06 декабря 2024

БЕРÆГЪ ФУСИ ЦАРИ ТУХТÆЙ ДÆР БЕРÆГЪ ÆЙ!..

08.04.2021 | 20:45

Нæ бæсти фæстаг рæстæгути æгæр исберæ æнцæ, фæсарæйнаг агенттæ ке хонунцæ, уæхæн къуæрттæ. Не ‘хсæнадæн етæ агъазиау зæран ке хæссунцæ, е бæлвурд æй, фал син цæмæдæр гæсгæ паддзахади ‘рдигæй гъæугæ нихкъуæрд лæвæрд нæ цæуй. Цæмæннæ? Кæмæй æма цæмæй тæрсæн кенæ æфсæрми кæнæн?.. Хуарз æма уæддæр фæсарæйнаг агентти туххæй уæрæсейаг закъонтæмæ рæстæгæй-ррæстæгмæ хаст цæунцæ расткæнуйнæгтæ, кæцити нисанеуæг æй еци къуæртти архайдæн гæрæнтæ аразун.

Дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг агентадæ Левадæ-центри æсгаргутæ уæрæсейæгтæй фæсарæйнаг агенттитуххæй закъонти медеси туххæй ке бафарстонцæ, уонæн се ‘мбесмæ хæстæг (48%) куд нимайунцæ, уотемæй еци закъонти нисанеуæг гъæуама уа нæ бæстæ Хорнигулæннии зæранхæссæг æрбавнæлдтитæй багъæуай кæнун. Фал æрфарст адæмæй алли æртиккаг дæр (30%) уотæ нимайуй, æма еци нæуæгдзийнæдтæ уой туххæй æнцæ, цæмæй хецаудзийнади архайди гъæндзийнæдти туххæй дзорунæн минкъийдæр гæнæнтæ уа. Раст зæгъгæй, уотæ гъуди кæнунцæ фиццагидæр фæсевæд. Социологтæ ма куд исбæрæг кодтонцæ, уотемæй фæсарæйнаг агентти туххæй закъонæмæ ци нæуæг расткæнуйнæгтæ хаст æрцудæй, уони туххæй дзилли 49% неци зонунцæ, 41% ба цидæртæ фегъустонцæ, æма айдагъдæр 9% гъуддаг бæлвурдæй зонунцæ.