26 апреля 2024

БАЛӔДӔРУЙНАГ ГЪУДДАГ ГЪӔУАМА ЛӔДӔРД УА НӔ ЕУГУРЕМӔН ДӔР!

27.11.2021 | 09:47

Уӕхӕн ихӕс цӕйбӕрцӕбӕл ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг ӕй дзиллӕн кӕрӕй-кӕронмӕ дӕр, уой фӕдбӕл дзубанди цудӕй нӕуӕг карз нези нихмӕ гӕрӕнтӕ ӕвӕруни нисанеуӕгӕй арӕзт республикон оперативон штаби ӕмбурди. Разамунд ин лӕвардта Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.

Эпидемиологон уавӕр фӕстаг рӕстӕг кӕд еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕххуӕздӕр ӕй, уӕддӕр ма тӕссаг ӕй. Уой фӕдбӕл ӕмбурди куд загъд ӕрцудӕй, уотемӕй фӕстаг цалдӕр боней дӕргъи фӕмминкъийдӕр ӕй ковидӕй сӕйгити нимӕдзӕ.Сувӕллӕнтти ’хсӕн фӕссӕйгӕ уни цаутӕ дӕр фӕмминкъийдӕр ӕнцӕ. Сергей Меняйло ӕ радзубандий медицинон косӕндӕнтти разамонгутӕн бафӕдзахста, цӕмӕй уӕлдай лӕмбунӕг ӕргом ӕздахонцӕ амбулаторон уагӕй хе дзӕбӕхгӕнӕг адӕми уавӕрмӕ.

– Сӕхемӕ ӕ хӕдзари ӕхе ка дзӕбӕх кӕнуй, уонӕй еунӕг адӕймаг дӕр гъӕуама ӕхе барӕ ма байзайа, – загъта Сергей Меняйло. – Бархеуон агъазгӕнгутӕ гъӕуама бӕлвурд кӕнонцӕ, сӕйгитӕмӕ еугур хуастӕ дӕр бахъӕртунцӕ, поликлиникити дохтирти рахастдзийнадӕй арази ’нцӕ ӕви нӕ, уой.

Ӕ радзубандий ма уой дӕр фегъосун кодта, ӕма агъазгӕнгутӕн уӕлӕнхасӕн сим-картитӕ ке балхӕндзӕнӕнцӕ, хе хуӕдтолгӕй ка пайда кӕнуй, уонӕн  ба артаг ке радех кӕндзӕнӕнцӕ.

Нӕуӕг хуӕцгӕ нез парахат кӕнуни нихмӕ архайди ахсгиаг ӕй лӕдӕрунгӕнӕн куст. Бустӕгидӕр ба еци куст фӕппарахатдӕр кӕнун гъӕуй Геуӕргобай бӕрӕгбони рӕстӕг. Уой фӕдбӕл Сергей Меняйло районти разамонгутӕн уотӕ бафӕдзахста:

– Лӕдӕрун кӕнуни куст байхӕс кӕнетӕ бунӕттон депутаттӕн. Геуӕргоба ӕй нӕ рагфидтӕлтиккон бӕрӕгбон, ихалӕн ин нӕййес, фал ӕй уотӕ исаразун гъӕуй, цӕмӕй адӕмӕн маци зӕран ӕрхӕсса, цӕмӕй нин аци бӕнтти цийнӕдзийнадӕ, зӕрдрохсдзийнадӕ ӕма уодӕнцойнӕдзийнадӕ ӕрхӕсса, цӕмӕй ӕй рӕсугъдӕй рарветӕн.