11 октября 2024

БАЗУРГИН ФÆЛТÆР

16.09.2023 | 15:01

Сæрмагонд нисанеуæги хæйтти (ЧОН) иуонгтæ. Еци хæйттæ арæзт цудæнцæ Советон хецаудзийнадæн контрреволюций нихмæ тохи агъаз кæнунæн.

Бæдоати Хъазбеги имисуйнæгти фиццаг хай ниммухур кодтан нæ газети 33-аг номери. Æма си кæронбæттæни куд финста, уотемæй Советон хецаудзийнади фиццаг æнзти Цæгат Иристони, бæлвурдæй ба Беслæнигъæуи фæскомцæдесонтæ архайдтонцæ зин æма тæссаг уавæрти. Сауæнгæ сæ еумæйаг æмбурдти дæр бадиуонцæ сæ тохæнгæрзти хæццæ. Æнæ уонæй ба цæуæн нæ адтæй, уомæн æма ма еци бæнтти уорсити байзайæггæгтæ æма уони хузæн алли давгутæ еумæ лæбурдтонцæ зæнхкосгутæмæ сæ кусти уæлгъос, мардтонцæ æхсæнади косгути.

 

ÆМА ФÆСЕВÆД ХЕБАРÆЙ ЦУДÆНЦÆ РÆСТАГ ТОХМÆ

Зæгъæн, изæригон цæуй нæ фæскомцæдесон æмбурд (бонигон алке æ хæдзари æма æндæр куститæй æмбурдтæмæ нæ евдалдæй), уæд си фæсевæд уоми бадиуонцæ, алкæмæн æ тохæндзаумау æ гъæбеси, мæнæ зæронд лæгтæ нихæси сæ лæдзгути хæццæ куд бадиуонцæ, уотæ. Уомæн æма фæдеси гъæр ци сахат райгъусдзæнæй, е бæрæг нæ адтæй, æма уæд тохунмæ цæун гъудæй æвæстеуатæй. Еци хабæрттæ ку фæккæнæн нур фæсевæдæн, уæд еуæй-еуетæ уотæ фенгъæлунцæ, цума уæди фæскомцæдесонтæ айдагъдæр гæрзефтонг æфсæддонтæ адтæнцæ – тохæндзаумæттæ сæ хæццæ ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ. Раст зæгъгæй, уæди рæстæгути етæ еугурæйдæр еумæ (партионтæ дæр) нимад адтæнцæ æфсæддон хайбæл – ЧОН (части особого назначения) хундтæй, Советон хецаудзийнади знæгти нихмæ тох кæнуни туххæй. Æфсади куд фæууй, уотæ аци къуæрттæ дæр дехгонд цудæнцæ бæлвурд хæйттæбæл – батальон, ротæ, взвод… Æма кæддæриддæр цæттæ адтæнцæ багъæуаги тохмæ рацæунмæ.

… Кисловодски рази 1920 анзи кубайнаг станицитæ Бургустан æма иннети æрæнцадæй инæлар Хвостикови гæрзефтонг бандæ. Еци уорс инæлари алфамбулай фулдæрæй-фулдæр æмбурд кодтонцæ, Деникини пурхæгонд банди байзайæггæгтæ, цæмæй сæ е фæстæдæр байеу кæна, денгизæй Хъириммæ ка рахизтæй, еци уорс барон Врангели æфсæдти хæццæ. Æ нихмæ тухæ æрæвæрун гъудæй. Большевикти партий Центрон комитетæй æрвист æрцудæй сæрмагонд финстæг, цæмæй коммунисттæй æма фæскомцæдесонтæй дæс процентей бæрцæ мобилизацигонд æрцæуа Врангели нихмæ тохмæ æрветунæн.

Еци гъуддагбæл партион-фæскомцæдесон æмбурдти ку цудæй дзубанди, уæд ибæл уоййасæбæл берæ дзорун нæ багъудæй коммунисттæ æма фæскомцæдесонтæн сæ фулдæр барвæндонæй рандæнцæ тугъдмæ.

Мадта 1921 анзи Елхотти æма Змейки гъæдти ци афицертæ æма давгутæ æрæмбурд æнцæ, уони нихмæ гæрзефтонг операци ку багъудæй, уæд ЧОН-и батальони штаб Æрæдонæй исистадæй æма Даргъ-Къохи станцæмæ æрæййивта æ бунат, гъæутæй ба æ фарсмæ æрбалæудтæнцæ ЧОН-и иннæ хæйттæ. Æма къазармати æрæнцадæнцæ. Къазарматæ ба син адтæнцæ, ревæдæй ка байзадæй, еци нартихуари амбартæ. Уоми цардæнцæ æфсæддон цардæй, æма гъæдæмæ операций цудæнцæ, цалинмæ бандæ пурхæгонд не ’рцудæй, уæдмæ.

Бандитæ ку искунæг æнцæ, уæдта æригон паддзахади размæ фæззиндтæй нæуæг агъазиау ихæс: хуаллаги хъалон (продналог) тагъддæр æрæмбурд кæнуни æма ’й хæлæйфаг фæуунæй багъæуай кæнуни гъуддаг æнхæст кæнун.

Еци ихæс дæр бабæй æрхаудтæй ЧОН-и тугъдонтæмæ. Гъуди ма ’й кæнун: ЧОН-и тугъдонтæ ба уæд дзурд райстонцæ, цæмæй æрæнцайуонцæ къазармай уавæри. Кæмидæриддæр хуар æма фонсесæн пункттæ адтæй, уоми æрæвардтонцæ гъæуайгæнæн бунæттæ, гъæуайгæнгутæ ба си адтæнцæ ЧОН-и æфсæддонтæ. Нæ гъæуи фæскомцæдесонтæй еуетæ æрвист æрцудæнцæ еци кустмæ нæ синхаг Мæхъæлмæ, иннетæ ба Иристони алли хуаресæн пункттæмæ. Æз мæхуæдæг адтæн Даргъ-Къохи станций. Мæ хæццæ ма нæ гъæуæй адтæнцæ Хъамбегати Вася æма Хæдарцати Темболат, нартигъæуккаг Колити Харитъон æма Николаевски станицæй еу (æ ном æма муггаг ин нæбал гъуди кæнун). Уалдзæгæй ба сæрди уæнгæ си æртæ мæйи фæцан, цалинмæ продналог æмбурдгонд фæцæй, уæдмæ.

 

ЕСКЕ АГЪАЗМÆ ÆНГЪÆЛ НЕКÆД КАСТАН…

Будури куститæй минкъий евдæлондæр рæстæги æфсæддон гъуддæгутæбæл дæр ахур кодтан. Нæ гъæуи ЧОН-и иуонгтæ нимад адтæнцæ еу взводбæл. Еудзамани ин взводæн командæгæнæг адтæй, æфсæддон гъуддаг хуарз ка зудта, уæхæн – æ муггаг Гиль. Гъуди ма ’й кæнун, гъæугæронмæ нæ куд ракæнидæ, æма нæ уоми æфсæддон гъуддагбæл ахур кодта сæумæй рæфтæмæ. Еухатт взводи хæццæ еу абæреги ахæссунмæ рандæнцæ Заманхъули гъæдæмæ æма уоми нæ командирæн æ уæраг фæццæф æй. Уой фæсте ин дохтиртæ æ зæнгæ ралух кодтонцæ.

Еухатт ба нæ разæнгарддæр фæскомцæдесонтæй еу – Хъесати Хъаурбег – æнафони æмбурдæй сæ хæдзарæмæ ку цудæй, æма сæхемæ æнхæст дæр нæма бахъæрттæй, уотемæй æй знаггадæгæнгутæй кадæртæ тегъи аууонæй топпæй багæрах кодтонцæ, æма уоми фæммард æй.

Нæ аци архайд кæд ахсгиаг æма тæссаг адтæй, уæддæр е сæйраг нæ адтæй уæди фæскомцæдесонти кусти. Ленин уотæ ке фæдзахста, фæсевæди гъæуй ахур, ахур æма ахур кæнун, е ни еу бон дæр некæд адтæй иронх. Уомæй разæнгард уогæй фæсевæд ивулун райдæдтонцæ Дзæуæгигъæумæ æма алли æндæр сахартæмæ, ахур кæнунæн гъæугæ равгитæ кæмидæриддæр адтæй, уордæмæ. Бацæуиуонцæ рабфактæмæ, астæуккаг скъолатæмæ æма алли къурситæмæ. Уой фæсте ба – институттæмæ. Фал уотæ æнцон нæ адтæй ахурмæ над дæр. Берæ хæттити хъаугъатæ дæр рауайидæ бийнонти астæу. Зæгъæн, мæнæн мæхе дæр хъæбæр фæндадтæй еци фиццаг æнзти ахурмæ бацæун. Фал хæдзари авд бийнойнагемæй æз æма мæ фидæй æндæр кустгъон нæлгоймаг нæ адтæй. Мæ фидæ – зæронд. Гъæдæмæ цæун æ бон уоййасæбæл нæбал адтæй. Æма барæ-æнæбари дæр изадтæн нæ хæдзари: уойбæрцæ бийнонтæн хумæ ка кодтайдæ, гъæдæй син сог ка ластайдæ?

Ахид фегъосианæ: «Адæм еугурæйдæр ахургонд ку исуонцæ, уæд ма син хуар ба ка зайун кæндзæнæй?..» Е адтæй берæ хестæрти тухгиндæр цæлхдор, ахур кæнуни фæндæ сæ кæстæртæй кæмæ фæззиннидæ уони размæ. Æма берæ хæттити фæсевæди æнгъæлмæ кæсун багъæуидæ хуæздæр фадуæттæмæ.

Айдагъ кæсун æма финсунæй æндæр ка неци зудта, уони размæ дæр ихæс æвæрд адтæй: «Дæхуæдæг цæйбæрцæ зонис, иннемæн дæр уойбæрцæ байамонæ». Мадта цæмæй силгоймаг æ къохмæ къариндас æма тетрад райса, уой туххæй бал æй æндиудæй адæми ’хсæнмæ рацæун гъæуй. Мæрддзогойнæ нæ (уобæл ахур адтæнцæ), фал адæм сæ цардæн еумæ унаффæ кæми кæнонцæ, æма е дæр æ фæндæ кæми зæгъа, уæхæн рауæнмæ.

Кизгуттæ еугай-дугайæй кæрæдземæ гæсгæ цæун байдæдтонцæ фæскомцæдесмæ. Уони хæццæ æнцондæр адтæй. Гъазтизæртæмæ дæр сæ хонæн адтæй. Фал хестæр силгоймæгтæ ба, кенæ киндзитæ, мадтæлтæ?

Гъуди ма ’й кæнун, фиццаг спектакль ку исæвардтан скъолай бæстихаййи, уæд адæм фулдæр цæмæй æрцæуа, уой туххæй ма фæскомцæдесонтæн байхæс кодтан: алкедæр си гъæуама уордæмæ æрхудтайдæ æ мади, æ хуæрти, æ киндзити.

Уогæ гъазтизæртæ ба кæми аразтан, клуб кæми адтæй? Нæ гъæуи скъолай дууæ къласемæн адтæй байеу кæнæн се ’хсæн фæйнæгутæй фарс, уотемæй. Скъолай хецау нин раздæр æнæкъулумпийæй лæвардта еци кълæстæй пайда кæнуни барæ. Партитæбæл фарси фæйнæгутæй сцени пъол райаразтан, нæ хæдзæрттæй кæттæгтæ æрбахастан æма уонæй ба сценæ разæй исæхгæдтан.

Æнæ ести зæран æрхæсгæй, кæми фæцайуонцæ уæхæн æмбурдтæ скъолайæн: партитæ, фæйнæгутæ æма къæрæзгитæ ахид састæнцæ. Æма нин скъолай директор нæбал уагъта уоми нæ культурон рохсадон мадзæлттæ аразун. Уæд Дзæуæгигъæумæ ахури хайади хецаумæ ниффинстан уæхæн финстæг: «Нуриуæнгæ нæ гъазтизæртæ кодтан скъолай бæстихаййи. Нур нин скъолай хецау барæ набал дæттуй. Корæн æма имæ гæгъæди ниффинсетæ, цæмæй нин æнæкъулумпийæй барæ дæтта нæ гъазтизæртæ аразунæн…»

Ахури хайади хецау æнгъæл адтæй, скъолай директор си æцæгæй барæ коруй, зæгъгæ. Æма имæ æнæ уæлдай дзубандитæй ниффинста: «Цалинмæ Беслæнигъæуи фæскомцæдесонтæ сæхе клуб исаразонцæ, уæдмæ син скъолай бæстихаййи барæ дæдта сæ гъазтизæртæ аразунæн».Æма бабæй нæуæгæй нæ куст фæррæвдзæ ’й.

Гъазтизæрæн æ сæйраг хай иссæй спектакль-пьесæ. Фал пьесæ ку нæ уа, уæд спектакль цæмæй равдесдзæнæ? Инсæйæймаг æнзти культурон куст ка кодта гъæууон дзиллити ’хсæн, етæ ’й хуарз гъуди кæндзæнæнцæ, нæ маддæлон æвзагбæл пьеситæ куд хъæбæр гъудæнцæ æма куд æстæн адтæнцæ, уой.

 

НÆ ЦАРДИ ГЪУДДÆГУТÆ АРАЗТАН НÆХЕ ЗУНД ÆМА ХЪАУРИ ФÆРЦИ

Мæ зæрдæбæл бабæй æрбалæудтæй уæхæн хабар. Æз адтæн нæ фæскомцæдесон къуари бюрой иуонг. Мæ бæрни адтæй культурон-рохсадон куст аразун. Адтæй нæмæ еу уат – косæндонæ. Е дæр – мæ бæрни.

Драмон къуарæн пьесæ иссерун дæр мæнмæ кастæй. Еу хатт сахармæ иссудтæн нæ фæскомцæдесон Хъанухъуати Фатимæмæ. Уæд е сахари цардæй (æнгъæлдæн, ахурмæ бацудæй). Балигъстæ ин кодтон, пьесæ нин ескæми иссерæ, зæгъгæ. Е берæ фæссагъæс кодта, æ сахайраг зонгитæй ирон пьесæ кæмæ уодзæнæй, уобæл. Фæстагмæ мин загъта:

– Ами некема зонун, фал Алагири мæ еу зонгæмæ ес Хъороти Дауити финст пьесæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди». Кæд имæ фæццæудзинайтæ, уæд дин æз уомæ гæгъæди ниффинсдзæнæн.

Цийнæгæнгæй исарази дæн. Гæгъæди си рахастон. Дуккаг бон нæ хæдзари мæ бæхбæл саргъ исæвардтон æма Алагирмæ рараст дæн. Уоми мæ гъуддаг фæррæстмæ ’й, уотемæй æрбаздахтæн нæхемæ æма нæуæг пьесæмæ гæсгæ спектакль цæттæ кæнун байдæдтан.

Уæлдæр æй ку загътон, клуб нин ке нæ адтæй, уой туххæй нæ еухатт багъудæй скъолай хецау æма ахуради хайади косгути расайун дæр. Уæхæн уавæрти ке адтæн, е нæ зæрдæмæ кутемæй цудайдæ, алкæд ескæмæй корæг æма лигъстаг цæмæн гъæуама адтайанæ. Уомæ гæсгæ ба архайдтан, цæмæй нæмæ адтайдæ нæхе клуб. Æма, кæд æрæгиаути, уæддæр еци гъуддаг нæ къохи бафтудæй. Уогæ уотæ æнцонтæй нин нæ бантæстæй. Дууæ боней дæргъи фæззилдæнцæ фæскомцæдесонтæ хæдзæрттæбæл. Еугуремæ нæ цудæнцæ, фал устур бæстихай кенæ даргъ саратæ кæмæ адтæй, уонæмæ. Агурдтонцæ, клуб кæми исаразонцæ, уæхæн рауæн.

Аци хабæртти кой кæнун мæ роман «Тохæй-тохмæ»-й фиццаг киунуги. Литературон уадзимиси æримисгæ дзубандитæ нæ ’нцæ, фал инсæйæймаг анзи нæ исони клубæн бæстихай иссерунбæл куд зилдан гъæубæл, уой æвдесæг æцæгдзийнадæ.

Фæстагмæ байстан (коргæ нæ, фал æцæгæйдæр байстан) еу тукани бæстихай, даргъгомау гъæуккаг азгъунст, æ фæрстæ самандорæй амад. Æ «хурфидзаумæуттæ» ин раревæд кодтан æма си клуб аразунмæ бавналдтан. Ци гъудæй, уони нæ хæдзæрттæй æрхастан – кæмæ ци разиндтæй, уой: агоридортæ, къирæ, гъæдæрмæг, зæгæлтæ… Гъудæй ма цалдæр кубометри дзæбæхдæр фæйнæгутæ сценæ исаразунæн. Уони иссерун дæр мæн ихæс адтæй, куд культурон-рохсади кусти бæрнон. Нæ секретарь мин ци гæгъæди ниффинста, уой хæццæ балæудтæн Дзæуæгигъæуи фæскомцæдеси окружкоми. Уоми мин гæгъæди ниффинстонцæ Хуæнхон республики Совнархозмæ, цæмæй мин еци фæйнæгутæ раттонцæ. Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте мæ къохти бафтудæнцæ.

Еци фæлтæрæнтæ æма гъезæмæртти фæсте нæ къохи бафтудæй, рæстæгмæ кæми кустайанæ, уæхæн клуб исаразун.

Еци клуб исаразун махæн цæйбæрцæбæл ахсгиаг адтæй æма нин ке бантæстæй, уомæй сæрустур ке адтан, уой нури æригæнттæй, æвæдзи, кадæртæ нæ балæдæрдзæнæнцæ. Уотæ уомæ гæсгæ зæгъун, æма уой исарæзт нин цæйбæрцæбæл æхцæуæн адтæй, уой мæ романи фиццаг киунуги ку бавдистон, уæд мин еу æригон критик уотæ ку зæгъидæ:

– Гæрр, клуб аразун уотæ æхцæуæн гъуддаг адтæй? Бæсти адæмон хæдзарадæ æнæгъæнæй зæууатмæ ку ’рцудæй, дæ хъайтартæ ба сæ хъаурæ æнæгъæнæйдæр клуб аразунмæ ку раздахтонцæ…

Æцæгæйдæр, уæд бæсти хæдзарадæ адтæй æдзæллаг, пурхитæ. Будурти æнæгъудгонд зæнхитæ хæмпæли буни фæцæнцæ. Гъæуи медгæ къанæутти сæрти хедтæ фехалдæнцæ æвæгæсæгæй, гъæунгтæ æдзæллаг уавæрмæ æрцудæнцæ. Фал етæ дæр иронх нæ адтæнцæ. Уæхæн хуцаубон нæ адтæй, партионтæ æма фæскомцæдесонтæ зеуæй кæд нæ рацудæнцæ хедтæ æма гъæунгтæ фæлгонц кæнунмæ. Сæ хæццæ берæ уидæ æнæцæдесон фæсевæд æма æнæпартион адæмæй дæр.

Фал етæ уæддæр фагæ некæмæ кастæнцæ. Нæуæг догæ аразгути, айдагъ вагæнттæ æма хедтæ цалцæг кæнун нæ гъудæй, фал сæхе зундирахаст дæр райаразун нæуæг цардарæзти домæнти аккаг, цæмæй хуæздæр уинонцæ сæ развæндаг. Æма гъе уомæн уотæ тухстæнцæ сæ клуб тагъддæр исаразунбæл.

 

ДЕССАГИ ЦАРДБÆЛЛОН ÆМА РАЗÆНГАРД АДТÆНЦÆ НÆ ФÆСЕВÆД

Аци уац Бæдоати Хъазбег ниффинста цуппар æма дууинсæй анзей размæ (1974 анзи) – Цæгат Иристони автономий дæс æма дууинсæй анзей фæдбæл. Æма уæди цардиуаги уавæртæмæ гæсгæ æ радзубандий кæронбæттæни цæбæлти дзоруй, уонæй цидæртæ, æвæдзи, еуцæйбæрцæдæр æнахур фæккæсдзæнæнцæ нуриккон кæсгутæмæ, уæлдайдæр ба æригæнттæмæ, фæскомцæдесонти цард æма хабæрттæ айдагъдæр хестæрти дзубандитæй ка зонуй, уонæмæ. Уомæ гæсгæ ба Бæдой-фурти имисуйнæгти кæронбæттæни хай мухур кæнæн нæхе, редакцион феппайуйнæгти хæццæ.

Ку зæгъæн, аци уац Бæдой-фурт ниффинста Цæгат Иристони автономий дæс æма дууинсæй анзей фæдбæл, æма ’й уомæ гæсгæ ба райдæдта мæнæ уотæ: «Æноси æрдæг… Е берæ ’й æви минкъий?.. Адæми историй барæнтæй нимайгæй берæ рæстæг нæй. Фал еци рæстæги ци цаутæ æма æййивддзийнæдтæ æрцудæй, уонæмæ гæсгæ ба ’й агъазиау исхонæн ес…»

Бæдой-фурт æ уаци кæронбæттæн дæр райдæдта еци фарстайæй: дæс æма дууинсæй анзи берæ ’нцæ æви минкъий. Æма уотæ зæгъуй: «Еци фарстайæн дзуапп раттуни туххæй ма æрхæсдзæнæн уæхæн нимæдзтæ дæр. Инсæйæймаг æнзти, Беслæнигъæуи фæскомцæдесон организаци ку исæвзурдæй, уæд си бæрцæй адтæй инсæй фæскомцæдесони. Абони Беслæнигъæу æй устургомау сахар, берæкъабазгин адæмон хæдзаради хæццæ: ес си берæ аллихузон промышленнон æма арæзтадон, гъæууонхæдзарадон æма культурон кустуæттæ, социалон косæндæнттæ. Уомæ гæсгæ ба, гъай-гъай, ирæзуй æ цæрæг адæми бæрцæ дæр.

Раздæр рæстæгути Беслæнигъæуи æма æфсæн нади станций адтæй æдеугурæй дууæ фæскомцæдесон организаций. Сæ иуонгти нимæдзæ ба хъæрттæй тæккæ фулдæр 30-40 адæймагей уæнгæ. Нуртæккæ сахар Беслæни ес æхсæз æма дууинсæй фæскомцæдесон организаций, фæскомцæдесон иуонгтæ ба – дууæ минемæй фулдæр.

Етæ еугурæйдæр косунцæ адæмон хæдзаради алли къабæзти, кенæ ба нерæнгæ ма ахур кæнунцæ (сахари абони ес фондз астæуккаг скъолай, еу астанзон, еу интернат æма еу профтехникон ахургæнæндонæ).

Цубурдзурдæй, нæ нуриккон фæскомцæдесонтæн сæ зингæ фулдæр хай æнцæ, «Фиди фарнæ мæрдтæмæ нæ цæуй», зæгъгæ, кæмæй фæззæгъунцæ, уæхæн цардбæллон лæхъуæнтæ æма кизгуттæ. Нæ доги аккагæй сæхе æвдесунцæ, ка си кæми æй, уоми – фæллойни кенæ ахури гъуддаги. Сæхе лæгигъæдгунæй æвдесунцæ, берæ арфиаг гъуддæгутæ аразун син æнтæсуй. Сæ еугурей ка фæннимайдзæнæй, айдагъдæр си еуцалдæрей кой искæндзæнæн.

Сахари нигулæн фарс, Терки райдзаст билæбæл, цалдæр анзей размæ арæзт æрцудæй нæуæг завод. Айдагъ æ азгъунститæмæ гæсгæ нæй нæуæг, фал си медæгæй ци ефтонггæрзтæ ес, етæ дæр æнцæ тæккæ нуриккондæр домæнтæмæ гæсгæ техникон фæрæзнитæ. Хонунцæ ’й «Автоспецоборудование» – æ номæй дæр бæрæг æй, циуавæр продукци си уадзунцæ, е.

Еци заводи еугур косгутæй еу бригади еумæ бакъуар æнцæ дууадæс биццеуи. Æнцæ фондз адæмихаттемæй: сæ бригадир Биньямин Баба – ассирийаг, ес си немуцаг, украинаг, дагестайнаг, уруссæгтæ æма ирæнттæ. Еумæйагæй сæмæ е ес, æма сæ еугурдæр райстонцæ астæуккаг ахургонддзийнадæ, уæдта сæ кусти, еу адæймаги хузæн, кæрæдзей лæдæрунцæ.

Адæймаги хуарз косæг исхонунæн еуæй-еуетæ фагæбæл нимайунцæ айдагъдæр уой, æма кустадон пълан, дан, æнтæстгинæй æнхæст кæнуй. Фал Бабайи бригади иуонгтæн сæ лæгдзийнæдтæ айдагъ кустадон бæрзонд бæрæггæнæнтæй нæ ’нцæ, фал ма берæ æндæр арфиаг менеугутæй. Æрхæсдзæнæн еунæг дæнцæн.

 

ХЪÆППÆРЕС, АРФИАГ ГЪУДДÆГУТÆ АРАЗУНМÆ ТУЛАВАСТ АДТАН

Цæветтонгæ, бригади иуонгтæ 1973 анзи сæхемæ ихæс райстонцæ, анзи кæронмæ хуæдтолги фæдбæл æфтаугæ уæрдун (прицеп) исаразуни туххæй – кадæр зæгъдзæнæй, æма уоми уанæбæрæг дессагæй ци ес, зæгъгæ. Дессагæй ба си е адтæй, æма косун гъудæй æнæзонгæ нæуæг чертежтæмæ гæсгæ. Еци нæуæг кустбæл уотæ зæрдиагæй сæхе гъардтонцæ, æма ’й исаразтонцæ æнæгъæнæ квартæл раздæр. Уомæй ба кæрæй-кæронмæ еци чертежтæмæ гæсгæ нæ кустонцæ, фал уæрдун никки хуæздæр куд рауадайдæ, уæхæн æййивддзийнæдтæ сæмæ хастонцæ.

Бригадæ уотæ æмзунд, æмзæрдæй косуй, æма, зæгъæн, еске си фæссæйгæ ’й æма уой фудæй кустмæ нæ рацудæй, уæд иннетæ сæ хъауритæбæл бафтаунцæ, никки разæнгарддæрæй байархайунцæ, цæмæй бригадæн æ бони куст ма фæмминкъийдæр уа. Сæ сæйгæ æмбали нормæ дæр фенхæст кæнунцæ, цæмæй, сæ фæсте конвейери ци бригæдтæ косунцæ, етæ дæр ма бакъулумпи уонцæ.

Бригади хуарзи кой нихъхъæрттæй сауæнгæ Мæскумæ дæр. 1973 анзи сæ промышленнон къабази фæскомцæдесон-фæсевæдон бригадити ’хсæн социалистон ериси аккаг бунат ке байахæста, уой туххæй Бабай бригадæн лæвæрд æрцудæй фæскомцæдеси Центрон Комитети грамотæ.

Уæхæн зингæ æнтæстдзийнæдтæ ма социалистон ериси æвдесунцæ æригæнтти æндæр бригæдтæ дæр Беслæни иннæ кустуæтти: шпалти заводи Аслæмурзати Ирбеки, цалцæггæнæг-прокатон бази Леонид Ященкой монтажгæнгути бригæдтæ…

Мæ аци радзубандий рагон хабæрттæ ке имисун, уомæ гæсгæ, ка ’й зонуй, кадæртæ уотæ дæр зæгъдзæнæнцæ, гъома, уони кой ма кæми гъæуй. Сæ хæццæ исарази ун дæр æнгъезуй, фал уæддæр ма еу хабари кой æнæ ракæнæн нæййес – Беслæни раздæри цардæй.

Цæветтонгæ, сахар Беслæни нуртæккæ Кирови гъæунгæ ка хуннуй, е 1920 анзи уæнгæ гъæунги хузæн уогæ дæр нæма адтæй. Аци рауæн æрбунат æнцæ æнæпълан тургътæ æма дзæхæратæ, фонси бунæттæ. Уотемæй ба гъæуи пъланмæ гæсгæ, уоми гъæуама адтайдæ гъæунгæ. Еци æнæбунати кæндтитæ гъæуи федауцæ ихалдтонцæ.

Уомæ гæсгæ ба уæд коммунисттæ æма фæскомцæдесонтæ цалдæр хуцаубонеми зеуæй рацæуиуонцæ, сæхе уæрдунтæ æма косæндзаумæутти хæццæ, æма гъæунгæ гъæунги хузæн искæнунбæл фæййархайдтонцæ: æфсæнвæндагон станцæй сауæнгæ гъæуи астæуи уæнгæ исаразтонцæ æмраст гъæунгæ. Астæуæй си дууæ рæнгъемæй бæлæстæ ниййаразтонцæ. Æма си рауадæй бульвар. Фæстæдæр гъæунгæбæл Кирови ном кæд исæвардтонцæ, уæддæр æй беретæ абони дæр ма хонунцæ «Бульвари гъæунгæ». Гъе уотемæй иссæй сахари сæйрагдæр гъæунгтæй еу…

Аци сахари исонибони туххæй дзоргæй Бæдой-фурт уотæ финста: «Беслæн идарддæр куд ирæздзæнæй æма си кæми ци арæзт æрцæудзæнæй, уомæн нуртæккæ федаргонд æрцудæй генералон пълан. Еци пъланмæ гæсгæ айдагъ Кирови гъæунгæ нæ, фал сахари æнæгъæнæй дæр цæудзæнæй устур куститæ. Беслæн æ конд, æ хузæ раййевдзæнæй. Еугур фадуæттæ дæр си арæзт æрцæудзæнæнцæ адæми цардиуаги хуарзæн.

Абониккон Беслæни æндагон бакаст, гъай-гъайдæр, бустæги фендæрхузон æй, æрцудæй си берæ зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ, уæдта ма си, æвæдзи, идарддæр дæр никки фулдæр нæуæгдзийнæдтæ фæззиндзæнæй…»

 

УАДЗÆ ÆМА ФИДТÆЛТИ ФÆЛТÆРДДЗИЙНАДÆ НÆ КÆСТÆРТÆН ИСУА НИФСДÆТТÆГ ÆМА РАЗВÆНДАГ АМОНÆГ

Фидибæсти сæрбæлтау рæстуодæй фæхъхъазауатгæнæг фæскомцæдесонтæн циртдзæвæн æ рæстæги æвæрд æрцудæй Дзæуæгигъæуи Фæскомцæдесон парки.

Æма, æвæдзи, æцæгæйдæр уотæ адтайдæ… Фал уæд нæ цитгин Советон Цæдеси знæгтæ ’й бабун кодтонцæ, æ ирисхъи надвæндаг фескъудæй фæскомцæдесæн дæр. Уоййасæбæл агъазиау бæсти рæстзæрдæ дзиллитæ, уæлдайдæр ба фæсевæд сæ рæсугъд бæлдитæй фæффудæнгъæл æнцæ… Уотæ Беслæни цæргутæ дæр. Советон Цæдеси фехæлди фудæй сæбæл ци берæ гъезæмайрæгтæ æрæнцадæнцæ, уонæй сæ æверхъауæй-æверхъаудæр иссæй, нæ фудæзнæгтæ си 2004 анзи сентябри фиццаг бæнтти ци террористон фудракæндæ исаразтонцæ, е. Айдагъ Беслæн нæ, айдагъ Иристон нæ, айдагъ Уæрæсе нæ, фал æнæгъæнæ дуйне дæр фегуппæг æй, зæрдрист фæцæй еци цауæй… Уæдæй нурмæ кæд нæудæс анзи рацудæй, уæддæр нæ уодтæ хъонц кæнунæй не ’нцайунцæ. Еци нæудæс анзей дæргъи уобæл мах дæр финсæн, фал абони ба нæ дзубандий уой зæгъуйнаг ан, æма нæ адæм, кæд хъæбæр æгæрон зæрдрист ма ’нцæ, уæддæр æй лæдæрунцæ: цард цард æй æма цæрун гъæуй – нæ кæстæрти, уони исонибони сæрбæлтау. Еци фудракæндæй нин нæ нифс басæттуйнаг ка адтæй, нæ еци фудæзнæгти фудæнæн нæ ирисхъæ нæ зæрди фæндон аразунгъон гъæуама уæн.

Уомæн ба нин нифсдæттæг æма развæндаг амонæг исуа нæ фидтæлти фæлтæрддзийнадæ, уони уодфедардзийнадæ æма разæнгарддзийнадæ. Гъе уомæ гæсгæ мухур кæнæн Бæдоати Хъазбеги имисуйнæгтæ, цæмæй син зундæн бабæззонцæ, ци фæсевæди кой си кæнуй, уони цардбæллондзийнадæ, арфиаг гъуддæгутæ аразунбæл æхцулдзийнади. Уой фæдбæл Бæдой-фурт æхуæдæг дæр æ имисуйнæгтæн хумæтæги не ’скодта фæдзæхсти хузæн кæронбæттæн.

 

ХУАРЗ ИМИСУН ДÆР ГЪÆУЙ ÆМА ФÆНЗУН ДÆР!..

Бæдоати Хъазбег æ радзубандийæн уæхæн кæрон искодта: «…Зæронд фæскомцæдесонти номæй, мæн зæгъун фæндуй нæ кæстæр фæлтæрæн, абони фæскомцæдесонтæн, цæмæй фæнзонцæ сæ хестæрти: етæ куд зæрдиагæй кустонцæ сæ гъæуи фæлгонцбæл, нури æригæнттæ дæр уотæ разæнгардæй сæ фæллойни хай куд хæссонцæ сæ сахар никки хуæздæр искæнуни сæрбæлтау гъуддæгутæмæ. Агъаз кæнонцæ, сæ хъаурæ цæйбæрцæ æй, уомæй, кæми багъæуонцæ, уоми…»

Бæргæ хуарз æма бунати æй Бæдой-фурти фæдздзурд. Уогæ ’й советон доги цардиуаги уавæртæмæ гæсгæ загъта – фал е уомæн ци зудта, æма цанæбæрæг рæстæги фæсте нæдæр Советон Цæдес нæбал уодзæнæй, нæдæр фæскомцæдес, ралæудзæнæй уæхæн догæ, кæцими ирæзгæ фæлтæрти зундирахаст исусхъуммитæ кæндзæнæнцæ мæнгæ уодварни хæзнатæй æхсæнади размæ ихæстæй сæхе уæгъдæ кæнунбæл сæ ардаудзæнæнцæ… Еци «зундирахаст» нин не ’хсæнадæн ци зæран хæссуй, уой ба абони нæхе цæститæй ку уинæн…

Уомæ гæсгæ имисун гъæуй, евгъуд советон доги фæсевæди гъомбæлади хуарзæй æма абони бафæнзунæн ка бæззуй, еци хабæрттæ æма гъуддæгутæ, цæмæй нæ кæстæртæ исуонцæ, сæ ниййергутæ дæр æма дзиллæ дæр боз æма сæрустур кæмæй уодзæнæнцæ, уæхæн цардаразгутæ.

БÆДОАТИ Хъазбег (1901-1979), финсæг, æхсæнадон архайæг