БАЛОЙ ФИЦЦАГ РОЛЬ
Æртинсæй анзей размæ (1960 анзи, 5 октябри) нæ Иристони аййевадон царди æрцудæй ахсгиаг цау – нæ номдзуд актер Тæбæхсаути Василийи фурт Владимирæн (Балойæн) лæвæрд æрцудæй ССР Цæдеси адæмон артисти цитгин ном. Уой фæдбæл мухур кæнæн, финсæг Роман Фатуев кæддæр Балой ифæлдистадон нади райдайæни туххæй ци очерк ниффинста, уой дуккаг хай (фиццаг хай кæсетæ нæ газети раздæри номери).
Еууæхæни Валодямæ фæдздзурдтонцæ фæскомцæдеси обкоммæ æма ин загътонцæ, кæд дæ, миййаг, Сахалинмæ косунмæ рандæун фæндуй, зæгъгæ. Еци хабар ин æнæнгъæлти ке адтæй, уомæ гæсгæ, Валодя еуцæйбæрцæдæр рагъуди кодта æма исарази æй.
Е адтæй, æнæгъæнæ бæсти дæр, уæлдайдæр ба Идард Скæсæни устур арæзтæдти райдайæни фиццаг фондзанзони рæстæг.
Раст зæгъгæй, æ медбилти имæ нæ бахудтæй еци карз, æвадуат æма уазал бæстæ æма еуцæйбæрцæдæр гъардзийнадæй нæ исæмбалдæй дууæ æма инсæйанздзуд гъарахур ирон лæхъуæн-лæгбæл. Фиццаг рæстæги ин берæ зинтæ æма гъезæмæрттæ æвзаргæ æрцудæй. Фиццаг фæссæйгæ ’й резæнги незæй, уæдта басадæй тифæй дæр. Уæддæр федар зæрдæ ниффæразта, æригон бауæр æ хъаурæй нæ фæккиудтæй, еци уæззау фæлварæнтæй тухгиндæр разиндтæй.
Ирон фæсевæди къуар Мæскуй театралон аййевадæбæл ку ахур кодтонцæ, уæд Валодя ба еци рæстæг Сахалини шахтитæ аразта. Нæ ’й евдалдæй сæхердæмæ… Æма ’й адæм абони сценæбæл фиццаг хатт ке фæууидтонцæ, е дæр æнæнгъæлти рауадæй. Уоми фудгин æй еугурей разæй Гиго!
Фæстаг акти кæронмæ ма минкъий гъудæй, уотемæй Гиго февзурдæй кæсæн залмæ бахезæн дуари рази. Гъуддаг куд рауадæй, уой æхуæдæг дæр дзæбæх нæбал гъуди кæнуй. Æ зæрдæбæл ма си лæууй айдагъдæр е, æма театри ка адтæй, етæ дæр, уæдта актертæ дæр еци æмхузонæй нирдзæф кодтонцæ уæди уæнгæ æнæзонгæ актерæн. Адæмæн сæ цæсгæнттæбæл цийни æнкъарæнтæ гъазтонцæ, цæститæ æрттивтонцæ.
«Æнæнгъæлти амонд! Æ гъазт фæррæстмæ ’й! Уогæ ба хаттæй-хатт ци не ’рцæуй!..» Гъæуама уотæ уа? Уæхæн гъудитæ исæвзурдзæнæнцæ, ка неци лæдæруй, æхецæй уæлдай ка неке уарзуй, айдагъдæр уæхæн адæймаги сæри. Ка-ка, фал Гиго хуарз зонуй: аййевади медæгæ æнæнгъæлти некæд неци искæнæн ес, æнæнгъæлти си некæд некæмæн неци рауайдзæнæй. Фескъуæлхæн си æ бон æй айдагъдæр уомæн, æма искурдиадæ кæмæ ес, фæллойнæ ка уарзуй, гъуддаг лæдæргæ ка кæнуй.
Гигойæн æ зæрдæбæл æрбалæудтæй, игъустгонд актрисæ Ермоловабæл фондз æма æртинсæй анзей размæ ци хабар æрцудæй, е. Ермолова дæр раст гъе уотæ раййивта Эмилия Галаттийи роли гъазæг Федоровай, е æнæнгъæлти ку æрбасæйгæ ’й æма театри разамунд фуртухстæй ци ракодтайдæ, уой ку нæбал зудта, уæд. Гъо, е æмбесондæн байзадæй – цæйбæрцæбæл дессаги арæхстдзийнадæ равдиста Ермолова, цæйбæрцæбæл ирдæй исæрттивта æ драматикон искурдиадæ!
Æма кæцæй зонæн, кæд нуртæккæ дæр уæхæн ести цауи, кæд Гиго æхуæдæг дæр мæнæ аци тæккæ рауæн раст уæхæн дессаги гъуддагæн æвдесæн уодзæнæй, уæдта?!. Æцæг актерти райгурд еуæй-еу хат уотæ æнæнгъæлти фæууй æма байзайуй æмбесондæн!
Гигойæн æнай-æнойти æ реуи февзурдæй æхцæуæндзийнади уолæнтæ. Æхе ма туххæйти уорæдта, цидæр цæстуарзон устур тухæ ’й размæ æсхуста – Валодяйæн еугурей разæй зæрдибунæй райарфæ кæнунмæ… Еци тухæ ’й æ уæлнихти исиста æма, тухгин къохæрдзæф игъосгæ дæр нæбал кодта, уотемæй минкъий дуари ’рдæмæ ниццавта. Фæссцени кæрæдзей сæрбæл æвæрд декорацити æхсæнти бауадæй æма рохс æрдæмæ фæннæхстæр æй.
Унгæг тургъи адæмæй фезмæлæн дæр нæ адтæй. Актертæ къуммæ батардтонцæ Валодяй æма, дзурдтæ кæрæдзей цъухæй истонцæ, уотемæй æй арфити буни фæккодтонцæ. Лæхъуæн сæмæ æ фурфæлладæй цидæр æнæбари худт кодта. Æ саухелæ цæсгон фурæфсæрмæй ниссурх æй. Фуртæвдæй æ цæсгонбæл грим ратадæй æма хеди æртæхтæ æ ростæбæл уадæнцæ дæлæмæ, æ бор-борид хæдонæмæ. Фал уæддæр æ цæститæ ба… Уони фурæрттивдæй бæрæг адтæй, цæйбæрцæбæл амондгун æй, е. Æма куд нæ, уотæ берæ ци гъуддагмæ æнгъæлмæ кастæй, е ибæл абони æрцудæй!
Актертæ, кæд æма еуцæйбæрцæдæр хицæгæнагæ фæуунцæ, уæддæр абони ба рæстуодæй æма æргомзæрдæй исæмбалдæнцæ, сæ рæнгъитæмæ уоййасæбæл æнтæстгинæй ка æрбакъахдзæф кодта, уой æнтæстдзийнадæбæл, кастæнцæ имæ æргом æма цийнæйдзаг цæсгæнттæй, еу гъуддаги фæдбæл еузæрдиуонæй архайæг адæм сæ фескъуæлхгæ æмбалмæ куд фæккæсунцæ, уотæ, æма ин дзурдтонцæ, кæмæн си æ зæрди ци райдзастдзийнадæ игурдæй, уой туххæй зæрдтагон зæгъдтитæ.
Гъо, æнæмæнгæ, е адтæй дести æфтауæг æскъуæлхтдзийнадæ, нæуæг устур искурдиадæ æнæнгъæлти райгурдæй – цийнагдæр æма æхцæуæндæр хабар!
Валодя æнай-æнойти раууидта Гигой æма имæ фездахтæй. Æугурæйдæр балæдæрдтæнцæ, сæйрагдæр дзурди барæ Гигойæн ке дæттуй, уой. Цума ци зæгъдзæнæй мадта? Ци гъуди имæ ес? Куд имæ фæккастæй Валодяй гъазт Бартолени роли? Нури уæнгæ Гигойæй хуæздæр æма дæснидæр ку неке нимадтонцæ еци роли!
Актертæ фæйнердæмæ рацудæнцæ æма син над исуæгъдæ кодтонцæ сæ кæрæдземæ хæстæгдæр бацæунæн. Еугурæйдæр нигъгъос æнцæ, æнгъæлмæ кастæнцæ, дууæ «Бартолени» ци кæндзæнæнцæ, уомæ.
Гиго æнæдзоргæй бацудæй æма æ хъури никкодта Валодяй. Æхемæ ’й хъæбæр нилхъивта æма ин сабур гъæлæсиуагæй æ гъоси бадзурдта:
– Ниххатир мин кæнæ!..
Валодя æхе фæууæгъдæ кодта е ’мбали гъæбесæй, десгæнгæ имæ бакастæй:
– Цæй туххæй, Гиго?
Валодяйæн дзуапп раттуни бæсти е цæхгæр фæззилдæй иннæ актерти æрдæмæ æма ниллæг, фæсос гъæлæсæй загъта:
– Уотæ ’й банимайæн, мадта, æнсувæртæ… Абони не ’хсæнмæ æрбацудæй нæуæг актер – Тæбæхсаути Бало!..
Валодя, æхуæдæг дæр æй нæ балæдæрдтæй, уотемæй син ниллæг æ сæрæй ракувта. Фæрсæрдигæй бакæсгæй, е зиндтæй, æ амонд æ реуи кæмæн нæбал фæццæуй, уæхæн сувæллони хузæн – æцæг, устур сувæллони хузæн.
Гъе уотæ райдæдта советон зундгонд трагик, Отелло æма къарол Лири рольти дессаги дæсни гъазæг, Иристони адæмтæ арфиаг æма сæрустур кæмæй æнцæ, уой – Советон Цæдеси адæмон артист Тæбæхсаути Валодяй устур над устур аййевади цæуæнти.
Ирина ГУРЖИБЕКОВА
ТХАПСАЕВ ИГРАЕТ ОТЕЛЛО
Добро и зло. Любовь и ревность.
Бессилье с силой наравне.
Всепоглощающая верность –
И от обмана боль вдвойне.
И жизнь, и смерть, и гнев, и ласка…
Как это все в себе вместить?
Как ярость раненого барса
И беззащитность совместить?
Какою силой неуемной
Заставить двигаться и жить
Большого черного ребенка,
Попавшего в объятья лжи?
…Он столько лет уже играет…
И не поверит ведь никто,
Что в час, когда он грим снимает,
В пиджак влезает и в пальто,
Идет домой, большой, усталый,
С улыбкой счастья на губах,
Его еще не оставляют
Ни боль. Ни гнев. Ни стыд. Ни страх.
И те же мучают вопросы,
Те, что и много лет назад.
И паренек темноволосый
На цыпочках проходит в зал,
Чтоб на Ардонской клубной сцене
Открыть в себе огромный мир,
В котором нет еще Отелло.
В котором есть уже Шекспир.
КАРИАЕВА Тамара,
(1915-1989)
народная артистка РСФСР
– Бартолен – Тхапсаев был похож на огромного, грубо обтесанного деревенского идола. Лицо неподвижное, взгляд тупой. Шествовал он важно, чуть волоча ноги и изгибаясь в талии, как будто у него был поврежден позвоночник. Он не говорил, а мычал, как глухонемой… Но как ни смешон был Бартолен, он производил гнетущее впечатление – становилось страшно от мысли, что это тупое животное вершит судьбами людей.