг анз цæуй, уæддæр аллихузон медесгун мадзæлтти фæрци æнтæстгинæй æнхæстгонд цæуй ирæзгæ фæлтæри патриотон гъомбæлади медесгун программæ. Уæрæсей десантонти Цæдеси мæздæггаг хайадæ ке исаразуй, æригон æфсæддонти агъазгæнгути къуари иуонгтæ. Еци дзиллон мадзæлтти еудадзуг архайунцæ.
Сабийтæ сæ зундамонгути хæццæ еумæ ветеранти бабæрæг кæнунцæ сахари, зæрдæбæлдарæн бунæттæ исфæлгонц кæнунцæ деденгутæй, ахур кæнунцæ æфсæддон æгъдæуттæ æнхæст кæнунбæл, ахур кæнунцæ рæнгъгай цудбæл.
– Дзубанди дæр ибæл нæййес, патриотизм адæми еугур фæлтæрти дæр алцæмæй дæр еу кæнуй. Бæсти десантонти Цæдеси мæздæггаг хайади хæццæ æнгом бастдзийнæдтæ дарæн, æригон æфсæддонти агъазгæнгути къуар исаразтан, – зæгъуй 9-аг рæвдауæндонæ «Казачок»-и разамонæг Аллæ
Симоненко.
Æфсæддон службæгæнгутæ сабийтæн сæрмагонд уæледарæс балæвар кодтонцæ. Рæвдауæндонæ бабæрæг кæнгæй, æрæги десантонти Цæдеси активисттæ сувæллæнттæн патриотон гъомбæлади мадзæлтти рæстæг син исаразтонцæ берæ аллихузон фæткитæ, зæгъæн, тематикон викторинæ.
– Рæвдауæндони гъом-
бæлгæнуйнæгтæмæ бацæ-
уæн æма син æфсæддон служби туххæй бæлвурд хабæрттæ ракæнæн. Патриотизм нæ бæсти ке ирæзуй, сувæллæнтти хæццæ нæ бастдзийнæдтæ уобæл дзо-рæг æнцæ, – зæгъуй амунд хайади активист Зураб Мчедлидзе.