Бахудта мин мæ мадæ дзабуртæ, – Хиццагдæр ма æркасти ци уа?!
ЕСКЕ НИВÆН
Нæ бæласæ нæбал зайуй,
Низзæронд æй, ниххускъæй,
Æбæрæгæй ба не ’зайуй
Тæхгæ маргъ ма æндæрæй.
Æ цъонгбæл ин сау халæнттæ
Искодтонцæ сæ бадæн,
Æ мурай ба борæмæлгъæ
Цуппар айки низзадæй.
Мулдзугутæ ибæл – мингæйттæ,
Хуæлцæ агоргæй æ гъунай,
Ка урдугмæ, ка ба хæрдмæ
Исаразунцæ сæ над.
Хъæбузатæ ма золкъитæн
Хæлæйфаг фæцæй æ цар,
Гъæдкъуæр дæр имæ е ’стонги
Бахуайуй фæрсæй дуар.
Æ бунгарди ин миститæ
Æрцурхтонцæ сæ уогæн,
Кадæр ба имæ исарæзтæй
Рахъан кæнунмæ согæн.
Нæ бæласæ нæбал зайуй
Низзæронд æй, ниххускъæй,
Кедæр нивæн æризадæй
Сор губун ма саст усхъæй.
ДИГОРОНАУ ДЗОРЕТÆ
Нæ бицъинæг тонæн зæрдрист дзорæй,
Фал нæмæ кæми ес игъосæг:
Дигорон дзурд не ’гъусуй Дигори
Раст цума фæккиудтан нæ гъосæй.
Ма бахатæ дæхе дæ кæстæрмæ –
Æркæсай: куд цæуй дæ фæсте,
Дигоронау дзорун дæр æ сæрмæ
Нæ хæссуй сæ еуетæй неке.
Цъинк кæнуй мæ лимæни бæдолæ,
Хатиагау ци ба нæ зæгъдзæй,
Дигоронау ба имæ ма ’сдзорæ –
Сæццæ кæсæ дæмæ никкæндзæй.
Фæммæлуй, оххай-гъе, нæ заманай
Зæллангмурæ дигорон æвзаг:
Æнамонд æй хъæбæр нури дзаман
’Ма кæнуй æдзæмæй æ гъуддаг.
Дæ Хуцаумæ уæддæр ма лæборæ,
Æнæмæлгæй, Дигорæ, де ’взаг.
Дигоронау дзоретæ, Дигорæ,
Æ марæги хонетæ уе ’знаг!
МАДИ КЪОХТÆ
Бахудта мин мæ мадæ дзабуртæ, –
Хиццагдæр ма æркасти ци уа?!
Рæсугъд сунк алдæнбид цъæпохъуртæ
Нивагор фæндаггони дуа.
Хæпполти си хаудтæн гъазтизæрти,
Мæхе си фæммардтон сæнттадæй:
Ци хуарз ба си не ’фтудæй мæ зæрди,
Ци хуарз ба мæбæл уæд нæ уадæй?!
Фал рандæй,
Райевгъудæй сæ догæ…
Мæ уалдзæг дæр
Сæ хæццæ рандæй…
Уæддæр ма
Мæнмæ ба, æнæуогæй,
Æвдесунцæ сæхе идардæй…
О, ме ’сæвди зæрдтагон дзабуртæ, –
Хиццагдæр ма ци уа сæнттадæн?! –
Рæсугъд уафт, алдæнбид цъæпохъуртæ…
Æ къохти сæ уинун
Мæ мадæн…
О, дзабуртæ, дзабуртæ, дзабуртæ,
Мæ мади худ дзабуртæ.
***
Мæ хораууон – мæ фарсмæ,
Цæрæн лимæнæй,
Нæ ми цæуй еуварсмæ
И хорти мæнæй.
Фал дессаг: æнкъард бони
Не ’рцæуй хæстæг,
Балæуунмæ мæ рази
Не ’ссеруй рæстæг.
Раст ду дæр мин уæхæн дæ,
’Ме ’стаугæ лимæн,
Нæ балæууис мæ фарсмæ
Мæ зини мæнæн.
АНЗÆЙ-АНЗМÆ
Сурх хъæбуза – нæ дуармæ, –
Æруалдзæг æй, бæрæг æй, –
Ниппæррæст æй и гъармæ,
И зумæгæй ниууæгæй!
Исистон æй æз мæ къохмæ…
Ци дзæбæх æй, ци рæсугъд!
Хори тунти царди рохсмæ
Ходгæ цæститæй кæсуй.
Æ цурд уадæй уомæй уотæ
Æ цийни фæндæ зæгъуй:
Æ базуртæ фæккепп кодта
«Æтт, райуагътæ фæттæхун!»
Хори тунтæ ни гъазунцæ –
Æруалдзæг æй, бæрæг æй! –
Царди нивтæ иуарунцæ
Анзæй-анзмæ нæуæгæй.
ЭТЮДТÆ
Хуæнхти рæгъти дзугъур мегътæ,
Лæгун хъуртæ, куассæ рехтæ
Æдзæмæй бадунцæ.
Уотæ тæнуод цæмæ ’нцæ,
Уотæ æфхуæрд куд фæцæнцæ,
Уой ни римæхсунцæ.
ДЕНГИЗИ
Цъæхснагæ кæнунцæ цæхъалтæ,
Соруй и цæхъали цæхъал
Æма сæ мæгуртæбæл хъалтæ
Калунцæ фурхъалæй сæ хъал.
УН ÆМА НÆУН
Мæ биццеуи цъæхснаг æнзтæ,
Фун уинæгау уæ уинун:
Уæ къозо тæхуй мæ рæзти
’Ма ’й мæ хумти ахæссун.
Уæ туку уин бæгъæнбадæй
Мæ целайæй ниццæвун,
Мæ лимæнбæл хæрæгбадæ,
Фæммулд уогæй, фæккæнун.
Уæ хъуæлтæ уин, хъуæлти гъазгæй,
Нипъпъæртт кæнун лæдзæгæй,
Пъæренккитæн уæ къæразæй
Сæ «пъæрей» цæуй гъæрæй.
Уæ арф хъумтæ ма цъалати,
Лигъз будуртæ ма гъæдти, –
Кæми ба уи нæ балæудтæн
Кæми ба уи нæ фæдтæн?!
Мæ биццеуи цъæхснаг æнзтæ,
Нæ кометæ «фæббæх» ун
’Ма ме ’хсæвти гъар сагъæсти
Уæ фæдбæл æз дæр хæтун.
РАЗМÆ
Бауæгæ дæн, хъæбæр ниффæлладтæн,
Фал цардæн нæ кæнун фудæнæн,
Кæд æ хумти гæсæй нæ фæххадтæн,
Уæддæр ин æвæсмард ба нæ дæн.
Хуæздæр æнгъæл хастон уæззау уæргътæ
’Ма ме ’цæгмæ худтæн хæл-хæлæй,
Е ба мæбæл февардта æ сæргътæ
Дæ федæнæн, дан, е хуæздæр æй.
Ци кæнон? Адгин æй царди халæ,
Тæрдзæнæн имæ размæ мæ бæх:
Кæд нæййес мин е ’лхийнитæн райхалæн
Уæддæр ин агордзæн æ дзæбæх.
ХÆКЪУРЦ
Мæ хæкъурц мæ æнцад нæ уадзуй,
Еуæмардзæ кæнуй, еуæмардзæ:
Кадæр мæ бæрæг æй, имисуй
Мæ фудкой кенæ ба ести хуарзæй.
Ка униау æй, цума е ка уа?
Мæ лимæн æй æви ме нæуарзæг?
Уотæ карз мæ цума ка фауа?
Мæ фудкой ка кæна, берæ уарзгæй?!
Кæд ескæми феронх дæн еске,
Мæ бон уогæй ин хуарз некæд фæдтæн,
Æцæг лæг æнгъæл уогæй мæхе,
Фæссагътон мæнгæттæбæл цæфхæдтæ?!
Нæ мæ уадзуй æнцад мæ хæкъурц,
Еуæмардзæ кæнуй, еуæмардзæ,
Æнæдзурд æнæфсæрмæ хæркъу, –
Лæг фæххуннæ æма ’й ма рауадзæ!
КÆДДÆР ÆМА НУР
Æхсæвæ…
Хуссунцæ фалдзостæ…
Банцадæй гъæунги къахгъæр…
Мæн ба нæ ахæссуй талингæ:
Байдзаг æй сагъæстæй мæ сæр.
Мæ рази…
Мæнæ уæ хæдзарæ…
Уæ тургъæ…
Къæпхæнтæ…
Дуар…
Мæ къохи
Дарун деденгутæ –
Дæуæн
Мæ зæрдтагон лæвар…
Сагъæстæй
Байдзаг æй…
Талингæ…
Байдзаг æй
Дæуæй…
Мæ авар.
УÆДДÆР
Размæ тундзгæй, мæхе æнсонун
Æнæуингæй дзæбæх мæ развæндаг.
Ци мæ хезуй разæй – нæ зонун
Цийни уарун æй æви масти дæндаг.
Фал уæддæр еуæмардзæй цæун,
Мæ надæй еуварсгæнгæ цæлхдортæ,
Рахаугæй, нæуæгæй исистун
Ма цæун лигъздæр нæдтæ агоргæ.
ÆНÆНВÆРСОН
Хæлæфдзорæй уайуй сауæдонæ
Ци дзоруй, кумæ тундзуй? Магъа.
Кæд зæгъуй нин, миййаг, хуæрзæбонæ
Ма ледзуй билæскъелтæй махæй.
Хуæрзæбонæ кæд,
Уæд хуæрзæбонæ,
Нæ ин зæгъун æз дæр фæндараст
Æ кæдзос уод, – зонун æй, – еу бони
Æрцæудзæй цъумур дæнттæй игъæнст.
Нæбал уодзæй, нæбал сауæдонæ,
Некебал æй хондзæй кæдзос дон,
Фал уайдзæй æндæр еске донгони,
Игъæндæнттæй фесафгæй æ ном.
Хорхуфинттæ ниццæй нæ дуйне:
Ка ци дзоруй, е, дæн, æхе барæ,
Над бæрæг ба разæй нæбал е
Бонвуддæрæй мæлæн гъезæмарæй.
Кæмидæр ба зиннуй бæрзонд хонх,
Кæмидæр ба гъар бæстæ хонунцæ,
Кæмидæр ба кæсуй идзулд хор
Ма адæм – сæ бæттæнтæ тонунцæ.
ÆНКЪУÆЛХÆ
Дорти цæндæбæл
Æнкъуæлхæ!
Ци рæсугъд æй,
Ци рæуæг!
Бор æрфгутæ
Ирд цæститæ
Хъæдавæ рагъ
Æртдумæг.
Æ риндзи бадт
Уæхæн рауæн
Æ цæсгонбæл
Бæрæг æй:
Æгас сæумæ
Биндзахæссæй
Мæгури бон
Ниууæгæй.
Фал фесхъиудтæй
Мæ æхснирстæй
Ма фескъардта
Хъæбæр тагъд.
Фæззиндтæй ма
Кæцæйдæрти
Дор цукъуртæй
Æ цъæх рагъ.