27 июля 2024

БЕСЛÆН… НÆ ÆНОСОН ЗÆРДДЗÆФ, НÆ ÆНОСТÆМÆ УОДАГЪАЙÆН…

06.09.2022 | 09:32

Æстдæс анзей размæ 2004 анзи 1 сентябри, Беслæни æрцудæй уой размæ дуйней ка некæдма адтæй, истори ке нæма зудта, уæхæн æверхъау фудбæлах – зонундзийнæдти райдзаст Бон бæрæг кæнуни рæстæг террористти къуар æрбампурстонцæ аци сахари 1-аг скъоламæ æма амæнати райстонцæ скъоладзаути, сæ ахургæнгути, сæ ниййергути – æртæ бони æма дууæ æхсæвей дæргъи сæ æнæ донæй, æнæ хуæруйнагæй æма æнæ хуастæй фæгъгъезæмарæ кодтонцæ…

Беслæни теракти  фæммард æй 334 адæймаги, уонæй 186 – сувæллæнттæ. Фудбæлахи бахауæг адæми ервæзун кæнгæй сæ цард иснивонд кодтонцæ æдасдзийнади Федералон служби спецнази дæс æфсæддони, æнæнгъæлæги уавæрти Министради æртæ косæги, 800 адæймагемæй фулдæр ба фæцæнцæ уæззау цæфтæ, беретæ си сæ царди кæронмæ байзадæнцæ сахъатæй.

Уæдæй фæстæмæ уотæ байзайдзæнæй, æма Иристони 1 сентябрь,  ахури анзи райдайæн – бæрæгбон некæдбал исуодзæнæй. Сентябри фиццаг æртæ бони ба Иристони алкæддæр уодзæнæнцæ имисæн æма хъонцгæнæн бæнттæ. Уотæ ‘й аци анз дæр.  Сентябри фиццаг æртæ боней дæргъи цудæнцæ сæрмагонд номерæн мадзæлттæ.

Фиццаг сентябри сæдæгай адæймæгутæ еци цæуæги цудæнцæ Беслæнмæ. Ами, 1-аг скъолай тургъи, æрæмбурд æй  берæ адæм – республики разамунд, æхсæнадон æма политикон организацити минæвæрттæ, дини косгутæ, журналисттæ, ахурдзаутæ æма студенттæ, бархеуонтæ, нæ бæсти алли рауæнтæй Иристонмæ саударæн бæнтти сæрмагондæй ка æрбацудæй,  еци иуазгутæ. Етæ еугурæйдæр скъолай спортивон залмæ цудæнцæ деденгути хæццæ, иссугътонцæ мудадзин цирæгътæ.

 

Æртиккаг сентябри хъонцгæнæг дзиллæ æрæмбурд æнцæ Изæдти сахари.

Уоми метрономи зæрдæскъунæн алли æрцавд и  хæццæ дæр игъустæнцæ, еци фудæнхи ка фæммард æй, уони муггæгтæ æма æма нæмттæ. Уой фæсте ба скъоладзаутæ арвмæ исуагътонцæ, еци æверхъау фудбæлахи гъезæмарæй ка фæммард æй, уони бæрцæмæ гæсгæ уæлдæфмæ тумбулæгтæ – 334 уорс тумбулæги, æвудæй бастъалд уодти рохс нæмттæ уæлæрвти исæносон кæнуни æвдесæнæн. Номерæн мадзæлттæ сентябри фиццаг æртæ боней дæргъи ма арæзт æрцудæнцæ нæ бæсти æма дуйней берæ рауæнти…