04 майя 2024

БАСÆ КЕ БАСОДЗА, Е ДОНÆЙ ДÆР ТÆРСУЙ!..

21.04.2023 | 14:59

Уæрæсей æдасдзийнади Совети нимæрдар Николай Патрушеви разамундæй Нальчикки ци урух æмбурд арæзт æрцудæй, уоми лæмбунæг дзубанди цудæй Цæгат Кавкази федералон зилди регионти æхсæнадон æдасдзийнади уавæр фæххузæнондæр кæнуни туххæй æнæмæнгæ исаразуйнаг фарстати фæдбæл.

Æмбурди архайдтонцæ Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат Кавкази федералон зилди Юрий Чайка, федералон министрадтæ æма ведомствити минæвæрттæ, федералон зилди регионти сæргълæугутæ. Цæгат Иристони разамунди номæй си архайдта нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис дæр.

Бони фæтки нисангод фарстати фæдбæл бундорон доклад искодта Юрий Чайка. Æма æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй абони уавæртæмæ гæсгæ аккаг нихкъуæрд дæттун гъæуй, нæ Фидибæсти нихмæ нигулæйнаг бæститæ ци знаггадæхæссæг архайд иситинг кодтонцæ, уомæн:

– Сосæггаг некæмæн æй, еуæй-еу бæстити сæрмагонд службитæ ке архайунцæ, цæмæй уæрæсейаг æхсæнади еудзийнадæ фехæла, цæмæй бæсти берæ адæмти ’хсæн федуддзийнадæ ихæлд æрцæуа, цæмæй алли динти минæвæртти ’хсæн æнæуинондзийнадæ æма æнæбухсондзийнадæ искарз уа. Еугур еци æууæлтæ мах нæ еугурейдæр ихæсгин кæнунцæ, цæмæй уæн никки къæрцгъосдæр æма бæрнондæр нæ аллибони архайди.


Николай ПАТРУШЕВ, Уæрæсей æдасдзийнади Совети секретарь:

– Цæгат Кавкази нихмæ æвзедæнти туххæй ба уой зæгъуйнаг дæн, æма нуртæккæ аци региони сæ архайд фæккарздæр кодтонцæ, нигулæни сæрмагонд службити дæлбарæ ка ’й, уæхæн римæхст террористон, националистон æма дини радикалон организацитæ. Уой хæццæ ба ма нæ нидæн кæнунцæ гъавæнтæ æхсæнадон зундирахасти, шариати фæткитæ паддзахади закъонтæй сæйрагдæр æнцæ, зæгъгæ, гъуди ниффедар кæнуни зæрдтæй. Уæдта фæткæн пусулмон дин ардигæй радикалон лæдæрсæнти фæрци расхуайун æма си нæуæг салафиттаг къуæрттæ æрбунæттон кæнун…


Цæгат Кавкази федералон зилди исæвзургæ уавæрбæл дзоргæй, Президенти минæвар куд баханхæ кодта, уотемæй экстремистон æма террористон фæззиндтитæ не ’руадзуни нисанеуæгæй арæзт профилактикон æма æндæр уæхæн архайд еу усмæ  фæннидæндæр кæнæн æгириддæр нæййес. Еци архайдæн бæлвурд нисантæ ес, фиццаги-фиццагидæр, барадæгъæуайгæнæг æма тухи ведомствити размæ. Цæгат Кавкази сабур цардæн тасдзийнади æууæлтæ æвзарун кæнунцæ, экстремистон æма диверсион-террористон идеологибæл хуæст ка ’й, еци къуæртти иуонгтæ. Куд уинæн, уотемæй æдасдзийнади Федералон службæ уæд еу, уæд иннæ рауæн искæрон кæнуй уæхæн фудгæнæг къуæртти архайдæн. Фал уæддæр ма уавæр сагъæссаг æй. Юрий Чайки дзубандимæ гæсгæ, уавæр ке фæккарздæр  æй, уомæн æвдесæн æй уæхæн дæнцæ дæр – 2021 анзи хæццæ рабаргæй, 2022 анзи федералон зилди регистрацигонд æрцудæй 30 проценти фулдæр экстремистон фæззиндтити хæццæ баст фудракæндтитæ.

Президенти минæвар сæрмагонд æргом раздахта, мæнгæ хабæрттæ æма знаггадæхæссæг-ардауæн идеологи ка парахат кæнуй, еци Интернет-сайтти кустæн кæрон исæвæруни фарстамæ дæр:

– Æдасдзийнади федералон службæ, «Роскомнадзор» æма æндæр федералон ведомствитæ карз нихкъуæрд дæттунцæ уæхæн информацион фæрæзнити архайдæн. Зæгъæн, 2022 анзи дæргъи кæрон æвæрд æрцудæй 3 минемæй фулдæр уæхæн знаггадæхæссæг интернет-сайтти кустæн,– бафеппайдта Юрий Чайка.

Æмбурди радзубанди кодтонцæ Уæрæсей Федераций æдасдзийнади Совети, Генералон прокуратури, Слестгæнæг комитети, медгъуддæгути Министрадæ æма æндæр ведомствити бæрнон косгутæ. Етæ сæ радзубандити бæлвурд хатдзæгтæ æрхастонцæ, региони, уæдта, еумæ райсгæй, бæсти æдасдзийнадæ æма хузæнон цард багъæуай кæнунæн ма уæлæнхасæн ци сæрмагонд мадзæлттæ арæзт цæуй, уой фæдбæл.

Аци æмбурди ци дзубанди рацудæй, уой хатдзæгтæмæ гæсгæ зæрдæбæл æрбалæууй нæ рагфидтæлти зундамонæн загъд: «Басæ ке басодза, е донæй дæр тæрсуй!..» Уæхæн уавæри ан мах дæр абони – фæстаг рæстæгути нæ региони уоййасæбæл берæ æверхъаудзийнæдтæ æрцудæй, уоййасæбæл зиндзийнæдтæ бавзурстан, æма алцæмæйдæр гъæуама байархайæн, цæмæй си амæй фæстæмæ гъæуайгонд æма æдас уæн…

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ