11 октября 2024

«БАФИСТАЙ ЦАРДИ УАГИ ДЕ ‘ХÆСТÆ, НИУУАГЪТАЙ ДЗИЛЛИ ‘ХСÆН КАДИ НОМ…»

22.07.2022 | 14:42

ХАЙТИ Лазæри ниййергутæ Моисей (Дæхуæ) æма Уханнæ.

Дуйней исконд уотæ ‘й, æма си адæймагæн æ уæлзæнхон цард, рæстæг, гъулæггагæн, æгæр цубуртæгонд рауайуй. Уогæ си уæддæр беретæн бантæсуй уой берæ арфиаг гъуддæгутæй банхæст кæнун. Сæ лæгдзийнæдтæ ба фæуунцæ уой аккаг, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ имисонцæ, цитæ син кæнонцæ. Фал рæстæг уæхæн догъон æй, æма æ фудразмæмпурстæй зæрдæбæл даруни аккæгтæй берæ цидæртæ евгъуди талингити батар унцæ. Уомæ гæсгæ ба син берæ хæттити аккаг кадæгонд дæр нæбал фæццæуй. Сæ хуарзи кой ма конд фæццæуй хуæрз æстæнмæ, уой дæр хеуæнттæ æма зонгити медастæу.

Е ба æгириддæр раст нæй – æ царди медæгæ лæгдзийнæдтæй ка фескъуæлхтæй, уони рохс нæмттæ æвгъау æнцæ иронхуати байзайунæн. Ка ‘й зонуй, еске уотæ дæр зæгъдзæнæй, гъома, еу фæлтæри хабæрттæ, ка ‘й раййевуй, еци фæлтæрæн уадессаг нæбал фæуунцæ. Баруагæс уи уæд, аци загъд рæуонæн нæ бæззуй – æ карни хуæздæрбæл рæстуодæй ка сагъæс кæнуй, е евгъуд цæрæг фæлтæрти карни æхецæн пайдахæссæгæн берæ бафæнзуйнаг дæнцитæ иссердзæнæй.

Разæй бадунцæ Лазæри хуæртæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Раханат, Мимонæт, Мухъминæт, Маржан æма Тæйбæт. Сæ хæццæ – сæ киндзитæ æма сæ цæуæт, уæдта уони цæуæт.

Уомæ гæсгæ ба нæ бафæндадтæй, абони дæр ма дзиллæн хуæрзимисуйнаг ка ‘й, уæхæн адæймаги æримисун. Æма нæ дзубанди ба уодзæнæй Хайти Моисейи фурт Лазæри туххæй – фулдæр, ка ‘й зудта, уони имисуйнæгти фæрци. Уонæй еу – Хъанухъти Хъазбег, Уæрæсей къурути спортивон Æхсæнади тренер, СССР Цæдеси спорти æскъуæлхт мастер, XI Олимпаг гъæзтити чемпион. Æма е æ имисуйнæгтæй еуеми уотæ финсуй:

– Мæн фæндуй лæмбунæг радзорун Хайти Лазæри, дессаги искурдиадæгин спортсмени æма уæлтæмон уодикондæй æнхæст адæймаги цардвæндаги туххæй радзорун. Лазæр райгурдæй устур æма цитгин гъæу Лескени. Ардигон гъæубæстæ уомæй сæрустур æнцæ, æма сæ цæрæн рауæн нимад цæуй Иристони тæккæ рæсугъддæр бунæттæй еуебæл, фал уомæй хъæбæрдæр ба син сæрустуйраг æй

ХАЙТИ Лазæр æригонæй

алкæддæр ке адтæй æма абони дæр гъæздуг ке ‘й, берæ аллихузон арфиаг гъуддæгутæй ка фескъуæлхтæй æма сæ райгурæн гъубæстæн дæр, уæдта æнæгъæнæ Иристонæн дæр кадæ ка искодта æма кæнуй, уæхæн курухон æма номдзуд адæмæй.

Уони ‘хсæн банимайун æнгъезуй Хайти Моисейи бийнонти, сæ цæуæти æма уони фæдонти. Сæ хъиамæтгун фидæ Моисей фæццардæй дууæ æма фондзинсæй анзи, сæ ниййерæг мадæ Æгъузарон Уханнæ ба æвддæс æма цуппаринсæй афæйи. Рæстзæрдæй аразтонцæ сæ карни хабæрттæ, кустонцæ сæ гъæуи еумæйаг хæдзаради.

Бийнонтæ гъæздуг адтæнцæ сувæллæнттæй. Раст зæгъгæй – фиццаг син æнтæстæй айдагъдæр кизгуттæ… Уой фæдбæл, ка ‘й зонуй, уоййасæ нæ гъенцъун кодтайуонцæ ниййергутæ, æвæдзи, зæгъиуонцæ, Хуцау куд исунаффæ кодта, уобæл арази. Уогæ биццеуи исæнтæстмæ дæр куд нæ бæлдтайуонцæ, æма син æхсæзæймаг сувæллонæн фуригъоли хузæн биццеу ку фæззиндтæй, уæд кунæг нæ цийнæ кодтайуонцæ!.. Исхудтонцæ ‘й Лазæр.

Æ сабийдоги рæстæгутæ уæхæн адтæнцæ, æма нæхъæртондзийнæдтæй – æмидзаг. Еугур еци зиндзийнæдтæ æхебæл ка бавзурста, Лазæрæн æ еци ‘мгарæ, уæдта ма хæстæгдзийнадæ дæр ке хæццæ æййафтонцæ – дууæ хуæрей цæуæт адтæнцæ – е, нæ зундгонд поэт Хидирти Ехйа уотæ финста:

Минкъий уогæй тугъди бæнтти

Мæ рагъæй ласинæ сог;

Бæгъæнвадæй нæ тар гъæдти

Седзæрау уинæ æстонг.

 

Салд къотæрбæл тæхгæцъеутæ

Бадиуонцæ мæ уæлгъос;

Къахдзонæгътæбæл биццеутæ

Гуриуонцæ мæ фалдзос.

 

Фæндæуидæ мæ сæ хæццæ

И бæрзонд къолтæй гурун.

Фал нæ уидæ мин уой бæрцæ

Евдæлон рæстæг æппун.

 

Минкъий уогæй тугъди бæнтти

Ке нæ байдзулдтæн ме ‘фсес,

Уомæ гæсгæ си ме ‘рхæнти

Иронхгæнæн некæд ес!

ХАЙТИ Лазæр – еристи уæлахезон.

Уæди сабийти карни туххæй хабæрттæ нури доги кæстæртæй, æвæдзи, æруагæс дæр нæ бауодзæнæнцæ, дестæ кæндзæнæнцæ, гъома, цъæдæхтæ уогæй куд ниффæразтонцæ уоййасæбæл зинтæн. Фал си баруагæс уæд, æцæгæйдæр уотæ ке адтæй. Е нæ, фал ма сæмæ уоййасæбæл уодихъаурæ разиндтæй, æма æрхæндæг кæнун сæ гъудий кæрони дæр нæ адтæй, сæ еци уавæртæ син æнæгъæнæйдæр цийнаг адтæнцæ. Гъе уотемæй архайдтонцæ сæ карнæ федауцæй аразунбæл, æма син е æнтæсгæ дæр кодта, иссæнцæ курухон, нæ дзиллæ сæрустур кæмæй æнцæ, уæхæн адæймæгутæ.

Лазæр, хуæрзæригон биццеу уогæй, фæццалх æй фæллойнæ кæнунбæл. Æнæзийнадæй сæумæй раги фестидæ æма хестæрти æмрæнгъæ ислæууидæ гъæууон алли кустити: хуасæ карста, уой æнтудта, зæнхæ хумæ кодта, фонсмæ зилдæй… Цубурдзурдæй, æ бон куд адтæй, уотæ хестæрти хæццæ æвæлмæцгæй æмгуст кодта. Ка ‘й зонуй, уой фæрци ирæзтæй æхсистиуонгæй. Биццеутæ, цит, будури ку æрæмбурд уиуонцæ æма уоми гъæбесæйхуæстæй ку ерис кæниуонцæ, уæд сæбæл Хайи-фурт фæхъхъæбæрдæр уидæ.

Фал, куд фæззæгъунцæ, хорбони дæр арв нигъгъæр кæнуй. Уотæ рауадæй Лазæри карни райдайæн дæр – гъулæггагæн, 1942 анзи фæссæйгæ ‘й æма ‘й уомæ гæсгæ 1953 анзи æ ниййергутæ ахур кæнунмæ равардтонцæ сахар Орджоникидзей къуæтти сабийти скъола-интернатмæ. Зæрдæй ибæл байархайдта æ хуæрæ Мухъминæт.

Лазæр фæсуроктæ уолæфти рæстæг ахид цудæй стадионтæмæ, уæлдайдæр ба си ескæцими еристæ ку уидæ, уæд уонæмæ кæсунмæ. Еухатт ба педагогон институти рæзти цæугæй, уоми спортивон залмæ къæразгæй бакастæй æма си æ кари фæсевæд – уæд ибæл цудæй æхсæрдæс анзи – гъæбесæй хуæцуни гаузбæл рахуæцæ-бахуæцæ кæнгæ ку фæууидта, уæд сæмæ æрхицæ кодта. Æма еци æндиудæй бацудæй уордæмæ. Æригон богалтæн разамунддæттæг ци бæзæрхуг лæг адтæй, уомæн æ къохти амундтитæй балæдæрун кодта е ‘рбацуди сæр: «Гъæбесæй хуæцун мæ фæндуй, исахур мæ кæнæ!..» Еци лæг ба разиндтæй номдзуд гъæбесæйхуæцæг, спорти мастер Бекмæрзти Михал.

Сæ еци фембæлди фæсте рацудæй еуцæйбæрцæдæр рæстæг. Уæдмæ Бекмæрзи-фурт каст фæцæй педагогон институт æма ‘й косунмæ рарвистонцæ бæзгъос сабийти скъола-интернатмæ. Æма гъе уотемæй аци ахургæнæндони рауадæй сæ нæуæг фембæлд. Лазæр, гъай-гъайдæр, сæрбæрзонд адтæй, гъома, уæхæн зундгонд устур лæги – ССР Цæдеси адæмти спартакиадитæй дууей, уæдта ма ССР Цæдеси чемпион, æхсæндуйнеуон еристи уæлахезон – хæццæ зонгæ ке ‘й, уомæ гæсгæ. Иннемæй ма æ меднимæр бæлдтæй уой хузæн номдзуд богал исунмæ дæр.

Бекмæрзи-фурт дæр базудта Лазæри æма æримиста тренировкитæмæ цæунмæ куд гъавта, куд курдта барæ уомæй.

Михал аци скъолай косун ку райдæдта, уæд си æ фæрци берæ нæуæгдзийнæдтæ фæззиндтæй. Уонæй еу – исфæндæ кодта ами ка ахур кодта, уони гъæбесæй хуæцунбæл исахур кæнун. Æма, зæгъун гъæуй, ахурдзаутæй берети бафæндадтæй уæд еци секцимæ цæун.

ХАЙТИ Лазæр (астæуæй) е ‘мкосгути хæццæ.

Еци рæстæги рабæрæг æй, Лазæрмæ цæйбæрцæбæл агъазиау спортивон искурдиадæ ес. Ахурдзау ма уогæй, уотемæй ист æрцудæй гъæбесæй хуæцунæй нæ республики скъоладзаути еугонд командæмæ. 1958 анзи ба гъæбесæй хуæцунбæл иссæй фæсевæди æхсæн чемпион (бархеуон спортивон æхснадæ «Спартак»-и Централон совети еристи). Æхебæл æвæлмæцгæй куста, æхе аллихузи дæр цæттæ кодта æма æ спортивон гъуддæгутæ рæстмæ кæнун байдæдтонцæ – еристи молун райдæдта.

Зæгъун æнгъезуй, æма устур цæстиварди адтæй айдагъ нæ республики нæ, фал цæдесон æмвæзади дæр. Уомæн æвдесæн мæнæ ауæхæн хабар: Хайти Лазæр 1957 анзи гъæуама рандадтайдæ Финляндимæ гъæбесæй хуæцуни еристæмæ, фал, гъулæггагæн, æ гъуддаг нæ фæррæстмæ ‘й. Цæветтонгæ, æ фиди фидæ Дзахо цардæй Америки, æма уæди рæстæгути фæткитæмæ гæсгæ ба, зæгъæн, фæсарæнти хæстæг кæмæн адтæй, уæхæн спортсмени, цийфæнди искурдиадæгин ку адтайдæ, уæддæр Советон Цæдесæй дуйнеуон еристæмæ нæ рауадзиуонцæ. Уомæ гæсгæ ба Лазæри еумæйаг команди номхигъди нихханхæ кодтонцæ.

Уæдмæ Хайи-фурт скъола æнтæстгинæй каст фæцæй, æма æ равгитæмæ гæсгæ ести бæлвурд дæсниадæ райсуни фæндæй ахур кæнунмæ бацудæй сахар Пятигорски техникуммæ, дæндæгути техникбæл исахур кæнунмæ.

Ахури гъуддæгутæ æнхæст кæнунмæ дæр арæхстæй, уой хæццæ ба ма æновудæй архайдта спорти дæр. Берæ агъазиау æнтæстдзийнæдтæй багъæздуг æй æ спортивон карнæ. Æскъуæлхгæ ба фæккодта, куд нæхемæ Цæдеси, уотæ сауæнгæ дуйнеуон еристи дæр. Уой туххæй берæ финст æрцæуидæ советон æма фæсарæйнаг мухури фæрæзнити. Æрхæсдзинан еу дæнцæ. Америки Еугонд Штатти арæзт æрцудæнцæ къуру спортсменти Гъæзтитæ – уони сæ гъомусадæмæ гæсгæ банимайун æнгъезуй нуриккон Паралимпаг гъæзтитæбæл. Гъе уоми Хайи-фурт уоййасæбæл фескъуæлхтæй, æма ин æ кой кæми нæ ракодтонцæ, еунæг уæхæн мухури фæрæзнæ дæр, æвæдзи, нæбал байзадæй.

ХАЙТИ Лазæр (рахесæрдигæй) æ гъомбæлгæнуйнæгтæ æма е ‘мгустгæнгути хæццæ.

Хъанухъти Хъазбеги имисуйнæгтæмæ гæсгæ, зæгъæн, америкаг газет «Вашингтон спорт» куд финста, уотемæй еци Гъæзтити федауцæ иссæй 57 кг уæзи гъæбесæйхуæцгути фембæлд. Гъæбесæйхуæцгутæ адтæнцæ иристойнаг Хайти Лазæр æма италиаг Игнацио Фабра, дуйней чемпион, Олимпиаг гъæзтити дууæ хатти æвзестæ призер. Фал уоййасæбæл номдзуд хуæцæги бон неци иссæй лескейнаг цæргæси – Хайти иуонгæхсарæ богали нихмæ ести æргъуди кæнун, цæмæй æй естихузи рамулдтайдæ. Мæнæ бæлвурдæй куд финстонцæ еци газети: «Вершина всех встреч на ковре, – в категории 57 кг Лазаря Хаева и блестящего итальянца Игнацио Фабра. Вот и ковер. Лазарь посмотрел в противоположный угол ковра, почесал затылок и улыбнулся. Арбитр пригласил их на ковер, после рукопожатия свисток, Игнацио уверенно и не спеша двинулся на противника. Но все пошло совсем не так, как предполагал итальянец. Фабра не ожидал от Лазаря дерзкого сопротивления. Со стороны казалось, что Лазарь зря храбрится… Четыре минуты схватки не принесли успеха ни одному, ни другому. Арбитр решает поставить Лазаря в партер. Зал замер, ожидая, что Фабра сделает свой знаменитый накат. Но нет, Лазарь словно прилип к ковру. Оторвать его с ковра не смог такой многоопытный Игнацио. Снова стойка, и здесь дебютант проявил незаурядную ловкость, проводит каскад приемов. Он не оставляет Игнацио ни единого шанса, несколько раз переводит в партер, сражается открыто, смело. Схватка закончилась победой Лазаря с явным преимуществом. Игнацио, поняв, что проиграл встречу, не подал даже руку Лазарю, кинулся к судейскому столу, опрокинув стол, схватил скамейку и давай дубасить судей. Решением судейской коллегии Игнацио Фабра был дисквалифицирован и остался даже без бронзовой медали. Это оказалось на руку иранскому борцу, между ними до встречи с Игнацио Фабра была ничья. И теперь все сложилось так, что иранец – чемпион. Лазарь довольствовался серебряной медалью. Такова фортуна в спорте… »

Еци фембæлд Лазæри тренер Бекмæрзти Михал дæр уæлдай хъæбæрдæр бадардта æ зæрдæбæл, уой туххæй æ имисуйнæгти киунуги дæр финста.

Хайти Лазæр ци берæ зингæ спортивон æнтæстдзийнæдтæй фескъуæлхтæй, етæ æ рæстæги хуарз зундгонд адтæнцæ, фал рæстæгутæ рацудæй æма сæ, ка ‘й зонуй, нæ дзилли нæуæг фæлтæртæ уоййасæбæл бæлвурд нæ зондзæнæнцæ. Уомæ гæсгæ ба сæ уæддæр цубурæй ранимайдзинан: Хайти Лазæр æхсæз хатти рамулдта ССР Цæдеси уæгъдебарæ гъæбесæй хуæцунбæл еристæ, аст хатти иссæй чемпион æма призер Советон Цæдеси профцæдести (ВЦСПС-и) еристи, цуппæрдæс сугъзæрийнæ майдани райста Уæрæсей чемпионатти. Етæ федауцæ æрттивд кодтонцæ Лазæри фæтæн реуæй. Мадта куд тренер, уотæ дæр ин берæ бантæстæй – æ гъомбæлгæнуйнæгтæй спорти æскъуæлхт мастертæ иссæнцæ Кокойти Сергей æма Омар Юсупов, Олимпаг гъæзтити призертæ, дуйней чемпионтæ, æхсæндунеуон къласи спорти мастертæ Абайти В., Тæболти Т., Цекъойти В., Зугъутати К., Хъанухъуати С., Даний Олимпиаг гъæзтити бронзæ майдан рамолæг спорти мастер Хъулати А., Сотити С., Хъæсохти А., Дзиуати О. æма æндæртæ. Спортивон делегаций хæццæ адтæй Нæуæг Зеландий, Италий æма æндæр паддзахæдти.

Ке зæгъун æй гъæуй, хумæтæги лæхъуæн нæ адтæй Хайти Лазæр. Æ уæлзæнхон царди медæгæ æ зæрдæбæл дардта Дигорон аййевадон литератури бундорæвæргутæй еуей, нæ номдзуд финсæг Малити Гадой фурт Геуæргий фæдзæхст:

– Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

Рохсмæ цæуетæ æнгом,

Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

Скæнтæ муггагмæ стур ном…

Гъо, æцæгæйдæр, Хайти Лазæр айдагъ æ кадгин муггаг, æ райгурæн Лескени гъæубæстæн нæ, фал ма æнæгъæнæ Иристонæн æма нæ хъазар Райгурæн бæстæн дæр искодта кади устур ном. Некæд некæмæй фæстагдæр байзадæй арфиаг гъуддæгутæ аразунæй. Адтæй æнгом бийнонти фидæ, æскъуæлхт спортсмен, тренер æма æцæг алайнаг (ирон-дигорон) лæгау лæг.

Хестæр кадгин æма æгъдаугин кæми æй, кæстæртæ ба – æнæзийнадæ лæггадæгæнгутæ, уоми бæркад æма амонд, гъай – гъай дæр, ес. Уæхæн бæлдтаг цардæй, сæ кæдзос уодвæллойнæй цардæнцæ Хайти æнгом бийнонтæ дæр. Æнæ мæнгæттæ æма æнæ козбауæй нæ бон æй зæгъун: аци бийнонтæй æзнæт дзурд некæд райгъустæй. Кæстæрæй-хестæрæй лæггадæ кодтонцæ хæдзари кадгин хестæр Лазæрæн. Некæд æй нецæмæ гъæуагæ ниууагътонцæ.

Æрæги дæр ма Хайти Лазæри æнгом бийнонтæ игъæлдзæг æма уарзонæй бæргæ æрвистонцæ сæ царди бонтæ. Фал… Æгъатир уодесæг-уодхæссæг сау адзал æ хеваст миуæ кæнун ахур æй. Æгириддæр нæ зонуй тæрегъæд æма хатир кæнун. Æнæнгъæлти æрбалæудтæй, хуæддзо «иуазæгæй», кæдзосзæрдæ, цийной æма адæмуарзон Хайти Лазæри уæлгъос…

Зæгъæн дæр ин нæййес: тухуаст зин æй фæстаг, рандæ уо æма мабал æрбаздæхæ, зæгъгæ, еци надбæл æрветун, бийнонтæн сæ федар цæгиндзæ, сæ батухсти сахатти сæ устур нифс ка адтæй, еци хестæри… Гъо, фал адзалæн æности дæргъи дæр мадзал ку нæййес.

Хайти Лазæри фæсте æ уарзон бийнонтæ æма устур ахил æрхæндæгæй æрветунцæ сæ бæнттæ. Сæ курухон хестæри уарзæгой зæрдæ, æ боц гъуддæгутæ ин æ цардбæллон кæстæртæ æма æмбæлттæ цæрæнбонти сæ хæццæ сæ зæрдити хæсдзæнæнцæ, сæ медуод цæрдзæнæй, æ зундамонæн менеугутæй æй фæнздзæнæнцæ…

Хайти Моисей æма Æгъузарон Уханни фурт Лазæр æ фæсте ниууагъта ирд æма арф фæд. Уæлæбæл байзадæй æ фарнæ.

Лазæр, адæмæн куд уарзон æма æнæмаст, кадгин адæймаг адтæ, Нарти кæнти – мæрдтибæсти дæр еци амондæй хайгин уо. Рохс дзенети дин бунат уæд. Дæ фæсте ке ниууагътай, уонæбæл ба цардауодæн кæнæ…

… Нæ номдзуд поэт Хидирти Ехйа æ æдзард æнсувæр Мæхæмæти туххæй кæддæр ниффинста æмдзæвгæ «Мæ рохсаггаг æнсувæр Мæхæмæт», кæцими ес мæнæ ауæхæн рæнгъитæ:

Бафистай царди уаги де ‘хæстæ,

Ниууагътай дзилли ‘хсæн кади ном,

Фæрристæнцæ дæубæл дæ гъæубæстæ,

Имисуй дин дæ ном Дигоргом…

Кæд аци æмдзæвгæ, ку зæгъæн сæрмагондæй Ехйа е ‘нсувæр Мæхæмæти туххæй ниффинста, уæддæр нæ бон æй уотæ зæгъун, æма, ци гъудитæ си ес, уони зæгъун æнгъезуй Хайти Лазæри туххæй дæр – уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ, æма кæрæдзей хуарз зудтонцæ, адтæнцæ æмзæрдæ æмгъæуккæгтæ, уой хæццæ ба ма, мæнæ ‘й нæ дзубандий райдайæни ку загътан, хуæрзхæстæгутæ дæр æййафтонцæ. Никки ба – нур сæ дууæ дæр се ‘носон дуйней æнцæ æма сæ имисуни еугур зæгъдтитæ дæр сæ дууебæл дæр æмхузонæй исфедаудзæнæнцæ…

 

Хеуæнтти номæй

ХИДИРТИ Мæхæмæти фурт Валерий,

ХАЙТИ Хапъати кизгæ Ларисæ.

Лескени гъæуæй.