04 октября 2024

БÆРÆГБОНИ ХУАРЗÆНХÆ УÆ УÆД!..

08.07.2022 | 20:02

Хъурманти райдзаст æма нифсдæттæг бæрæгбони фæдбæл Цæгат Иристонидзиллæн арфæ кæнунцæ:

Сергей МЕНЯЙЛО, Цæгат Иристони Сæргълæууæг:
– Аци бæнтти еугур дуйней пусулмæнттæ дæр сæ кувдтити Исфæлдесæгмæ сæхе хатунцæ, цæмæй дин æма æууæндундзийнадæ федардæр кæнонцæ, цæмæй хæстæгутæ æма хеуæнттæ хайгингонд цæуонцæ æнæнездзийнадæ æма цардгъондзийнадæй, цæмæй агъазгонд цæуа,
нæхъæртондзийнæдтæ ка æййафуй, уонæн.
Уадзæ æма Хъурман-байрам бæрæг кæнуни бæнттæ æууæндæг пусулмæнтти зæрдитæ байдзаг кæнонцæ цийнæй, сæ хъауритæ æма фæразундзийнадæбæл син никки фулдæр бафтауæнтæ, исразæнгард сæ кæнæнтæ хуæрззæрдæ æма рæстуоди гъуддæгутæ æнхæст кæнунмæ, раттæнтæ син нифс æма уодæнцойнæ!..

 

 

ГУÆЦÆЛТИ Хаджиморат, Цæгат Иристони муфтий:
– Мингай æнзти дæргъи аци бæрæгбон дзиллæн хæссуй тæккæ хуæздæр æма райдзастдæр æнкъарæнтæ. Аци бæрæгбон еу кæнуй адæми, æхсæнади федар кæнуй фæлмæнзæрдæдзийнади æма кæрæдзей нимайуни хуæрзæнхæсти менеугутæ, æргом нин кæнуй пусулмон дини уодварни гъæздугдзийнæдти арф æнкъарæнтæ.
Федарæй ми æруагæс кæнуй, Цæгат Иристони пусулмон æхсæнадæ идарддæр дæр ке архайдзæнæй аллихузон динти ‘хсæн рахастдзийнæдтæ федардæр кæнунбæл, фидтæлтæй нин ци ‘гъдæуттæ байзадæй, уонæн аргъ кæнун.