11 октября 2024

БИАЗӔРТИ Савели: «НӔ КӔСТӔРТИ ХУАРЗ – МӔ УСТУРДӔР ЦИЙНӔ!..»

17.02.2022 | 16:32

БАСКАТИ Урузмæг, журналист, спортивон комментатор

Нӕ Иристони разагъди лӕгтӕй еу, Уӕрӕсей ӕскъуӕлхт тренер Биазӕрти Моисейи фурт Савели ӕ фурӕгъдаугинӕй комкоммӕ кӕд уотӕ нӕ фӕззӕгъуй, уӕддӕр ӕ цардиуаги арфиаг гъуддӕгутӕмӕ гӕсгӕ ба уотӕ зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ‘й. Ӕ карнӕ кӕд естӕмӕй амондгун ӕй, уӕд, фиццаги-фиццагидӕр, ирӕзгӕ фӕлтӕрти хӕццӕ архайгӕй син берӕ хуӕрзти ке бацудӕй, уомӕй.

Уомӕ гӕсгӕ нӕ дзиллӕ Биазӕрти Савелийӕн ӕрӕги уӕлдай боз ӕма ӕхцӕуӕнӕй арфӕ кодтонцӕ, фондз ӕма ӕртинсӕй анзи ибӕл ке исӕнхӕст ӕй, уой фӕдбӕл. Ӕ хеуӕнттӕ, ӕ еузӕрдиуон ӕрдхуӕрдтӕ, ӕмкосгутӕ ӕма ӕ берӕ гъомбӕлгӕнуйнӕгтӕ ‘й ци зӕрдиаг арфитӕй исбоц кодтонцӕ, уони хӕццӕ мах дӕр арази уогӕй, нӕ газети абониккон номери 8-аг фарсбӕл уой туххӕй мухур кӕнӕн сӕрмагонд ӕрмӕг.

Биазӕрти Савели ӕцӕгӕйдӕр ӕй устур арфи аккаг. Кӕбӕлти ‘нцӕ ӕ лӕггӕдтӕ Иристон ӕма Уӕрӕсей спортивон змӕлди размӕ! Уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстбӕл Савели фӕццалх ӕй цуппӕрдӕсанздзудӕй. Ӕ фиццаг тренер адтӕй дзенетибадуйнаг Лалити Лаврент. Уой разамундӕй гъӕуккаг ӕвзонг биццеу сӕрӕн къахдзӕфтӕ кодта ӕригӕнтти еристи ӕма хунд ӕрцудӕй Цӕгат Иристони ӕригӕнтти еугонд командӕмӕ. Ӕстдӕсанздзудӕй Савели еристи архайдта спортивон ӕхсӕнадӕ «Фӕллой»-и номӕй. Ами ба ин тренер адтӕй Дедегкати Исай фурт Хъазбег, гъулӕггагӕн, е дӕр абони не ‘хсӕн нӕбал ӕй, рохсаг уӕд… Уой разамундӕй Савелийӕн бантӕстӕй ССР Цӕдеси спорти мастери домӕнтӕ исӕнхӕст кӕнун. Ӕнтӕстгинӕй ерис кодта Еугурцӕдесон спортивон ӕхсӕнадӕ «Фӕллой»-и, Еугурцӕдесон профессионалон спортивон ӕхсӕнадти еугонд спартакиадӕ ӕма ӕндӕр бӕрнон еристи.

Гъулӕггагӕн, Савели ӕ тӕккӕ тухи бацӕунмӕ хӕстӕг ӕверхъау уавӕри бахаудтӕй, ӕма, ци уӕззау цӕф фӕцӕй, уой фудӕй ин гъӕбесӕй хуӕцунӕн фадуат нӕбал адтӕй.

Савели еуцӕйбӕрцӕдӕр ӕндӕр куст кӕнунбӕл ахур дӕр кодта, фал ӕ зӕрдӕ ӕдзохдӕр дзурдта гъӕбесӕйхуӕсти залмӕ. Хуӕрзӕригонӕй дууӕ ӕма инсӕй анзи ибӕл ку цудӕй, уотемӕй райдӕдта ӕвзонг биццеути хӕццӕ косун, фулдӕр рӕстӕг ӕрвиста ӕ гъомбӕлгӕнуйнӕгти хӕццӕ, уотӕ ӕновуддӕр кодта ӕ равзурст дӕсниадӕбӕл, разӕнгарддӕрӕй архайдта арӕхстгиндӕр си унбӕл. Лӕдӕрдтӕй ӕй, ӕ бӕрни ‘нцӕ, сӕ цардвӕндаги тӕккӕ райдайӕни ка ӕрлӕудтӕй, еци кӕстӕртӕ. Ӕма цӕйбӕрцӕбӕл фӕррӕствӕндаг уодзӕнӕнцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл амондгун рауайдзӕнӕй сӕ карнӕ, е ба берӕ цӕмӕйдӕрти аразгӕ ‘й Савелийӕй дӕр, куд гъомбӕлгӕнӕг, уотӕ. Уотӕ ке адтӕй, е бӕрӕг ӕй Савелийӕн ӕхе загъдӕй дӕр:

– Сувӕллӕнтти хӕццӕ куст мӕ ӕхемӕ фулдӕрӕй-фулдӕр ӕлваста. Мӕ гъомбӕлгӕнуйнӕгтӕй еске ӕхе цидӕр арфиаг гъуддаги рауон-циуонӕй ку равдесидӕ, уӕд мин е уотӕ ӕхцӕуӕн уидӕ, цума ести устур еристи фескъуӕлхтӕй.

ДЕДЕГКАТИ Хъазбег (галеуæрдигæй), Давид МУСУЛЬБЕС æма БИАЗÆРТИ Савели.

Савелийӕн ӕ кусти сӕйрагдӕр фӕткитӕй еу е ӕй, ӕма си федарӕй ӕруагӕс кӕнуй: тренери архайд кӕстӕрти айдагъ горцъебӕл гъӕбесӕй хуӕцуни арӕхстдзийнадӕбӕл ахур кӕнунӕй гъӕуама ма хецӕн кӕна, кӕд фулдӕр нӕ, уӕддӕр уой ӕмбӕрцӕ ӕнхӕстгонд цӕуа сӕ уодиконди гъомбӕладон куст дӕр. Баруагӕс уи уӕд, уодигъӕдӕй кӕдзос ӕма федар адӕймаг спорти дӕр хъаурӕгиндӕр ӕма царди иннӕ гъуддӕгути дӕр федауцӕдӕр уодзӕнӕй. Савели хумӕтӕги нӕ зӕгъуй:

– Ци ма фӕууй хуӕздӕр, дӕ гъомбӕлгӕнуйнаг, еристи фескъуӕлхунӕй уӕлдай, ӕхе хуӕрзӕгъдауӕй ку ‘вдеса, уомӕй?! Еске дин дӕ гъомбӕлгӕнуйнагӕй ку раппӕла, уӕд еци сахат адӕймаг ӕхе амондгун фӕххонуй. Лӕгӕй ӕ хъиамӕттӕ дӕр ӕрбайронх унцӕ. Мадта, иннӕ уӕхӕнӕй ба цӕйбӕрцӕ ӕхцӕуӕндӕр фӕууй, дӕ кӕддӕри гъомбӕлгӕнуйнаг дӕбӕл ку рамбӕла ӕма дӕбӕл ку бацийнӕ кӕна, уӕд уой уингӕй?!

Ӕма уӕхӕн цаутӕ ба минкъий нӕ рауайуй Савелийӕн ӕ царди. Еуей кой си ӕхецӕй фегъустан:

– Мӕнӕ хуӕрзӕрӕги еу рауӕн цалдӕр каргун лӕгей хӕццӕ еу хабари фембалдан. Уонӕй еу, бакӕсгӕй, цума мӕнӕй кӕстӕр нӕ адтӕй, уӕхӕн. Е мӕбӕл бацийнӕ кодта, ӕхе мин байамудта ӕма мин арфитӕ кӕнгӕй загъта: «Дӕу фӕрци берӕ рӕдудтитӕй мӕхе багъӕуай кодтон. Нӕ бакумдтон тамаку думун, фуд ниуӕзтӕ ӕма ӕнӕуагӕ миутӕ кӕнунбӕл фӕццалх ун!» Аци лӕг кӕд спорти устур бӕрзӕндтӕмӕ не ‘схизтӕй, уӕддӕр цӕйбӕрцӕ ӕхцӕуӕн адтӕй мӕнӕн ӕ арфи дзубанди игъосун!

Ке зӕгъун ӕй зӕгъун, тренерӕн ӕ профессион дӕсниадӕ ӕвдесӕг ӕнцӕ ӕ гъомбӕлгӕнуйнӕгтӕ ӕма, кӕци тренери нӕ фӕндуй дуйней чемпион, Олимпаг гъӕзтити уӕлахездзау, кенӕ ӕндӕр устур еристи фескъуӕлхӕг спортсменти бацӕттӕ кӕнун. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, устур амонд ӕй, ӕма уомӕй дӕр Савели хайгин ӕй. Сӕрустурӕй уотӕ фӕззӕгъуй:

– Ӕз мӕхе амондгун хонун, еци уӕлиауӕй-уӕлиаудӕр спортивон бӕрзӕндтӕмӕ исхезун кӕмӕн бантӕстӕй, уӕхӕн богалтӕ нин мӕ кӕддӕри гъомбӕлгӕнӕг ӕма зӕрдтагондӕр ӕрдхуард, рохсаггаг Дедегкати Исай фурт Хъазбеги хӕццӕ исгъомбӕл кӕнун ке бантӕстӕй, уомӕй. Мах Хъазбеги хӕццӕ берӕ ӕнзти дӕргъи фӕккустан еумӕ, еу цӕди галтау, нӕ цийнӕ, нӕ гъигӕ дӕр адтӕй еумӕйаг. Нӕ кӕрӕдзей еу фӕккастӕй дӕр лӕдӕрдтан ӕма нӕ ӕмгустдзийнади фӕстеугутӕ мӕгурау нӕ рауадӕнцӕ. Хъазбег не ‘хсӕн нӕбал ӕй фондз анземӕй фулдӕр, фал мин абони дӕр мӕ кустӕн, цума аргъгӕнӕг ӕй, уотӕ мӕмӕ фӕккӕсуй, кӕстӕрти хӕццӕ ку фӕййархайун, уӕд – цума мӕмӕ кӕцӕйдӕр еуварсӕй лӕмбунӕг кӕсуй, мӕ гъуддӕгутӕн мин аргъ кӕнуй…

Дедегкати Хъазбег ӕма Биазӕрти Савели еумӕ исгъомбӕл кодтонцӕ спорти къуар мастери. Уонӕй цалдӕр иссӕнцӕ дуйнеуон къласи спорти мастертӕ, берӕ еристи фескъуӕлхгутӕ. Се ‘хсӕн: дуйней ӕма Европи фӕсевӕдон чемпионатти уӕлахездзау Хъалӕгати Олег, Уӕрӕсей чемпионатти призон бунӕттӕ байахӕсгутӕ Гаглойти Сослан, Тасойти Вадим, Къусрати Александр, Уӕрӕсей, Европи, дуйней дууӕ хатти чемпион, Олимпаг гъӕзтити уӕлахездзау Давид Мусульбес.

Еци фӕсевӕд сӕ гъомбӕлгӕнгутӕй цӕйбӕрцӕбӕл боз адтӕнцӕ ӕма нерӕнгӕ дӕр ма ‘нцӕ, уой ба, ци гӕнӕн ӕма амал фӕууй, уомӕй еудадзугдӕр хъӕбӕр зӕрдиагӕй баханхӕ кӕнунцӕ. Еугӕр абони нӕ дзубанди Биазӕрти Савелийи туххӕй ӕй, уӕд дӕнцӕн ӕрхӕссӕн Давид Мусульбеси загъд:

– Ӕз Савелимӕ ӕрбацудтӕн хуӕрзӕригонӕй. Мӕ еци фиццаг ӕрбакъахдзӕф ӕз нимайун Хуцауи лӕвар хуарздзийнадӕбӕл. Савели махбӕл уозӕлдӕй нӕхе фиди хузӕн. Е нӕ айдагъ гъӕбесӕй хуӕцунбӕл нӕ ахур кодта, фал нин амудта, нӕхе цӕмӕй хуарз дарӕн, цӕмӕй скъолай фӕстезад ма уӕн, фал турнӕн раззагдӕрти хӕццӕ унмӕ. Еци уроктӕ мӕнӕн адтӕнцӕ пайдай хуасӕ. Савели мӕнӕн адтӕй ӕма кӕдфӕндидӕр уодзӕнӕй фӕнзуйнаг хестӕр. Ӕ 65 анзи бони ин мӕ зӕрдӕ зӕгъуй, цӕмӕй ма берӕ ӕнзти уа ӕнӕнез ӕма цардгъомус. Ци кӕстӕртӕ ӕма ин кӕстӕри кӕстӕртӕ ес, уони рохсӕй ӕ зӕрдӕ куд рохс кӕна, ӕ гъомбӕлгӕнуйнӕгтӕй ба Олимпаг гъӕзтити ӕма дуйнеуон  агъазиаудӕр еристи  уӕлахездзаутӕ куд исирӕза!..

Иннӕ арфӕгӕнӕг ба ‘й Уӕрӕсей ӕскъуӕлхт тренер Тедети Малик:

– Савели берӕ барӕуадзӕ лӕгигъӕдтӕй беретӕн ӕй фӕнзуйнаг. Фиццагидӕр, ӕгъдаугин ӕма цӕстуарзон хестӕр. Куд тренер, уотӕ е цӕйбӕрцӕ искодта, е беретӕн ӕй бӕллеццаг. Ӕ уодуӕлдай архайд ӕрхаста гъӕздуг тиллӕг, ӕма е ба ‘й тренери амонд. Ци ма уа устурдӕр хуарздзийнадӕ ахургӕнӕгӕн, дӕ гъомбӕлгӕнуйнаги дуйней, Европи, Олимпаг гъӕзтити ӕма ӕндӕр устур еристи кади асийни уӕлдӕр къӕпхӕнбӕл лӕугӕй фӕууинун! Ӕма уӕхӕн лӕвӕрттӕ Савелийӕн ӕ ахургӕнуйнӕгтӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ ракодтонцӕ.


Савели абони дӕр ӕ уарзон кустбӕл ӕй, раздӕри хузӕн, ӕновуд. Ӕ фиди надбӕл ниллӕудтӕй ӕ фурт Марик дӕр, ӕма син нӕ зӕрдӕ зӕгъуй еумӕйагӕй ма син берӕ хӕттити сӕ гъомбӕлгӕнуйнӕгти устур ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕн ӕвдесӕнтӕ куд уӕн!

Ӕруагӕс ни кӕнуй, нӕ номдзуд тренер ӕма хӕларзӕрдӕ хестӕр Биазӕрти Савели ма берӕ ӕнзти нӕ фӕсевӕди нӕуӕг фӕлтӕртӕн ӕнӕвгъауӕй е ‘стур зонундзийнӕдтӕ ке лӕвар кӕндзӕнӕй ӕма ин етӕ ба се ‘гъдау ӕма сӕрӕндзийнадӕй лӕггадӕгӕнӕг ке уодзӕнӕнцӕ.

Савели, берӕ нин цӕрӕ! Дӕ иннӕ юбилей дӕр дӕбӕл зӕрдӕхцӕуӕнӕй, никки иуонгрӕуӕгдӕрӕй ӕрцӕуӕд!

Дӕ бӕллеццагдӕр фӕндитӕ ‘нцӕ нӕ фӕсевӕди кадӕ ӕма ӕскъуӕлхтдзийнӕдти хӕццӕ баст, ӕма ма син берӕ ӕнзти ӕвдесӕн куд уай, е Хуцауи бафӕндӕ уӕд!