26 апреля 2024

БАЙРАГ

08.07.2022 | 17:32

Раги-ма-раги цардæй æхсæз æнсувæри. Æвдæймагæн ба син райгурдæй байраг, фал æ къахбæл нæ рауадæй. ‘Ма син къæсибадæг уосæ уотæ байамудта:

– Ес еу рæсугъд кизгæ, ‘ма ‘й гъеуомæ фæлласетæ. Ечи кизгæ уин æй исдзæбæх кæндзæй.

‘Ма ‘й фæлластонцæ и кизгæмæ, баймæдзурдтонцæ, ‘ма сæмæ рацудæй. ‘Ма и кизги байраг ку раидта, уæд уæрдунæй рагæпп кодта ‘ма никкафта. Уæд син и кизгæ уотæ дзæгъуй:

Ачи изæрæй мæнмæ уагътæ, сæумæ ба ‘ймæ æрбацæудзиайтæ.

– ‘Ма ‘й е ‘нсувæртæ ниууагътонцæ уоми. Сæумæ æнсувæртæ ку æрбацудæнцæ се ‘нсувæр-байрагмæ, уæд син и кизгæ æхе корун кодта байрагæн.

Фиццаг æнсувæртæ нæ арази кодтонцæ, фæстагмæ бафедудтонцæ, ‘ма ‘й æрхудтонцæ. Сæхемæ æрцудæнцæ ‘ма цæрун байдæдтонцæ. Уæд дин еу сæумæ кæстæр киндзæ хестæр киндзити мæтъæлæй фæййидта ‘ма сæмæ дзоруй:

– Цæбæл мæтъæл айтæ, æви, уæ лæгтæ цауæни ке рандæнцæ, е уин зин адтæй? ‘Ма ин етæ ба:

– Дæу ба чи гъуддаг ес, мах ма лæгти хæццæ ку цæрæн, ду ба, æ бон кæмæн нечи ‘й, уæхæн байраги хæццæ ку цæри.

‘Ма син и кизгæ уотæ:

– Æз уин æй фæййинун кæндзæн, ке хæццæ цæрун.

Ку æрæхсæвæй, уæд байраг æ цар æргæлста ‘ма рæсугъд лæхъуæн фестадæй. И кизгæ баздагъдæй ‘ма сосæгæй ин æ цар басугъта. И сугъди смагмæ лæхъуæн фегъалæй, ‘ма ‘й ку рауидта, уæд ин хъæбæр зин адтæй. Чъеу фестадæй ‘ма ратахтæй, æрмæст ма æ уосæмæ исдзурдта:

– Ку мæ агорай, уæд мæ аргъуди мæсуги иссердзæнæ.

Сæумæй кизгæ æхе исрæвдзæ кодта, ‘ма цауæни си кæчи æнсувæр цудæй, уой райста æмбалæн ‘ма рандæй агорунмæ. Ка ‘й зонуй, цæйбæрцæ фæццудæнцæ, фал сæбæл рамбалдæй бæхгæс е ‘ргъауи хæццæ. ‘Ма ‘й и кизгæ бафарста, ке бæхгæс æй, уобæл. Бæхгæс исдзуапп кодта:

– Цауæйнон Хасани.

Фæццæунцæ идарддæр ‘ма сæбæл рамбалдæй гали æргъау, фусти дзогæ, ‘ма етæ дæр адтæнцæ цауæйнон Хасани. Уæд дин бахъæрттæнцæ Хасани хæдзарæмæ, ‘ма дин кæсунцæ, тургъи бастæй лæудтæнцæ дууæ хæрæги. Хасанмæ бадзурдтонцæ ‘ма сæмæ рацудæй. Хасан иуазгути медæгмæ бахудта, хуæруйнаг син ниввардта. Етæ цалинмæ хуардтонцæ, уæдмæ Хасан æ хабæрттæ ракодта.

– Адтан лæг æма уосæ, дзæбæх цардан, æз цауæни хаттæн. Еу бон мæ уоси мæтъæлæй æрæййафтон ‘ма ‘й бафарстон, цæбæл мæтъæл дæ, зæгъгæ. ‘Ма мин загъта: «Еунæгæй байзайун ‘ма мин е зин æй». Иннæ сæумæ ба ‘й мæ хæццæ рахудтон, рамардтан саг æма рæубес. Саг æз хастон, е ба рæубес хаста, ‘ма еумæ цудан. Уæд нæбæл уæйуг рамбалдæй, ‘ма мæ уосæ рæубеси уомæ равардта, цæмæй æй е хастайдæ. Уæд фæстегæй изайун райдæдтонцæ, ‘ма мæ нæбал æййафтонцæ. Нæхемæ æрбахъæрдтан, ‘мæ мæ уæйгутæ æнай-æнойти бæттæнæй æрбабастонцæ, сæхуæдтæ и фид бахуардтонцæ, мæнæн ба æстгутæ æркалдтонцæ. Хуссун афон ку ‘рцудæй, уæд мæн тъæфсæй æртъæпп кодтонцæ, ‘ма куй фестадтæн, сæхуæдтæ ба ниххустæнцæ. Æз дæр æхсæвæ ралигъдтæн. ‘Ма еу уоси хæдзарæмæ бацудтæн ‘ма ин æ кæрджин фунукæй райстон, хуæрун æй ку байдæдтон, уæд мæ и уосæ æрбаййафта, фал мин мæ къæбæр нæ райста, ‘ма и уосæмæ цæрун байдæдтон. Фиййæуттæ мæ базудтонцæ ‘ма мæ фусгæсæн ракурдтонцæ. Фæммæластонцæ, уосонги фарсмæ мæ бабастонцæ ‘ма мин цæлæ никкодтонцæ. Уæд æхсæвæ еуæндæс берæгъи нинниудтонцæ: «Уа, Хасан, не ‘рисхъæ нин нæ хъурæй ку сластай». Ма сæмæ бадзурдтон: «Рауайтæ, æз дæр ма уин æмбал». Сæ фустæ син ниццагътонцæ, сæумæ ба мæ ратардтонцæ. Æрцудтæн и уосæмæ, ‘ма бабæй мæ æндæр фиййæуттæ ракурдтонцæ. Етæ ба мæ уæрдуни ниввардтонцæ, æрбамæластонцæ, хуарз мин бахуæрун кодтонцæ. Изæри бабæй фæззиндтæнцæ берæгътæ, ‘ма сæмæ радзурдтон, рауайтæ, æрмæст еугæйттæй. Сæумæ фиййæуттæ ракастæнцæ, ‘ма фæййидтонцæ берæгъти кæрæ. ‘Ма мæ нæхемæ æрбаластонцæ и уосæмæ. И уосæ мин дзагъта еухатт ба:

– Мæнмæ дин дзæбæх бæргæ й, цауæйнон Хасан, фал куййæй кæдмæ хæтдзæнæ. Уæхемæ фæццо, ‘ма, дæ уосæ ‘ма уæйуг ку ниххусонцæ, уæд багъузæ ‘ма гъæфсæй дæхе æркъуæрæ ‘ма лæг фестдзæнæ. Уонæн ба, чи дæ фæндæуа, уой кæндзæнæ.

– Æз дæр уотæ бакодтон. ‘Ма, æндеггæй чи дууæ хæрæги лæудтæнцæ, етæ æнцæ мæ уосæ ‘ма уæйуг.

Хасан æ тауæрæхъ ку фæцæй, уæд ин силгоймаг æ хабæрттæ ракодта, ‘ма ‘й бафарста, кæми ‘й ечи мæсуг. Хасан ниссагъæси ‘й ‘ма ин дзагъта:

– Æз æй нæ зонун, фал мæ мади хуæрæ цæруй минкъий изолдæр, ‘ма уой бафæрсæ. Мæ мади хуæрæн æ къахбæл сункъæ ес ‘ма ‘й сосæггай фæкъкъæртт кæнæ, уой фæсте дæхе баримæхсæ, цалинмæ дин æ хуæри соми ракæна, уæдмæ дæхе ма бавдесæ. Ку расоми кæна, уæдта ‘ймæ дæхе бавдесæ. Бадæримæхсдзæй, цалинмæ е ‘ртæ фурти æрбатæхонцæ, уæдмæ. Хестæр фурт кæнуй арвбæл æртæ зилди, астæуккаг – æхсæз, кæстæр – фараст зилди. Æнсувæрти мæсугбæл бафæрсдзинайтæ.

Хасан, куд загъта, и кизгæ уотæ бакодта. Кæстæр æнсувæр æй зудта, аргъуди мæсуг кæмий, уой. Æ рагъбæл æй исбадун кодта ‘ма ‘й фæххаста мæсугмæ. Мæсуги рази ‘й æривардта ‘ма ин дзагъта:

– Дæ лæг ку æрбатæха, уæд имæ дæхе ма бавдесæ. Æ фунæй ин бахезæ, уæдта ‘й райахæсдзæнæ. Ку дæ фæййина, уæд фондз анзи нæбал æрбатæхдзæнæй. Сæумæ ба дæмæ æз æрбатæхдзæнæн. Уæд и чъеу æрбатахтæй ‘ма ниххустæй. И кизгæ ин æ фунæй кæнун нæ бахизта, ‘ма ‘йбæл æхе ниццавта. ‘Ма ин ратахтæй, фондз анзи нæбал разиндтæй, уой фæсте ба æрбатахтæй фæстæмæ, ‘ма ‘й и кизгæ хизта, ку ниффунæй æй и чъеу, уæд æй райахæста, ‘ма ин лæг фестадæй, уой адæбæл æ лæги иссирдта. ‘Ма ма нур дæр цæрунцæ.

Мах уони куд нæ фæййидтан, уотæ æнæнезæй цæретæ.

 

Редакцийæй: Аци таурæхъ исистан САЛÆГАТИ Зойи арæзт æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад»-æй. Мухур æй кæнæн, уоми ци хузи мухургонд æрцудæй, уотемæй